Сæ архайд - æрдзы, адæмы хæрзиуæгæн
Ирыстоны æрдзы мидæг бирæ ис хъæздыгдзинæдтæ. Æрмæст сæ нæ пайда кæнæм æмбæлонæй. Мах сахуыр стæм æдзух искæй къухмæ кæсын æмæ уый хорз нæу. Нæхæдæг бакусæм æмæ бындуронæй исты хъуыддаг саразæм нæ кæстæрты хæрзиуæгæн, уымæ зивæг кæнæм.
Фæлæ ацы уавæры бирæ ма хъуамæ зилахар кæнæм, уымæн æмæ не 'хсæн ис ахæм адæймæгтæ, кæцыты архайдтытыл хъуамæ ахуыр кæнæм æмæ сæ цæвиттонæн исæм. Уыдонæй сæ иу у, не 'мзæххон, фæрнджын адæймаг «Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвæрд хъæд»-ы директор Бестауты Анатоли.
Анатоли хорз æмбары Ирыстоны æрдзы хъæздыгдзинæдтæм афтæ иугъæдон цæс-тæй кæсæн кæй нал ис. Æрдзы хæрзиуджытæй куынæ пайда кæнæм, куынæ сыл аудæм, уæд бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцæудзыстæм. Раджы дæр æмæ ныр дæр Ирыстонмæ экспедицийы цы ахуыргæндтæ æмæ иртасджытæ æрæфтыдысты, уыдоны дисы æппæрстой, Ирыстоны зæххыл цы диссаджы хосгæнæн зайæгойтæ зайы, цы хосгæнæн дæттæ дзы ис, уыдон.
Советон дуджы уыдонмæ хъусдард уыд, фæлæ фæстаг дыууын азы дæргъы уыдонмæ никæйуал æвдæлд. Уымæ гæсгæ æгъатырæй цагъд цыдис канд хъæд нæ, фæлæ ма йæ мидæг цы цæрæгойтæ цæры, уыдон дæр. Уæлдай стыр зиæнттæ æрцыд нæ дæтты, цы бирæ хуыз кæсæгтæ ис, уыдоныл. Браконьертæ сæ æгъатырæй цæгъдынц. Нæ æрдз чъизи æмæ броны бын кæнæм нæхæдæг дæр. Сæрды мæйты æрдзы хъæбысмæ йæ рæстæг æрвитынмæ цы адæймæгтæ фæцæуы æмæ сæ брон бынаты чи ныууадзы, ахæмтæ бирæ сты.
Бестауты Анатоли куыд зæгъы, афтæмæй æппæт ацы æвзæрдзинæдтыл контроль кæнын, хъыгагæн, сæ бон нæу, фæлæ уал абон уæлдай хъусдард здæхт æрцыд Ирыстоны къуымтæй сæ иу Зонкъаргоммæ æмæ нæ Хицауады уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцыд «Æвæрд хъæд»-ыл.
- Радзур-ма дæ куысты тыххæй бæстондæр. Кæд арæзт æрцыд æмæ цы нысанæн?
- Зонкъаргомы «Æвæрд хъæд»-æн официалонæй статус лæвæрд æрцыд 2009 азы, уæды Президент Кокойты Эдуарды хъæппæрисæй. Ацы бынат дыууын азы размæ дæр кæд æвæрд хъæдыл нымад уыд, уæддæр уæд йæ масштабтæ уыдысты къаддæр, бæрцæй фондз мин гектары. Ныртæккæ та æвæрд хъæдæн йæ территори у 25 мин гектары.
«Æвæрд хъæд» цы нысан кæны? Æрдз хъахъхъæнын, зонадон-иртасæн куыстытæ кæнын уыцы бынаты, хъæддаг сырдтæ æмæ зайæгойты генетикон фонд ахуыр кæнын, æрдзы процесстæм хъусдарын æмæ а.д. Махæн та нæ хæс цы у? Мах хъахъхъæнæм æмæ куынæг нæ уадзæм æрдзы рæсугъд-дзинæдтæ, немæ кусы ахуыргонд иртасджытæ дæр, кæцыты хæс у зонадон экспедицитæ организаци кæнын, мониторингтæ аразын æвæрд бынаты. Ныртæккæ нæ æвæрд бынаты иууыл хъæздыгдзинадылдæр нымад цæуы кавказаг саг. Райдианы цалынмæ ацы бынат официалонæй «Æвæрд хъæд»-ы статус нæма райста, уæдмæ ам уыд 14 саджы бæрц. Ныр уыдон баисты 40 бæрц. Æрæджы мæм не 'мбæстаг Дменисы хъæуы цæрæг Гаглойты Хазби фехъусын кодта, мæйы размæ хъæды дыууæ саджы лæппын кæй ссардта. Уыдон уыдысты мæллæг æмæ æдых. Хæдзармæ сæ рахаста æмæ сæм базылди. Ныр уыдон махмæ лæвæрд æрцыдысты, мах та сæ ауагътам хъæдмæ. Уымæн æмæ хъæддаг цæрæгойæн йæ бынат ис хъæды, науæд хæдзарон уавæрты уый бонæй-бонмæ тайгæ кæны.
- Зæгъынц, зæгъгæ, кавказаг бур арсы мыггаг Уæрæсейы хъæдты бонæй-бон цъусдæр кæны. Уымæ гæсгæ арсы ацы хуыз хаст æрцыд Сырх чиныгмæ. Мах хъæдты, сæрмагондæй та, Зонкъары «Æвæрд хъæд»-ы цы хъæддаг цæрæгойты хуызтæ ис? Сымах цы аразут, цæмæй уыдон куынæг ма цæуой?
- Уæрæсейы, æцæгæйдæр, бур арсы хуыз-тæ стæм хатты æмбæлынц, фæлæ, сæрмагондæй, нæ хъæды кавказаг бур арс арæх у. Уымæн фенæн ис канд Тъбайы хохы бын нæ, фæлæ ма Гудис, Самбиат, Гнугъ æмæ Цъипоры кæмтты. Бирæ нæм ис - стай, хъæддаг гæды, сæлабыр, уырд, рувас. Нæ хъæдты хъæддаг хуыты мыггаг дæр ис, фæлæ уыдон сты къаддæр.
Уымæн æмæ нæ климатон уавæрты уыдон зындæрæй æндидзынц.
Кавказаг уæздан саджы мыггаг дæр нæ бон у æмæ æрхæссæм искæцæй, цæмæй тагъддæр сбирæ уой, фæлæ æрхæссæггаг мыггаджы æндæр генетикæ ис. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны кæмтты стыр мит нæ вæййы, уымæ гæсгæ сæ-гуыт куы фæтæрсы, уæд хохыл фæрсырдæм алидзы, уый фæстæ та - хæрдмæ. Махмæ климат хæхбæсты карздæр у, ам цы сæгуыттæ ис, уыдон нырма хæрдмæ слидзынц, уый фæстæ - комкоммæ бынмæ, суанг цæугæдоны бынмæ, цæмæй доны йæ фæд фесæфа. Ацы сусæгдзинæдтæ хъæддаг сырдты генетикон æгъдауæй æвæрд сты, уымæ гæсгæ искæцæй æрхæссæггаг сырд гæнæн ис цалдæр бонмæ фесæфа.
Дæ фарст, ома, сымах цы кусут, цæмæй зымæджы карз бонты сырдты хуызтæ бынтондæр ма скуынæг уой, уый тыххæй мах зымæгмæ хъæддаг сырдтæн æрцæттæ кæнæм холлаг, ныккалæм сæ, сырд æдæрсгæйæ кæдæм цæуы, ахæм бынæтты. Бæрæг куыд у, афтæмæй цæугæдæттæ сæ минералон скондмæ гæсгæ тынг хъæздыг сты, уымæ гæсгæ ам хорз хатынц сæхи кæсаджы бирæ хуызтæ. Цалдæр азы размæ уыдон браконьертæ æгъатырæй куынæг кодтой. Ныр сын мах уыцы уавæртæ нал дæдтæм. Хызæй ахсын - кæдфæндыдæр, табуафси!
Кæд нырма ног сырæзгæ организаци стæм, уæддæр, ныридæгæн, нæ къухты бафтыд, Зонкъары комы Ацъырсхеуы нæхицæн хæдзар саразын. Ам йæ бон у æмæ бахсæвиуат кæна, нæ республикæмæ ахуырадон-иртасæн куыстытæ кæнынмæ чи ‘рцæуа, ахæм цалдæр адæймаджы. Хæдзар ифтонг у электроны рухс, хъарм дон æмæ æппæт фадæттæй дæр. Нæ территорийыл ма арæзт цæуы уазæгдон дæр. Сæйраг куыстытæ конд сты, мæйы æмгъуыдмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис. Мæ зæрды ис райдианы уал ам сывæллæттæн лагерь саразын. Хъуамæ сæрды ардæм æрбахонон 30 сабийы бæрц æмæ сæ мæхи хæрдзтæй баулæфын кæнон.
Хъуыдытæ æмæ нæм фæндтæ бирæ ис, æрмæст æрвылхатт куыд вæййы, афтæ махæн дæр нæ проблемæ финанстæ сты. Кæд æмæ нæ нæ хицауады хорзæх уа, уæд хъавæм ноджыдæр бассейн саразын, цæмæй дзы ауадзæм кæсаг. Мæнмæ афтæ кæсы, ныртæккæ нæ дæтты, цы кæсаг ис, уый фидæны уыйбæрц сбирæ уыдзæнис, æмæ афæдзы мидæг паддзахадмæ лæвæрд æрцæудзæнис 30-40 тоннæйы бæрц кæсаг.
Зонкъары «Æвæрд хъæд»-ы директор Бестауты Анатолийы ныфс ис, тагъд рæстæджы Ирыстоны иннæ алæмæтон æрдзы дæр Зонкъары хуызæн Æвæрд бынæттæ арæзт кæй æрцæудзæнис.
Знауыры ком, Тли, Църу, Чеселт, Лет - уыдон иууылдæр сты ахæм бынæттæ, кæцытæ хъуамæ хъахъхъæд цæуой.
УАЗÆГТЫ М.
"Хурзаерин"
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.