Цæрæнбонтæм зæрдылдаринаг фембæлд
17 декабря 2014 Общество [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [3068 просмотров]
Ацы бонты Иры дзыллæ нысан кæнынц Ирыстоны номдзыд хъæбул, стыр ахуыргонд Абайты Васойы гуырæн бон. Уый-иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ-иу ын фембæлдтытæ уыд нæ интеллигенцийы минæвæрттимæ. Ацы стыр гоймагимæ лæгæй лæгмæ фембæлыны амонд æрхауд мæнмæ дæр. Уый Ирыстоны зæххыл нæ уыдис - уыдис Боржомы курорты 1984 азы июлы мæйы. Уæд Васо уым улæфыд æмæ уæды æвзонг ахуыргонд Битарты Зояйы фæндонæй Боржоммæ абалц сты Хуссар Ирыстоны автономон областы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ цалдæрæй. Уыдонимæ уыдысты областы рухсады хайады медкабинеты сæргълæууæг Коцты Петр, æз - ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты ирон æвзаджы методист æмæ æндæртæ. Уыцы балцæн срæвдз кæнынæн стыр æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны уæды облæх-хæсткомы рухсады хайады сæргълæууæг Пухаты Фатимæ. Уый æххуысæй мах фембæлдыстæм Боржомы санаторитæй сæ иуы Васо æмæ йе 'мкъай Цхуырбаты чызгимæ. Тынг æхсызгон сын уыд нæ сæмбæлд, раст цыма йæ низ бынтондæр фесæфт, афтæ ныл фæцин кодтой. Систам бирæ къамтæ. Балæвар ын кодтам сувенир - хъæдын рæсугъд куысси. Дзæвгар аныхæсты фæстæ йæм Коцты Петр бахатыд, цæмæй нын иу цалдæр фарстæн сдзуапп кодтаид. Васо дыууæ нæ загъта уыцы фæндоныл. Æрбадтыстæм дæргъæццон фæхс бандоныл - Васо астæуæй, Петр - йæ рахис фарсæрдыгæй, æз та - йæ галиу фарсмæ. Петр æм радта цалдæр фарсты ирон æвзаджы тыххæй, йæ сомбон æм куыд кæсы æмæ æндæр ахæмты фæдыл. Васо сын йæ уæззау зондæй æмæ йæ диссаджы уæздан ахастæй радта дзуаппытæ. Уый фæстæ йæм æз дæр радтон фарстытæ. Фыццаг фарст уыдис, историкон-этимологон дзырдуаты цыппæрæм том мыхуыры кæд рацæудзæн, уый тыххæй. Уый бахудт йæ мидбылты æмæ афтæ бакодта, зæгъгæ, мæ цахъхъæнæн зын у ныфсытæ æвæрын, фæлæ уын зæгъын - тагъд рæстæджы йæ фендзыстут. Чиныг у цæттæ, ис мыхуыры процессы.
Дыккаг фарст та йæм радтон, гуырдзымæ ис историон-этимологон дзырдуат æви нæ, уый тыххæй. Мæ фарстæн мын радта ахæм дзуапп, зæгъгæ, ис æрмæстдæр æхсæз ахæм дзырдуæттæ. Уыдонæй иу - нæхион. Иннæты дæр мын ранымадта, фæлæ дзы гуырдзымæ нæ разынд.
Мах уыдтам, рынчын, ацæргæ лæг æфсæрмæй кæй бады немæ, кæй сфæлмæцыд æмæ йæм бахатыдыстæм, цæмæй баулæфа. Афтæмæй хæрзбон загътам нæ уæздан фысымæн æмæ раздæхтыстæм Цхинвалмæ.

Источник - Газета Хурзарин.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.