Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы президенты æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй
Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад хъусын кæны, 2012 азы 4 марты Хуссар Ирыстоны территорийыл уагъд кæй цæудзысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытæ.
- Кæмæн у йæ бон æвзæрстыты хъæлæс радтын?
- «Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрс-тыты тыххæй» æмæ «Уæрæсейы Федерацийы æвзарджыты бартæ æмæ референдумы хайадисыны бары сæйрагдæр гарантиты тыххæй» Федералон закъæттæм гæсгæ хъæлæс дæдтыны сæ бон у хайад райсой, Хуссар Ирыстоны территорийыл уæвæг Уæрæсейы æмбæстæгтæ, кæцытæн ис Уæрæсейы æмбæстаджы гоймаг бæлвырдгæнæг документтæ - мидæггагон иумиаг æмбæстагон паспорт, кæнæ та Уæрæсейы территорийы арæнтæй æддейæ Уæрæсейы æмбæстаджы гоймаг бæлвырдгæнæг паспорт (фæсарæйнаг паспорт). Йæ архайды æмгъуыд кæмæн фæцис, ахæм паспорт кæмæ ис, уыдон дæр уагъд цæудзысты хъæлæс дæдтынмæ - паспорты хъæуы бавдисын фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæм.
- Цал уыдзысты æвзарæн фадгуытæ?
- Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæг-ты æвзарæн бартæ реализаци кæныны нысæнттæн Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл арæзт æрцыдысты 12 æвзарæн фадыджы, уыдонæй 9 сты Хуссар Ирыстоны цæрджытæн æмæ 3 та Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æдас-дзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджытæн.
- Куыд арæзт æрцыдысты æвзарджыты номхыгъдтæ?
- Æвзарджыты номхыгъдты сарæзта Уæрæсейы минæварад бынæттон администрацийы æххуысæй, 2011 азы 4 ноябры Уæрæсейы Федералон Æмбырды Паддзахадон думæйы депутатты æвзæрстыты рæстæджы æвзарджыты номхыгъдмæ гæсгæ, æвзарджытæ цы адрестæ загътой, уыдонмæ гæсгæ. Æвзарджыты номхыгъдтæ кæцытæ хауынц æвзарæн фадыджы зонæмæ (республикæйы районтæ, кæнæ горæт Цхинвалы районтæ), уыдзысты алы æвзарæн фадыджы дæр. Номхыгъдтæм цы æвзарджытæ хаст не 'рцыдысты, фæлæ фадыджы зонæйы чи цæрынц æмæ хъæлæс дæдтынмæ чи æрбацæуой, уыдон номхыгъдтæм комкоммæ хаст цæудзысты хъæлæс дæдтыны бон, дзургæйæ кæнæ та фыст куырдиатмæ гæсгæ.
- Кæм æмæ куыд хъæлæс дæтдзысты Цхинвалы горæты цæрджытæ?
- Цхинвалы горæты цæрджытæн байгом уыдзысты 4 фадыджы, цæмæй æвзарджытæн хæрзвадатдæр уа, уый тыххæй алы æвзарæн фадыгмæ дæр фидаргонд сты хицæн районтæ æмæ горæты уынгтæ. Алы фадыджы дæр сты æвзарджыты номхыгъдтæ, кæцытæ цæрынц уыцы фадыджы зонæйы цæрджытæ. Кæд æмæ æвзарæг цæры фадыджы зонæйы фæлæ æвзарджыты номхыгъды нæй, уæд фадыгон къамистæ бахæсдзысты уый номхыгъдмæ ныхасæй кæнæ фыстæй куырдиаты бындурыл.
2012 азы 4 марты горæт Цхинвалы байгом уыдзысты ахæм æвзарæн фадгуытæ:
№ 5061-æм фадыг
Фадыджы адрес: г. Цхинвал, Коцты Грийы уынг, 6-æм хæдзар - Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады консулон хайад.
Фадыгмæ чи хауынц, уыцы уынгтæ: 13 Коммунары уынг, Абайты Васойы уынг, Сомихы уынг, Гуыбаты æфсымæрты уынг, Козаты æфсымæрты уынг, Остъаты æфсымæрты уынг, Уанаты уынг, Дзæуджыхъæуы (Владикавказкая) уынг, Хæстонтæ-Интернационалистты уынг, Гаглойты Рутены уынг, Гаглойты Хазбийы (раздæры Тельманы) уынг, Гæззаты Валерийы уынг, инæлар Сланы фырты уынг, Герцены уынг, Гогебашвилийы уынг, Гуры уынг, Коцты Грийы уынг, Коцты Грийы уынджы фæзилæн, Знауыры уынг, Харебаты Исахъы уынг, Колыты Аксойы уынг, Комаровы уынг, Кочысаты Розæйы (раздæры Заводы) уынг, Ленингоры уынг, Лужковы уынг, Мичурины уынг, Донбылгæрон уынг, Островскийы уынг, Отъреуы уынг, Фæмардуæвæг хъайтарты уынг, Санахъоты Гришикы уынг, Бастдзинады уынг, Советон уынг, Сталины уынг, Таболты Сергейы уынг, Табуйы фырты (раздæры Дачнаяйы) уынг, Базарады уынг, Тугъанты Махарбеджы (раздæры Рукъы) уынг, Нæузæххонты уынг, Цхуырбайы фырты (раздæры Скъолайы) уынг, Шаумяны уынг, Эльбрусы уынг.
№5430-æм фадыг
Фадыджы адрес: г. Цхинвал, Джиоты Аланы проспект, 122 - №5-æм астæуккаг скъола.
Фадыгмæ чи хауынц, уыцы уынгтæ: Гагарины уынг, Гафезы уынг, Герцены уынг, Дзабийы фырты уынг, Джиоты Аланы проспект, Æфсæнвæндаджы уынг, Коблы фырты уынг, Къозоны фырты (раздæры Цъеретелийы) уынг, Хъорнисы уынг, Хъуылайы фырты уынг, Гуджабар, Мамсырайы фырты уынг, Остъайы фырты уынг, Плехановы уынг, Плиты Иссæйы уынг, Сагкаты Валерийы (раздæры Ждановы) уынг, Санахъойы фырты уынг, Тасойы фырты (раздæры Чкаловы) уынг, Тоннеларазджыты уынг, Цхинвалы уынг, Чернышевскийы уынг, Фестивалон уынг,
№5467-æм фадыг
Фадыджы адрес: г. Цхинвал, Джиоты Аланы проспект, 4 - №6-æм астæуккаг скъола.
Фадыгмæ хауæг уынгты номхыгъд: Гæбæраты Ильяйы (раздæры Калиныны) уынг, Гаглойы фырты уынг, Горькийы уынг, Дзауы уынг, Джыгкайы фырты уынг, Дзугайы фырты уынг, Интернационалон уынг, Кимы уынг, Хъотайы фырты уынг, Коцы фырты уынг, Фидауынгæнджыты (раздæры Вокзалгæрон) уынг, Мæскуыйы уынг, Нарты уынг, Октябры уынг, Фыццаг майы уынг, Пушкины уынг, Руставелийы уынг, Сабаны фырты уынг, Суворовы уынг, Тугъанты Махарбеджы уынг, Хетæгкаты Къостайы уынг, Агуыриаразæн поселок, Чиайы фырты уынг, Цоцийы фырты уынг, Саулохы фырты уынг.
№5344-æм фадыг
Фадыджы адрес: г. Цхинвал, Димитровы уынг, 9-æм хæдзар, 9-æм астæуккаг скъола.
Фадыгмæ чи хауынц, уыцы уынгтæ: 26 бакойаг къамисары уынг, 8-æм июны уынг, Аланты уынг, Белинскийы уынг, Бушы уынг, Галайы фырты уынг, Дзадтиайы фырты уынг, Димитровы уынг, Едысы уынг, Зары уынг, Икъаты Владимиры (раздæры Фрунзейы) уынг, Кавказы уынг, Къуайсайы уынг, Козайы фырты уынг, Фæскомцæдисы уынг, Лермонтовы уынг, Мæргъийы (раздæры Кутузовы) уынг, Маяковскийы уынг, Сабырады уынг, Ирæтты (раздæры К. Марксы) уынг, Плийы фырты уынг, Плиты Ароны уынг, Плиты Харитоны уынг, Уæлахизы уынг, Революцийы уынг, Сиукъайы фырты уынг, Чъонкъадзейы уынг, «Мæскуыйаг» микрорайон, «Хурзæрин»-ы микрорайон.
Куыд дæтдзысты хъæлæс республикæйы районты?
Республикæйы районты цæрджытæн æвзарæн фадгуытæ байгом уыдзысты ахæм цæрæн пунктты:
Дзауы район
№5378-æм фадыг
Фадыджы адрес: Дзауы поселок, Хъоцыйы фырты уынг, 34-æм хæдзар - Дзауы астæуккаг скъолайы бæстыхай. Лæггад кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн.
№5394-æм фадыг
Фадыджы адрес: горæт Къуайса, Хетæгкаты Къостайы уынг, 14-æм хæдзар, горæты клубы бæстыхай - лæггад кæндзæн Къуайсайы горæты æмæ уымæ æввахс хъæуты цæрджытæн.
Знауыры район
№5384-æм фадыг
Фадыджы адрес: Знауыры поселок, Ленины уынг, 20-æм хæдзар, Знауыры районы администрацийы бæстыхай лæггад кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн.
Ленингоры район
№5402-æм фадыг
Фадыджы адрес: Ленингоры поселок, Ленины уынг, 32-æм хæдзар, Ленингоры администрацийы бæстыхай - лæггад кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн.
Цхинвалы район
№5472-æм фадыг
Фадыджы адрес: Дменисы хъæу, Дменисы хъæууон клубы бæстыхай - лæггад кæндзæн Цхинвалы районы Дменис, Хелцуа, Сатихъар æмæ æндæр хъæуты цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн.
Цхинвалы районы цæрджытæн сæ бон у хъæлæс радтой Дменисы хъæуы æвзарæн фадыджы, кæнæ та Цхинвалы горæты æвзарæн фадгуыты.
Æвзæрстытæ уадзыны тыххæй уæлæмхас информаци гæнæн ис райсæн Уæрæсейы Федерацийы Централон æвзарæн къамисы (интернет-сайт www. cikrf.ru).
Минæварады консулон хайады телефон: 8 (9974) 45-48-77
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.