ХОХЫ ДЗУАР

ХОХЫ ДЗУАР
Фæлтæр: Фæззыгон бæрæгбонтæ

Ацы бæрæгбон уыдис нæлгоймæгты стырбон. Моймæцыд сылгоймæгтæ дзы архайдтой. Бæрæгбон арæзтой Хохы дзуары номыл цалдæргай хъæутæй иумæ, йæ кувæндон уыдис бæрзонд хохыл. Хохы дзуары тыххæй ацы зонæнтæ сбæрæг кодта Д. Я. Лавров, фæлæ бæрæгбон чи арæзта, кæнæ йæ кæд арæзтой,

Хохы дзуар у хæххон адæмы стырбон. Йæ кувæндон ис Нары кæмттæй иуы, Гуыркъуымты комы, тæккæ рæбинаг хъæу Тъæпæнхъæуы сæрмæ Тъеплейы цъуппы бын. Дзуары агъуыст у Нузалы аргъуаны хуызæн, ис фидар æмбонды мидæгæй. Йæ сисы гайлайы ис дзæнгæрæг, дзуары ныв, саджы сыкъатæ æмæ мысайнæгты къопп. Ацы бæрзонд кувæндонмæ куывды цыдысты Нары кæмтты æппæт цæрджытæ, Туалгомы бирæ хъæуты куывддонтæ. Алы хæдзар дæр йæ кусарты æвдасарм, арахъ, бæгæны æмæ физонæг хаста дзуары бынмæ. Сылгоймæгтæн дзуары бынмæ ссæуын нæ фæтчыдис æмæ-иу баззадысты бынæй комы, Майрæмы кувæндоны бын. Скувыны фæстæ-иу фæсивæды зард, хъазты æмдзæгъд æмæ фæндыры зæлтæ уадысты комы цæрджыты хъустыл. Тъæпæнхъæуы, Бырнацты æхгæд мусы къухбакæнæн нæ уыдис кафтмондаг фæсивæдæй. Цалдæр боны нарон хæдзæрттæ нæ цух кодтой уазæгæй. Алы хъæуæй дæр хъуыстис зард æмæ хъазты хъæр.

Ацы стырбоны тыххæй баззад «Хохаг куывд»*:

Хуыцау, дæу зонæм,

Æппæты хицау ды дæ, нæ кувинæгтæ нын райс адджынæн

æмæ кадджынæн.

Адæмы мад дæ, Мадымайрæм,

Нæ кувинæгтæ нын адджынæн райс,

Дæ ном дын адджынæй æмæ кадджынæй куыд арæм,

Цы чысылтæ дæттыс, уыдон дæр де уазæг.

Йесо Чырысти, дæуæн дæр кувæм,

Æмæ дын нæ кувинæгтæ адджын фæуæнт.

Æртæ Йонон Саниба,

Хуыцауы æртæ цæсгомы,

Адджынæн, кадджынæн райс нæ кувинæгтæ,

Æмæ дын нæ кувинæгтæ адджынæн фæуæнт.

Хохы Уастырджи,

Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс.

Регахы рухс Аларды,

Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс.

Нæ хъæуы астæу Уастырджийы кувæндон,

Кувæм дын,

Æмæ дын нæ кувинæгтæ адджын фæуæнт.

Куывды ирдæй зынынц, Уæлладжыры кæмæн табу кодтой, уыцы зæдтæ хохæй быдырмæ.

Цмиаг комы Уастырджийы кувæндон, Дæуæн дæр нæ кувинæг адджын фæуæд. Пуриаты авд дзуары,

Нæ кувинæгтæ нын адджынæй æмæ кадджынæй райсут.

Цъыфы комы Уастырджийы кувæндон,

Нæ кувинæгтæ дын адджын фæуæнт,

Зæйæ æмæ нæ дæ дурæй бахъахъхъæн.

Æфцæгыл Бур-Самдзели,

Дæуæн дæр адджын уæнт нæ кувинæгтæ.

Бæлццон адæм цæмæй фæндараст уои, уый тыххæй дæм кувæм.

Зруджы зæрин Майрæм,

Кувæм дæм,

Æмæ нын нæ кувинæгтæ адджынæй райс, Дæ номыл ратт гуырдтæ,

Цы гуырдтæ раттыс, уыдоны цæринаг куыд уой, уый дæ курæм.

Тибы Таранджелоз,

Нæ кувинæгтæ дын адджын фæуæнт,

Дæ быны цы адæм цæры, уыдоны хорзæх дæр,

Æмæ нын дæхи хорзæх дæр ратт.

Тутыр, кувæм дын.

Нæ кувинæгтæ дын адджын фæуæнт,

Дæ къæбысæй нæ бахъахъхъæн.

Мамысоны, Згъилы Самтхос,

Нæ кувинæгтæ дын адджын фæуæнт.

Дæ алыварс цы адæм ис, уыдоны хорзæх дæр

Æмæ дæхи хорзæх дæр курæм.

Хоры Уацилла,

Нæ кувинæгтæ нын райс,

Хорæфсис нæ фæкæн.

Фосы Фæлвæра,

Дæ раттинаг фосæй нæ æфсæст уадз, Нæ кувинæгтæ нын райс адджынæн, Дæ хорзæх нын дæ цæст бауарзæд. Сатъаты Саниба, Кувæм дын,

Æмæ нын нæ кувинæгтæ райс, Курæм дæ, æмæ нын дæ хорзæх дæ цæст бауарзæд. Сатъаты хъугомы астæу Уастырджийы кувæндон, Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс,

Дæ алыварс цы хортæ ис, уыдон нын хæлар æмæ адджынæй

ратт.

Зæрæмæджы хъугомы астæу кувæндон, Дæуæн дæр кувæм,

Æмæ нын нæ кувинæгтæ адджынæй райс.

Кæддæриддæр, дæ быны цы адæм цæры,

Уыдонимæ кадджынæй æмæ адджынæй куыд цæрæм, афтæ;

Дæ цуры цы адæмтæ цæры, уыдоны хорзæх дæр æмæ

Дæхи хорзæх дæр нæ куыд уа, афтæ.

Къасарайы Мыкалгабыры кувæндон,

Кувæм дын,

Нæ кувинæгтæ нын адджынæй æмæ кадджынæй райс,

Нæ фыдбылыз — дард, нæ амонд — хæстæг,

Нæ бæлццон адæм фæндараст куыд уой, уый дæр дæ курæм,

Дæ хорзæх нын дæ цæст бауарзæд.

Къасарайы, Сидæны фæзы,

Цæразонты Сидæны, Мыкалгабырты кувæндон,

Нæ кувинæгтæ нын райс адджын æмæ кадджынæй.

Дæ бынмæ кувынмæ цы адæм цæуы, уыдоны хорзæх дæр

Æмæ дæхи хорзæх дæр нын дæ цæст бауарзæд.

Зджыды Алардыйы кувæндон,

Æртæ къуырийæ дæ быны куывды фæбадынц,

Мах дæр мæгуыр адæм стæм, æмæ мах дæр

Дæ хорзæх уæд.

Нæ чысыл гуырдтæ дæр де уазæг фæуæнт, Алардыйы кувæндон.

Ныхасы бæрзонд Уастырджи,

Нæ кувинæгтæ дын адджын фæуæнт,

Нæ уазæг, нæ бæлццон адæм кæддæриддæр

Дæ бынты дзæбæхæй куыд цæуой.

Хетæджы Уастырджи, æргом зæд дæ,

Хъæуты астæу æрынцадтæ,

Æмæ дын нæ кувинæгтæ адджын фæуæнт,

Æргом зæд дæ уый тыххæй хонæм, æмæ дæ бынат

Бæрæг бæлвырдæй хъæдæй кæй рацух кодтай.

Дæ алыварс цы адæмтæ цæры, уыдон хорзæх дæр

Æмæ нын дæхи хорзæх дæр ратт.

Æгас быдыры, Елхотæй уæлæмæ,

Тæтæртупп, кувæм дын,

Нæ кувинæгтæ нын райс,

Дæ ном дын адджынæй куыд арæм, афтæ.

Дæ быны цы адæмтæ цæры, уыдон хорзæх дæр æмæ нæ

Дæхи хорзæх дæр куыд уа, афтæ.

http://baragbonta.ru/
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости