Majræm | Majræn: Мариам, богоматерь. Из семитического Mariam евр., сир., араб. Mariam
Majræmy kwaʒæn | majrænti kowwaʒæn: праздник Успения
Буквально «разговенье (kwaʒæn) богоматери», так как в день Успения разговлялись после двухнедельного предшествующего поста.
Майрæмы куадзæн ирон адæммæ уыд тынг зындгонд æмæ кадджын стырбон. Афтæ у ныр дæр. Аразынц æй 28 августы, зæронд нымадæй 15 августы. Мады Майрæмы номыл кувæндæттæ Ирыстоны хæххон хъæуты бирæ рæтты ис: Зруг гомы (Хозиты Майрæм), Цъæйы комы, Чеселтгомы, Мæздæджы æмæ а. д. Культон бынæттæ вæййынц хицæнæй иу бæлас, дурты цæнд, хохы цъупп (Арвыкомы — Мады хох). Ацы стырбоны фæкувынц мæрдтæн, уымæ гæсгæ йæ Мæрдты бон дæр хонынц.
Мады Майрæм нымад уыд фæлмæнзæрдæ, аудæг æмæ тæригъæдгæнаг бардуагыл. Сылгоймаг-хуыцауы миниуджытæ йæм кæй уыдис, уымæ гæсгæ ма йæ ирон адæм нымадтой амондджын къайон цард æмæ зæнæг кæныны бардуагыл дæр. Æнæзæнæг адæм куывтой уымæ, ратт нын зæнæг, зæгъгæ, цы зæнæг нын раттай, уыдон та нын низ æмæ фыдæй бахиз.