Уациллайы стырбон

 УАЦИЛЛА Ирон адаемы заедтае аемае дауджыты 'хсаен кадджын бар-дуагыл нымад у Уацилла. Уый у, чырыстон дины агъоммае чи уыд, ахаем бардуаг аемае аеппает Ирыстоны зындгонд у хоры, • ихы, къаевдайы, арвнаерды бардуагаей. Гъе уымае гаесгае йае ирон адаем Уаестырджийы фаестае баерзонд аеваердтой, тынг цыт ын кодтой. Иае номыл кодтой нываендтае-кусаерттае, куывдтае. Уациллайы стырбон аеййаефта Каердаегхаессаенаей дыууае къуы-рийы фаестае къуырисаер бонмае, уый та къаелиндармае гаесгае у июны маей. Фаелае баераегбоны афон Ирыстоны уаеддаер алы-хуызон нымайынц. Заегъаем, Урстуалты Едысы уый араезтой Каердаегхаессаенаей дыууае къуырийы фаестаедаер, Дзомагъы — Дауджытаей аехсаез къуырийы фаестаедаер, Згъуыбиры — Дау-джытаей къуыри фаестаедаер, Ерманы — Дауджыты фаестае фьщ-цаг къуырисаеры аемае а. д.ъ

Уациллайаен куваендонаен алы ран даер уыд саермагонд сыгъдаег бынат. Ахаем бынат таегиатаем ис Тбауы лаегаетмае аеввахс. Ардыгаей цаеуы куваендоны ном Тбау-Уацилла. Уый у уаелвонг ран. Таураегъмае гаесгае, ацы бынаты Уацилла йае бал-цы раестаеджы аерулаефыд фыццаг хатт.Тбау-Уацилла рагон аемае тынг кадджын бардуаг каей у, уый зыны ахаем цауаей даер: раджы заманы, дам, ираеттае афаедз иу хатт аембырд кодтой Тбауы лаегаеты цурмае аемае ам хъуыстой алыхуызон алаемаеты таураегътаем ацы лаегаеты тыххаей.

Тбауы лаегаетмае аеввахс уаелвонг ран куваендонмае цыдысты кувынмае таегиатае аемае куырттат. Дыууае комы адаемаен ацы куваендон уыдис иумаейаг, иннае каемтты аемае хъаеуты алы ран даер уыдис алкаемаен саехи саермагонд куваендон Уациллайы номыл. Баераегбон-иу ахаста дыууае-аертае боны, ардаем-иу уа-заегуаты цыдысты аендаер раеттаей даер. Хаедзар цыфаенды цы-быркъух уыдаид, уаеддаер уыцы бон йаехи маегуыраей хъуамае ма равдыстаид. Кувинаг уаеливыхтае каенгаейае сылгоймаегтаен дзурын нае фаетчыдис, сае дзыхтае-иу каелмаерзаентаей бабастой: дзыхаей, дам, хыссаемае мацы фыдбылыз аерцаеуа. Нывонд-ку-сарты цаемаей Хуыцау хуыздаер айстаид, уый тыххаей-иу ку-сартаен цаехх астаерын кодтой. Йае саер-иу ын куы ралыг код-той, уаед-иу саер артмае хъуамае бадардтаиккой, йае хъуынтае-иу ын ацарыдтаиккой, уымаей, дам, Тбау-Уацилла базондзаен, йае номыл ын нывонд-кусарт каей акодтой, уый6.
Баераегбонмае саехи цаеттае кодтой баестон. Бон раздаер ку-ваендонмае аеввахс цаераег хъаеутае — ХъаСхъхъаедур, Ламардон, Даергьаевс сае дзуары лаегтимае аерцыдысты Тбауы лаегаетмае. Ацы аегъдаеуттае каенынмае дзуары лаегтае саехи цаеттае кодтой раз-ваелгьау, дардтой мархо, аехсаев-иу саехи хъуамае ныхсадтаиккой донаей, хатт та-иу аехсыраей аехсадтой саехи, райсом-иу сае уаелае скодтой урс сыгъдаегаехсад дараес. Ахаем аегъдаеуттае аразын па-рахат у аегас чырыстон дунейы. Дзуары лаегтае семае хастой хаерд-нозт аемае адаемы хардзаей аелхаед уаерыкк. Дзуары лаегаен уыдис уаелдай бартае: лаеваерттае йын кодтой, хъуамае уыдаид баераегбо-ны урс дараесы, даесны фарста, Тбау-Уациллайы уаелвонг бынатмае аермаест уымаен фаетчыдис бацаеуын.
Адаем-иу куваендоны онг куы схаеццае сты, уаед-иу чысыл дарддаер аерлаеууыдысты. Дзуары лаег-иу бахызт лаегаетмае аемае кодта алыхуызон ритуалон-магион архайдтытае. Лаегаеты-иу стыр къусы мидаег аеваерд уыдис баегаены (уый-иу уым нываерд-
той ивгъуыд азы). Къусы мидаег баегаены цы 'мваезадыл уы-даид, уымае гаесгае дзуары лаег баераег кодта, аз цы хуызаен уыдзаен, уый. Каед фаронаей ардаем баегаены къусы нае байсыст, нае фаехъуаг, уаед нымадтой, заегъгае, ацы аз уыдзаен хорз, хор-аерзад даетуыдзаен баеркадджын. Каед баегаены фаехъуаг, уаед уый нысан кодта аевзаер. Уыйфаестае-иу къусы баегаены акалд-той аемае-иу аей фаестаемае ног баегаеныйае байдзаг кодтой — фидаенмае тыллаегаерзады баераеггаенаен. Ахаем архайдтыты фаестае-иу дзуары лаег адаемимае аерцыд хъаеумае, лаегаеты цытае сараезта, уыдон фаестиуджыты тыххаей-иу радзырдта хъаеубаестаен, аемае-иу райдыдта иумаейаг куывд.
Дзуары лаег куваендон-лаегаеты цы архайдтытае кодта, уый тыххаей ма этнографион литератураейы ис аендаер вариант даер. Дзуары лаег-иу куваендонмае ацыдис аехсаевыгон баегаеныимае, баегаеныйы къус-иу къуымы саермагонд аеваерд фынгыл аераеваердта, йаехаедаег-иу аехсаев уым ныллаеууыд. Райсом-иу куы райхъал, уаед-иу баегаеныйы къус уыд фаелдаехт, баегаены-иу акалд. Ирон адаемы уырнынадмае гаесгае, Уацилла аехсаевы уаеларваей аерхизы заехмае аемае баегаены уый акалы. Баегаены каецырдаем акалдаид, уымае гаесгае баераег кодтой уыцы азы хо-раерзады хъысмает. Каед баегаены Ирыстоны 'рдаем акалд, уаед нымадтой, заегъгае, ацы аз уыдзаен хорз аз, хораерзад — баеркад-джын. Ацы аехсызгон хабар-иу дзуары лаег хъаеубаестаен ра-дзырдта. Уый тыххаей-иу дзуары лаегаен хъаеубаестае кодтой лаеваерттае: уаеливыхтае, арахъ.
Хаехты Уациллайы бон кодтой иумаейаг хъаеугуывд, хаедзаерттаей цы хаердзтае аераембырд кодтой, уыдонаей.
Тбау-Уациллайы куваендон-лаегаеты аенгаес ис Дагъистаны. Лекъаг адаемаен ам ис куваендон-аефцаег аемае йае хонынц Ва-цилла. Баераегбоны уырдаем лекъ цыдысты саеумаейае, ху-раескастмае куыд схаеццае уыдаиккой, афтае. Ирон Тбау-Уацил-ла аемае лекъаг Вацилла сае наемттаем, стаей сае динон нысанмае гаесгае даер сты аемхуызон, хицаен каенынц каераедзийае аермаест уымаей, аемае ирон адаемаей куваендонмае-лаегаетмае схизын дзуары лаеджы йеддаемае никаемаен фаетчыдис, лекъ та сае ку-ваендонмае иууылдаер цыдысты.
Уацилла-бардуаг Кавказы адаемтаей ноджыдаер бирае каемаедаерты у зындгонд, афтае заегъаен даер ис, аемае бардуа-гаен-культаен ис иумаейаг кавказаг бындур, каед йае историон-динон равзаерд аеххаест баераег наема у, уаеддаер.
Тбау-Уацилла ирон адаеммае уыдис тынг карз аемае тызмаег бардуаг. Уациллайы номаей аелгъитгае даер уымаен кодтой: «Уацилла дае ныццаеваед!» Уыйас карз аемае таессаг уыдис Уацил-ла, аемае, заегъаем, исчи иунаегаей, аенаехъуыддагаей Тбау-аефцаегмае схызтис, уаед дам-иу уый Уациллайы азараей аелгъыст аерцыд. Уыцы куваендонмае аеввахс уаелвонг раетты-иу фос хыз-тысты аенае фыййауаей, Уациллайы тасаей саем февналын ничи уаендыдис, давынмае-иу дзы чи аерхъавыд, уый дам-иу каенае бакуырм, каенае та-иу маелгае акодта. Тбау-Уациллайы цурты аегаерыстаемаей цаеуын даер ничи уаендыдис.
Тбау-Уацилла аегас Ирыстонаен иумаейаг бардуагыл нымад цаеуы, фаелае йае баераегбонаен иуаей-иу хъаеуты ис йаехи бынает-тон хицаендзинаедтае. Заегъаем, Цаегат Ирыстоны хъаеутае Ол-гинскае, Хуымаеллаег, Зилгае аемае Беслаены Уациллайы бон аембырд кодтой куваендон Цыргъ обаумае. Алы хаедзар даер йемае хаста хаерд-нозт (арахъ, физонаег, уаеливых, баегаены), заелдаг аендах, баембаег аемае аендаер ритуалон предметтае. Дзуа-ры лаег-иу куы скуывта, уаед-иу уыйфаестае иумаейаг куывды аербадтысты. Хаедзармае-иу куы 'рыздаехтысты, уаед-иу хъаеуы каераедзи рахон-бахон кодтой. Стырбонаен аграрон ахаст каей уыдис, уый зыны сае куывды мидисаей даер: «Цыргъ обау, нае хуымты бураей цы фенаем, ахаем арфае нын ракаен!»
Уациллайы куваендаеттаей сае таеккае ахсджиагдаер аемае ахадгаедаер у, Едысы йае номыл цы сисамад агъуыст ис, уый. Баераегбоны кодтой кусарт (гал, хъуг, фыс, саегъ), араезтой хъаеуаен иумаейаг куывд, фаелае-иу куывд кодта алчи йае хаедзары даер. Цымыдисаг у ахаем хабар: едысаегтае-иу фыццаг сараезтой Тбау-Уациллайы стырбон, къуыри фаестаедаер та — хицаенаей Уацил-лайы стырбон. Уациллайы баераегбон ма хуыдтой аендаер номаей даер — Дзуараехгаенаен бон. Афтае йае уымаен хуыдтой, аемае-иу Тбау-Уациллайы стырбоны куваендоны агъуысты дуар байгом кодтой, дуар-иу афтае гомаей фаецис иу къуыри — Уациллайы стырбонмае, стаей-иу аей уыцы бон саехгаедтой.
Мах хъуыдымае гаесгае, Едысы хъаеуы ацы баераегбон дыууае хатты дыууае хицаен наемттимае каей кодтой. уый, ацы баераегбонтае хицаен саермагонд стырбонтае сты, заегъгае, ууыл нае дзуры. Уыдон сты иу баераегбон. Дыууае хатты йае араезтой уымаен, аемае-иу раджы заманы Тбау-Уациллайы баераегбон ахас-та иу къуыри, къуырийы фаестаг бон-иу саехгаедтой куваендо-ны дуар даер.
Тбау-Уациллайы куывды-иу хистаер ракуывта: «О Уацил-ла! Дае хорзаех ракаен, табу даехицаен. Алыхатт даер дын табу куыд каенаем, ахаем амонд нын ратт, Уацилла! Мах маегуыр заехкусджытае стаем, аемае нае тыллаегаерзад баеркадджын куыд уа, ахаем арфае нын ракаен, Уацилла, цаемаей нае хордонтае уой I йедзаг!»
Баераегбоны куывд-иу куы фаецис, уаед-иу ацаергае наелгоймаегтае, цы кусарт акодтой, уый царм ахастой хъаедмае аемае-иу аей фыццаг баеласыл аерцауыгътой, алчидаер, заегъгае, базона, Уациллайы номыл кусарт акодтам, уый. Каед-иу хъаед аеввахс нае уыд, уаед^га-иу кусарты царм аерцауыгътой михыл аемае-иу аей афтаемаей хъаеугаерон зынаен ран ныссагътой.
Уациллайы баераегбон, уаелдаер куыд фыстам, Дыгургомы ахаем хуызы нае каенынц. Фаелае уый афтае нае нысан каены, аемае Уациллайы Дыгургомы бынтондаер нае зонынц. Мах хъуыдымае гаесгае, Дыгургомы Нары хъаеуы Нарты Сосланы номыл цы стыр-бон кодтой раджы заманты — Сосланы куывд, заегъгае, уый уыдис Уациллаимае баст стырбон, уымаен аемае ацы дыууае баераегбонты сае афон аемае сае функцитаем гаесгае сты аемхуы-зон — Дыгургомы Сосланы куывд араезтой, Уациллайы баераегбон каед ваеййы, растдаер уыцы бон.
Ирон адаемы уырнынадмае гаесгае, Нарты Сосланмае уыдис ахаем магион тых, аемае йае бон уыд боныхъаед аивын даер.
Дыгургомы Нары хъаеуы ацы баераегбоны куывд араезтой, йае номыл саем цы саермагонд хицаен хуым уыдис (Наераемон хумае), уый хораей. Адаемы уырнынадмае гаесгае, дам, ацы хуы-мы хор тагъддаер аемае раздаер сцаеттае ваеййы. Адаем-иу аераембырд сты Сосланы заеппадзы цурмае аемае-иу куывтой Сосланмае хорз боныхъаед аемае баеркадджын хорты тыххаей.
Триалеты ираеттае июны райдианы араезтой баераегбон — Самтхо. Ацы стырбонаен йае ном каед гуырдзиаг у, уаеддаер араезт ' уыдис Уациллайы (хорты бардуаджы) номыл. Уый баераег у баераегбоны фаетк аемае аегъдаеуттаей, сае куывдтыты мидисаей, баераегбоны динон нысан аемае функцийае.
Уацилла ирон адаеммае у тынг кадджын аемае ахадгае бар- ь дуаг. Цыфаенды тыхст аемае зын уаваеры даер ирон лаег Уацил-лайы номыл баераегбон ма скодтаид, уый гаенаен нае уыд. Уацилла у универсалон (бираенысанон) бардуаг: хоры бардуаг даер у аемае аервон фаезындты (их, къаевда, хурваелтаер, аервнаерд) бар-дуаг даер. Ӕрвон Уацилла даер аей уымаен хуыдтой. Хурваелтаер
каенае даергъваетин къаевдаты раестаеджы даер Уацилламае уымаен куывтой ирон адаем аеххуысмае. Фосы тыххаей даер куывтой Уацилламае, уымаен аемае фосы хъаеуы зад саерваеттае аемае уыгаердаентае; каердаеджы уаваер хорз боныхъаедыл баст у, бо-ныхъаед аразаег та Уацилла у.
Раджы заманы адаем уыдысты бынтон аедых аердзон фаезын-дты раз, сае хортае-иу гаеныстон фесты, сае уаеззау куыст-иу дзаегъаелы фаецис, никуы сае уырныдта, сае хортае аевыдаей сае къухы бафтдзысты, уый.
Ирон адаем хорз зыдтой, хуымты саевзаердаен, баеркадджын тыллаегаен, каердаегджын саерваеттае аемае уыгаердаентаен хорз боныхъаед (афоныл къаевдатае аемае хурбонтае) каей хъаеуы, уый. Ӕгаер къаевдатае хосгаердаен аемае хуымгаердаены, даергъваетин хурваелтаер хуымты аефсирхъусы раестаеджы, уыгаердаенты аемае саерваетты каердаег зайыны афон аемхуызон зиан уыдысты заехкусаеджы куысты. Уымае гаесгае сае фаетк аемае се 'гъдаеутты нысан уыдис, бардуаегтае нывыл боныхъаед цаемаей рауагътаик-кой, уый. Къаевда каенае хурбонтае скаеныны фаедыл фаетк аемае аегъдаеуттае аразын ираеттаем зындгонд сты тынг рагон замантаей фаестаемае. Ацы аегъдаеуттае Кавказы адаемтаей бираетаем сты зындгонд, аемае сае динон функцитаем гаесгае даер сты аемхуы-зон.
Къаевда рауадзыны тыххаей аегъдаеуттае афтае бирае каей сты, уый баст у, дон цаерын аемае заехкуысты иууыл ахъаззагдаер фаераез каей у, уыцы хъуыддагимае. Донаен ахаем ахсджиаг ны-саниуаег каей ис адаеймаджы царды, ууыл дзуры иу адыгъейаг аембисонд: «Хурваелтаер цы фесафы, уый раздахы къаевда, фаелае, къаевда цы фесафы, уый хурваелтаер нае раздахы».
Ираетты уырныдта, заегъгае, рагуалдзаеджы аегаер рагацау арвы наерын хорзы нысан наеу. Ахаем цаестаей кастысты раг-уалдзаеджы аервнаердмае адыгъейаегтае даер. Уыдонаен аердз уыд удаегас уаеваегойы хуызаен. Уалдзаег у уддзыды афон, алы за-йаегой даер уалдзаеджы уддзыд каены, аемае рагуалдзаеджы аегаер рагацау аервнаердтытае куы уа, уаед уддзыд каеныны процесс къуылымпы каены.
Къаевда рауадзыны тыххаей аегъдаеуттае ис алы дины даер. Ар-хеологион куыстытаей ссардаеуыдис, сае уаелае сахкъаевдайы бын ритуалон кафты нывтае каемаен ис, ахаем мигаенаентае-къустае аемае донхорыггаенаен кусаенгаерзтае. Адаеттае дзурынц, рагзаманты заехкусаег арваей къаевдамае каей аенхъаелмае каст, ууыл.
Къаевда рауадзыны тыххаей фаетк аразынаен хицаен, саерма-гонд бонтае нае уыдис нысангонд. Уыдон-иу араезтой, саер сае-иу куы бахъуыд, уаед (июнь-июлы маейты), цыбырдзырдаей, хурваелтаерты раестаеджы.
Этнографион литератураейы ис ахаем хъуыды: ирон адаем-иу къаевда аеруарыны тыххаей аегъдау куы араезтой, уаед-иу ацыдысты Уациллайы куваендонмае, уырдыгаей-иу рахастой куывдгонд мих аемае-иу уыимае зылдысты хуымтыл, хъаеутыл аемае-иу куывтой Уацилламае, уаелдаеф, дам, нын фаесатаегдаер каен, рауадз нын царддаеттаег къаевда.
Къаевда рауадзыны тыххаей аегъдаеуттаей иууыл ахсджиагдаер аемае парахатдаер уЦоппай. Наелгоймаегты къорд-иу зылдис хъаеу-тыл. Кодтой саермагонд зарджытае аемае ритуалон каефтытае. Ацы наелгоймаегтае семае хастой сырх каенае урс хъуымацаей конд ты-рыса. Фаендагыл-иу искуы дон куы баййаефтой, уаед-иу каераедзи-йыл дон калдтой. Уыдонаен алы хъаеуы даер лаеваердтой хор, зад, аехца аемае аендаер хойраегтае. Куы-иу аерыздаехтысты фаестаемае сае хъаеумае, уаед-иу баегаены бахсыстой, гал-иу аргаевстой аемае-иу куывд скодтой аенаехъаен хъаеуаей Уациллайы номыл. Куывтой Уацилламае къаевда рауадзыны тыххаей.
Ахаем аегъдау зындгонд у Кавказы аендаер адаемтаем даер. Хаеххон гуырдзымае уый хуыйны Гонджаоба каенае Лазароба. Сылгоймаегтае аемае сываеллаеттае зылдысты хъаеуы цаерджытыл, зарыдысты Гондайы каенае Лазары номыл зарджытае аемае сае куырдтой, цаемаей уыдон каерон скаеной хурваелтаераен. Гонджа ^•каенае Лазармае гуырдзы аенхъаелдтой цаваердаер уаеларвон алае-маеттаг тых, сае нывтае сын араезтой дзуараеваерд предметты хуызы (Гонджа) каенае та аелыгаей каердгаенывы хуызы (Лазар)7.
Месхет-Джавахеттаг хъаеу Чаборетийы этнографтае ныф-фыстой ахаем аегъдау. Ӕртае заеронд усы дураейконд арынгты сбадынц суадоны был, сае чъылдымтае каераедзимае здаехт, афтаемаей аемае кувынц Хуыцаумае къаевдайы тыххаей. Заеронд устытаем-иу аендаер устытае бахъуызыдысты аемае сыл-иу дон калдтой8. Къаевда рауадзыны тыххаей къордгаейттаей хъаеутыл зилыны аегъдау зындгонд у къахеттаг гуырдзымае даер, хонынц аей Дидеба, араезтой йае Елиайы номыл9. Цаемаей тынгдаер саха-дыдтаид уаеларвон тыхты цаесты се 'гъдау, уый тыххаей Диде-байы архайджытае цыдысты баегъаемвадаей.
Къаевда аеруарыны тыххаей аегъдау аразгаейае Ерманы цаерджытае Таранджелозы куваендоныл калдтой дон аемае аехсыр,

Едысы та — Тбау-Уациллайы куваендоныл. Уациллайы боны-иу Цаегат Ирыстоны иуаей-иу хъаеуты (Зджыды) скодтой иумае-йаг дзыкка. Дзыкка-иу куы бахордтой, уаед ма-иу аджы бын цы баззад, уымаей саерстой Уациллайы куваендоны къултае аемае куывтой: «Уацилла, ахаем арфае ракаен, аемае ацы сой заехмае куыд каела, цаемаей хъаезныг тыллаег аерзайа». Гаемаеты хъаеуы хурваелтаеры раестаеджы куывтой сае мыггагон куваендоны къаевда аеруарыны тыххаей. Ам-иу хаелттаей саевзаерстой иу наелгоймаджы, уый-иу аехсыры къус бахаста дзуармае аемае-иу аей къултыл бапырх кодта.
А. Яновский куыд фыссы, уымае гаесгае Уациллайы бон ираеттае аергаевстой саегъ. Саегъы-иу къупри стыгъд бакодтой, йае царм-иу ын даргъ хъилыл аерцауыгътой сыгъдаег Иляйы номыл аемае-иу аем куывтой къаевда аеруарыны тыххаей10. Уыцы хъилы хуыдтой аевгъил-аервгъил (аерв + хъил). Ацы аегъдау кодтой Уаелладжыры комы даер. Хурваелтаеры раестаеджы-иу иумае аергаевстой фыс каенае саегъ, аемае-иу аей бахастой, Уацил-лайы номыл дыууае хъилы сагъд каем уыдис, уырдаем. Цалынмае-иу аей аербахастой ацы бынатмае, уаедмае хъилты цурты дон хъуамае бапырх кодтаиккой. Ацы аегъдау скаеныны фаестае даер-иу куынае аеруарыд къаевда, уаед-иу аенхъаелдтой, заегъгае, сае нывонд баеззон нае фаецис Уациллайаен. Ахаем раестаеджы-иу кувын байдыдтой Тхосты дзуармае, уый, заегъгае, карздаер бар-дуаг у, стаей Уациллайы хаелар у аемае нын каед уый исты бах-хуыс каенид. Аргаевстой-иу бардуаджы номыл уаерыкк, хистаер-иу скуывта. Уыйфаестае-иу суадоны дон калдтой хаердмае, ар-вырдаем, куваендоны къултае-иу донаей бапырх кодтой, сойае сае саерстой. Ацы аегъдаеутты фаестае даер-иу куынае аеруарыд къаевда, уаед та-иу сылгоймаегтае райдыдтой архайын. Хъаеуы фаезмае-иу аераембырд сты сасиртимае аемае къустимае, ардыгаей згъордтой разваелгъау нысангонд бынаты 'рдаем — хъаедмае каенае аефцаеджы 'рдаем. Иудзаевгар-иу куы азгъордтой сыл-гоймаегтае, уаед-иу стаей фаейнаердаем апырх сты лидзгаейае, сае разаей-иу сасиртае аемае къустае тылдтой, афтаемаей. Сыл-гоймаегтаен-иу сае фаедыл арвыстой саермагонд аевзаерст лаег, уый сын-иу лаегъстае кодта, таерсгае, дам, ма каенут, раздаехут фаестаемае: Тхост нын ратдзаен, цы дзы кураем, уый.
Ацы аегъдау тынг зыдтой аемае араезтой Дыгургомы, Уаехъае-цы хъаеуы. Ам-иу июны маейы фаестаг хуыцаубоны сылгоймаегтае сараезтой иумаейаг куывд — Уаехъаеци кувд.

Стырбоны-иу райсомаей сылгоймаегтае лыгъдысты комы, Махческы 'рдаем. Доны саерты-иу каем ахызтысты, уым-иу дон каераедзиуыл калдтой. Уыдонаен-иу сае фаедыл арвыстой лаеппу-лаеджы. Уый сын-иу заердае баваердта, заегъгае уын лаеваерттае ратдзыстаем, аермаест раздаехут фаестаемае хъаеумае. Уаед-иу сыл-гоймаегтае аецаегдаер раздаехтысты аемае-иу арынгхафаенаей исты аефсаейнаг цаевгаейае уый заелынадимае зарыдысты ритуалон зарджытае. Уыйфаестае-иу сылгоймаегтае сае хуылыдз дараес раив-той, сцаеттае-иу кодтой хаерд-нозт аемае-иу сываеллаеттимае иумае ацыдысты хъаеугаерон уаелвонг ран араезт куваендонмае. Уым-иу, хистаер сылгоймагаен йае иу къухы аертае уаеливыхы, иннае къухы гуыдын, афтаемаей-иу куыдстыраей слаеууыдысты раенхъы. Хистаер сылгоймаг-иу размае ралаеууыд, баегаеныйы куыси-иу хаердмае систа аемае-иу скуывта Хоры бардуагмае — хуымтаен хорз боныхъаед скаеныны тыххаей, ихаей сае бахизыны тыххаей. Уыйфаестае-иу сылгоймаегтае аербадтысты куывды. Сае куывды-иу уыд аермаестдаер иунаег наелгоймаг — кусарт каенынмае-иу семае каей скодтой, уый. Изаеры-иу аерыздаехтысты сае хаедзаерттаем, тынг сае уырныдта, заегъгае, ныр сае халсараен уыдзаен хорз боныхъаед.
Ацы аегъдау сылгоймаегтае каей араезтой, уый дзуры, раджы каеддаер сылгоймаг бардуаегтае даер каей уыдис, уыцы хабарыл.
Ирон адаемы мифологийы маердтаен уыдис стыр культон нысаниуаег. Бирае адаемты маенгуырнынадмае гаесгае, маердты стджытаен бастдзинад уыдис къаевдаимае, хурваелтаеримае, мит-уардимае. Едысы хъаеуы ис тынг рагон заманты ингаентае, уыдон, дам, сты Царциаты ингаентае. Хурваелтаеры раестаеджы-иу ацы ингаентаей скъахтой стджытае, донаей сае-иу ныххуылыдз код-той, аемае-иу куывтой къаевда аеруарыны тыххаей, стаей-иу сае фаестаемае баныгаедтой: фидараей сае уырныдта, ныр къаевда каей аеруардзаен, уый. Ингаены мидаег-иу стджытае рафаелдах-ба-фаелдах кодтой, аенхъаелдтой-иу, заегъгае, боныхъаед даер афтае раивдзаен, донаей сае-иу каей ныххуылыдз кодтой, уымаей та аенхъаелдтой, заегъгае, уый фехъуысдзаен уаеларвмае, аемае къаевда рауадздзаен.
Таегиатаем ис иу адаг, хонынц аей Фаерныг адаг. Ам, дам, ныгаед сты аенаезонгаейы стджытае. Хурваелтаеры раестаеджы-иу сылгоймаегтае скъахтой ацы стджытае, донаей сае-иу ныххуы-лыдз кодтой аемае та-иу сае нываердтой сае бынаты. Дыгургомы Дзинагъайы хъаеуы хурваелтаеры раестаеджы араезтой куывд,

кусарт кодтой хуры номыл. Уыйфаестае-иу арвыцаефаей марды ингаенаей рахастой дур аемае-иу аей доны нываердтой. Ахаем аегъдау ма араезтой Ногхъаеуы даер. Куывды уым хуыдтой Хоры куывд.
Маердтаей хурваелтаеры аевзаер боныхъаед аивыны хъуыдда-джы каемаен цас йае тых цыд, уый баст уыдис, адаеймаг цы 'гъдауаей амард, ууыл. Каед-иу тынг стыхстысты хурваелтаераей, уаед-иу, доны чи амард, уый ингаены дураей къаертт рацъаел кодтой аемае-иу аей доны ныппаерстой.
Ахаем аегъдаеуттае ираетты сыхаг адаемтаем даер зындгонд сты. Хевсуртае-иу хурваелтаеры марды ингаенаей скъахтой стджытае аемае-иу сае доны ныппаерстой. Каед-иу къаевдатае аегаер даергъваетин раестаег ахастой, уаед та-иу уыцы стджыты донаей фаестаемае систой аемае сае-иу заеххы баныгаедтой, цаемаей бо-ныхъаед раива. Авайраг адаем та-иу хурваелтаеры раестаеджы маердты ингаентае скъахтой, се стджытыл-иу сын дон бапырх кодтой, даергъваетин къаевдаты раестаеджы та-иу ингаенты ныгаенгае кодтой маердты стджытае, ма ныххуылыдз уой, заегъгае. Къаевда аеруарыны тыххаей-иу авайраегтае сае сихы ингаен скъах-той аемае-иу ын йае саеры каехц донаей ныххуылыдз кодтой. Лекъ къаевда рауадзыны тыххаей аегъдаеуттае араезтой заеронд уае-лмаердты.
Хурваелтаеры раестаеджы-иу адыгейаегтае арвы цаефаей мар-ды ингаенмае бацыдысты. Ингаены алыварс-иу баегъаемвад аемае баегъаемсараей зылдысты кафгае аемае заргае. Уыйфаестае-иу ингаенаей рахастой дур. Баендаенаей-иу аей бабастой аемае-иу аей доны ауагътой. Адаем-иу саехаедаег даер дараесы мидаег балаегаерс-той доны. Уырныдта сае, заегъгае, ахаем архайдты фаестае къаевда аенаемаенг аеруардзаен. Доны мидаег дуры аертае бонаей фылдаер нае уагътой, уаед, дам, къаевдатае аегаер бирае раестаег ахаесдзыс-ты, аемае хуымтае фесаефдзысты11.
Тушаегтае къаевда аеруарыны тыххаей араезтой ахаем аегъдау. Марды стджытае-иу ныккалдтой доны. Фаелае, заегъаем, къаевдатае аегаер уарынц, уаед та-иу чызджытае стджытае фаестаемае сис-той, афтае дзургае: «Нал нае хъаеуы къаевда, арв раирд уаед»12. Хевсуртае та-иу дзуары ныв (икона) суадонмае бахастой, ауагъ-трй-иу аей доны аемае-иу Самебамае куывтой къаевда аеруарын каеныны тыххаей. Уыцы иконайы хуыдтой Саавдро хатъи (къаевдайы икона). Къаевда сае-иу куынаеуал хъуыдис, уаед та-иу суадонмае бахастой аендаер дзуары ныв аемае-иу куывтой хорз
боныхъаеды тыххаей13. Н. Дубровин куыд фыссы, уымае гаесгае, дам, Маехъаелы иу куваендонмае аеввахс заеххы бын арф ныгаед сты иттаег стыр адаеймаджы стджытае. Хурваелтаеры раестаеджы ардаем адаем аембырд кодтой, сае хъаеубаесты кадджындаер ацаергае лаегмае-иу ныххатыдысты, цаемаей уый ныххызтайд даелдзаехмае аемае дзы схастаид уыцы марды стджытае. Лаег-иу схаста стджытае аемае-иу адаемимае иумае ацыдысты цаеугаедон Ассаемае, уым-иу стджыты цалдаер хатты ауагътой, стаей та-иу сае ахастой фаестаемае сае бынатмае. Ахаем архайдтыты фаестае къаевда аенаемаенг каей аеруардзаен, уый тынг уырныдта адае-мы14.
Къаевда рауадзын каеныны ахаем аенгаес фаетк аемае аегъдаеуттае зындгонд сты Дагъистаны бирае адаемтаем, сомихмае, азербайджанаегтаем аемае Астаеуккаг Азийы адаемтаем даер. Югос-лавийы адаем та-иу хурваелтаеры раестаеджы искаецы марды ингаенаей дзуар рахастой, уым-иу аей доны цалдаер хатты хъуамае ауагътаиккой, афтае дзургае: «Ӕнаезонгае ингаенаей — дзуар, аенаезонгае фарсы 'рдыгаей — къаевда»15.
Хурваелтаеры раестаеджы къаевда аеруарын каеныны тыххаей адаем магион-ритуалон тых аенхъаелдтой аермаест марды стджытае аемае марды ингаенаей рахаесгае дуртаем нае, фаелае хуы-маетаег дуртаем даер. Уаелладжыры комы Мызуры хъаеуы-иу даергъваетин хус раестаеджы адаем Тхосты куывдгонд дуры цур аераембырд сты аемае-иу куывтой къаевда рауадзыны тыххаей. Стыр Дыгуры цаерджытае та-иу, Ӕраефы был цы стыр дур ис, уый донаей тынг ныххуылыдз кодтой. Триалеты Пелейы хъаеуы ис рагон аргъуан, уый, дам, каеддаер уыдис Г. Саакадзейы мыг-гаджы аргъуан. Ам аеваерд ис иу тымбыл дур. Даергъваетин хур-ваелтаеры раестаеджы-иу бынаеттон ираеттае ацы тымбыл дуры араехстгай суадоны ауагътой. Фидараей сае уырныдта, заегъгае, афтае куы бакаенаем, уаед къаевда аенаемаенг аеруардзаен. Дуры-иу аенаемает аеппаерст куы ныккодтой доны, уаед та-иу аенхъаелдтой, заегъгае, ныр аеруардзаен их каенае та сахкъаевдатае. Къуыдаргомы хъаеутаей даер бираетае араезтой ахаем аенгаес фаетк аемае аегъдаеуттае хурваелтаеры раестаеджы. Хурвалтаеры раестаеджы къаевда аеруарын каеныны тыххаей дуртае доны ауа-дзыны аегъдау Кавказы бирае адаемтаем уыд зындгонд: мег-релтаем, адыгейаегтаем, азербайджанаегтаем, сомихмае, лекъаегтаем аемае а. д. Дагъыстайнаг адаем-иу къаевда аеруарын каеныны тыххаей каерцытае зыгъуыммае скодтой аемае-иу афтаемаей цы-
дысты цаеугаедоны былмае. Ам-иу уыдон кодтой пысылмон куывдтытае, алчидаер-иу фаейнае чысыл дур иуварс аераеваердта. Куывдгонд-иу куы фесты, уаед-иу уыцы чысыл дурты доны ныккалдтой. Сае уырнынадмае гаесгае, уыцы дуртае цы дон ных-садта, уый денджызы онг куыддаер ныххаеццае уа, афтае къаевда аенаемаенг аеруардзаен16.
Ахаем магион тых ма аенхъаелдтой адаем аефсаейнаг дзау-маеттаем даер, уаелдайдаер та аефсаейнаг раехысмае. Ирон адаемы маенгуырнындзинадмае гаесгае, къонайы раехыстаей алкаецы адаей-маджы къухаей араезт наеу. Алаемаеты магион тыхы хицау аенхъаелдтой ираеттае, каенае уаеларваей каей аеруагъдаеуыд, каенае та цаваердаер диссаджы уаваерты каей ссардтой, къонайы ахаем раехыс: гъе ахаем раехысаен, дам, у йае бон «къаевда аеруарын каенын». Хъаныхъуаты Инал куыд фыссы, афтаемаей Рекомы куваендоны чысыл асыччы аеваерд уыд, каеддаер, дам, Даергъаевсы арвы цаефаей цы 'ндон раехыс аерхаудта, уый. Хурваелтаеры раестаеджы дам-иу ацы раехыс доны ауагътой17. Ахаем алаемаеты раехыс ма ссардаеуыд Санибайы хосы маекъуылы бын. Маекъуы-лы хицау йае уаелае сыгъдаег дараес скодта аемае раехысы, хъаеуы акомкоммае цы 'фцаег ис, уырдаем ахаста аемае йае уым дурты бын аембаехстаей дардта. Адольф Дирр фыста, заегъгае, уыцы раехысаей ныр пайда каенынц хурваелтаеры раестаеджы. Раехысы раздаеры хицауы байзаеддагаей иу йае уаелае скаены сыгъдаег дараес, йаехи ныхсы, ссаеуы аефцаегмае, аерхаессы раехыс аемае йае хъаеугаерон суадоны нываеры. Раехыс-иу уым ныууагътой, ца-лынмае къаевда аеруарыдаид, уаедмае. Раехыс искаемае даеттын нае фаетчыдис18.
1973 азы саерды ацы чиныджы автор йаехаедаег федта ахаем раехыс Узунагы куваендоны мидаег. Адаемы уырнынадмае гаесгае, уыцы раехыс каеддаер аерхаудта уаеларваей. Хурваелтаеры раестаеджы-иу лаеппутае аемае чызджытае къаертайы аехсыр ахас-той аемае ацыдысты куваендонмае. Бахизаены-иу сае къахыдараес раластой, бахызтысты-иу мидаемае, раехыс-иу аехсыры дзаебаех ныхсадтой, стаей-иу аей рахастой аемае йае цаеугаедоны ауагъ-той. Каед-иу раехысы дон аласта, уаед-иу уый уыдис аевзаеры нысан: ныр, заегъгае, сахкъаевдатае рацаеудзаен аемае нын нае хуымтае фаеласдзаен.
Даергъваетин хус раестаеджы къаевда аеруарыны тыххаей раехыс аемае аефсаейнаджы аендаер предметтаей (къаепи, гутон, суанцъы аемае а. д.) пайда каеныны аегъдау уыдис Кавказы аендаер
адаемтаем даер: цаецаенмае, солиаегтаем (авар), каесаегмае, маехъаелмае аемае а. д. Бираетае ахаем раестаеджы куклатаей — чындзытаей пайда кодтой. Ираеттае-иу чындзытае сараезтой Уас-тырджийы бон, донаей-иу сае схуылыдз кодтой аемае куывтой къаевда аеруарыны тыххаей. Дыгургомы та араезтой Хадзы-Гуассаейы быдыргъ. Ацы быдыргъимае-иу сылгоймаегтае кафгае-заргае хъаеуы алыварс аертае зылды аеркодтой, уыйфаестае-иу быдыргъ доны ныппаерстой. Дагъистаны адаем-иу равзаерстой иу лаег, скодтой-иу ыл аенахуыр дараес, йае уаелае-иу ын бафи-дар кодтой сыфтаерджын къалиутае, афтаемаей йае хаедзари-хаедзар зилын кодтой аемае йыл калдтой дон19.
Ацы аегъдау баст у, раджы заманы-иу халсар аемае тыллаег аердзон фаезындтаей бахизыны саерваелтау адаеймаджы нывондаен куы хастой, уыцы историон фаеткимае. Хурваелтаеры раестаеджы ритуалон чындзытаей пайда каеныны аегъдау уыдис абхазмае, адыгейаегтае аемае гуырдзымае даер.
Къаевда аеруарын каеныны аегъдаеуттае аразыны раестаеджы ирон адаем стыр нысаниуаег лаеваердтой, къаевда аемае хуры бар-дуаджы номыл цы нывонд-кусарт кодтой, уымаен. Уациллайы номыл-иу нывонд-кусартаен хъуамае равзаерстаиккой сау гал. Стур аевзаргаейае сау хуызаен уаелдай стырдаер аргъ кодтой ирон адаемау адыгейаегтае, каесаег, маехъаел, азербайджанаегтае аемае солиаегтае. Уыдон-иу сау стуримае сае хуымтыл хъуамае аерзыл-даиккой, стаей-иу аей аргаевстой аемае-иу аей хордтой аенаехъаен хъаеуаей иумае. Солиаегтае ма уымаей дарддаер сау фысимае цалдаер зылды кодтой сае фыдаелты уаелмаерды алыварс (сае сихы ингаены алыварс), стаей фысы аергаевстой аемае дзы куывд кодтой. Ахаем нысаниуаег ма лаеваердтой уыдон сау дуртаен даер. Афтае уымаен уыд, аемае Кавказы адаемты фылдаер хаймае сау хуыз нымад цыдис къаевдамхиц сау мигъты символыл.
Тыллаег аердзон фыдтыхтаей бахизыны тыххаей ирон адаем пайда кодтой алыхуызон ритуалон-магион дзаумаеттаей даер (аертаекъуымон, дзуараеваерд, даергъдымбыл предметтаей). Уыдон араезтой иууыл кадджындаер хъаедаермаегаей. Ацы хъаедаермаеджы баелас-иу цы къохы ракодтой, уый хъуамае уыдаид дзырдхъаедыл нымад. Ацы дзаумаеттае-иу хуым каеныны раестаеджы аерцауыгъ-той галы баерзаейыл, дзывыры уаелае, гутондары уаелае.
Ирон адаемы уырнынадмае гаесгае, аервдзаеф баелас нымад цыдис, магион тых каемае ис, ахаем баеласыл. Ацы баеласы цъармае, йае къалиутаем уыдис низаен схос каеныны миниуаег,хуымты фыдаей бахизыны тых аемае а. д. Хуымты аенамонддзи-надаей бахизыны миниуаег аенхъаелдтой ираеттае нывонд-кусаерттагмае даер. Уымае гаесгае-иу нывонды бабастой хуымтаем аеввахс сагъд михыл, хуымты «хъахъхъаеныны» тыххаей.

Ӕппает ацы аегъдаеуттае саразыны фаестае даер-иу аевзаер аз куы скодта, уаед та-иу цыдысты даеснытаем фаерсынмае.
Уыдис ахаем фаетк даер. Разваелгъау нысангонд бон-иу хъаеу аераембырд сты Хъаеуы заеды бадаен бынатмае, уым-иу куывтой Хъаеуы заедмае, Уацилламае сае хортае сын аевзаер боныхъаед аемае аендаер фыдтаей бахизыны тыххаей. Хурваелтаеры раестаеджы ма ирон адаеммае уыд иу мадзал — хуымты фаенык пырх каенын. Уыдон уырнынадмае гаесгае, дам, фаенык хуры цаесты бакаелдзаен, аемае дзы къаевдайы хуызаен цаессыгтае аеркаелдзаен.Къаевда аеруарын каеныны тыххаей аегъдаеутты равзаерд цаеуы чырыстон дины агъоммаейы заманаей. Чырыстон дин парахат каеныны процессы ацы аегъдаеуттаей бираетае сае ми-дис аивтой. Фаелае сае фылдаераен Кавказы адаемты аехсаен ис иухуызон динон нысан аемае функци, каед сае иуаей-иуты ара-зыны фаеткы хицаен адаемтаем бынаеттон спецификон ми-ниуджытае фаезындис, уаеддаер. Ацы аегъдаеуттае Кавказы адаемты 'хсаен афтае бирае аемае активон уыдысты уымаен, аемае ацы регионы хурваелтаер заехкуысты хъуыддаг кодта тынг къуылымпы, донхорыг каенынаен та дзы нае уыд аккаг уаваертае аемае фадаеттае.
Ирон адаем къаевда аеруарын каеныны тыххаей цы аемхуызон фаетк аемае аегъдаеуттае араезтой, уыдон равзаердаен ис аермаест кавказаг нае, фаелае ирайнаг бындур даер. Иу рагон ирайнаг мифы хъайтар Тъиштъри тохы фаеуаелахиз хурваелтаеры бар-дуагыл. Ацы культы номимае баст у ирайнаг баераегбон Абпа-шон (искаеуыл, истаеуыл дон калын). Баераегбон аеййафы, Ира-ны раджы заманты Тъиштърийы номыл цы стырбон араезтой, уый раестаегмае. Абпашоны стырбоны раестаеджы кодтой каераедзийыл дон калыны аегъдау20.

Ирон адаеммае каераедзийыл дон калыны аегъдау нае баззад, фаелае саем каеддаер каей уыдаид ацы аегъдау, уый заегъаен ис. Ираеттае раджы заманты боныхъаеды уаваер разваелгъау нымад-той планетаетаем гаесгае даер. Ӕраеджы даер ма уыдон, цахаем боныхъаед уыдзаен, уый разваелгъау баераег кодтой Бонваерно-ны уаваермае гаесгае. Каед-иу Бонваернон райсомаей раджы аны-гуылд, уаед-иу дзырдтой, заегъгае, уыдзаен къаевда; каед аемае-иу
иннае хаеттытаей фылдаер зынди арвыл, уаед та-иу дзырдтой, заегъгае, уыдзаен хурбонтае.
Хурваелтаераей дарддаер хуымтаен зиан хастой их аемае сахкъаевдатае даер. Уымае гаесгае ираеттае куывтой Уацилламае. Кувинаг хаерд-нозтимае цыдысты Уациллайы куваендонмае. Ка-суты раестаеджы саермагондаей араезтой ихы номыл стырбон — Ихы аенцойбон. Ихы номыл куывд — ираеттаей уаелдай араез-той солиаг адаем, хевсуртае аемае аендаер адаемтае даер.
Их аемае сахкъаевдаты раестаеджы арв даер наеры, цаевгае даер каены. Ирон адаемы уырнынадмае гаесгае, арв куы ферттивы, уаед Уацилла арвтыгъдады йае уаердоныл рацаейцаеуы йае бал-цы. Ацы таессаг аервон тыхтаей адаем тынг тарстысты, уымаен аемае сын стыр зиантае хастой: арвы цаефаей-иу лаег амард, хаедзаерттае, къаедзаехтае-иу пырх кодтой, баелаестае-иу ра-фаелдаехтысты аемае сыгъдысты аемае а. д. Уымае гаесгае-иу куывтой Уацилламае, йае номыл ын кодтой кусаерттае. Уацилла тынг нымад каей уыд ираеттаем, уый зыны, арвы цаефаей марды раестаеджы-иу цы бирае алыхуызон аегъдаеуттае араезтой, уыдонаей. Арвы цаеф даер Уациллайае аенхъаел уыдысты ирон адаем, цаеуылдаер наем фаехъызыд, заегъгае, аемае нае йае азараей судзы.
Уымаей уаелдай ирон аемае Кавказы аендаер адаемтае даер афтае аенхъаелдтой, заегъгае, аервнаерд аемае аервцавдаей Хуыцау аертхъираен каены фыдбылызтаем, хаейраегмае. Хаейраег, дам, уыдонаей таерсгаейае фембаехсы баеласы бын, аемае арв даер баела-сы уымаен цаевы. Абхазаегтае-иу сае хаедзаерттаем аеввахс тулдз баелаесты ралыг кодтой, арв, дам, тулдзмае аемхиц у, фаелае фатхъаедмае не 'внаелдтой — уыцы баеласы, дам, арв нае цаевы21.
Ирон адаемы уырнынадмае гаесгае, аервнаерд, тыхдымгаетае, их аемае аендаер аервон фаезындтае иууылдаер сты Уациллайы къухы, аемае стыр цыт даер уымаен кодтой Уациллайаен. Сау саегъ-иу ын аргаевстой йае номыл. Саегъы царм, саер аемае къаехтае-иу аерцауыгътой Уациллайы куваендонмае бахизаены.
Раджы заманы-иу ираеттаем аерваерттывды раестаеджы сыл-гоймаегтаей иу райдыдта саентдзаефы архаейдтытае каенын: йае саерыхъуынтае скъуыдтае кодта, йаехи цавта, къаедзтае-маедзтае кодта йаехи, уый фаестае-иу цаваердаер зынаембараен зарджытае кодта22. Ӕрвдзаефы хъуыддаг раджы заманты ираеттае Уацил-лайы аххос кодтой. Маелаетдзаг цаеф-иу каей ныккодта арв, уымаей-иу дзырдтой, Уацилла, дам, аей йае наемыгаей фаецаеф
 
кодта. Ӕрвдзаефаей мардыл каеуын нае фаетчыдис, сылгоймаегтае-иу аегомыгаей цаваердаер ритуалон архаейдтытае кодтой. Ахаем марды иумаейаг уаелмаердты ныгаенын нае фаетчыдис, уымаен аемае, дам, уый Уациллайы азараей мард у. Баныгаедтой-иу аей, арв аей каем ныццавта, уыцы бынаты. Мардаен йемае ныгаедтой йае хотыхтае, йае дзаумаеттае. Марды хиуаеттае аертае боны хъахъхъаедтой радгай, хъынцъымгаенгае, уыдон аенхъаелдтой, заегъгае сын сае хъынцъым Уацилла фехъусдзаен, райгас сын каендзаен сае марды аемае йае ингаенаей рахизын каендзаен. Цалдаер боны фаестае-иу, заегъаем, аевзаер бонтае скодта, уаед-иу марды скъахтой, уаердоныл-иу аей саеваердтой аемае-иу ифтыгъд галты ауагътой, каецырдаем сае фаендыдаид, уыцырдаем. Галтае-иу каем аерлаеууыдысты, уым-иу сараезтой цоппай. Уыйфаестае-иу мар-ды ацы бынаты баныгаедтой, Уацилла, дам ын йаехаедаег ра-хицаен кодта ам бынат. Арвы цаефаей мардаен ма ахаем аенгаес аегъдаеуттае араезтой адыгейаг адаем даер. Ираеттае аервдзаефаей марды ныгаедтой заргаейае, хъаелдзаегаей, Елиайае аеппаелгаейае. Уымаей-иу уыдон фаендыдис, Елиайае райгонд аемае бузныг каей сты, уый саем йае хъус афтае тынг каей дары, уый равдисын23. Сае маенгуырнындзинадмае гаесгае, арвы цаефаей марды иумаейаг аегъдаеуттаем гаесгае куы баныгаеной, уаед уыцы хъаеуы аенаемаенг скаендзаен хурваелтаер. Арвы цаефаей цы предметтае ссыгъдаид, уыдон хуыссын каенын нае фаетчыдис, уаед, дам, Уацилла хъызгае каены. Уый нае, фаелае-иу ахаем судзгае предметты алыварс код-той кафгае аемае заргае.

Ирыстоны бирае раетты кодтой Ӕрвдзаефы куывд. Заераедтае-информатортае куыд заегъынц, уымае гаесгае раджы каеддаер Даергъаевсы арвы цаефаей басыгъдис Цациаты хаедзар. Хаедзар каем уыд, уыцы бынат уыйфаестае ссис Уациллайаен куваендон, ардаем цыдысты адаем аемае куывтой Уациллайаен. Ирон фоль-клоры Ильяйы — Уациллайы фаелгонц аемае рагон муртак дины боныхъаеды бардуаджы фаелгонц аевдыст цаеуынц, куыд иу бар-дуаг, афтае.
Уаелладжыры комы Ходы хъаеуы хосгаердаены агъоммае араезтой Ӕрвиагъды цытаен куывд. Ӕрвиагъд нымад уыдис хъаеуы заедыл. Куывды фысым-иу аерхуыдта хаедзараен лаег куывдмае. Хистаер куывта Ӕрвиагъдмае, Уацилламае, цаемаей сае уыдон хъахъхъаеной арвы цаефаей.
Ирон адаеммае боныхъаеды цытаен цы стырбон аемае аегъдаеуттае кодтой, уыдон алы ран аемхуызон нае уыдысты.
Ӕрвдзавд аемае Арвягаей дарддаер ма уый зындгонд у Ирысто-ны бирае каемтты ахаем наемттимае даер: Ӕвриагъд, Ӕврагъ, Ӕргъавд, Арваейуагъд. Ахаем бирае наемттаей каей у зындгонд стырбон, уый дзуры, ирон адаем аервон фаезындты раз аедых каей уыдысты аемае сын таесмае табу каей кодтой, ууыл. Атмос-ферон фаезындты номыл баераегбонты адаем цаеттае кодтой хаерд-нозт аемае саем куывтой, цаемаей сын сае хортае ихаей, тых-дымгаетаей каенае хурваелтаераей бахизой. Хур бонтае скаеныны тыххаей ираеттае стаемдаер хатт куывтой. Ӕгаер араех къаевдаты раестаеджы-иу лаегтае аемае устытае каераедзи цаенгтыл ныххаецы-дысты аемае-иу хуры цыды ныхмае цаелхзылд кодтой, уымаей уыдон аенхъаелдтой, заегъгае, хур даер афтае фаестаемае разилдзаен аемае хур бонтае каенын райдайдзаен.
Хорз боныхъаеды тыххаей ирон адаем Уациллайае дарддаер аендаер бардуаегтаем даер куывтой. Абайты Васо рафаелгъуыд-та, Нарты Сосланы фаелгонц хуры бардуагимае баст каей у, уый. Дыгургомы июны маейы Сосланы ингаеныл фыс даер уымаен аергаевстой, баеркадджын тыллаегаерзады тыххаей даер аем уымаен куывтой. Ацы аегъдауы баераегаей зыны Сослан аемае Хуры бар-дуаегты иудзинад.
Къаевда аеруарыны тыххаей афтае бирае алыхуызон аегъдаеуттае каей кодтой адаем, уый дзуры, къаевдайаен сае хаедза-радон царды ахсджиаг нысаниуаег каей уыдис, ууыл. Ӕна-хуыргонд адаем аервон-космикон фаезындты раз аедых каей уыдысты, ацы хъуыддаджы динон фаераезтаей даер уымаен пай-да кодтой, сае куывтыты даер уаеларвон бардуаегтаем аеххуысмае уымаен сидтысты. Къаевда аеруарын каеныны тыххаей цы алы-хуызон аегъдаеуттае араезтой адаем, уыдон саейраг нысан уыдис заеххы ногдзинад (хъаездыгдзинад) аемае доны культаен табу каенын, уымаен аемае хъаездыг тыллаег ацы дыууае хъуыддагыл баст уыдис. Къаевда аеруарын каенын аеппает аегъдаеуттае араезт цыдысты ахаем принципы бындурыл: «Ӕз даеттын, цаемаей ды даер раттай!»
Каераедзийыл дон калын аемае алыхуызон предметты донаей хуылыдз каеныны аегъдауаен йае нысан уыд, цаемаей уый йае фаедыл расайдтаид йаехи аенгаес, йаехи хуызон архайд — къаевда.
Къаевда аеруарын каеныны тыххаей аегъдаеутты фылдаер хайы
ахсджиаг ролы хъазыд сау хуыз (сау гал, сау фыс, сау саегъ,
сау гаеды аемае а. д.), уый та символикон аегъдауаей аевдыста
къаевдааемхиц сау мигъты фаелгонц. Къаевда аеруарын каеныны аегъдаеутты ахсджиаг нысаниуаег уыд фыдаелты маердты стджыты культаен. Ацы фаетк дзуры, адаеймаджы стджыты культаен къаевдаимае бастдзинад каей уыдис, уыцы аембарынадыл.
Нысангонд аегьдаеутты аехсаен саермагонд бынат ахсы дуры культ — дуры цур кувыны, уый донаей каенае аехсыраей хуылыдз каеныны аегъдау. Рагон динон царды дур аемае донаен уыдис стыр иудзинад, дураен магион нысаниуаег лаеваердтой уырнаег адаем.
Ирон аемае Кавказы аендаер адаемтаем къаевда аеруарын каены-ны аегъдаеутты фылдаер хай араезтой устытае нае, фаелае чыз-джытае. Ацы аегъдау тынг рагон замантаей каей цаеуы, уымаен аевдисаен сты, аевзонг мадаелтаен цы цыртнывтае араезт цыди, уыдон. Ацы цыртнывтае символикон аегъдауаей аевдисынц, цард аенаеаскъуыйгае цаелхзылд каей каены, уый идейае24.

Ирон адаеммае Уациллайы баераегбон нымад цаеуы ахсджиаг аграрон стырбоныл. Ам-иу куваег куывта аермаест Уациллайаен нае, фаелае Хоры Уацилламае каенае Хордаеттаег Уацилламае даер. Баераегбонаен аграрон мидис каей уыд, уый зыны куывды текстаей даер: «Уацилла нын хор цы радта, Фаелваера та — фос, ахаем амонд нае уаед!» Уациллайы стырбонаен заехкуысты характер каей уыдис, уымаен аевдисаен сты заераедты ныхаестае даер. Хъемултайы цаерджытае дам-иу аераегваеззаеджы (Джиуаергуы-байы фаестае) Уациллайы стырбон аразгаейае ацыдысты ку-ваендонмае. Семае-иу ахастой, найгаенаенты-иу саермагондаей ацы хъуыддаджы тыххаей цы маенаеуы аемае хъаебаерхоры куыристае ныууагътой, уыдон. Куырисы-иу баеласы цонгыл аерцауыгътой аемае-иу куывтой хъаездыг тыллаегаерзад аемае баеркадджын цар-ды тыххаей. Захъагомы та Уациллайы стырбоны сае хуым-заеххытаем хастой къусыдзаг аехсыр, аертае уаеливыхы аемае дзык-ка аемае сае уым куывтой. Ӕхсыр-иу хуымзаеххыл ныппырх кодтой, кувинаегты-иу бахордтой, банызтой. Фаестаемае-иу куы здаехтысты, уаед-иу хоры аевзартае аертыдтой, рахастой-иу сае семае аемае сае аеваердтой хаедзары Уациллайы иннае стырбоны аерцыдмае.
Уациллайы баераегбон каеныны фаетк аемае алыхуызон аегъдаеуттае лыстаегай равзарыны фаестае аенаемаенг хъаеуы Уацил-лайы универсалон культы историон равзаердмае аеркаесын даер.
Ирон адаемы рагон дины цы алыхуызон бардуаегтае уыдис, уыдоны аехсаен ахсджиаг бынат ахсынц хоры, аервнаерды, хор-аерзады, аервдзаефы бардуаегтае. Ацы бардуаегтае ирон адаемы
хаедзарадон-культурон царды чырыстон дины заманы баиу сты Уациллайы фаелгонцы аемае сае рауадис иу аграрон-универсалон бардуаг.

Ирон фольклоры, уыимае Нарты эпосы даер хоры бардуа-гыл нымад цаеуы Зегиман, Хораелдар (Хуарелдари). Мифоло-гийае куыд зыны, афтаемаей ма ахаем бардуагыл нымад цаеуы Хораелдары фырт Бурхорали (дыгуронау Борхуаралий). Зеги-маны ном этнографион литератураейы аембаелы иу хатт; бард-уагы ном, аеваеццаегаен, Зыгуымон хуынди. Фольклоры, Нарты эпосы тынг активон аемае парахат сты Хораелдар аемае Бурхо-рали. Адаемы уырнынадмае гаесгае, Хораелдар у Хуыцауы хаелар, цаергае даер Хуыцауы хаедзары каены. Адаемаен, дам, заехкуыст уый бацамыдта, хуымзаеххытае, уыдон аехсаен ауаедзтае даер уымаей аразгае сты. Хораелдар, Тутыры бонты чи райгуырд аемае йын Фаелваера каей балаевар кодта, ахаем сау аемае урс галаей акодта фыццаг гутонваед, ныртаеккае ирон адаеммае цы хуым-заеххытае ис, уыдон даер, дам, фыццаджы-фыццаг уый бахуым кодта уыцы галтаей. Ацы куысты, дам, Хораелдар йаехаедаег уыдис галтаескъаераег, Уастырджи — гутондар, сыгъдаег Мария — мыггагхаессаег, сыгъдаег Никкола — тауаег. Гъе уымае гаесгае, дам, уыцы аз хораерзад тугыл аскъуыд, аемае алы раетты даер хъаездыг тыллаегаерзады цытаен скодтой куывдтае. Куывды, дам, Мадымайраем уаеливыхтае каенаег уыдис, Уырызмаег та — куваег. Хораелдараен, адаемы уырнынадмае гаесгае, ис заеххон адаейма-джы миниуджытае: хаеры, нуазы, балцы цаеуы, ваеййы уаеларвы "даер. Нарты эпосмае гаесгае, Хораелдар у Нартаен саехи хуызаен. Адаемы царды хъысмает уый къухы у лаеваерд. Нартае дыууае хатты фаехъыг кодтой Хораелдары, аемае сын дыууае хатты даер аерхаста стыр аенамонддзинаедтае. «Нарты Батрадз аемае Нарты Уацамонгае», заегъгае, уыцы таураегъы дзырдаеуы: Батрадз хаецыд уаеларвон тыхтимае, бардуаегтаей амардта бираеты, уыдон ны-маецы Хораелдары фырт Бурхоралийы даер. Хораелдар ацы аефхаерды тыххаей Батрадзаей йае маст райсыны охыл фаелаебур-дта хъаебаерхоры заенгмае, — уаеды онг ыл зади аех;саез аефсиры, — аемае йае схафта йае къухаей: аефсир уадзынмае йыл нал хъавыд йае фырты маестаей. Фаелае уыцы раестаеджы Уастырджи уым фаецис аемае уый бахатыд Хораелдармае, иу аефсир дзы ныууадз мае баехаен, заегъгае. Хораелдар дзы иу аефсир ныууагъта, иннае-ты сыскъуыдта. Уаедаей фаестаемае хортае систы иуаефсиронтае.
Хораелдары хуызаен бардуаг зындгонд у хъаераесейаг адаеммае
даер, хонынц аей Хордар — ирон адаемаей йае каей айстаиккой, уый баераегаей зыны дзырды фонетикон араезт аемае бардуаджы динон нысанаей.
Хораелдараей къаддаер наеу йае ахадындзинадмае гаесгае Бур-хорали даер (бур + хор + алан). Абайты Васойы «Ирон аевза-джы историон-этимологион дзырдуат»-ы Бурхорали нымад цаеуы хорты аемае тыллаегаерзады бардуагыл. Ирон адаемы фоль-клор аемае мифологийы бурхор амоны еуу. Термин-ном Бурхо-рали-йы сконды эпитет бур амоны аермаест хуыз (желтый) нае, фаелае ма термин хор-имае иумае нысан каены еуу даер. Бурхор еуу, аеваеццаегаен, уымаен нысан каены, аемае ираетты раг-фыдаелтаем еуу тынг кадджын аемае парахат хоры мыггаг уыдис. Еууаен ирон адаем ахаем кад каей кодтой, хоры иннае мыггаегтаей хъауджыдаер, хоры бардуаджы номараезты даер уымаен ис25. Термин еуу йае равзаердмае гаесгае цаеуы иумаейаг ирайнаг-индоевропаейаг аевзаегтаей. Ацы термин хъаебаерхор нысан каены персаг, курдаг, ягнобаг аемае рагон индиаг аевзаегты, литвайаг аевзаджы та амоны халсар. Памираг, финнаг аемае удмуртаг аевзаегты та амоны хор (хлеб в зерне). Афтаемаей хоры (хлеб в зерне) рагон индиаг ном ирон аевзаджы рахызтис еууы номмае. Ацы хабар даер, ирон адаемы рагфыдаелты хаедзарадон царды еууаен ахадгае нысаниуаег каей уыдис, уырдыгаей цаеуы26. Ацы хатдзаегыл дзуры, термин еуу аендаер хоры номы каей ис, уый даер: маенаеу — маен + еуу27. Еуу скифтаем-сарматтаем даер каей уыдис, уый даер зындгонд у, уыдонмае еуу нымад цыдис хоры мыггаегтаей саейрагдаерыл28. Хъаебаерхор скифтаем уабаераег ны-мад аемае парахат нае уыдис29. Еуу сарматты хаедзарадон царды ахста зынгае бынат, ахсджиаг хойрагыл нымад саем уыдис. Еуу зындгонд уыдис алантаем даер. Нае эраейы VI аенусы алантае, Галлимае куы 'рбафтыдысты, уый фаестае дыууае дихы аисты. Иу хай дзы цардис Сенае аемае Луараейы донбылгаераетты, сае саергъы лаеууыд Эохор, афтаемаей30. Термин-ном Эохор араезт у дыууае дзырдаей: Эо (еуу) + хор (хаерын), ома, еуу чи хаеры, уый. Уаедае еуу алантаем афтае кадджын аемае ахадгае хоры мыг-гаг уыд, аемае йае ном дзуры термин Бурхорали-йы араезт даер: бур + хор + алан, ома аланты хор.
Ардыгаей ахаем хатдзаег скаенаен ис, заегъгае, еуу скифтае-сармат-аланты хаедзарадон царды ахста иууыл саейрагдаер аемае ахсджиагдаер бынат аемае бурхоры номимае аербафтыд ираеттаем. Нарты кадджыты Бурхоралийы хонынц хоры бардуаджы фыд.

Хораелдар аемае Бурхорали чырыстон дин райсыны агъоммае ираеттаем хор аемае тыллаегаерзады бардуаегтыл нымад каей цы-дысты, уый фарс дзурынц дзаевгар этнографион аемае фоль-клорон аермаеджытае.
Аланты-ираетты мифологи аемае фольклоры Хораелдар аемае Бурхорали уыдысты антропоморфон бардуаегтае (адаеймаг аемае бардуаджы миниуджытае иу фаелгоцы каем баиу ваеййынц, ахаем). Уыдонаен хаелар ахастытае уыд ираеттимае-алантимае, аеххуыс сын кодтой сае хаедзарадон куысты. Нарты кадджытаей иуаей-иуты уыдон хицаентаей аембаелынц нартимае, иуаей-иуты та сае дыууае даер иумае, стаем таураегъты ма уыдонимае иумае ваеййы Уациллайы кой даер. Нае хъуыды бафидар каеныны тыххаей аерхаессаем фольклораей цалдаер цаевиттоны. «Уасгергий зар» араезт аерцыдис хуымгаенаены райдианы номыл. Ацы зараеджы дзырд цаеуы, хуым каенынаен цы кусаенгаерзтае хъаеуы, уыдон тыххаей. Уыдон хъуамае араезт аерцаеуой Тутыры аертае боны. Хуым каенгаейае гутондар хъуамае Уастырджи уа, гутоны иф-тыгъд галы фыццаг цаеды хъуамае скъаера Уацилла, таугае та хъуамае Бурхорали каена. «Хуми дайаени зар», заегъгае, уым та ранымад цаеуынц бардуаегтае: Хораелдар, Уастырджи, Никко-ла. Уыдонмае кувынц адаем баеркадджын хораерзады тыххаей.
Ӕндаер зараеджы (уый даер хуым каеныны райдианыл конд у) даер загъд ис ахаем фаендон, цаемаей гутондар уа Бурхорали, тауаег Бурхораелдар (Хораелдар), хуымты адаеггаенаег — Быды-ры заед, ауаедзамонаег — Уастырджи. Саермагондаей Бурхорали аемае Хораелдары номыл зарджытае даер ис нае адаемон сфаелдыс-тады. Ацы зарджыты адаем кувынц Хораелдар аемае Бурхора-лимае, цаемаей уыдон аергом рацаеуой аемае адаемимае иумае хуым каенын райдайой, уыимае хуым каеныны саейраг функцитае (гу-тон дарын, тауын) хаесгонд цаеуынц бардуаегтаен31.
Хораелдар аемае Бурхоралийы кой фаеллойы аендаер зарджы-ты даер аембаелы. Ис ахъуыдыгаенаен, заегъгае, Хораелдар аемае Бурхорали раджы каеддаер уыдысты иу бардуаг, фаелае йын уыдис дыууае номы, аемае каераедзийыл баст уыдысты фыд аемае фырты ахасты руаджы. Ахаем хуызы бастдзинаедтае фолькло-ры араех аембаелынц: Уацилла аемае Уациллайы фырт, Уастыр-джи аемае Уастырджийы фырт аемае а. д. Хоры бардуаджь! араех хонынц Бурхорали, фаелае, хор аемае тыллаегаерзады бардуаг Хораелдар каей у, ууыл дзураег этнографион аемае динон аермаег фылдаер ис. Баераег куыд у, афтаемаей Дыгургомы цаерджыты
иу хай райста пысылмон дин. Чиныджы авторы этнографион экспедицийы (1973 аз) аермаеджытаей куыд зыны, афтаемаей Дыгуры пысылмаеттае Уацилла-бардуаджы тынг нал хъуыды каенынц. Нае информаторты ныхаестаем гаесгае, уыдон хъаездыг хойраджы тыххаей куывтой Хораелдармае. Ацы бардуаджы но-мыл уыдонмае ис куваендон, йе стырбон та йын нысан каенынц аенаемаенг дыццаег боны, аеваеццаегаен, уымаен, аемае саем хъаеу-уонхаедзарадон куыстытае алыхатт даер райдайынц дыццаеджы. Стырбоны кодтой кусарт. Афтаемаей ираетты рагфыдаелтае ра-гон замантаей фаестаемае хор аемае тыллаегаерзады бардуагыл Хораелдар аемае уымаен йае фырт Бурхоралийы каей нымадтой, уый дызаердыггаг наеу. Ахаем хъуыдыйы фарс ма дзуры, нае фольклоры чырыстон дины зындгонд бардуаегты фарсмае ацы дыууае бардуаджы кой даер каей ис, уыцы хабар. Ацы хъуы-дыйы фарс ма дзуры ноджыдаер, дыууае бардуаджы наемттае фаеллойы зарджыты каей аембаелынц, уыцы факт даер. Фоль-клорон уацмысты каераедзи фарсмае чырыстон дины агъоммаейы бардуаегтае аемае чырыстон заедты наемттае каей аембаелынц, уый аевдисаен у, ацы уацмыстае чырыстон дины размае Хораелдар аемае Бурхорали сае таеккае тыхы куы уыдысты, уыцы заманы каей фаезындысты, уымаен. Ӕмае уаедае чырыстон дины раестаеджы Хораелдар аемае Бурхоралийы фаелгонцтыл чырыс-тон дины бардуаегтае каей бандаевдаиккой, уый даер дзырддаг наеу.
Чырыстон дины агъоммае Хораелдар аемае Бурхоралиимае иумае аервнаерд аемае арваерттывдаен уыдис саехи саермагонд бар-дуаг. Нарты кадджытаем гаесгае, ахаем антропоморфон бардуаг уыдис Нарты Батрадз, уый уыд аервнаерды хицау, аемае йае аервнаерды хъайтар даер уымаен хуыдтой32. Батрадз уыд скифаг хуыцау, аервнаерды бардуаг.

Чырыстон дин парахат каенын куы райдыдта, заехкуысткаены-над даер тынг куы райтынг, йае нысаниуаег ахсджиагаей-ахсдж-иагдаер каенын куы райдыдта, уыцы заманы хор аемае тыл-лаегаерзады бардуаг аемае чырыстон дины агъоммаейы аервнаерды бардуаг баиу сты чырыстон заед Ильяйы (ираеттаем Уацилла, Елиа) фаелгонцы. Нарты кадджыты баераегаей зыны Батрадзы тох Хораелдар аемае Бурхоралийы ныхмае, уый уыд чырыстон аемае муртак дины бардуаегты тох. Чырыстон дины бардуаг Уациллайаен ирон адаем радтой заеххон адаеймаджы миниу-джытае. Ираеттае Уациллайы нымадтой заердаехаелар аемае раедаубардуагыл, фаелае, дам, уыцы иу раестаеджы карз аемае аенаеба-рон даер уыдис. Заехкусаеджы-иу чысылдаер цы бардуаг фаехъыг кодта, уыдон-иу тынг аефхаердта.Уацилла ирон адаеммае афтае кадджын бардуаг уыдис, аемае-иу ног хораей цалынмае Хоры Уациллайы ном ссардтаиккой, уаедмае дзы саехицаен хардз каенын нае фаетчыдис.
Термин-ном Уациллайы этимологийы (равзаерды) фаедыл зонадон литератураейы ис алыхуызон хъуыдытае. Доктор Пфаф Уациллайы хоны рагон семитаг культ Вакх-аей равзаергае34. Д. Рухадзе ацы термин баетты гуырдзиаг Ваци-имае (саегъы ном)35. А. К. Сохадзе та йае хоны фосдарды гуырдзиаг бардуаг Босели-йае рацаеугае36. В. В. Берцавалидзе даер термин-ном Уациллай нымайы гуырдзиаг Басили-йае равзаергае номыл.

Ацы ахуыргаендты хъуыдытае уырнинаг не сты. Уымаен аемае ирон «Уациллайы» уыдон цы дзырдтаей равзаергае хонынц, уыдонимае йын аеддаг, фонетикон аемзаелынадаей дарддаер се-мантикон бастдзинад наей. Термин-ном Уациллайаен йае дзыр-дон сконд баераегаей зыны: Уац + Илла (Илья). Ам лингвистон цаестаенгасаей цымыдисаг у термины эпитет уац. Цы хъуамае амона уый? Чырыстон дины бардуаегты наемттае араех аембаелы ацы эпитет: Уац + Георги, Уац + Илла, Уац + Тутыр, Уац + Никкола. Уый ма аембаелы Нарты эпосы сылгоймаегты наемтты: Уаци + рухс, Уадз + аевтауае аемае Нарты алаемаеты къусы номы даер — Уац + амонгае. Абайты Васойы хъуыдымае гаесгае, дзырд ирон адаемы дзырдуаты уыди суанг чырыстон дины агъоммаейы заманаей фаестаемае аемае, заегъы, нысан каены бардуаг (божест-во), бардуагон (божественный), сыгъдаег (святой)38. Сае фоне-тикон араезтмае, стаей сае динон нысаниуаегмае гаесгае даер Уацил-ла аемае сыгъдаег Илья сты бынтон аемхуызон аграрон бар-дуаегтае. Фаелае Уациллайаен саегъы культмае каенае бардуаегтае Босели, Василиимае исты семантикон-фонетикон, йе та динон бастдзинад ис, уый заегъы зонадон аегъдауаей раст аемае уырни-наг нае уыдзаен.
Термин Уацилла ирон адаеммае аембаелы куыд хицаенаей, афтае эпитетимае даер: Уацилла — Хоры Уацилла, Тбау-Уацилла, Сау Уацилла аемае а. д.
Хоры Уациллайы ном ираеттаем аембаелы, заеххы куысты-тимае (суанг хуымгаенаенаей хуымгаердаен аемае найгаенаенмае) цыдаериддаер баераегбонтае, фаетк аемае аегъдаеуттае баст ис, уыдо-нимае. Хоры Уациллайы ном каей фаезындис, уыцы хабар, Уацил ла аецаегаей даер хор аемае тыллаегаерзады бардуаг каей у, уыцы хъуыды каены ноджы тыхджындаер аемае фидардаер. Уациллайы аегаерстаемаей Хорты хицау даер хуыдтой. Нарты каджыты за-гъдаеуы, заегъгае, уаеларвон бардуаегтаей фыццаг Уацилла балае-вар кодта заеххон адаемаен хоры наемгуытае, аемае уаедаей фаестаемае райдыдтой хоры куыст каенын заеххон адаем.
Уаелладжыры комы, Мызурмае аеввахс, ис куваендон, аемае йае хонынц Сау Уацилла. Ацы куваендоны куывтой Уацилламае, цаемаей сын уый сае хуымты, сае халсар бахызтаид сахкъаевдатаей аемае ихаей.
Ильяйы культ фыццаг саевзаерд рагон дзуттаг адаеммае, уыйфаестае уый рахызтис чырыстон динмае. Библийы Илья ны-мад цаеуы къаевда, аервнаерд аемае сахкъаевдаты бардуагыл.
Уырысы чырыстон дин куы райстой, уый фаестае славянты саейраг бардуаг — дон, къаевда, аервнаерд аемае заехкуысты бар-дуаг Перуны бынат бацахста Илья. Чырыстон адаемы хъуы-дымае гаесгае, Илья у аеппаетхъом, карз аемае тызмаег бардуаг. Йае уаердоны, дам, ифтыгъд ис, йае хъаелаесаей цаехаер чи калы, базыртае каемаен ис, ахаем баехтае. Илья уаердоныл цаеуы арвы тыгъдады аемае алы ран даер тауы тас, маелает, цаехаер. Ӕрвнаерд, дам, у Ильяйы уаердоны цаелхыты гыбар-гыбур, арваерттывд та, Илья йе знаегтыл цы зынг фаеттае аехсы, уыдон сты. Илья, дам, аервнаерд аемае сахкъаевдаты хицау у. Йае ном даер йае ми-ниуджытаей аемае йае функцийае цаеуы — «хайджьшгаенаег», ахаем номаей, дам, аей уымаен схуыдтой, аемае уый адаемы «хайджын» каены хъаездыг тыллаегаей

Раст ахаем диссаджы миниуджытае радтой ирон адаем даер сае Уациллайаен. Н. Берзенов куыд фыссы, уымае гаесгае ираеттае Уациллайы фаелгонцы уынынц сыгъдаег Ильяйы фаелгонц. Даергъваетин къаевдаты каенае хурваелтаеры раестаеджы ираеттае куывтой Уацилламае, цаемаей сын уый сае хуымтае, сае халсар бахызтаид карз аердзон фаезындтаей40.
Ильяйы стырбоны-иу аргъуанмае аендаер кувинаегтимае хас-той хоры аефсиртае — Ильяйаен арфае ракаенынаен, ахаем баеркад-джын тыллаег сын каей аерзайын кодта, уый тыххаей. Ахаем нысанаен-иу быдыры ныууагътой чысыл аенаекарст хоры хаетаелтае даер (хуымы каераеттае даер-иу ныууагътой аенаекарстаей). Ильяйы тыххаей ахаем аегъдаеуттае аразын чы-рыстон динмае аербафтыдысты муртаттаг динаей. Илья ирон адаеммае Уациллайы хуызы куы 'рбафтыд, уаед уый рагон ирон
бардуаджы (хор, тыллаегаерзад, аервнаерд аемае аерваерттывды) бынат бацахста. Заеронд, раздаеры бардуаг та байрох ис. Иуаей-иу ахуыргаендтае Уацилла аемае Ильяйы хонынц аендаер аемае аендаер бардуаегтае, аемае заегъы, уыдон ирон адаемы царды уыдысты фаерсаей-фаерстаем. Ацы чиныджы автор дыууаейы даер хоны иу бардуаг.
Уациллайы хуызаен бардуаегтае Кавказы адаемтаей бираетаем ис (вайнахтаем — Сели, гуырдзымае — Елиа, адыгейаегтаем аемае хъаераесейаегтаем — Сеузериш, Шибле, абхазмае — Афы, Джа-джа). Уыдон аермаест сае наемтты заелынадмае гаесгае хицаен каенынц каераедзийае, аендаер саем аенгас миниуджытае бирае ис, Ацы аенгаесдзинад та дзуры, раджы заманты Кавказы аеппает адаемтаен хораерзад аемае аервнаерды иу иумаейаг бардуаг каей уыдис.

 
 

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости