Хуры тын йæ был сдардта петербургæй

5 апреля 2012 История [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [10087 просмотров]

Хуры тын йæ был сдардта петербургæй(Журнал «Хуры тын»-ы фыццаг номыры рацыды 100 азы бонмæ)
Ирыстоны историйы фæрстытæй кæцыфæндымæ ма февнал - дæ фæндаг дæ акæндзæн Петербургмæ.
Раздæры азтыл нæ дзурын, фæлæ 1774 азæй фæстæмæ Петербург Ирыстоны барæвдыдта, сбаста йæ Стыр Уæрæсеимæ, радта йын царды уавæртæ, фæндæгтæ - рухсдзинадмæ.
Ирæтты уарзондзинад егъау у Петербургмæ (къаддæр нæу уыцы уарзондзинад Мæскуымæ дæр, уæлдайдæр та абон. Не скаст, нæ ныфс, нæ сомбон Мæскуы-Кремлыл баст сты).
Абон нæ ныхасы сæйраг хай хауы кæддæры Петербургмæ, хæххон ирæттæ сæхи цы Уæрæсейы зæрдæмæ-артдзæстмæ æппæрстой, уыцы культурон центрмæ.
Уыдис рæстæг, нæ фæсивæд рæстдзинад райсыны фæдыл сæхи Петербургмæ куы æппæрстой. Уый дын Мамсыраты Темырболат (1845-1899) - фыццаг ирон поэт; уый дын нæрæмон Къоста (1859-1906) - ирон литературæйы бындурæвæг; Коцойты Арсен (1873-1944) ирон прозæйы зæрингуырд, 1912 азы газет «Правда»-йы фыццаг корректор; Брытъиаты Елбыздыхъо (1881-1923); хурæмдых лæг Абайты Уасо (1900-2001) æмæ æнд.
Ранымадгонд фæлтæр, стæй уæд уыдон фæстæйы зиууæттæ цæмæ фæцыдысты Петербургмæ, цы сарæзтой æмæ цæмæйты æрыздхтысты, уыдон тыххæй хицæнтæй бирæ дзурæн, бирæ фыссæн ис. Абон нæ ныхас у, ирон драматурги æмæ театрæн бындур чи æрæвæдта, уыцы Елбыздыхъойыл, кæцы цард æмæ ахуыр кодта Петербургы 1908 азæй суанг 1917 азмæ, уым уагъта журнал «Хуры тын».
Елбыздыхъо нырма ахуыр кодта психоневрологон факультеты. Раивта уырдыгæй æмæ кæронмæ каст фæцис юридикон факультет.
Æхсæнады ахсджиаг фæрстытæм акæсынæн Елбыздыхъойæн фадат лæвæрдта йæ дæсныйад. О, фæлæ Елбыздыхъо ирон лæг уыд. Ирон лæг та йæ ‘взаг æмæ йæ гъдæуттæй лæг у. Национ культурæ, не ‘взаг, нæ литературæ, театр, периодикон мыхуыр - фыццаг бынаты сæ æвæрдта Брытъиаты фырт. Петербурджы уæвгæйæ, уый хорз зыдта, йæ зæрдæ цы ахсджиаг фарстытимæ дзырдта, уыдæтты.
Фыста Елбыздыхъо сеппæтты тыххæй дæр, уыдон ахсджиаг сты, фæлæ ныхасы сæр у, цахæм уыд Елбыздыхъойы ахаст ирон литературæмæ, цы йæ æркодта уымæ, цæмæй 1912 азы Петербурджы уадзын райдыдтаид журнал «Хуры тын».
Журнал уадзыны хъуыды Елбыздыхъомæ рагæй уыд, бирæ цæлхдуртыл æмбæлд, фыста æххуысы охыл Æмбалты Цоцкомæ дæр.
Æнцон хъуыддагмæ кæй нæ бавнæлдта, уый йæхæдæг дæр хатыд. «Ирон мæгуыр лæгæн æцæгæлон бæсты, уæлдайдæр Петербухы, журнал джиппы уадзын йæ бон никуы суыдзæн».
Йæ уæлхъус цы фæлтæр æрбалæууыд - Дзанæгаты Хъамболат, Алыккаты Хаджумар,Солтанты Ноги æмæ Цæболты Пауле, уыдонæй та галы бузныг фæцис-куыст æмæ хæрдзты фылдæр хай сæхимæ кæй айстой, уый тыххæй.
Елбыздыхъо йа размæйы фæзынгæ газеттæ æмæ журналтимæ хорз зонгæ уыд; «Ирон газет»-1906; «Ног цард»- 1907; «Хабар»-1909; журналтæ «Зонд»-1907; «Æфсир»-1910; «Чырыстон цард»-1911аз.
Бæлвырд у уый дæр, Брытъиаты Елбыздыхъо 1901 азæй кæй ныхъхъуыды кодта журнал уадзыныл æмæ йын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нæ бантыст йæ рауадзын 1912 азмæ.
Кæм цы уыд, уыдон дардыл хъуыддæгтæ уыдысты, Елбыздыхъойы дæр та бахъуыд Тифлисы сæр,уымæн æмæ бынаты ничи разынд Джиоты Порайы æмсæр. Пора дæр фыццаг бахатыдыл не сразы, кæй йын ницы фыстой, уый тыххæй. Дыккаг хатт сразы, йæхиуæттæ йæхи 'рдыгæй куы фесты, уæд. Æрмæст банысан кодта, зæгъгæ, фыццаг номыры нау «Титаник» æмæ «Ленæйы сызгъæринкъахджыты сæфт» æгæр карзæй фыст сты, иннæ æрмæджытæм цензор ницы фау хæссы. Афтæмæй уал рухс федтой журналы фыццаг æмæ дыккаг номыртæ.
Тбилисмæ, Порамæ æрвыст æрцыд æртыккæгæм номыр дæр. Цензурæ уым дæр тæссагæй ницы рахатыд æмæ уый дæр ифтонгæй, «æнæфыдбылызæй» рацыд рухсмæ.
Уæззау дуг æмæ æнтъыснæг рæстæджы Елбыздыхъо æмæ йе 'мбæлттæн бантыст «Хуры тын»-æй æрмæстдæр æртæ номыры рауадзын.
Дардыл уыдысты Елбыздыхъойы хъуыдытæ не 'взаг, не 'гъдау, ирон нывæфтыд литературæйы тыххæй. Журналæн дæр сæйраг фарстытыл уыдоны нымадта. Æниу журнал «Хуры тын»-æн бынæвæрдыл (йæхи термин у) куы хъуыды кодта, уæд йæ сæйрагдæр фарстытæ уыдысты: 1. Аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ драмæтæ; 2. Низæй хи хъахъхъæнын,зайæгойты цард æмæ зæххы куысты уынаффæтæ. 3. Адæмы цард, кусæг адæмы змæлд, скъола, дин æмæ æгъдæуттæм æркаст. 4. Иумæйы куысты пайда. 5. Паддзахады тæрхондоны хабæрттæ. 6. Тæхгæ науты хъуыддаг. 7. Фæрсджытæн дзуапп. 8. Хабардон. 9. Фау æрхæссын æнаивдзинæдтæм. 10. Кæсдæрты дуне. 11. Грамматикæ. 12. Арвистон. 13. Ног чингуыты рацыд.
Кæуылты уыдысты Елбыздыхъойы хъуыдытæ, фæлæ дзы цъус бафæрæзта рæгъмæ рахæссын, фольклор æмæ нывæфтыд литературæ дзы рæстмæ нæ рарттывта. Журналимæ зонгæ уыд Вс.Миллер дæр, ныфсытæ сын бавæрдта æрмæджытæй, дæтгæ дæр сын ракодта Нарты кадджыты, фæлæ æппæт дæр баззад аууоны.
Журнал аккаг аргъ скодта Цæлыккаты Ахмæты чиныг «Чаша жизни»-йæн («Царды нуазæн»).
«Хуры тын» йæ цыппæрæм номыры хъавыд Л.Н.Толстойы «Хадзымурат» ныммыхуыр кæнынмæ, фæлæ уый дæр баззад…Нал рацыд цыппæрæм номыр.
Журнал «Хуры тын»-ы цы ахсджиаг æрмæджытæ æрцыд мыхуыр, уыдоны'хсæн зынгæ у уац «Титаник» æмæ «Ленæйы сыгъзæринкъахджыты сæфт».
Журнал адæмæн рахабар кодта англисаг нау «Титаник»-ы сæфты хабар,йе сæфты аххосæгтæ.
Сыбыры Ленæйы былыл æрзæткъахæнты цы кусджытæ куыстой стонг æмæ чъизийæ,уыдон æрдомтой мызд фæфылдæр кæнын, кусгæ бон фæцыбырдæр кæнын. Ныццагътой кусджыты, фæмард дзы 150 лæджы, 250 адæймагæй та фесты уæззау цæфтæ.
Елбыздыхъойы журнал хæрамы цæстæй акаст æрцæуæг хабæрттæм.
Журналы æргомæй зыны Елбыздыхъойы хъуыды ирон чиныджы тыххæй.
Фыдæхы цæстæй кæсы Елбыздыхъо ахæм ирæттæм, ирон чиныг нæ ницæмæн хъæуы, зæгъгæ, ахæм хъуыдыйыл лæуд чи у. Йæ карз уайдзæфы хай загъта Дзассохты Гигойæн ,кæцы газет «Терек»-ы æргомæй загъта йæ хуыды, ирон адæмы ирон чиныджы сæр ницæмæн хъæуы, йæ хæрдзтæ дзæгъæлы сты, зæгъгæ. «Хуры тын»-ы сæр дæр нæ адæмы кæй нæ хъæуы,уыцы хъуыды дæр æм æргом уыд Гигомæ.
Брытъиаты Елбыздыхъомæ. «Хуры тын» - ы уадзыны тыххæй цы хъуыды уыд, уый æргомæй загъта: «Зæхмæ хуры тын куы ныккæса - кæдæм нæ бахъардзæн йæ рухс! Мах дæр фæзмдзыстæм хуры тыны. Йæ ном дæр ыл ис.
Мах бæллæм хуры тынау талынг срухс кæнын, уазал батавын, уæнгты уæнгрог цæвæрын».
Йæ адæммæ, журналкæсджытæм та йæ сидт у ахæм: «Не ' фсымæртæ! Ма ныл фæгуырысхо ут, дард æмæ уазал бæстæй хуры тын кæй фæзмæм,уый тыххæй. Нæ зæрдæты æвæрд у æнæрæвдыд уарзондзинад. Уарзæм нæ бæстæ, тырнæм æм, дзурæм æм».
Елбыздыхъойы фæндон æмæ домæн у: « Зæгъын кæй хъæуы æмæ кæй нæ зæгъæм, уый чи зæгъа, уымæн иттæг арфæ ракæндзыстæм»
Брытъийайы фырты сæйраг сагъæс цæуыл уыд,уый дæр æргомæй загъта: «Дунейы хæзнадон æнхъæлмæ кæсы мах хæзнатæм дæр! Сæвæрæм дзы, сæвæрæм, æфсымæртæ нæ нысайнаг! Хъуамæ йæм куы бацæуæм, куы дзы исæм хæзна,уæд нын ахæм уайдзæф макæй бон уа: «Сымах та цы кæнут, ам уын куы ницы ис !»
«Хуры тын»-æй цы æртæ номыры рацыд, уыдон тагъд фæхæццæ сты Дзæуджыхъæу, Уæлладжыры ком, Беслан, Тифлис æмæ æндæр рæттæм. Ирæттæ сыл зæрдæрухсæй сæмбæлдысты. Елбыздыхъоимæ иумæ журналы мыхуыры цыдысты Гæдиаты Секъа, Тлатты Хох, Хъороты Дауыт, Æмбалты Цоцко, Æлборты Барысби æмæ æнд. уацмыстæ.
Елбыздыхъоимæ иумæ Тлатты Хох дæр карзæй æфхæрдтой ахæм ирæтты, йæ адæмæй йæхи иуварс чи ласы, йе'взаг æмæ ирон æгъдæуттæ йæ сæрмæ чи нæ хæссы, йæ адæмы культурæйыл æлгъ чи кæны.
Рæстдзинад агуырдта Елбыздыхъо кæддæриддæр. Журналы дыккæгæм номыры йæ хъуыдытæ загъта Думæмæ æвзæрстыты æнæраст закъоны тыххæй. Дыккæгæм номыры уац «Æхсæны дуканитæ»-йы (йæ автор Егор Къ) дзырд цыд, мæгуыр ирон адæмы алыгъуызон æдзæсгом базаргæнджытæ куыд стигъынц. Уацы амындæуы, æхсæнадон дуканитæ куы фæзынит, уад адæмы царм афтæ стыгъд нæ цæуит.
Журнал адæмы æнæниздзинадыл дæр тынг тыхст. Уац «Бахъахъхъæнæм низтæй нæхи»-йы (автор Быдтаты А.) дзырд цæуы низты фæзынды аххосæгтыл, хи сæ куыд хизын хъæуы, ахæм мадзæлттыл.
«Хуры тын»-æн йæ сæйраг тых нывæфтыд литературæйы 'рдæм здæхт кæй хъуамæ уыдаит, уый бæвырд уыд. Кæд дзы цъус уацмыстæ æрцыд мыхуыр - Елбыздыхъойы «Маймули рухсаг уæт, æгас цæуæт ирон театр», Бязыры фырты æмдзæвгæ «Л. Н. Толстой», Хъороты Д. æмдзæвгæ. «Къостайæн», Æлборты Барисы «Æфстау æртæ боны», уæддæр зæгъын хъæуы: цъус уымæн сты, æмæ нырма Петербургæй Ирыстонмæ журналы кой нæ айхъуыст, куыд æмбæлы, афтæ. Æрмæджытæ фæхæццæ кæнынæн та рæстæг хъуыд, Питер æмæ Ирыстон кæрæдзимæ дард уыдысты. Йæ дыккаг аххосаг та уыд: журнал цъус ацард, æртæ номыры фæдисы хъæр ныккодтаиккой, уый фаг тых сæм нæ разынд.
Æдзард журналæй нæ ферох тæлмацы хъуыддаг дæр. Мыхуыр дзы æрцыд Хиряковы уацмыс «Стыр тох». Ирон æвзагмæ йæ стæлмац кодта Æмбалты Цоцко.
Дуг йæ бон калы, авналæнтæ къуындæг уыдысты. «Хуры тын»-æн йæ улæнтæ аппарын нæ бантыст дард Питерæй Ирыстонмæ, фæлæ йæ хъæр фехъуыст, анæрыд нæ хæхты, Ирыстоны талынг къуымтæм тагъд Хуры тынтæ кæй бакæсдзысты,уыцы ныфсы хъуыдытæ бацагайын кодта журнал.
«Хуры тын»-ы рацыдыл æххæст кæны 100 азы. Дард Питеры стахт нæ зæрватыкк, йæ ных сарæзта Ирыстонмæ, æрзылд нæ рæсугъд хæхтыл , нæ фидауцджын кæмттыл æмæ нын бамбарын кодта - Ирыстонæн ис сомбон, фыдæлты æвзаг æмæ ‘гъдау, нæртон хистæртæ æмæ рæгъыдзыд кæстæртæ, сæрибары уадындзæй чи зары, рухсмæ нæ чи хоны, ахæмтæ- Елбыздыхъойы хуызæттæ. «Хæрзгæнæг хорз йæ афоныл нæ ары». Уый Елбыздыхъойы ныхас у æмæ нæ ма хъуамæ уа рох. Елбыздыхъо йæ царды фæстаг бонты дæр йæ уд хъардта адæм, йæ Ирыстонæн истæмæйты йæ къух фæрæуæг кæныныл.


ПЛИТЫ Гацыр

 

"Хурзаерин"

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Венченсо Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Книжный МИР ЮОГУ
Акция.

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Октябрь 2016    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29 30
31  
 Розетка
Приветствие у Осетин Алан

Государственный Драматический театр им.К.Л.Хетагурова представляет:

26, 27 премьера-"Жена по контракту. Комедия.
29.10-"Тугайдзаг чындзахсав .Трагедия.
1.11- " Тётушка Чарлея. Комедия.
3.11-" Дзанаты фандаг. Мистическ.трагедия.
4.11- "Жена по контракту. Комедия.
9.11-" Ды ма куы уарзай. Комедия.
Начало в 18.00.

Курс рубля на межбанковском рынке

ГУП Энергоресурс

Объявления

Грузовые перевозки по маршруту Цхинвал -Ростов- Воронеж- Москва. Выезд из Цхинвала каждого 15 числа месяца, прибытие в Москву 16 числа вечером. 20 числа каждого месяца из Москвы по тому же маршруту. Телефоны: Цхинвал : +7 929 804 55 31. Москва :89260502267 Спросить Вову. Машина, Мерседес VITO
***
Сниму 2-3 комнатную квартиру со всеми удобствами , бытовой техникой и с хорошим ремонтом тел 8929 805 09 07
***
Сдаются в аренду две комнаты под магазин в доме 128 на пр.А.Джиоева на первом этаже. Цена договорная. Обращаться по телефону: 89298049885
***
Профессиональная Фото и Видео съёмка Виньетки , дни рождения, свадьбы. Моментальные фото за 5 минут Опыт работы 20 лет. 8928 497 88 14 Спросить, Тамаза Макиева
***
Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю
***

Осетия

Задать вопрос
Радио «Ир-FM» 102,3 MHz, Цхинвал, Республика Южная Осетия