Хъуыддагон ныхас хъæууон цæрджытимæ
Нæ республикæйы президенты бынатмæ дыккаг турмæ цы дыууæ кандидаты ахызтысты, уыдон дарддæр æмбæлынц се 'взарджытимæ. Тыбылты Леонидæн ахæм фембæлд уыд Бихъары цæрджытимæ. Сæ разы ныхас кæнгæйæ, Леонид сæйраг хъусдард аздæхта хъæууон цæрджыты цард фæхуыздæр кæнынмæ. Ацы фарст уæлдай риссагдæр разынд ацы хъæуы цæрджытæн, уымæн æмæ сæм нæй рæстмæ фæндаг, нæй сæм дон, нæ сæм ахсы бынæттон телеуынынад æмæ сæ ныр, Леонидимæ ныхас кæнгæйæ, йæ программæимæ йын базонгæ уæвгæйæ, цыдæр ныфс бацыдис.
Уыцы фембæлды фæстæ Леонид æмæ йе 'ууæнчы адæймæгтæ ацыдысты Гро-мы хъæумæ. Ацы хъæуы дæр бирæ уыд проблемæтæ æмæ сæ хъæуы цæр-джытæ дзырдтой зæрдæрисгæйæ. Леонид сæ базонгæ кодта йæ программæйы сæйрагдæр уагæвæрдтимæ. Фæлæ уыдоны тынгдæр цымыдис кодтой, хъæууон хæдзарадмæ чи хаудысты, уыцы фарстытæ. Президенты бынатмæ кандидат Тыбылты Леонид сын ныфс бавæрдта, кæд ыл адæм се 'ууæнк бафтауой, уæд йæ ахсджиагдæр хæстæй сæ иу кæй уыдзæн хъæууон хæдзарад æмæ уыимæ хъæууон цæрджыты фæрныгад райтынг кæнын. Цæрджыты ныфс бацыд æмæ дзырдтой сæ хъуыды æргомæй.
Дарддæр ма Леонид æмæ йе 'мбæлттæм æнхъæлмæ кастис иу фембæлд Арцеуы хъæуы, фæлæ Арцеуы хъæуы цæрджытимæ бахъуыд æнæ Леониды хайадистæй фембæлын. Тагъдыл æм хъуыддаджы фæдыл кæй фæдзырдтой горæтмæ, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр Арцеуы хъæуы цæрджытимæ ацы фем-бæлд рауад хъуыддагон.
Бирæ адæм æрбацыдис ардæм. Хъæуы цæрджытæн Леониды æууæнчы адæм бамбарын кодтой йæ хъуыдытæ хъæууон адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Хъæуы цæрджыты царды уавæртæ тынг æвзæр кæй сты, уымæ гæсгæ сылгоймæгтæй чидæртæ нæ урæдтой сæ цæссыгтæ, афтæмæй дзырдтой сæ царды уавæртыл. Куыд дзырдтой, афтæмæй хъæуы нæй рухс, дон, фæндаджы уавæр дæр у æвзæр, цы иунæг маршруткæ сæм цæуы, уый дæр хъæуы бынмæ нæ цæуы æмæ йæ размæ цæуын фæхъæуы 3-4 километры бæрц. Диссаг уый у, æмæ ирон цæрджыты иу хай кæй баззад гуырдзиаг территорийыл. Уымæ гæсгæ сын рахизын тынг зын вæййы нæхи территоримæ. Куыд загътой, афтæмæй сын ацæуæн нæй уыдоны 'рдæм дæр. Иудзырдæй, ацы адæм сты, ахæстоны куыд бадай, афтæ. Æп-пæт ацы фарстытæ скъуыддзаг кæныныл цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæ-мæй йæхи никуы ничи батыхсын кодта.
Æвзарджытимæ фембæлды рæстæджы ма дзырд фæцæуы æрмæст цæрджыты æрвылбонон царды фарстытыл нæ, фæлæ ма къорд æндæр проблемæтыл дæр. Катайдзинад æвдыстой адæймаджы бартæ бирæ хъуыддæгты хæлд кæй цæуынц, бирæтæ тæрхон сыл не скæнгæйæ æмæ сын сæ аххосдзинад не сбæлвырд кæнгæйæ, бирæ рæстæджы дæргъы кæй бадынц нæхимæ ахæстоны. Афтæ сæ тыхсын кæны, Гуырдзыстоны ахæстæтты чи бадынц, уыдонимæ се 'мзæххон Дудайты Марикы хъысмæт дæр. Уый фæдыл Тыбылты Леонид фарст æрæвæрдта Женевæйы дискусситы нæ делегацийы сæр-гълæууæг Цоциты Барисы раз, цæмæй йыл æруынаффæ кæной ахæм æмвæ-задыл æмæ йыл уынаффæ дæр æркодтой. Тыбылты Леонид ныфс æвæры, кæд ыл адæм се 'ууæнк бафтауой, уæд нæхи ахæстæтты чи сты, уыдоны тыххæй кæй бацархайдзæн амнисти расидыныл.
* * *
Республикæйы президенты бынатмæ кандидат Тыбылты Леонидæн ма радон фембæлд уыд Чысангомы хъæуты æвзарджытимæ.
Райдианы уал уыдон фембæлдысты Захъоры хъæуы цæрджытимæ. Ацы хъæу Ленингоры районы нымад цыд иууыл стырдæр хъæуыл, фæлæ йæ цæр-джытæ хуыздæр цардагур фæлыгъдысты æндæр рæттæм. Цы цæрджытæ ма дзы баззад, уыдон кæд ацы хъарм уалдзыгон бон æнæвдæлон уыдысты, уæд-дæр рæстæг ссардтой фембæлдмæ æрбацæуынмæ.
Тыбылты Леониды æвварсхæцæг, зарæггæнæг Гуццаты Нодар, бирæ рæстæджы дæргъы нал уыд, кæм схъомыл, уыцы бынæтты æмæ ныр Леонидимæ уырдæм цæугæйæ, куы федта, йæ район цы æдзæллаг уавæрмæ æрцыд, йе 'мзæххон адæм цахæм фыдцард кæнынц, уый, уæд сæм зæрдæрисгæйæ æрсидт, зæгъгæ, ацы уавæрæй ма схизæн ис æрмæстдæр куырыхон зонд кæмæн ис, йæ адæмы патриот чи у, ахæм адæймаджы равзаргæйæ.
Сæ разы ныхасгæнгæйæ, Леонид сæйраг хъусдард аздæхта хъæууон цæрджыты цард фæхуыздæр кæнынмæ. Уый сæ базонгæ кодта йæ программæимæ æмæ æрдзырдта, куыд ис сæ разылæууæг проблемæты аиуварсгæнæн.
Ацы фембæлды фæстæ Леонид æмæ йе 'ууæнчы адæймæгтæ ацыдысты Садзегуры хъæумæ. Уыцы хъæумæ цæугæйæ, сæ размæ рацыдысты Къоринтайы хъæуы цæрджытæ, Леонидимæ сæ фембæлын кæй фæндыд, уый тыххæй. Къоринтайы хъæуы цæрджытæн дæр бирæ проблемæтæ уыд сæ царды æмæ сæ фæндыд, цæмæй семæ базонгæ уыдаид Леонид. Бирæ проблемæтæ уыд сæ царды Садзегуры цæрджытæн дæр. Уыдон уыдысты, транспорт сæм кæй нæ цæуы районæй, æртаг, ссад æмæ æндæр хъæуæг продукттæ æмæ сæудæджерадон товартæ сын æртывæр æргътæм кæй уæй кæнынц. Семæ ныхасгæнгæйæ сын Леонид загъта, зæгъгæ мыл кæд уе 'ууæнк бафтауат, уæд цæттæ у уыцы проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ.
Уый фæстæ Леонид æмæ йе 'ууæнчы адæймæгтæ ацыдысты райцентрмæ. Ам дæр æв-зарджытæ Леониды размæ рахастой, тынгдæр сæ цы æндавы æмæ цæуыл тыхсынц, уыцы фарстытæ. Уыдон та цъус нæ уыдысты. Уыцы бон ма Тыбылты Леониды æууæнчы адæймæгтæ фембæлдысты Орчъосаны æмæ Цъинагары хъæуты цæрджытимæ.
БЕСТАУТЫ Валя
"Хурзаерин"
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.