ИРОН ЗЫНДГОНД ФЫССАЕГ ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОНЫЛ САЕХХАЕСТ 65 АЗЫ

 ИРОН ЗЫНДГОНД ФЫССАЕГ ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОНЫЛ САЕХХАЕСТ 65 АЗЫ КУРДИАТЫ ФАРН

Абон йае фондз аемае аертиссаедз азы баераег каены ирон номдзыд фыссаег, ахуыргонд, публицист, аехсаенадон архайаег, Ирыстоны Фысджыты Цаедисы аемсаердар Хъазиты Мелитон.
Скъоладзау уыдтаен, афтае базыдтон Мелитоны. Йае хо Женя цардис нае хъаеу Сатихъары аемае – иу аей араех абаераег кодта. Хорз ын бахъуыды кодтон йае аервгъуыз велосипед. Йае хо махмае хаестаег цард аемае – иу саем Мелитон куы аербацыд, уаед- иу аей алыхатт даер федтон. Уыимае ма аез тынг хаелар цардтаен йае хойы фырттимае, уаелдайдаер та йае хистаер фырт Митяимае.
Мелитон уаед студент уыдис. Ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты ирон-фаесараейнаг аевзаегты хайады. Каст аей фаецис 1971-аем азы.
Райгуырд Мелитон 10-аем ноябры 1948 азы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Ногхъаеуы, заехкусаег бинонты аехсаен. Ам арвыста фидаены фыссаег йае аегайнаег сабийы бонтае. Ногхъаеу аербынат кодта раесугъд, алаемаеты аердзы хъаебысы. Раесугъд ауаедзтае аемае гауызваелыст хъугаемттае паддзах хуыз лаеваердтой хъаеуаен. Ам цардысты Хъазиты мыггаджы номдзыд хистаертае, аефсымаертае: Мелитоны фыд Резо, Рутен аемае Калман. Ацы аертае аефсымаеры сае ирондзинадаей, сае уагаей, се ‘гъдауаей аемае сае уазаегуарзондзинадаей уыдысты хъуыстгонд аенаехъаен комбаесты. Сае фарн, се‘гъдау цаестуарзонаей лаеваердтой сае каестаертаен.
Мелитоны фыд Резо уыдис Фыдыбаестаейы Стыр хаесты архайаег. АЕхсарджын хаестонаен йае уаеззау тохы фаендаегтае райдыдтой Маездаеджы сахараей .Уый знаджы даераенгаенгае фаецыд суанг Ленинграды цурмае. Хорз ын бахъуыды кодтон йае игаергъуыз пиджакыл уалдзыгон хуры тынтаем таемаентае куыд калдтой йае бирае хаестон хаерзиуджытае. Резо 1943 азы уаеззау цаеф фаецис хаесты быдыры. Даергъваетин раестаег фаехуыссыд госпиталы. Куы фаедзаебаех, уаед архайдта цаемаей йае фронтмае арвыстаиккой, фаелае йын цаехгаер «нае» загътой. АЕмае уаед кусынмае бацыд Уралы аефсаейнаг тайынгаенаег заводмае. АЕмае дзы фаекуыста 1946 азмае. Куы аерыздаехт, уаед куыста сае хъаеуы колхозы, стаей та совхозы алыхуызон баернон бынаетты.
Ме ‘взонджы бонты бирае уарзтон Ногхъаеумае цаеуын. Ам цард мае мады хо Лизае, йае цардаембал Ефим та уыдис Мелитоны фыды аефсымаеры лаеппу.
6-аем майы-иу хъаеуы Дзуарыбон куы уыдис, уаед – иу алы раеттаей ардаем аербацыдысты хъаеуы цаерджыты хиуаеттае, хаестаеджытае, зонгаетае. Зард, кафт аемае иу хъаелдзаегдзинад нае банцад цалдаер боны. Фаесиваед- иу Дзуары бын сараезтой ерыстае хъаебысаей хаецынаей, кафынаей, зарынаей…
Дзуарбонмае аербацаеуаег уазджытае – иу хъазтизаер сараезтой куы Резоты уаераех каерты ,куы Рутенты, куы та Калманты хаедзары раз. Иуныхасаей, уыцы диссаджы аегъуыстаг раестаегаен никуы ис ферохгаенаен.
Мелитон бирае курдиатджын, аенаемаелгае уацмыстае ныффыста йае хъаеубаесты аемае йае хистаерты тыххаей, уый ирд ахораентаей сныв кодта, уаеды дуг. Уымаен аемае йе ‘взонг заердаейы курдиаты арт пиллонаей уаед райдыдта судзын.
1971 азы Мелитоны хойы фырт Митияимае Ногхъаеуы уазаегуаты уаевгаейае нын Мелитоны мад Куыдзеты Шено аехсызгон мидбылхудтимае рахаста йае радзырдты фыццаг чиныг «Заелы зараег». Уыцы фыццаг радзырдтаей даер баераег уыдис Мелитоны аеваеджиауы курдиаты аермдзаеф, уымаен аемае йае фыццаг радзырдтае фыст уыдысты хуымаетаег, аенцон аембараен, фаелае мидисджын хъаездыг аевзагаей. Цы фаелгонцтае сфаелдыста, уыдон уыдысты заердае агайгае аемае чиныгкаесджытаен уарзон. Фаелае Мелитонаен йае дыккаг чиныг «Уарзтмонц заердаеты кадаег» ссис уаеды фаесиваедаен, сае уарзондаер уацмыстаей иу.. Мелитонаен йае чиныджы хъайтартае сае фылдаер сты фаесиваед. Уымаен аемае сын уый тынг хорз сахуыр кодта сае мидбаеллицтае, сае фаендае аемае сае ирдаей раргом кодта йае уацмысты. Хорз аей хъуыды каенын, мах, хистаер кары скъоладзаутае Мелитоны чиныг «Уарзтмонц заердаеты кадаег» куыд заердиагаей кастыстаемае. Уый фаестае иу ын йае мидис удцырынимае куыд аевзаерстам нае фаескомцаедисон аембырдты, чиныгкаесджыты конференциты, студентты аемдзаераентты. Нае быцаеуттае иу цалдаергай сахаттае ахастой . Уаед, ивгъуыд аенусы 70- 80 – аем азтае уыдысты Хъазиты Мелитоны номхаессаен аемае йае кадгаенаег азтае. Уаед йае ном аервзаелланг кодта нае Ирыстоны алы къуымты. Нае комбаестае дзы чысылаей - стыраей иууылдаер уыдысты саерыстыр аемае райгонд, кодтой йынстыраргъ. Искуы иу хатт иу нае хъаеумае исты хъуыддаджы фаедыл Мелитон куы аербафтыд, уаед- иу ын урсбоцъо заеронд лаегтае сае бынаеттаей сыстадысты аемае иу ын заердиаг салам даетгаейае дзырдтой:«АЕгас цу, нае уарзон фыссаег», Мелитон аердзаей уаездан аемае аефсаермдзаст рахаста аемае – иу ын хистаертае ахаем стыр кад куы кодтой, уаед-иу бынтон ныфсаерм. Фаелае аерыгон фыссаегаен хистаерты уыцы ирон кад аемае аегъдау лаеваердтой удцырындзинад аемае йае разаенгард кодтой ног сфаелдыстадон уаелахизтаем . Маенмае афтае каесы, аемае Мелитоны куыннае зыдтаин, йае диссаджы заердаеагайгае сфаелдыстадимае йын зонгае куыннае уыдаин, уаед, чизоны, фыссын даер нае райдыдтаин. Фаелае, Мелитонмае,аеваеццаегаен, цыдаер сфаелдыстадон разаенгардгаенаег тых уыдис.
Гуырахстджын у Хъазиты Мелитоны сфаелдыстад. Йае чингуытае даес аемае ссаедзаей фылдаер сты. Уыдонимае: «Алмас», «АЕнае фаехудгае, аенае фаекаеугае», «Чызджы заердае», «Фаеллаедзаеуаен раестаег», «Алдымбыд» аемае аендаертае. Мелитон бирае аив аемае заердаеагайгае уацмыстае ныффыста сабитаен даер,уыдонимае :«Дае сау чызг»,»Рувийы балц»,«Дзыхы къаебаел»…
Бирае бантыст Мелитонаен литературае иртасынады хъуыддаджы даер, уый диссаджы егъау, гуырахстджын монографитае ныффыста Къостайы , Секъайы, Нигеры, Ходы Камалы, ,Гафезы, Маергъиты Къостайы , Дзуццаты Хадзы-Мураты аемае аендаер зындгонд фысджыты тыххаей.
Хъазийы-фыртаен йае фаеллойадон фаендаг райдыдта 1972 азы газет «Советон Ирыстон»-ы литературон кусаегаей, уый фаестае куыста редактораей, хистаер редактораей чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы.
1990 азы йае равзаерстой Хуссар Ирыстоны Фысджыты Цаедисы Правленийы саердараей. Ацы аз 3-аем октябры та аевзаерст аерцыд Ирыстоны Фысджыты Правленийы аемсаердараей. Алы азты аеххаест кодта алыхуызон аехсаенадон куыстытае, уыдис АЕппаетирон аехсаенадон змаелд «Стыр Ныхас»-ы Хуссар Ирыстоны хайады саердар .Йае саергълаеууаег уыдис Паддзахадон телерадиокомпанийаен, аевзаерст аерцыд РХИ- йы Парламенты депутатаей, уыд Парламенты Саердары хаедиваег. Фондз аемае дыууисс аедз азаей фылдаер каены Хъазиты Мелитон сфаелдыстадон куыст. Бирае азты даергъы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты каесы лекцитае ирон литератураейы историйае.
Гуырдзиаг гаерзифтонг фыдгаенджытае 1990-1992 азты Хуссар Ирыстонмае куы аербабырстой, уаед тынг бирае зиаентае бакодтой Хуссар Ирыстоны хъаеутаен, уаелдайдаер та Цхинвалы районы хъаеутаен.
Гуыдзиаг бандиттае ныппырх кодтой Мелитон йае хуыздаер уацмыстае каем сфаелдыста, йае сабийы сыгъзаерин, аегайнаег азтае каем арвыста, уыцы фыды артдзаест, уыцы хаедзар.Уыцы азты (1991 азы январы 11-аем бон ) Мелитон заердаерисгаейае йе 'мдзаевгаетаей иу «Фаедис»- ы фыста:



Ир, мае Ирбаесты 'ргъиуы
Садзынц гуырдзы аерцытае,
Судзынц Чъребайы риуыл
Стыр фаедисы аертытае…

1992 азы гуырдзиаг хъаеу Никозаей гаерзифтонг гуырдзиаг лаегмартае куы аехстой , уаед сае наемыг саембаелд фыссаеджы кусаенуатыл аемае цаераенбонты каей тымбыл кодта , уыцы зынаргъ,стаем чингуыты библиотекае басыгъд . АЕз даер уыцы уаеззау заманы уыдтаен, уым. АЕмае хорз хъуыды каенын, куыд тынг мает кодта Мелитон йае чингуыты саефтыл.
Хуссар Ирыстон уаеззау хъизаемар уаваеры куы, уыд, уаеддаер никуы ныууагъта Мелитон каейдаертау йае къуым, йае горает, йае адаемы аемае йае саер аедас ранмае нае айста.Уый аехсаеваей-бонаей иудадзыг уыдис йае адаемимае, фаесиваедаен лаеваердта ныфс. Уым уаевгаейае иу аей аез араех федтон аед хаецаенгарз нае лаеппутимае посты лаеугаейае. Афтае йае патриотон хаес аертиссаедзаздзыд ирон фыссаег аеххаест кодта 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы раестаеджы даер.
Хъазиты Мелитон канд курдиатджын литературае иртасаег наеу, фаелае ма у курдиатджын истории иртасаег даер. Йае чиныг «Цы фаецис, Ирыстон, нае Хурыскаесаен?- ы (мыхуыргонд аерцыд рауагъдад «Цыкура»-йы) дзырд цаеуы Советон Цаедисы раестаеджы ирон адаемы аевастаей Хуссар Ирыстоны Хурыскаесаен Гуырдзыстонаен лаеваерд куыд аерцыд аемае абон даер уыдон къухы куыд ис, уыдаеттыл. Чиныджы ис баелвырд цаевиттонтае ирон адаемон фольклор аемае историйае, стаей аивадон литератураейае аемае аланистикаейае.
-Абоны нываецтаем куы ’ркаесаем,- фыссы Мелитон-, уаед нае цаестытыл ныххаецдзыстаем - нае Ирыстонаен Цаегат аемае Хуссар куы ис, уаед цы фесты йае Хурыскаесаен аемае йае Хурныгуылаен? Саеууон аертаехау, тайгае куыннае акодтой, уаед цаемаеннаеуал каенаем сае кой, цаемаен сае ныууагътам рохуаты каераеф лаегхортае аемае уаезаегхорты хъаелаесы?
Мелитоны иннае чиныг «Иунаег фаендаг» даер рацыд ацы аз рауагъдад «Цыкура»-йы.Чиныджы баелвырд ныхас цаеуы Республикае Хуссар Ирыстон аемае Республикае Цаегат Ирыстон-Аланийы баиу каеныны аемае иу паддзахад Ирыстон саразын Уаераесейы сконды.
- Ферваезынаен ис аермаестдаер иунаег фаендаг- Ирыстоны баиу каеныны фаендаг! -, фыссы йае чиныджы каеронбаеттаены Мелитон.
Мелитон нырма ис йе сфаелдыстадон кары. Ис аем
бирае раесугъд аемае арфаейаг фаендтае, сфаелдыстадон нысантае аемае баеллицтае аемае аенаенизаей йае къухы цы бафтой, уыцы хорзаех ын Стыр Хуыцау радтает.
Сфаелдыстадон уаелахизтаем тырнгаейае йае фыссаен сис рог куыд уа, йае къах та куыд никуы бафаеллайа, ахаем амонд аей уает.



Дыгъуызты Тенгиз,
Уаераесейы Фысджыты Цаедисы уаенг,
РХИ- йы сгуыхт журналист.
Источник - ИА Осинформ.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.

Опрос

Вы согласны, чтоб 12 августа 2008г. отмечался Днем Победы?

 

Солнечный Венченсо

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора
Рыцарь удачи

Погода

Книжный МИР ЮОГУ
Акция.

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.

Новости

«    Август 2017    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5 6
7 8 9 10 11 12 13
14 15 16 17 18 19 20
21 22 23 24 25 26 27
28 29 30 31  
полезно знать...
Компания Директ-Электрик предлагает светодиодные светильники оптом по выгодной цене

Государство Алания г. Цхинвал

Государство Алания г. Цхинвал!
 Мегафон

Курс рубля на межбанковском рынке

Бачелли

Строительные блоки

ГУП Энергоресурс

Объявления

Продается половина двух этажный дом по ул. Сталина 69Б 400 квадратов , 3 санузла , 9 комнат. гараж на 3 машино места, солнечная сторона. Цена 2 миллиона 600 тысяч. Звонить по телефону +7929 808 00 11
***
Объявление : Продаётся 2-х комнатная квартира площадью 49 кв.м. на 8-ом этаже 9-ти этажного жилого дома в районе рынка "Алан". Цена договорная . Справки по тел.: 8(960)406-09-28
***
Приглашаем на отдых в г. Пицунду РА. сдаются комфортабельные номера со всеми удобствами по ул. Садовая, 12. Мини-гостиница находится на первой линии, в пяти минутах от моря. подключён wifi., номера оборудованы кондиционерами. Цена договорная. Тел.8(940)9978564 Ира
***
Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю
***
Предлагаю профессиональные услуги по установке натяжных потолков. Ночное небо, облака, сатин, фотопечать - широкий выбор оттенков и фактур! Наши главные преимущества - доступная цена, быстрые сроки и экологичные материалы. С нами ваши идеи станут реальностью! Телефон 89298058866
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Приветствие у Осетин Алан