ЗЫНАРГЪ ЛӔВАР ЦЫППУРСЫ БОНЫ
9 января 2018 Аналитика [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [2012 просмотров]
Чысылӕй бахъуыды кодтон мӕ фыды ныхас, афтӕ иу фӕдзырдта: «Лӕппу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ макуы мацы бахӕлӕг кӕн искаемаен... Сисӕм, дӕ сыхаг дӕ кусӕнгарз кӕнӕ исты дзаума куы кура ӕмӕ дӕм иунӕджы ӕдтӕмӕ куы нӕ уа, уӕддӕр ын нӕ макӕд зӕгъ… Цы радтай, уый дын Хуыцау дывӕрӕй радтдзӕнис…».
Раст зӕгъгӕйы, исты куы балӕвар кӕнын, уӕд уымӕй мӕхӕдӕг фылдӕр ӕхцондзинад фаеисын. Сисӕм, мӕ чингуыӕ «Осетия и осетины» - йӕ 2 мин ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ зонгӕтӕн лӕвар бакодтон.
Ӕрӕджы мын мӕ дард хӕстӕг уый тыххӕй ахӕм уайдзӕф бакодта: ӕвӕдза дзӕгъӕлы лӕвӕрттӕ бирӕ фӕкӕныс, дӕ чингуыдӕй 3 миллуаны аргъ лӕвар бакодтай, ныр та адӕмӕн лӕвар къӕлиндартӕ уарыс, уый бӕсты сӕ ауӕй кодтаис ӕмӕ дзы мӕнӕн фатер балхӕдтаис, ау, хӕстӕджытӕ не стӕм? Фыццаг фенхъӕлдтон хъазгӕ кӕны, фӕлӕ куы базыдтон, ӕцӕгӕй афтӕ хъуыды кӕны, уӕд ын ӕз афтӕ дзурын: Хатыр бакӕн, фӕлӕ йӕ ды нӕ бамбардзынӕ, фатер балхӕнынӕй адӕмы зӕрдӕты «балхӕнын» бирӕ вазыгджындӕр кӕй у, куыд уыдонӕн, афтӕ мӕхицӕн дӕр...
О, фӕлӕ, афтӕ зӕгъон ӕмӕ мын мӕхицӕн дӕр, мӕ хӕдзарон музейӕн исчи дзаума-экспонант куы фӕдӕтты, уӕд фыр мӕстӕй мӕ рустӕ ныддымсынц, уый дӕр раст нӕ уыдзӕнис…
Сисӕм ног азы размӕ мӕ музеймӕ ӕрбафтыд дыууӕ дзаумӕйы: ӕвзӕнгты хсӕн дунейы чемпион, хистӕр кары ӕхсӕн Уӕрӕсейы 2017 азы чемпион боксӕй Челӕхсаты Георгийы боксгӕнӕн ӕрмкъухтӕ (перчатки). Дыккаг лӕвар дӕр уынут уӕхӕдӕг: номдзын ирон нывгӕнӕ Хъотайты Гришӕйы конд ныв «ИСКУССТВОВЕД».
Ӕмӕ та знон, Цыппурсы боны зынаргъ экспонант фӕзынт мӕ музейы. Дысон мӕм ӕхсӕвы 9 сахаты хӕдзармӕ ӕрбадзырдта Цхинвалы сахары мэр Коцты Алан ӕмӕ афтӕ дзуры: мӕнӕ дын Таймӕзты Артур цы борцовкатӕ (хъӕбысхӕцӕджы къахы дарӕс) баныфс ӕвӕрдта, уыдон рарвыста Дзӕуджыхъӕуӕй. Иуныхасӕй лӕгдзинад равдыстой, чи сӕ рарвыста уый дӕр ӕмӕ сӕ чи аерласта, уый дӕр. Гъе, уый дын лӕвар Цыппурсы боны.
Ныр та уӕ хъусдард аздахут мӕнӕ ацы къаммӕ, кӕцы ист у музейы къуымтаей сае иуы. Уӕлейӕ рахисырдыгӕй ауыгъд сты Челӕхсаты Георгийы боксгӕнӕн ӕрмкъухтӕ.
Уыдон бын рахисырдыгӕй легендарон хъӕбысӕйхӕцӕг, ӕртӕ хатты Олимпион чемпион Таймӕзты Артуры борцовкӕтӕ йӕ автографимӕ. Уыдон мидӕг дунейы иуыл хорзӕхджындӕр уӕгъдибар хъӕбысхӕцӕг рамбылдта 2004 азы Афины Олимпиадӕ.
Къамы ма уынут 2016 азы Бразилийы Олипиадӕйы Рӕмонты Сослан цы ирон тырыса систа (фыццаг хатт уыд ахӕм цау) финалон тохы фӕстӕ, уый. Ауыгъд ма дзы ис Уӕрӕсейы ӕбырдгонд командӕйы сӕйраг тренер Тедеты Дзамболаты спортивон формӕ, кӕцыты митӕг къухдариуӕг кодта Бразилийы Олимпиадӕйы.
Уынут ма дзы атомон ихсӕттӕг «Арктикӕ»-йы легендарон капитан Кучиты Юрийы лӕвар НЫМӔТ (сау хуыз), кӕцы 2003 азы цалдӕр боны уазӕгуаты уыд мӕнмӕ, Дзауы.
Казбек Чел-Ахсартаг

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.