Историон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын - нæ ахсджиаг хæс
Нæ республикæйы территорийыл бирæ ис ахæм цыртдзæвæнтæ, кæцытæн ис историон æмæ культурон нысаниуæг. Хъыгагæн, уыдон бахъахъхъæнынмæ фаг хъусдард здæхт нæ цыд советон дуджы дæр. Уымæ гæсгæ сыл рæстæг йæ æгъатыр арм æвæрдта æмæ раууатмæ цыдысты. Фæстаг дæсгай азты та ахæм объекттæ реставраци кæнын æмæ сын сæ историон хуыз раздахыныл дзырд дæр нæ цыд.
2008 азы августы хæсты фæстæ арæзтадон куыстытæ, куыд горæты, афтæ æндæр рæтты дæр кæй райтынг сты, уый равзæрын кодта ног проблемæ. Историон нысаниуæг кæмæн уыд, сæ архитектурон хуыз æмæ бакастæй æндæр бæстыхæйттæй чи хицæн кодта, уыдонæй дæр бирæтæ кæй бахъыгдард сты хæсты фæстиуæгæн, уымæ гæсгæ æндидзыд нæ цыдысты, фæлæ аразджытæ цыдысты æнцондæр фæндагыл - уыдон бынтондæр ныппырх кæнын æмæ сын сæ бынаты æндæр объекттæ саразын. Ахæм цæвиттонтæ бирæ ис æрхæссæн. Цæвиттон, йæ хъысмæт бæллиццаг нæ рауад нæ горæты цыртдзæвæн, Сырх Дзуар кæй хонæм, уымæн. Уымæн разианчындæуыд 1992 азы стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн. Цыма йын уый фаг нæ уыд, уыйау æй фæстæдæр зæххимæ сæмвæз кодтой, ногæй йæ саразын æмæ сæндидзын кæныны хъуыдыимæ. Фæлæ абон дæр афтæмæй баззадис.
Нæ республикæйы Культурæйы ми-нистрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Табуты Нелли куыд зæгъы, афтæмæй ныр уæлдай хъусдард аздæхтой ацы хъуы-ддагмæ. Нæ горæты рагон хуызыл дзурæг организацитæ æмæ уагдæттæм æнæмæт ахаст дарæн нæй. Цы æрцыд пырхгонд, уыдонæн фæстæмæ сæ рагон хуызимæ саразæн нал ис, фæлæ ныр бахъахъхъæндзысты иннæ бæстыхæйтты. Уыдон та сты нæ паддзахадон драмон театр, Парламенты бæстыхай, стыр аптекæ кæй хонæм, раздæры банк, университет. Нелли куыд зæгъы, афтæмæй, фыццæгæм ирон скъола ныппырх кæнын дæр уыд стыр рæдыд. Уыцы скъолайы историимæ баст сты бирæ цаутæ. Зæгъæм, уым ма уыдис аэроклуб дæр æмæ дзы ахуыр кодтой нæ интеллигенцийы минæвæрттæй бирæтæ. Уыцы скъолайы кæрты дæр уыдис дыууæ аргъуаны. Уый уыд табуйаг бынат æмæ йæ хъуыд бахъахъхъæнын. Йæ бынаты та, Неллийы ныхæстæм гæсгæ, саразын хъуыд фæсивæдæн хиирхæфсæн бы-нат, кæнæ æндæр культурон артдзæст. Нелли ма куыд банысан кодта, афтæ-мæй æрæджы уыдысты, Хицауадæн цы рабадт вæййы, уыдонæй сæ иуы. Уым сæ хъуыды бамбарын кодтой Президенты хæстæ æххæстгæнæг Вадим Бровцевæн. Уый рахæцыд сæ хъуыдыйы æвварс.
Уымæй дарддæр ма Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайадæн горæты администрациимæ иумæ сæ зæрды ис, цæмæй саразой Совет цалдæр адæймаджы скондæй. Уыдон æхсæн уыдзæнис нывгæнджытæ, архитектортæ, куысты дæснытæ. Искæцы цыртдзæвæн реставраци кæнгæйæ, уыдон уынаффæ хæсдзысты развæлгъау, куыд æмæ йæ цы хуызы араздзысты, уый тыххæй. Уымæ гæсгæ уыдон горæты администрацимæ бахастой уагæвæрд, фæлæ нырма ацы хъуыддаг скъуыддзаг не 'рцыд. Куыддæр сæ ныхас зæгъой, афтæ уайтагъд æрæвналдзысты сæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Ацы фæндон æхсызгон уыд горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гæбæраты Вадимæн дæр. Куыд сын баныфсæвæрдта, афтæмæй уыцы къамис саразыны ницы проблемæ уыдзæнис. Уый та хорзæрдæм фæзындзæнис нæ горæты аивдзинадыл. Уымæн æмæ аразджытæй кæй куыд фæнды, афтæ нал пырх кæндзысты нæ историон цыртдзæвæнты æмæ сын сæ бынаты нæ араздзысты æндæр арæзтæдтæ.
Нæ горæты цæрæн хæдзæртты фисынтыл, тортуарты 'рдæм магазинтæ кæй аразынц, æмæ дзы фистæгæй цæуджытæн ахизæнтæ кæй нал ис, уый дæр æвзæрырдæм зыны горæты æддаг бакастыл. Уымæ гæсгæ Советы уæнгтæ сæ хъуыды æмæ сæ фæндон зæгъдзысты уыдоны тыххæй дæр. Мах æнæмæнг хъæуы нæ националон элементтæ бахъахъхъæнын, уымæн æмæ уыдон сты Ирыстоны историйы æвдисæндартæ æмæ нæ адæмы цардыл дзурæг, - зæгъы Табуты Нелли. Уый ма куыд загъта, афтæмæй нырæй фæс-тæмæ РХИ-йы Фæндæгты, капиталон арæзтады æмæ архитектурæйы министрад арæзтадон куыстытæ æххæстгæнгæйæ, хъуамæ разыйы ныхас иса Республикæйы Культурæйы мини-страды цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайадæй. Уыдон куыд бадзырдтой, афтæмæй арæзтады министрад республикæйы территорийыл цахæм-фæнды арæзтадон куыстытæ дæр ма æххæст кæной, уæддæр сæ райдайыны агъоммæ хъуамæ фехъусын кæной ацы хайадæн. Археологтæ та æмбæлон гæххæтт дæтдзысты арæзтадон организацитæн иу кæнæ иннæ территорийыл арæзтадон куыстытæ сæххæст кæныны тыххæй. Табуты чызг ма куыд загъта, афтæмæй уыдон сгардзысты, арæзтад кæм райтынг уа, уыцы бынæттæ, архитектурон æмæ историон цыртдзæвæнтæ рабæрæг кæнын æмæ сæ бахъахъхъæныны фæдыл.
Алы бæстæ дæр сæрыстр цæмæй у æмæ йæ хæзнатыл цы нымайы, уыдон сты сæ историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ. Уыдон бахъахъхъæнын æмæ сæ фидæны фæлтæртæн сæ историон хуызы адæттын у паддзахады ахсджиаг хæс. Уый хорз æмбарынц нæ Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады кусджытæ дæр. Фæлæ æрмæст уыдон архайд фаг нæу. Æхсæнад æгасæй дæр хъуамæ архайа æмæ ауда уыдон бахъахъхъæныныл, сæ цард сын адаргъ кæныныл.
БЕСТАУТЫ Валя
http://xurzarin.ru/
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.