ТЕАТР - НАЦИЙЫ ЦÆСГОМ ÆВДИСÆГ

27 марта 2013 --- [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [3450 просмотров]
ТЕАТР - НАЦИЙЫ ЦÆСГОМ ÆВДИСÆГ

Нæ культурон бæрæгбонтæн сæ ахсджиагдæрыл нымайæм театры бæрæгбон, Театры бон.
Театр цы адæмæн ис, уыдон амондджын сты, уыдон нымад цæуынц размæцыд адæмыл. Театр нацийы цæсгом, нацийы удыгъæды миниуджытæ æвдисæг у. Æнæхъуаджы нæ фæдзурæм: театр - царды айдæн.
Аивады хуызтæй алкæцыйæн дæр ис йæхи истори, йæхи царды фæндаг. Театры бæрæгбон махæн, ирæттæн дæр у стыр цины бæрæгбон. Йæ сырæзт, стæй цы фæндæгтыл рацыд, уыдон лæгъз æмæ фæлмæн нæ уыдысты. Ирон театр рацыд гуыргъахъ фæндæгтыл. Уыцы фæндæгтимæ хъуамæ зонгæ уа алы театрдзау дæр чысылæй зæронды онг Тæбæхсæуты Бало, Таутиаты Солæман, Мамиты Димитр, Дзаттиаты Сона, Таугазты Гаврил æмæ æндæртæ цы ирон сценæ радта, уый хуымæтæджы авдæн нæу. Нæ ныхас дæр ууыл у, ца-хæм æнтыстытимæ æмбæлæм театры боныл, цахæм уыдысты йæ рацæугæ фæндæгтæ.

Уды зиæнтты фæстæ Хуссар Ирыл цы стыр зиан æрцыд, уый у нæ театр. Заууæттаг дуг бирæ æнамонддзинæдтæ æрхаста адæмæн, уæлдай-дæр та Хуссар Ирæн. Ныппырх нæ рæсугъд Цхинвал, сæдæгай хъæутæ федзæрæг сты, ныккæрзыдтой адæм, фæлæ цудын нæ бакуымдтой, сæ ныфс нæ асаст, Стыр Уæрæсейы фи-дар къухтимæ рæзы Хуссар ир. Нæ Президент Тыбылты Леонид архайы , цæмæй театр ногæй йæ гаччы сбада, æхсызгон у алкæмæн дæр, рæхджы театры арæзтад кæй райдайдзæн.
Нæ театры коллектив, сæ зын уавæртæм нæ кæсгæйæ, кусы, архайы, змæлы, агурынц фæндæгтæ сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Ууыл та дзурæг сты, сæ абоны репертуары цы спектаклтæ ис, уыдон.
Хуссар Ирыстоны профессионалон театр байгом 1931 азы июлы мæйы. Кæд йæ фæзындæй абонмæ фæндæгтæ лæгъз æмæ зæрдæйы фæндиаг нæ уыдысты, уæддæр ын саразын бирæ бантыст, абоны бон цæуыл дзурæм, цæмæй раппæлæм, уый нæм ис.
Дзæвгар уыд æмæ у нымæц нæ театры зиууæттæн, сценæйы дæснытæн, ирон аив дзырды зæрингуырдтæн.
Нæ театрæн ис егъау истори. Фæлæ мах кæддæриддæр нæхимæ фæдæттæм ахæм фарст: цалынмæ нæм профессионалон театр нæ фæзынд, уæдмæ нæ адæмы царды, сæ зондахасты театралон элементтæй исты уыд? Æнæмæнг дæр уыд!
Ирон дзырды бонтæ, нæ куывд æмæ нæ чындзæхсæвтæ, нæ зианы æгъдæуттæ се 'ппæт дæр уыдысты диссаджы театралон сценæтæ. Уыдоныл ахуыр кодтой нæ фыдæлтæ сæ кæстæрты.
Цы ирон лæппу уыдаид уый, къах-къухтыл кафын чи нæ зыдта, бæхыл хъазын, милмæ æхсын, уазæджы райсын уым бæрæг кодтой ирон лæппуты хорз миниуджытæ. Æмæ нæ хъазхъуыр чызджытæ, кафынмæ, фæндырыл цæгъдынмæ, æд фæндыр хъазтмæ хизын - уыдæттæ та ирон чызджы удыгъæд бæрæггæнæнтæ уыдысты.
Адæмы цард вазыгджын у: чызгскъæфты фæстиуджытæ, туджджынты фынгтæ кæуылты сценæтæ уыдысты.
Гæдиаты Секъайы Дзанайты Тохти æмæ Рубайты Мистъала адæмон артисты æмвæзадыл лæууыдысты, кæд театрæн йæ кой хъусгæ дæр ни-куы фæкодтой, уæддæр.
Къостайы «Ирон фæндыр» цалынмæ мыхуыры нæ рацыд, уæдмæ дæр æй нæ адæм зыдтой æнæ кæсгæйæ. Дзырдтой Къостайы æмдзæвгæтæ зæрдæйы арф æнкъарæнтимæ, бæлвырд театралон элементтимæ.
Уырыс сæ театралон аивады рæзтыл куы фæдзурынц, уæд кæддæриддæр театры бæсты фæдзурынц балаганщина.
Уыцы халагъудтæй райдыдта ирон театры фæндаг дæр.
Зынгæ режиссер Тотраты Бесæ йæ мысинæгты зæгъы: “Сценæ аразы-нæн ластам удæгас бæлæстæ, хæдзæрттæй хастой алыгъуызон хæдзарон мигæнæнтæ. Ирон профессионалон театрæн бындур æвæрдтой хæ-дархайгæ драмкъордтæ, кæцытæ фæзындысты фыццаг революцийы азты”.
Уæдмæ гуырын райдыдта ирон драматурги дæр. Фæзындысты Брытъиаты Е, Гуырджибеты Бласкæ, Кочысаты Розæ, Коцойты Ленæ, Хъороты Дауыт æмæ Токаты Алихан.
Фыццаг хæдархайгæ драмкъордтæ æвæрдтой: Брытъиаты Е. «Худинаджы бæсты мæлæт» æмæ «Дыууæ хойы», Хъороты Д. «Æз нæ уыдтæн - гæ-ды уыдис», Кочысаты Р. «Гæды лæг».
Сæхи истори, сæхи нысаниуæг ис фыццаг фæзынгæ драмкъордтæн. Фыццаг драмкъорд ис хъæу Ольгинскæйы. Цы дыууадæс чызджы дзы хъазыд, уыдонæй иу уыд Кочысаты Розæ. Егъау ролы ахъазыд Æрыдоны семинары драмкъорд. Уым Хуссар Ирæй ахуыр кодтой Уанеты Захар, Куымæридтаты Кима, Саулохты А., Соттиты Нестор. Сæрды, сæ улæфты рæстæджы сæ пьесæтæ, æвдыстой Сыбайы, Дзауы, Ортъеуы, Хъорнисы, Цъунары. Ирон адæм куыстагур кæдæмыты нæ цыдысты - Тбилисмæ, Бакомæ. Дзæвгар уыд сæ нымæц алы горæтты цæрæг ирæттæн: чи дзы кусгæ кодта, чи та - ахуыр. Се 'ппæ-тæн дæр сæ зæрдæ дзырдта национ культурæйы рæзтмæ, сценæмæ, арæзтой алыгъуызон хъазтизæртæ.
1904 азы Тбилисы байгом драмкъорд, йæ фыццаг спектакль равдыста 1906 азы уазæгдон «Ветцелы» агъуысты уый уыдис Брытъиаты Е. «Худинаджы бæсты мæлæт».
Йæхи хайбавæрд ис ирон национ театры рæзты хъуыддаджы Къобы сырæзгæ драмкъордæн, кæцы фæзынд 1907 азы ахæм номимæ «Къæдзæх», зæгъгæ. Ам дæр æвæрд цыдысты Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты мæлæт», Кочысаты Розæ «Нæ пъырыстыф сæрра», «Æз нæ уыдтæн, гæды уыдис», Арысханты Ахболаты «Ирæд».
Нæй Бакойы фæзынгæ ирон театры иувæрсты ахизæн. Фæзынд 1908 азы. Уæд нæ интеллигенцийæ уым уыдысты: Козаты Разден, Плиты Илья,Цхуырбаты Уасдже, Гаглойты Илья, Цæлыккаты Ахмæт, Цæголты Георги, Сиукъаты Георги…
Театралон драмкружоктæ гуырдысты советон хицауады фыццаг азты дæр.
1922 азы Ортъеуы байгом драмкружок. Разамынд ын лæвæрдта большевик Цоциты Никъала.
Ралæууыд ног дуг. Адæмæн фадат фæцис сæ сæртæ схъил кæнынæн, сæ алфæмблаймæ акæсынæн, бакæнинаг хъуыддæгты уæлхъус æрлæу-уынæн.
Нæ саразинаг хъуыддæгтæй иу, уыдис профессионалон театр бакæнын, театрæн бæстыхай саразын, халагъудæй æцæг сценæмæ рахизын.
1927 азы Хуссар Ирыстоны хицауад рахаста уынаффæ театрæн бæстыхай саразыны тыххæй. Бæстыхай арæзт фæцис, йæ дуæрттæ байгом сты 1931 азы, 20 июлы уæд байгом фыццаг сценæйы æмбæрзæн. Фыццаг пьесæ уыдис Цъеретелийы «Тæфсæг».
Театры фыццаг актерон къорды уыдысты: Дзæхаты Дзæбидыр, Дзаттиаты С., Уырысты М., Туаты З., Лохты Къоста., Гугкаты Сашæ, Хетæгкаты Володя, Кокойты Т., Цæбиты Нинæ, Кавказаг, Гуыбиаты Георги, Еналдыты Дауыт, Мамиты Димитр, Бекъойты Алекси, Джиоты Володя, Хуыбылты Георги, Магкаты Алихан, Хъуылымбегты Георги, Саулохты Мухтар, Цоциты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Плиты Грис æмæ Дзаттиаты Соскъо.
Ацы фæлтæрæй бирæтæ зындгонд уыдысты нæ адæмæн хæдархайгæ драмкъордæй. Разынд дзы ахæмтæ дæр, кæцытæ сæ цард, сæ куыст сбастой сæ амæлæты бонмæ театримæ.
1939 азы Иры дзыллæ кад æмæ цытимæ банысан кодтой Къостайы райгуырды 80 азы бон. Уæд не сценæйыл æвæрд æрцыд «Дуня», уæд нæ теат-рæн лæвæрд æрцыд Къостайы ном.
Театр йæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы егъау куыст бакодтой режиссертæ: Хетæгкаты Володя, Кокойты Тæтæрхъан, Мургулия Виктор.
Нæ актерты 'хсæн разынд ахæмтæ дæр, сæ пьесæтæй ирон театры репертуар чи хъæздыг кодта. Ахæмтæ уыдысты: Хъайтарты Вл. «Тохы бонтæ», «Фембæлд», Гуыбиаты Герги «Мисурæт», Саулохты М., «Фиййæутты уæтæр», «Бега», «Усгур», «Нарты Батрадз», «Хæхтæ сдзырдтой», «Хандзериффæ», «Партизантæ», «Патриоттæ».
Театры куысты егъау ролы ахъазыдысты нæ нывгæнджытæ: Тугъанты Махарбег, Зассеты А., Хохты Аслæмбег, Кокойты Вася, Плиты Андрей, Гаглойты Тауырбег…
Сценæ æнæ музыкæйæ нæ фидауы. Егъау у сæ хайбавæрд: Кокойты Т., Галаты Б., Хаханты Дудар, Гæбæраты И., Плиты Х., Æлборты Ф. æмæ æнд. Кæфтытæ æвæрыны хъуыддаджы сæ фарсмæ уыд кæддæриддæр Саулохты Мелс.
Нæ адæм, нæ театрæн зæрдылдаринаг аз уыд 1957 аз дæр, уæд уыдис дыккаг декадæ Тбилисы. Семæ аластой Туаты Д. «Сидзæргæс», Гаглойты В. «Зæлинæ», Къанделакъийы «Цъхънеттаг чызг Майа».
Нæ уыд рох театр нæ университетæй дæр. Университет куы байгом, уæд дзы бирæ ног факультеттæ фæзынд уыцы нымæцы аивæдты факультет дæр. Егъау у нæ театры истори, вазыгджын уыдысты йæ рæзты фæндæгтæ. Куы сæм акæсæм, уæд нæ зæрдыл æрлæууынц нæ театры рæгъмæ чи ракодта, Къостайы номы аккаг æй чи скодта, уыцы куырыхон адæймæгтæ. Нæ театр мæгуыр никуы уыд. Хетæгкаты Владимир, Хъайырты Владимир, Дзаттиаты Сона, Мамиты Димитр, Цæбиты Нинæ, Гаглойты Зинæ, Дзæхаты Дзæбидыр, Гуыбиаты Георги, Туаты Зураб, Цоциты Нинæ, Таугазты Гаврил, Цхуырбаты Барис, Цоциты Къæдзæх æмæ æндæрты хъазт æмæ змæлд чи федта нæ театрдзаутæй, уыдоны фидарæй уырныдта, махæн кæй ис æцæг тыхджын театр. Уæлдæр кæй фæнымадтон, уыдонæй алкæуыл дæр хицæнтæй дзурæн ис, ис уымæн æмæ бирæ бакуыстой, театры фарн æмæ тых дæлæмæ никуы æруагътой. Уæдæ ирон драматургийы дæр лæмæгъ æмæ къæрис схонæн нæй. Елбыздыхъо, Туаты Дауыт, Гаглойты Валодя, Саулохты Мухтар, Плиты Грис, Токаты Асæх, Хуыгаты Геор æмæ æндæртæ йæ театры зиууæттæ кæмæн уыдысты, уым уыцы театры лæмæгъ схонæн нæй.
Нæ адæммæ баззад æмбисонд: «дуг, рæстæгимæ тохгæнæн нæй, сæ бон калынц».
Цалдæр ссæдз азы цаутæ цард ныззылдтой иннæрдæм. Йæ ныхмæ тохы бацыдысты нæ адæм. Бирæ туг ныккалд, бирæ зиæнттæ ныл æрцыд алы хъуыддаджы æмæ алы фадыджы дæр. Нæ ныхас театрыл у, æмæ цы... басыгъд нæ театры рæсугъд бæстыхай, фæцудыдта театры куыст, абон дæр ын кæсæм йæ тæригъæддаг сыгъд къултæм. Нæ театр уыцы азты дæр змæлыд, фæлæ уыцы змæлд сæхи зæрдæмæ дæр нæ цыд, уымæн æмæ бынат нæй, уæнгтæ баст сты, адæм та - зæрдæрыст.
Нæ театр рæхджы кæй сырæздзæн, уый не 'ппæты дæр уырны. Абоныбон театрæн уæддæр фезмæлыны фадæттæ арæзт æрцыдысты æмæ кусынц, змæлынц, фæстаг рæстæджы цы спектаклтæ равдыстой: «Уацамонгæ, цирхъ æмæ гутон», «Дыууæ усгуры», «Нæлгоймаг, сылгоймаг, рудзынг, мард», стæй «Фæныккуыз», уыдон дзурæг сты æвзонг тыхтæ, æвзонг хъарутæ нæм кæй ис, æрмæст сын сæрбос режиссер нæй æмæ уый ссарынылдæр бацархайын хъæуы.
Нæ кæддæры театрдзаутæ сцъус сты, ныры фæлтæр та нæ театры ад нæма бамбæрстой, уымæн æмæ уал азы уыдтой æрмæстдæр хæст, зиæнт-тæ, тохтæ. Нæ зæрдæ рухс у нæ абоны театралон зиууæттæй. Арфæ сын кæнæм сæ стыр бæрæгбоны къæсæрыл. Ут æнæниз, уæнгрог, рæхджы нæ театр æмæ нæ адæмы хъуыддæгтæй уæ зæрдæ цы барухс уа, ахæм амонд уæ уæт.
Дунейы адæймæгтæ ацы бонты нысан кæнынц театры бон. Мах нæ театртæй сæрыстыр стæм, цыфæнды дуджы дæр нæ фарсмæ уыдысты. Нæ адæмы фидыц - нæ театр, кадæй дарддæр нæм æгаддзинад никуы æрхаста. Абоны бон та цæмæй раппæлæм, уый нæм ис.
Кад æмæ цыт нæ адæмæн, сæрибар республикæйæн, нæ царды айдæн - нæ театрæн, йæ фæндаг ын рæстырдæм чи аразы, уыдонæн.
Раст у, уæззау дуг тынг бахъыгдардта Хуссар Ирыстоны культурон фронты фæндæгтæ. Фæлæ, табу Хуыцауæн, аивадæн мæлæн нæй, сæрибар республикæ ивазы йæ уæнгтæ, нæ хицауад, нæ президент, архайынц ууыл, цæмæй нæ театрæн рæхджы байгом кæна йæ ног дуæрттæ, цæмæй та сæрибары фæзуаты ногæй фенæм тезгъогæнгæ нæ театрдзауты.
Фарны уалдзæг æмæ фарны
бæрæгбæттæй хайджын ут,
мæ хæствæллад ирон адæм!
ПЛИТЫ Гацыр
Источник - Газета Хурзарин.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
27 марта 2013 10:20
Абоны бонаей фаежаехст уает на Ирон театры кусджытае аемае архайджытае! Хуышау сын раарфае каенает амае 2013 аз куыд уа са хуыздаер аз амае 2014 аз куыд архайой наеуаег араезт Театры! Штыр тыхтае, аенувыд хъаруйы адаем сты иууылдаер!

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости