Минæвар

16 декабря 2007 Дайджест [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [2920 просмотров]
Адæм алыгъуызæттæ сты.
Уыцы алыгъуызон адæмæй алкæмæн дæр фæаргъ кæнæм йæ удысконд æмæ йæ саразгæ хъуыддæгтæм гæсгæ. Хатт нæ бахъæуы ахæм адæймаджы кой ракæнын дæр йæ удыхъæд æмæ йæ архайды æвæрццаг миниуджыты æмрæнхъ æппæрццаг миниуджытæ дæр кæмæн вæййы. Фæлæ йæ кой ракæнæм иу принципиалмæ гæсгæ: чысылнымæц адæмæн æппаринаг ничи у, йæ хорзы махæн ничи ратдзæн. Зын вæййы фыссын дæр æмæ дзурын дæр ахæмты тыххæй, уымæн æмæ нæм нæ удрæбынæй фæхъуысы уайдзæф, къæмдзæстыг æмæ зæрдæхудты уайдзæф. Æмæ нæ уæд бафæнды, адæм се ‘ппæт дæр кæй уарзой, фау æрхæссæн кæмæ нæй, æрмæстдæр ахæмтыл фыссын æмæ дзурын.

О, фæлæ уый та ноджы зындæр вæййы.

Нæ хуыздæрты нымæцмæ чи хауы, уыдонæй иу у Джиоты Станислав. Нæ дзæбæх æфсымæрыл сæххæст æхсай азы, æмбæлы ныл йæ ном ссарын, бузныг ын зæгъын. Фæлæ зын у, адæмы хорзæхæй хайджын адæймаджы тыххæй бæрндзинад райсын. Мыййаг фаг ныхæстæ куынæ ссардæуа, мыййаг, адæм æй цас уарзынц, уый равдисыны бæрц хъармдзинад куынæ ссарон. Уæд – къæмдзæстыг, йæхи раз дæр æмæ адæмы раз дæр.

Фæлтау афтæ уæд. Лæджы хуызæн лæгæн арфæ ма ракæн, уый стырдæр зæрдæхудт у.
Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы. Джиоты Барисы фарнæй хайджын фесты йæ зæнæг дæр – æртæ лæппу æмæ æртæ чызджы.

Æниу хъуамæ зæгъиккам авд, фæлæ æфсымæртæй цыппæрæмæн цæрын нæ бантыст, къаннæг сабийæ ахицæн а-дунейæ.

Барис нымад лæг уыд Ирыстоны. Куыста бирæ бæрнон бынæтты. Уыд Знауыры районон газет «Колхозон цард»-ы редактор. Имнадзе ма уæды автономон областæн æлдариуæг куы кодта, уæд фæсидт Джиоты Барисмæ æмæ йын бардзырды хуызы загъта, цæмæй газет уадза гуырдзиаг æвзагыл. Барис, кæй зæгъын æй хъæуы, не сразы Имнадзейы фæндоныл. Тыхы дон та хæрдмæ суры, кæнæ – æлдар цы нæ кæны, мæгуыр цы нæ ‘взары, - уый адыл Джиойы фырты цард хъизæмайраг фæцис. Фæсидтысты йæм партийы Гуырдзыстоны Централон комитетмæ дæр. Систой йæ куыстæй, рацух æй кодтой партийы рæнхъытæй дæр. Фæстæдæр ма йæ хъуамæ фæстæмæ айстаиккой партимæ, фæлæ Барис нал сразы, Имнадзейы хуызæттæ кæм ис, уыцы партийы мæн хъуыддаг нæй, зæгъгæ.

Йæ цардæмбалимæ бирæ азты дæргъы фæкодтой ахуыргæнæджы куыст. Сæ царды нысан уыд адæмы сывæллæттæн аккаг хъомылад æмæ зонындзинæдтæ раттын, фæлæ сæ нæ рох кодта сæйраг хъуыддаг – ныййарæджы бæрндзинад. Се ‘хсæз хъæбулы бафтыдтой раст фæдагыл, сæ раттæг адæм æмæ сæ райгуырæн къуымæн æнувыдæй лæггад кæныныл. Уыдонæй алчи дæр райста уæлдæр ахуырад. Хистæр Валери ныртæккæ у Цæгат Ирыстон-Аланийы Уæлдæр тæрхондоны уæнг, къорд азты размæ уыд нæ республикæйы Генералон прокурор. Уыцы бæрнон бынаты кæд цыбыр æмгъуыд акуыста, уæддæр ныууагъта хорз фæд, йæхи равдыста намысджын æмæ принципиалон къухдариуæггæнæгæй.
Кæстæр æфсымæр Гарик у Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт рационализатор.

Станислав астæуккаг ахуырад райста Зиулеты скъолайы, каст фæцис Гуырдзыстоны ССР Финансты Министрады финансон-экономикон техникум 1967 азы. 1973 азы та – Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет. Куыста Цхинвалы районы пенситы фæдыл хистæр экономистæй, Хуссар Ирыстоны областон финансон хайады паддзахадон æфтиæгты экономистæй, ГССР Финансты министрады ревизор-контролгæнæгæй. Æстайæм азты нысангонд æрцыд горæт Цхинвалы Централон æфснайæн бангы хистæрæй, уый фæстæ – Адæмон контролы инспекторæй.

Æппæт уыдæттæ уыдысты «дзæбæх рæстæджы», уæд кусын æнцондæр уыд, адæм æдыхстдæр уыдысты, фæлæ æрбалæууыд æмтъеры дуг, рацарæзт ныппырх кодта арæзт хъуыддæгтæ, аразинæтыл та ныффæлдæхта дойнаг дур. Уыцы æмтъеры дуджы уæлдай стырдæр хъизæмæрттæ æрхауд махмæ, ирон адæммæ. Цæрæнбонты нæм нæ тугмондаг сыхæгтæ сæ фæсронтъыстæй кæй дардтой, уыцы кæрдтæ ныр сластой æргомæй æмæ тугуарыд Ирыстон æмæ ирон адæмыл. Цагъдуæлдай ирон адæм лыгъдысты Цæгат Ирмæ, никуы – балæууæндон, никуы – æххуысгæнæг. Хъуыдис сæ æрбæстон кæнын, фадат уæвгæйæ сын бынæттæ ссарын. Уыцы уæззау бонты Джиоты Станислав бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста, бирæ нуæрттæ фехæлдта Цæгат Ирыстоны лигъдæтты æрбæстон кæныныл кусгæйæ. Алчи дæр йæ тыхстдзинад æндæтæй уæлдæр æвæры. Ахæм рæстæджы зын у семæ кусын, фæлæ Славикмæ разынд хиуылхæцындзинад, алкæмæ дæр сæ иумиаг æвзаг ссарын. Йе ‘ххуыс, йæ рæвдыд ныхасæй сæ тавта хурау, алкæмæн дæр сæ лæвæрдта, абон дæр кæй нæ рох кæнынц, ахæм ныфс.

Фæлæ йæ куыст æмæ цардвæндаджы ахадæндæр разынд йæ ныры дæрнон хъуыддаджы. 1993 азæй абоны онг у Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æххæстбарджын минæвар. Минæвар та ирон адæммæ фыдæлтæй фæстæмæ кадджын æмæ стыр бæрнон хъуыддаг у. Адæмы номæй ныхасы бар кæмæн уа, бæрнон хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнын кæмæн бахæс кæной, ахæм адæймаг хъуамæ макуы бацæуа се ууæнк ыл чи бафтауа, уыдоны зæрдæхудты. Уæлдайдæр та хицауады æмвæзадыл.

Уыцы бæрндзинад кæддæриддæр æмбæрста æмæ æмбары Джиоты Станислав. Кæд Хицауады минæвар у, уæддæр йæхи никуы бамбæхсы хуымæтæджы адæмæй дæр. Йæ кусæн къабинеты дын йемæ зæрдæбынæй аныхас кæныны фадат нæ фæуыдзæн – алыхатт дæр у æнæвдæлон, хъуыддаджы лæуд. Хицауады хъуыддæгтæ æрбæстон кæныны фæстæ йæхицæн у чысыл баулæфыны фадат никуы ратдзæн. Хуссарæй Цæгатмæ хъуыддаджы фæдыл ныццæуы, уыдонæй алкæйы тыххæй дæр йæхи батыхсын кæны сæ разы исты хæсджын у æви нæ, уымæ æнæ кæсгæйæ. Станиславæн адæм сты æмхуызон зынаргъ – нæ сæ дих кæны министртæ æмæ зæхкусджытыл. Йæ сæйраг хæс уæддæр министрты, Хицауады кæнинаг хъуыддæгтæ аразын, фæлæ кæддæриддæр йæхицæн ссары рæстæг хуымæтæджы адæмæн балæггад кæнынæн. Кæйдæр тыххæй телефонæй адзуры кæмæдæр, кæмæн йемæ фæцæуæг вæййы бæрнон бынаты бадæг чиновникмæ æмæ дзы алыхатт дæр райгондæй баззайынц, йæ тыхстæй йæм ныфсæнхъæл чи баулæфы, уыцы адæм.

Нæ республикæйы Хицауады уæнгтæй кæйдæртимæ куы ныхас кодтон Славикы тыххæй, уæд бафиппайдтон иу æхцон хъуыддаг: алчи дæр сæ разы æмæ бузныг у Джиоты лæппуйæ, алкæй цæсгомыл дæр йæ кой скæнгæйæ ахъазыд æхцон мидбылхудт, уый та нысан кæны. бæрндзинадхæссæг минæварыл цы стыр æууæнк бафтыдтой, уый аккаг кæй разынд, æууæнчы уæз хæссын кæй фæразы кад æмæ радæй.

Ныр та ноджы фæфылдæр сты йæ бæрныуæвæг хæстæ æмæ кæнинаг хъуыддæгтæ. А-фæстаг рæстæджы дыууæ æфсымæрон республикæйы æхсæн фидарæй-фидардæр кæнынц интеграцион бастдзинæдтæ. Цæрæнбонты цæмæ бæллæм, уымæ æввахсæй-æввахсдæр кæй кæнæм, уый хатæм, бонæй-бонмæ æнкъардæуы кæрæдзимæ æцæгæлоны цæстæй кæсыны рæстæг ивгъуыдмæ кæй фæцæуы. Кæрæдзиимæ æмгуыстад национ проблемæтæ иумæйаг хъарутæй скъуыддзаг кæнынмæ тырнындзинад ныфс дæтты къордтæ-дихтæ адæмы фæллад зæрдæтæн. Æмзонд, æмвæндæй цæрын хуыздæр кæй у, уый нæм фылдæр райдыдта хъарын. Ахæм интеграцион процесс фæфылдæр кодта Станиславы бæрнон хæстæ, фæлæ йыл дарæм нæ зæрдæ. Нæ фæтасдзæн, нæ фæтæрсдзæн, нæ бацæудзæн нæ зæрдæхудты. Йæ æхсай азы бæрзæндыл, йæ тæккæ лæджы кары ис, æмæ йæм æнхъæлмæ кæсæм ноджы бæркадджындæр куыстхъомдзинадмæ. Йæ юбилейон бон та йын нæ цæст уарзы, цæмæй тагъд рæстæджы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æххæстбарджын минæвар мауал уа! Мауал уæд дыууæ хицæн республикæйы, уæд иу Ирыстон æмæ не ‘хсæн минæвæрдты сæр мауад хъæуæд! Станислав æгуыст нæ баззайдзæн. Ахæм лæппуты сæр нæ хъæуы кæддæриддæр.

Æрцæуæд уыцы хъуыддаг, Станислав, дæ фæндиаг! Æрцæуæд æмæ иууон Ирыстоны цæрын æмæ кусынæй бафсæд дæхи æмæ дæ уарзон бинонты фæндиаг!
ГÆБÆРАТЫ Юри, "Хурзарин"

ИА ОСинформ

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости