ФЫНЫ ФӔСТИУӔГ…
12 декабря 2016 Культура [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [1234 просмотра]
Ацы бонты Цхинвалмӕ ӕрцыдысты нӕ номдзыд боксгӕнӕг Гасситы Мурат ӕмӕ йӕ тренер, мӕ хӕлар Сланты Виталик. Хуссары кӕй нӕ уыдтӕн, уый аххосӕй фембӕлды хайад нӕ райстон, фӕлӕ сӕм изӕры телевизормӕ бакастӕн. Ӕхсӕвы фын федтон…, цыма Виталикимӕ фембӕлдыстӕм ӕмӕ бын бауайдзӕф кодта, фембӕлды кӕй нӕ уыдтӕн, уый тыххӕй. Ӕз ын баныфс ӕвӕрдтон, истӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ «алхӕндзынӕн». Куы фехъал дӕн, уӕд компьютры раз абадтӕн ӕмӕ 30-40 минутмӕ мӕнӕ цыдӕртӕ юморимӕ «ахъулӕттӕ» кодтон, чи зоны зарӕгӕн дӕр сбӕззой…
ДЗАУАГ САХЪГУЫРДТТӔ
(Номдзыд боксгӕнӕг Мурат
ӕмӕ йӕ тренер Виталикӕн)
Дзауы уӕрдӕттӕ
Тулын райдыттой,
Дзауаг Сахъгуырды
Дуне базыдтой.
Мурат Гасситы
Махӕн раскъуыхти,
ДОНЫХЪАЗ-ы фырт
Йӕ разы ‘рфӕлдӕхти.
О «бындар» фӕуай,
Ды ИРОН лӕппу
Нарт Батрадзау,
Ды ӔФСӔНӔЙ дӕ!
Бирӕ нын цӕрай,
Хохаг, Сланы фырт
Кӕд куыд дӕсны дӕ
Ды дӕ хъуыддаджы.
Дзауы афтӕ у
Фынг у ‘ртӕ къахыг.
Ныр цы бакӕнӕм,
Иу кӕм ыссарӕм?
Цӕй мӕ рахонӕм
Дзауаг, САНЧЕС- ы.
САН мӕ баппарӕм
Ӕрмӕстдӕр АХЪО йы.
Ой, цӕуыл худут,
Нӕмӕнг афтӕ у.
Рихиджын лӕппу,
Махӕн хион у.
Цӕй НӔРТОНгуырдтӕн
Фынгтӕ равӕрӕм.
Дзауы уӕрдӕттыл
Хонӕг арвитӕм.
Цӕгат, Хуссарӕй
Адӕм рахонӕм.
Кувӕг уыдонӕн,
Чох-ы сывӕрӕм.
Ӕгъдау дӕр бакӕнӕм,
Фынгмӕ арвитӕм
Ӕртӕ БӔГЪАТЫР-ӕн
Кады Нуазӕнтӕ!
Симын райдайӕд
Уӕд нӕ фӕсивӕд.
Иры Сахъгуырдтыл,
Зарӕг самонӕд…
Уадз нӕ «сыхӕгтӕ»
Феной, базоной…
Дзырдтаг ма кӕной,
Чи сты АЛАНТӔ!
СИДТ ныр рауадзӕм,
Иры сомбоныл.
Арфӕ ракӕнӕм,
Иры Сахъгуырдтӕн!
«Дзауы уӕрдӕттӕ,
Тулын райдыттой.
Иры Авд Зӕды,
Арвӕй сыртывтой!
(Фиппайнӕгтӕ: 1Доны хъаз –Лебедь (ДОНХЪАЗЫ фырт –Лебедев);
2. Чох- дзауаг кувӕг лӕг)
Дзау,
10.12.2016 аз.
Ӕхсӕвы, 4 сах. 15 мин.
Казбек Чел-АЕхсаертаег
ДЗАУАГ САХЪГУЫРДТТӔ
(Номдзыд боксгӕнӕг Мурат
ӕмӕ йӕ тренер Виталикӕн)
Дзауы уӕрдӕттӕ
Тулын райдыттой,
Дзауаг Сахъгуырды
Дуне базыдтой.
Мурат Гасситы
Махӕн раскъуыхти,
ДОНЫХЪАЗ-ы фырт
Йӕ разы ‘рфӕлдӕхти.
О «бындар» фӕуай,
Ды ИРОН лӕппу
Нарт Батрадзау,
Ды ӔФСӔНӔЙ дӕ!
Бирӕ нын цӕрай,
Хохаг, Сланы фырт
Кӕд куыд дӕсны дӕ
Ды дӕ хъуыддаджы.
Дзауы афтӕ у
Фынг у ‘ртӕ къахыг.
Ныр цы бакӕнӕм,
Иу кӕм ыссарӕм?
Цӕй мӕ рахонӕм
Дзауаг, САНЧЕС- ы.
САН мӕ баппарӕм
Ӕрмӕстдӕр АХЪО йы.
Ой, цӕуыл худут,
Нӕмӕнг афтӕ у.
Рихиджын лӕппу,
Махӕн хион у.
Цӕй НӔРТОНгуырдтӕн
Фынгтӕ равӕрӕм.
Дзауы уӕрдӕттыл
Хонӕг арвитӕм.
Цӕгат, Хуссарӕй
Адӕм рахонӕм.
Кувӕг уыдонӕн,
Чох-ы сывӕрӕм.
Ӕгъдау дӕр бакӕнӕм,
Фынгмӕ арвитӕм
Ӕртӕ БӔГЪАТЫР-ӕн
Кады Нуазӕнтӕ!
Симын райдайӕд
Уӕд нӕ фӕсивӕд.
Иры Сахъгуырдтыл,
Зарӕг самонӕд…
Уадз нӕ «сыхӕгтӕ»
Феной, базоной…
Дзырдтаг ма кӕной,
Чи сты АЛАНТӔ!
СИДТ ныр рауадзӕм,
Иры сомбоныл.
Арфӕ ракӕнӕм,
Иры Сахъгуырдтӕн!
«Дзауы уӕрдӕттӕ,
Тулын райдыттой.
Иры Авд Зӕды,
Арвӕй сыртывтой!
(Фиппайнӕгтӕ: 1Доны хъаз –Лебедь (ДОНХЪАЗЫ фырт –Лебедев);
2. Чох- дзауаг кувӕг лӕг)
Дзау,
10.12.2016 аз.
Ӕхсӕвы, 4 сах. 15 мин.
Казбек Чел-АЕхсаертаег
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.