Клиникæ «фæндаг - æнæниздзинадмæ»
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы нæ горæты микрорайон "Московский”-йы байгом, реабилитацион фыццаг хисæрмагонд клиникæ «Фæндаг - æнæниздзинадмæ».
Ам æвæрд æрцыд, бæрзондтехнологион медицинон аппаратурæ, куыд, зæгъæм, лазеротерапи: «мулат», «мустанг». Цæвæн-уылæнон (ударноволновые) аппараттæ: «озонотерапи», «магнитотерапи» æмæ æндæртæ. Уыдон иууылдæр дзуапп дæттынц медицинæйы нырыккон домæнтæн.
Мах фембæлдыстæм ацы клиникæйы сæргълæууæг Куыдзеты Игоримæ. Уый у не 'мбæстаг, адæмы патриот, сæрбахъуыды рæстæджы йæ зонындзинæдтæ адæмы хæрзиуæгæн чи не 'вгъау кæны, ахæм дохтыр. Иуæй-иу мæнг патриоттау, йæ риу никуы фæхойы, бæрзонд ныхæстæ нæ фæкæны. Игорь куыд зæгъы, афтæмæй йæхæдæг дæр мæлæты цæстытæм комкоммæ иу æмæ дыууæ хатты нæ каст. Зоны царды аргъ. Уымæ гæсгæ кæддæриддæр цæттæ у рынчын адæймагæн баххуыс кæнынмæ.
- Клиникæ «Фæндаг - æнæниздзинадмæ» саразыны нысан, сæйраджыдæр, цы уыд, Игорь?
- Фæстаг дыууын азы Ирыстоны адæм цы уавæры сты, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бандæвта се 'нæниздзинадыл дæр. Æз мæхæдæг Цæгат Ирыстоны медицинон иртасæн лабораторийы куыстон, фæлæ мæ цардæмæбал Битарты Фатимæ кусы неврологæй Цæгат Ирыстоны реабилитаци æмæ æнæниздзинады центры. Уымæ-иу куыстмæ арæх бауадтæн, уыдтон мæхи цæстæй, Хуссар Ирæй Цæгатмæ цас тыхст æмæ уынгæджы адæм цæуы. Уыдон хъизæмæрттæм кæсгæйæ, зæрдæ рыст. Уæлдай тынгдæр катай кодтон, Уæрæсейы искæцы горæттæм сæ куы æрвыстой, уæд. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтон нæхимæ, Хуссар Ирмæ, ацæуын, бынаты реабилитацион центр бакæнын, кæцы уыдзæн зындгонд æмæ хæдбар лаборатори «Инвитро» - йы филиал. Ам, бынаты, цы анализтæ сисæм, уыдон æрвыст цæудзысты Мæскуымæ сæрмагонд контейнерты.
Дзуапп та ‘рцæуы интернеты руаджы. «Инвитро» лабораторийы методикæ зындгонд у фæсарæнты дæр. Уыдоны анализты растдзинадмæ нæй фау æрхæссæн. Ахæм цау нæма уыд, цæмæй сын сæ иртасæн куыстытыл æмæ хатдзæгтыл ма сразы уой дунейы кæцыфæнды медицинон уагдоны дæр. «Инвитро» лаборатори аразы мин хуызы анализы бæрц. Уымæ гæсгæ не 'мбæстæгтæн сæ бон у махмæ æрбацæуын æмæ цыфæнды хуызы анализ дæр саразын.
Ныртæккæ махмæ кусы дыууæ дохтыр æмæ цыппар медицинон хойы. Уыдон æрвыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны банысангонд центрæй. Ацы хъуыддаджы нæм æххуысы къух фæдаргъ кодта центры сæйраг дохтыр Вардзиаты Аркади æмæ Цæгат Ирыстоны «Инвитро»-йы сæргълæууæг Арчинты Стеллæ. Фæнды мæ уавæрæй спайда кæнын æмæ сын зæгъын стыр бузныг.
- Игорь, куыд федтам, афтæмæй дæ клиникæйы бирæ зынаргъ медицинон, бæрзонд технологийæн дзуапп чи дæтты, ахæм сæрмагонд аппаратурæ ис. Суанг Цæгат Ирыстоны дæр нæй ахæмтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм клиникæ бакæнынæн æрмæст фæндон æмæ зонындзинæдтæ нæ хъуыд. Хъуыд æхцайы фæрæзтæ дæр...
- 2009 азы мæ хъуыды бамбарын кодтон уæды президент Кокойты Эдуардæн. Æз æмæ мæ коллегæ, парламенты депутат Плиты Алыксандр бацыдыстæм президентмæ. Уый нын лæмбынæг байхъуыста нæ фæндмæ æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдис. Стæй лаборатори «Инвитро»-имæ кæй кусдзыстæм, нæ пациенттæн сæ бон кæй уыдзæн цыфæнды анализы фæстиуджытимæ дæр суткæйы дæргъы базонгæ уæвын, уый йæ тынг сцыбæл кодта. Уымæ гæсгæ нын сразы æхцайы фæрæзтæй кредиты хуызы, баххуыс кæнын. Раст зæгъгæйæ, ацы клиникæ бакæнын æнцон нæ уыд, бирæ, тынг бирæ вазыгджын фембæлдтытæ æмæ бадзырдтыты фæрцы нæ къухты бафтыд ацы æнтыст.
Адæймаджы царды бирæ цыдæртæ фæхъæуы ахсджиагæй, фæлæ уæддæр иууыл сæйрагдæр æнæниздзинад у. Адæймагмæ æнæниздзинад куы уа, уæд бындур æвæрд цæуы йæ интеллектуалон райрæзтæн дæр. Уымæ гæсгæ медицинæйы хæс у æппæтфарсонæй алы адæймаджы цардыл аудын. Дохтыр хъуамæ тырна канд низ æруромынмæ нæ, фæлæ ма йæ ратæдзæн кæм ис æмæ йæ аххосаг цы у, уый сбæрæг кæнынмæ дæр. Мах, хатт низæн хос кæнын райдайæм, йæ тæмæны куы вæййы, æндæр органтæ дæр куы бахъыгдары, уæд. Фæлæ нырыккон медицинæйы хæстæ æндæр сты. Медицинæйы къабазы ахуыр-гæндтæ æмæ иртасджытæ тырнынц, цæмæй рæстæджы ног домæнтæм гæсгæ саразой ног программæтæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты профилактикон куыстытæн. Ахæм хæс æвæры хæдбар лаборатори «Инвитро» дæр.
Ацы хъуыдыйыл æнцойгæнгæйæ, мæн бафæндыд 14-17 июлы æнæаргъæй нæхимæ рынчынтæ райсын. Уыдоны сгарынц зынгæ мæскуыйаг профессортæ æмæ сын медицинон лæггæдтæ кæндзысты. Мæнæн мæ хъуыдыйы ис дарддæр дæр ахæм хæрзаудæн медицинон лæггæдтæ кæнын. Фæлæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй нырма ног уагдон стæм, куыддæр куыст ацæуа, афтæ мах дæр цæттæ уыдзыстæм нæ адæмæн лæггад кæнынмæ.
Интервью райста
УАЗÆГТЫ Марфа
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.