ХОРЗДЗИНАД МА РОХ КÆНÆМ
ХОРЗДЗИНАД МА РОХ КÆНÆМ
Республикæ Хуссар Ирыстоны сæ тæмæны бацыдысты президентон æвзæрстытæ. Нæ телевизорты экрантæй æмæ газетты фæрстæй та нæм рагудзи кодтой зонгæ æмæ æнæзонгæ цæсгæмттæ.Сæ иуæй-иутæ ацы кандидаттæй Хуссар Ирыстоны уæззау заманты, вазыгджын хабæртты уыдысты аууоны, уыдысты дард рæтты, фæлæ ныр, æвзæрстыты агъоммæ фæактивон сты, систы мæлгъæвзаг æмæ рæдау, æрымысыдысты кæддæр кæцæй рацыдысты æмæ кæй ферох кодтой, уыцы хъæуты, хæстæджыты, зонгæты, хъæубæсты. Сæ зæрдæтæ «риссынц» нæ адæмы бартыл, ныфсытæ сын æвæрынц дзæнæттон цардæй. Фæлæ сын адæм уынынц сæ удты æмбæхст «æхсæдæнтæ».
Кандидаттæй Президенты къæлæтджынмæ чи тырны, чи бырсы. уыдоны ‘хсæн ис Хуссар Ирыстоны фарныл, йæ сомбоныл удæй æмæ зæрдæйæ чи риссы, ахæмтæ дæр.Фæлæ дзы ис ахæмтæ æмæ Ирыстоны хъысмæт тынг кæй не ‘ндавы, цытуарзаг æмæ кадылмард чи у, æрмæстдæр йæхи гуылы бын арт чи æндзары.Уыцы «ахæмтæ» аххосджын кæнынц Хуссар Ирыстоны Президенты, стæй хицауады бæрнон адæймæгты алыгъуызон лыстæг цардуагон хъуыддæгты. Æмæ сæ бамбарæн ис, уымæн æмæ сæ нысан Хуссар Ирыстоны «сæрхъуызойтæн» у æппæт мадзæлттæй дæр сæ «тыхстдзинад» президентон æвæрстыты агъоммæ равдисын.Уымæ гæсгæ нæ ауæрдынц мæнг дзурыныл, даутæ кæныныл, цъыф калыныл. Æмæ кæд кандидаттæй иуæй-иутæ сæ цæсгæмттыл бæзджын агъудтæ бакодтой,уæддæр сæ адæм зонынц. Уымæн æмæ адæймаджы æрдзон фæтк æмæ интуицийæн æмбал нæй. Уый зоны авд дæлдзæхы дæр цытæ фæцæуы, уый. Стæй ма мæ зæгъын фæнды, уый æмæ цæмæй адæймаг адæймаджы рис зæрдæйæ æнкъара, уый тыххæй хъæуы йемæ цæрын æмæ сын сæ цардыуаг зонын. Адæм абон нал æууæндынц былдауæн æмæ зæрдæвæрæн ныфсытыл, уымæн æмæ сын зонынц сæ аргъ. Стæй сæ сайгæ дæр ничиуал фæкæндзæн. Уыцы рæстæджытæ адымдтой. Ныртæккæ у æндæр дуг, æндæр монон æмæ удварнон интерестæ æмæ æууæлтæм тырнынц нæ адæм æмæ нæ фæсивæд.
Абон нæ кæстæр фæлтæр, хъыгагæн, нæма ссæрибар сты хæсты хурхгæнæн аууонæй æмæ удмарæг зондахастæй. Фæсивæдæн нæй йæхи сæрмагонд бархъомыс, йæхи индивидуалон разæнгарддзинад. уымæ гæсгæ архайын хъæуы цæмæй нæ кæстæртæ активонæйдæр архайой Хуссар Ирыстоны мидцарды. Фæсивæдæн хъæуы сæ зондахаст фæивын, цæмæй хуыздæр зоной æмæ æмбарой Хуссар Ирыстонæн йæ хæрзгæнæг дæр æмæ йæ фыдбылызхæссæг дæр чи у, уыдоны.
Уымæн æмæ ног паддзахады къултæ, цæмæй фидар æмæ æндон уой, уый фылдæр аразгæ у нæ фæсивæдæй, фидæны цардæн йæ мæсыгамайджытæ уыдон сты.
Ирон адæмыл бирæ хæттыты æрцыд зындзинæдтæ æмæ уæззау хъуыддæгтæ, æрцыдис иу сыл бæсты сæфт дæр, фæлæ уæддæр сæ удвæллойæ цард ардтой хæхты уынгæг цъассыты, карз æмæ тызмæг уавæрты. Аккаг ныхкъуырд ирон адæм лæвæрдтой балбирæгътау иу сæм чи лæбурдтой, уыцы фыдызнæгтæн. Уымæн ирд æвдисæн сты Алыккаты Хазбийы, Коцты Бегайы,Томайты Мæхæмæты, Гæззаты Гадойы æмæ иннæ ирон хъæбатырты тугкалæн тохтæ æмæ лæгдзинæдтæ. Уæд уыд ахæм карз заман æмæ дуг, æмæ ирон адæм иудадзыг сæ хæцæнгæрзтæ дардтой ифтыгъдæй сæ кæрдтæ та фæцъортæввонгæй. Æмæ сын уымæ гæсгæ тыхгæнæг тых никуы ссардта, ничи сæ басаста. Цагъары худинаджы къæлæт хæссыны бæсты иу ирон лæг кæддæриддæр æвзæрста мæлæт.
Абон «нæ ирвæзынгæнæг нæхæдæг» афтæ нын фæдзæхста ивгъуыд æнусы 90-æм азты нæ номдзыд поэт æмæ ахуыргонд, дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил.
Абон ног демократон паддзахад - Хуссар Ирыстоны цæргæйæ мах, ирæтты, фæбæрзонддæр кæнын хъæуы нæ национ сæрыстырдзинад, нæ зондахаст, нæ хъуыдыты равг. Ирон æмбисонд цæйау фæзæгъы: «дон йæ рагон фæд куы нæ агура,уæд ын тас у фесæфынæй».
Æз кæддæриддæр мæ сæрæй ныллæг кувын Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард дæр æвгъау кæмæ нæ кастис, ахæм цæхæрцæст æмæ нæртон ирон лæппуты лæгдзинæдты раз.
Ивгъуыд æнусы 90-æм æмæ августы 2008 –æм азты сæ æз федтон постыты лæугæйæ æмæ баррикадæты уæвгæйæ, федтон сæ карз тохты рæстæг чи фæмард, уыцы æмгæрттыл сæ цæссыг сусæгæй калгæйæ. О, уыцы лæппуты фæрцы гуырдзиаг сæркъуыртæн нæ бантыст Хуссар Ирыстоныл цагъары къæлæт бакæнын, уымæн сын ссис æнæсæттон мæсыг нæ бæстæ. Æмæ нын кæд абон Стыр Уæрæсе æххуыс кæны алывæрсыгæй дæр,уæддæр нæ амонды мæсыг самайын абон кæсы нæхимæ. Уымæ гæсгæ мах равдисын хъæуы нæ адæмы æппæты арфæйагдæр æмæ хуыздæр миниуджытæ, нырыккон цивилизацигонд мадзæлттæ. Цæй æмæ æрымысæм, нæ фыдæлтæ нын цы æвæджиауы æмæ æгъуыстаджы фарн, æгъдау æмæ æфсарм ныууагътой, уый. Нæхи хъуамæ знæгты фæндиаг ма фæкæнæм. Не знæгты æндæр ницы хъæуы, сæ нысан у, цæмæй нæ кæрæдзиуыл сардауой æмæ нын не уæнгтыл сæ маргæйдзаг рæхыстæ бабæттой. Æмæ абон Хуссар Ирыстоны царды фæтк фехалынмæ чи тырны, змæст æмæ дзы æмтъерыдзинад саразынмæ чи хъавы, уыдон хъуамæ бамбарой, кæд ма сæ удты æмæ сæ зæрдæты ирон намысæн йæ фæд баззад, уæд, сæ агрессивон архайд æмæ тыхмитæ кæй кæнынц нæ адæмы фыдбылызмæ æмæ фыдвæндмæ, уый.
Абон æнæджелбедт æмæ æнæбындур хахуырты бын кæй фæкодтой, уыцы Президент Кокойты Эдуард Хуссар Ирыстонæн æрхаста сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Йæ фæрцы абон хуссайраг ирæттæ сæ райгуырæн къæстæм цæуынц æдасæй, хъыгдарæг сæ нæй, ничи уал рахизын кæны раздæры хуызæн нæ ирон сылгоймæгты æмæ сæ æнæфсармæй ничиуал ысгары,хынджылæг æмæ сæ джидзæг ничиуал кæны. Æмæ Эдуарды «критикæгæнджытæ» уыдæттæ цæуылнæ хынцынц? Цæмæн тагъд ферох кодтой нæ цыфыддæр знæгты æвирхъау митæ.
Нæ адæмæн абон æппæты ахсджиагдæр æмæ æвæджиаудæр уæлахиз у нæ сæрибардзинад æмæ нæ хæдбардзинад. Кокойты Эдуард сæххæст кодта йæ ныхас, Хуссар Ирыстоны æркодта хæдбар паддзахадмæ, ног царды уаг æмæ фæткмæ. Æмæ йыл цыфæнды даутæ кæной мæнгуд «патриоттæ»,алыхуызон хамелеонтæ, уæддæр йæ ном,йæ мыггаг,йæ лæгдзинад сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Ирыстоны æмæ Уæрæсейы историйы.Уымæн æмæ Балсæджы цалхау царды дуг ничи бауромдзæнис.
Президентон æвзæрстыты та мах хъуамæ схъæлæс кæнæм Кокойты Эдуардау Хуссар Ирыстонæн фарн æмæ цардамонд чи æрхæсса, ахæм адæймагыл.
Дыгъуызты Тенгиз,
Уæрсейы Федерацийы
Фысджыты æмæ Журналисты
цæдисты уæнг.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.