ЦӔМӔН ХӔЦЦӔ КӔНЫ «СТЫР НЫХАС» ИРОН БӔРӔГБӔТТЫ БОНТЫ, КӔНӔ, ЦЫ БАР ДАРЫ КЪУЫРИСӔР УАСТЫРДЖИЙЫ БОНМӔ?

15 ноября 2018 Новости [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [705 просмотров]
Социалон хызӕджы бакастӕн Стыр Ныхасы сӕрдар Кучиты Русланы СИДТ Уастырджийы бӕрӕгбоны фӕдыл. Сидты дзырдӕуы: «Иры Стыр ныхасы хъӕппӕрисӕй, стӕй республикӕйы Парламенты закъон ӕмӕ Битарты Вячеславы бадзырдæй, бæрæгбоны къуырийæн йæ фыццаг Къуырисæр уыдзæн улæфæн, æнæкусгæ бон..».

Ӕз мӕхӕдӕг дӕр ацы фарсты фӕдыл кӕддӕр фыстон (цӕмӕй Уастырджийы бон суа улӕфты бон) ӕмӕ мын фыццаг ӕхсызгон уыд, фӕлӕ дарддӕр куы бакастӕн ДЫЦЦӔДЖЫ боны бӕсты СН улӕфты бон КЪУЫРИСӔР кӕй расидын кодта Цӕгат Ирыстоны Хицауадӕн, уӕд фенхъӕлдау дӕн. Ау, уый та куыд?

Мӕнмӕ ацы СИДТ-ы раст цы нӕ фӕкаст уый тыххӕй зӕгъдзынӕн мӕ хъуыдытӕ. Куыд историк, афтӕ ӕз дӕр мӕ куыстыты комкоммӕ ӕмбӕлын ирон ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕныны фарстатимӕ, уӕдӕ ныр ссӕдз азӕй фылдӕр та рауадзын Ирон Адӕмы Бӕрӕгбӕтты къӕлиндар дӕр.

Фыццаг уал мӕм Сидты раст цы нӕ фӕкаст, уый тыххӕй дыууӕ ныхасы. Стыр Ныхасы сӕрдар фыссы: «…Фыццаджыдæр, кæд Джеоргуыба у ирон бæрæгбон, уæддæр æм хъуамæ æрхонæм немæ хæларæй чи цæры, уыцы иннæ адæмты минæвæртты дæр. Сыхбæсты, хъæубæсты мидæг хъуамæ кæрæдзийы дихтæ ма кæнæм. Скæнæм æппæтадæмон, иугæнæн бæрæгбон».
Мӕнмӕ гӕсгӕ, ацы ныхӕстӕ сты бынтон ӕнӕхъола, ӕфхӕрддзинад ӕвдисынц ирон уазӕгуардзондзинадмӕ. Цымӕ кӕдӕй нырмӕ нал дих кӕнынц ирон адӕм сӕ «къӕбӕр» ӕндӕр адӕмы хаттимӕ? Нӕ хъӕуы ахӕм хуызы адӕмӕн зӕндтӕ амонын.

Ныр та ӕркӕсӕм кӕд нысан кодтой ӕмӕ нысан кӕнынц ирон адӕм сӕ иуыл кадджындӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр бӕрӕгбон УАСТЫРДЖИЙЫ БОН, ома, кӕд райдайынц Уастырджийы къуыритӕ?

Ацы рӕнхъыты кӕсджытӕ, фыццаджыдӕр, хъуамӕ зоной уый ӕмӕ ирон адӕммӕ къуырийы бонты нӕмттӕ баст кӕй уыдысты ӕмӕ сты дины бӕрӕгбонтимӕ.
Ӕркӕсӕм сын ныр сӕ нӕмттӕм: УАЦИЛЛА-йы бӕрӕгбон кӕддӕриддӕр ирон адӕм нысан кодтой Къуырисӕры ӕмӕ йӕ уый тыххӕй хуыдтой УАЦИЛЛА-йы бон; Дыццӕг – УАСТЫРДЖИ - йы бон (дыгурон диалекты абон дӕр дыццӕджы ном хуыйны ГЕУАРГИЙЫ бон); Ӕртыццӕг – БЫНАТЫ ХИЦАУ- ы бон; Цыппӕрӕм – МЫКАЛГАБЫРТЫ бон; Майрӕмбон – МАДЫ МАЙРӔМЫ бон; Сабат – Мӕрдты ӕрымысӕн бон; Хуыцаубон – СТЫР ХУЫЦАУЫ бон.
Дыккаг мӕ фӕнды бахахх кӕнын уый ӕмӕ раздӕр нӕ фыдӕлтӕм сахаттӕ куы нӕмӕ уыд, уӕд суткъӕйы райдиан ӕхсӕв 12 сахатӕй нӕ нымадтой, фӕлӕ йӕ нымадтой иу изӕрӕй иннӕ изӕрмӕ. Сисӕм, Къуырисӕры бонӕн йӕ райдиан уыд Хуыцаубоны иу куы баизӕр ис, уӕд (уыцы рӕстӕг хуыдтой ӕмӕ ныр дӕр хуыйны Къуырисӕры ӕхсӕв). Къуырисӕры изӕры, хурныгуылды фӕстӕ иу райдыдта Дыццӕджы бон (хонынц ӕй дыццаеджы ӕхсӕв) ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

НЫР ТА КОНКРЕТОНӔЙ УАСТЫРДЖИЙЫ БӔРӔГБОН КӔД НЫСАН КОДТОЙ, УЫЙ ТЫХХӔЙ. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, цы фыссынц уый тыххӕй нӕ къуырыхон хистӕртӕ, гъе, стӕй, уыцы бӕрӕгбӕтты фӕзындыл цы ахуыргӕндтӕ кусынц (этнографтӕ), уыдон.

Къарджиаты Бекызӕ райгуырд 1893 азы Куырттаты комы, куыста бирӕ бӕрнон бынӕтты, (фесӕфт 1937 азы). 1928 азы уый рауагъта чиныг ирон ӕгъдӕутты тыххӕй. Мӕнӕ цы фыссы Бекызӕ йӕ разныхасы: «Ацы куыст куы кодтон, уӕд ӕз фарстон хистӕрты, бирӕ чи ацардис, бирӕтӕ чи федта ӕмӕ фехъуыста, ахӕм зӕронд лӕгты. Уӕлдай фылдӕр мын феххуыс сты: Алидзаты Гагуыдз (хидыхъусаг, цӕуы йыл 125 азы), Уарзиаты Инӕрыхъо (джимарайаг, 140 азы)….
Ӕмӕ уӕдӕ цы фыссы Бекызӕ Уастырджийы бӕрӕгбон кӕд нысан кодтой, уый тыххӕй?: «Къуырисӕры куы баизӕр вӕййы, уӕд дыццӕгӕхсӕв, вӕййы Уастырджийы ӕхсӕв, ӕмӕ алы ирон хӕдзар дӕр акӕны Уастырджийы номыл кусарт… Ӕхсӕвы алы хӕдзары бинонтӕ дӕр хорз минас фӕкӕнынц… Райсом куы сбон вӕййы, уӕд, хъӕукуывдӕн фысым цы сых уой, уыдон, Уастырджийы кувӕндон кӕм вӕййы, уым боныцъӕхӕй нывонд гал аргӕвдынц... Куы сцӕттӕ вӕййынц, уӕд хъӕубӕстӕм арвитынц хонӕг, цӕмӕй ӕрцӕуой куывдмӕ.» /Къарджиаты Бекызӕ «Ирон ӕгъдӕуттӕ». Дз., 1991,30 ф. /
Къуырисӕр Уастырджийы бӕрӕгбонмӕ бынтондӕр кӕй ницы бар дары, уый комкоммӕ фыссы нӕ къуырыхон хистӕртӕй сӕ иу, фыссӕг Айларты Измаил дӕр: «БӔРӔГБОНЫ РАЗМӔ КЪУЫРИСӔР НЫМАД ЦЫДИ КУСГӔ БОНЫЛ ФӔССИХӔРТТӔМ, УЫМӔЙ ФӔСТӔМӔ УЫДИ УАСТЫРДЖИЙЫ ИЗӔР, ӔМӔ КОДТОЙ КУСӔРДТЫТӔ…. Боны, дыццӕджы райдыдтаиккой сихормӕ хӕстӕг хӕдзарӕй хӕдзармӕйы хуындтытӕ, арфӕтӕ». /Айларты Измаил. «Ирон Фарн»,Дз., 1996, ф.458./.
Куыд уынӕм, афтӕмӕй Измаил комкоммӕ фыссы Къуырисӕр кусгӕ бон кӕй уыд, уый тыххӕй.

Ирон ӕгъдӕуттӕ, фольклорон уацмыстӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтыл хицӕн чиныг рауагъта зынгӕ ирон фыссӕг Хъайттаты Сергей дӕр. Сергей райгуырд Уӕладжиры комы, Цъамады хъӕуы. Мӕнӕ цы фыссы уый та Уастырджийы бӕрӕгбоны тыххӕй: «ДЫЦЦӔГ ӔХСӔВ АЛЫ ХЪӔДЗАРЫ ДӔР КОДТОЙ КУСАРТ ӔМӔ ЦЫДЫСТЫ ДЗУАРЫ БЫНМӔ КУВЫНМӔ …ДЫЦЦӔДЖЫ ИУ РАЙДЫДТОЙ КУЫВДТӔ КӔНЫН». /Хъайттаты Сергей. «Ирон хабӕрттӕ», Дз., 1998, 139 ф./

Ныр та ӕркӕсӕм Уастырджийы бӕрӕгбоны тыххӕй Ирыстоны зынгӕдӕр этнографтӕ цы фыссынц, уымӕ. Номдзыд ирон этнограф Уарзиати Вилен йӕ чиныг «Ирон бӕрӕгбӕттӕ незаманӕй абонмӕ»,(М., 1995, 96 ф.) фыссы: «Ӕппӕты кадджындӕр уыди бӕрӕгбоны къуырийы дыццӕг ӕхсӕв. Хуыдтой йӕ Уастырджийы ӕхсӕв….Дыццӕг бон арӕзтой хъӕугуывд, ӕрывӕрдтой иу иумӕйаг фынг».
Къурисӕры бон та Уыциллайы бардуагимӕ баст кӕй у, уый та Вилен фыссы уыцы чиныджы 76-77 фӕрстыл.
Афтӕ ма фыстӕуы Ирон этнографийы Эциклопедийы (редактор д.и.н. Л.Чибиров,Вл.2013, стр.185) «Самым главным моментом праздника является ночь с понедельника на вторник – Уастырджийы ӕхсӕв, когда в жертву святому приносится баран или коза». Уым ма къуырийы бонты кой кӕм кӕнынц уым фыст ис: «ДЫЦЦӔГ (вторник) – второй день, следующий за понедельником и связанный с культом Уастырджи...). Къуырисӕры тыххӕй та дзы фыст ис: «В Къуырисӕр, начиная с весенней пахоты и до конца сенокоса и жатвы, мужчины не работали, боясь прогневать патрона урожая У А Ц И Л Л А», уый та ууыл дзурӕг у ӕмӕ Къурисӕр баст кӕй уыд Уастырджиимӕ нӕ фӕлӕ Уацилаимӕ.

КӔРОНБӔТТӔНЫ саразӕм хатдзӕгтӕ: Уӕлдӕр куыд федтам, афтӕмӕ Уастырджийы бон у ДЫЦЦӔГ. Къуырисӕры бон Уастырджимӕ кӕй ницы бар дары, уый дӕр бакастыстӕм, уыд кусгӕ бон. Уӕдӕ кӕд улӕфты боныл нымайӕм Уастырджийы бӕрӕгбон, уӕд ӕрмӕстдӕр ДЫЦЦӔДЖЫ. Уациллаймӕ сын нӕ хъӕуы сӕ бонтӕ хӕццӕ кӕнын, уый ӔНӔФӔЧЧИНАГ хъуыддаг у ирон дины пантеоны.

PS. Чи зоны ахӕм хъуыды искӕмӕ фӕзына, зӕгъгӕ, цы уӕлдай у, нырӕй фӕстӕмӕ Уастырджимӕ Дыццӕджы бӕсты куы кувой Къуырисӕры, уӕд? Уый у рӕдыд хъуыды. Ирон динимӕ баст бӕрӕгбонтӕ хицауады Бардзырдмӕ гӕсгӕ нӕ нысан кӕнынц, фӕлӕ фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ куыд ныффидар сты, ахӕм хуызы ӕмӕ сӕхи бонты.

Ӕрхӕсдзынӕн ахӕм цӕвиттон.
90-ӕй азты ӕз куыстон Стыр Ныхасы сӕрдар Гиоты Михалы фыццаг хӕдивӕгӕй, уыдтӕн Хуссар Ирыстоны Ныхасы сӕрдар. Иу рӕстӕджы Стыр Ныхасы разамынад Цӕгаты Хицауадимӕ фӕндон рахастой, цӕмӕй, Хетӕджы бӕрӕгбон июлы мӕйы фыццаг Хуыцауоны бӕсты нысан кӕной дыккаг Хуыцаубоны. Ӕз ахӕм фӕндоны ныхмӕ рацыдтӕн, загътон сын Бардзырдтӕм гӕсгӕ нӕй дины бӕрӕгбонтӕн рахӕсс-бахӕсс кӕнын. Нӕ мӕм байхъуыстой. Ӕмӕ ныр цы уынӕм? Хетӕджы бонтӕ нӕ Цӕгаттаг ӕфсымӕтртӕ нысан кӕнынц дыууӕ хатты. Хетӕджы къохмӕ ӕввахс цӕрӕг хъӕутӕ (ӕмӕ ӕрмӕст уыдон нӕ)уӕддӕр бӕрӕгбон нысан кӕнынц фыдӕлты ӕгъаумӕ гӕстӕ, ома, фыццаг хуыцаубоны, цӕрджыты иннӕ хай та Бардзырдмӕ гӕсгӕ, ома, дыккаг хуыцаубоны. Иуныхасӕй, уӕды Хицауады Бардзырд ӕмӕ Стырт Ныхас кувӕг адӕмы фӕдихтӕ кодта дыууӕ хайыл.

Растӕндӕр ахӕм фӕстиуӕг уыдзӕнис абоны Стыр Ныхас цы хъӕппӕрис равдыста уымӕн дӕр. Цӕвиттонӕн, Стыр Ныхас ӕмӕ Хицауад нӕ, фӕлӕ мӕм Хуыцау йӕхӕдӕг куы бахата, уӕддӕр мӕнӕн Уастырджийы бон уыдзӕнис дыццӕджы ӕмӕ йын кусарт дӕр ӕмӕ кувгӕ дӕр кӕдзынӕн уыцы бон. Мӕнмӕ цы информаци ис, уымӕ гӕсгӕ, ахӕм (кӕронмӕ ӕнӕахъудыгонд) СИДТ ма Стыр Ныхас рырвыста Хуссары Хицауадмӕ дӕр. Цӕмӕй Хуссары ахӕм рӕдыд ма руадзой, уый тыххӕй ӕз мӕ хъуыды фӕхӕццӕ кодтон ӕмбӕлон органтӕм ӕмӕ мӕ уырны ахӕм рӕдыд кӕй нӕ ӕруаддзыстӕм Хуссары. Хъыгагӕн, Цӕгаты уыцы рӕдыд сраст кӕнынӕн, ӕвӕццӕгӕн, рӕстӕг дӕр нал ис, фӕлӕ йӕ фидӕнмӕ сраст кӕнын хъӕудзӕнис.
Къуырисӕры бӕрӕгбон чи аразын кӕны, уымон ма хъуамӕ иу фарстыл хъуыды кӕной. Куыд зонӕм, афтӕмӕй Уастырджийы ӕхсӕв бирӕ адӕм фӕцӕуынц Кувӕндӕттӕм, сӕхи, сӕ бинонты фӕдзӕхсынмӕ, горӕты цӕрджытӕ дӕр сыхгай абадынц фынгты уӕлхъус, цӕмӕй ӕртыгай кувинӕгтимӕ сӕхи бафӕдзӕхсой. Ӕмӕ уӕдӕ ӕнӕ ануазгӕ дӕр кӕм вӕййынц ӕмӕ афтӕмӕй дыггаг бон куыстӕн бӕзгӕ дӕр нал скӕнынц, уӕлдайдӕр хӕдтулгӕ чи скъӕры, уыдон.
Ис ма дзы иу ахӕм лыгкӕнинаг фарста дӕр. Бӕрӕгбон Дыццӕджы куы нысан кӕнӕм, уӕд куыд рацӕудзӕнис? Улӕфтыты бон сабат ӕмӕ хуыцаубон, стӕй иу кусгӕ бон Къуырисӕр ӕмӕ та ногӕй улӕфты бон. Уый тыххӕй Къуырисӕры кусгӕ бон рахӕссын хъӕудзӕнис Сабатмӕ, цӕмӕй, стӕй ӕртӕ боны уой улӕфты бонтӕ.
ИУНЫХАСӔЙ, Стыр Ныхас ацы хъуыддаг саразын куы сфӕнд кодта, уӕд ӕвӕццӕгӕн афӕрсын хъуыд ӕгъдӕуттӕ хорз чи зоны, уӕлдӕр цы чингуыты кой скодтон, уырдӕм дӕр ӕркӕсын хъуыд. Ирон адӕмӕн зӕндтӕ амонын цы ӕхсӕнад йӕ хӕсыл нымайы, ӕгъдӕуттыл чингуытӕ чи уадзы, уыцы ӕхсӕнады къухдариуӕггӕнджытӕ хъуамӕ зыдтаиккой уӕлдӕр ӕрхӕсгӕ элементарон фактӕ!

ЦӔМӔН ХӔЦЦӔ КӔНЫ «СТЫР НЫХАС» ИРОН БӔРӔГБӔТТЫ БОНТЫ, КӔНӔ, ЦЫ БАР ДАРЫ КЪУЫРИСӔР УАСТЫРДЖИЙЫ БОНМӔ?Ӕз мӕхӕдӕг дӕн ахӕм позицийыл лӕуд ӕмӕ кӕд иу адӕм стӕм Хуссарӕй Цӕгатмӕ (ӕмӕ ууыл та дызӕрдыг ничи кӕны), уӕд нӕ иумӕйаг дины бӕрӕгбӕттӕ дӕр хъуамӕ иу рӕстӕджы нысан кӕнӕм. Хъыгагӕн, алы хатт афтӕ нӕ вӕййы. Ӕрвылаз дӕр (ныр ссӕдз азӕй фылдӕр), ӕз рауадзын Ирон Адӕмы Бӕрӕгбӕтты къӕлиндар Хуссары. Ахӕм къӕлиндартӕ ма цалдӕр рацӕуы Цӕгаты дӕр. Се хсӕн вӕййы цыдӕр хицӕндзинӕдтӕ дӕр, фӕлӕ сӕйраг национ бӕрӕгбон, Уастырджийы бӕрӕгбон нӕ КЪӔЛИНДАРТЫ ВӔЙЙЫ ИУХУЫЗОН. Уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ, цалдӕр азы размӕ уыд рӕстӕг ӕмӕ Цӕгат ӕмӕ Хуссары Ирыстоны къухдариуӕггӕнджытӕ сӕ республикӕты цӕрджыты куы фӕдзӕхстой, уӕд се хсӕн уыд къуыри. Уый мӕнмӕ бынтондӕр раст нӕ каст ӕмӕ иу Хуссары разамонджытӕн социалон хызӕджы (кӕддӕр та лӕгӕй-лӕгмӕ дӕр) сӕ цӕстмӕ бадардтон, раст кӕй нӕ сарӕзтой. Уый уыд фылдӕр сӕ уынаффӕгӕнджыты аххос.
О, фӕлӕ, уӕлдӕр цы фарсты фӕдыл цыд ныхас, уыцы фактимӕ та уӕхӕдӕг базонгӕ стут ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг уӕхӕдӕг фестут.

Ныр та ме ‘мтуг ирон адӕмӕн, Ирыстоны ӕппӕт цӕрджытӕн зӕрдӕбын арфӕтӕ кӕнын Уастырджийы бонты цытӕн! Йӕ Хорзӕх уӕ уӕд! Сыгъзӕринбазыр Уастырджи Ирыстонмӕ фӕзындзӕнис ДЫЦЦӔДЖЫ ‘ХСӔВ ӕмӕ уын Хуыцауы арфӕтӕ уӕ хӕдзӕртты, ӕппӕт дунейы цӕрӕг ирон адӕмы хсӕн байтауӕд! Ирыстоны знӕгтӕн та Дур сӕ гуыбыны!
Кӕрӕдзийыл куы хӕцӕм, ӕнгом куы уӕм, уӕд мӕхъӕл кӕнӕ гуырдзы нӕ цуры сты гӕнгӕлытӕ! Арфӕгонд ӕмӕ фӕдзӕхст ут иунӕг Стыр Хуыцау ӕмӕ уӕ Фыдӕдӕлты Зӕдтӕй. Домбай ӕмӕ Фыранчы хъару уе уӕнты!


Зӕрдӕбын арфӕтимӕ, уӕхи Чел-Ӕхсӕртӕг!
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
15 ноября 2018 17:54
Магуыр на бон. Нахи Чел- Ахсартаг. Кай Чел-Ахсартаг? Махма ахам НАХИ най. Стай Цагат Ирыстоны хицауы уынаффама НАХИ Чел-... цы бар дары? Нахи республикайы кой кан, ама бацархай, цамай ам дар, Хуссар Иры, къуырисар кусга бон ма уа!
Уый дын ма хъуыды. Чел-Ахсартаг ама Нафийы худай Лаг суаван най.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

ЮОГУ

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.

Производство сайтов

Новости

«    Ноябрь 2018    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30  
Эрман

Энергоресур

Объявления

Перевозки посылок Цхинвал-Москва-Цхинвал Выезд из Цхинвала: 1 числа. Прибытие в Москву: 3-4 числа. Выезд из Москвы: 5го утром. Доставка заказов из интернет-магазинов. Mercedes Sprinter. Максимальная длина товара: 4,4 м 1 кг –от 50руб Стаж перевозок по данному маршруту 2.5 года Тел.: +7(928) 857-55-50, +7(929) 8045531 Спросить Вову
***
Уважаемые жители Республики. На новую производственную площадку в г.Цхинвал требуются работники: повара или технологи общественного питания с опытом работы и большим желанием обучиться современным технологиям приготовления полуфабрикатов и готовых блюд на высокотехнологичном оборудовании. Предполагается бесплатное обучение квалифицированными специалистами. Заработная плата – достойная. Тел. 8-929-808-15-20, 8-929-809-12-20. Заполнить анкету можно по адресу: г.Цхинвал, пр.Алана Джиоева, ТЦ «Солнечный» пав. 13-14 Дом оборудования.
***

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия