Амыраны байзæддаг

27 октября 2007 Общество [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [5216 просмотров]
Амыраны байзæддаг
Брытъиаты Елбыздыхъо
     Ирон адæмы лæгау лæг агурыны сæр никуы бахъуыд. 1906 азы Къостайы зынг куы ахуыссыд, уæд ын йæ тохы тырыса бæрзонд систа Брытъиаты Елбыздыхъо. Уыцы аз бацыд Уæрæсейы кусджыты Социал-демократон партийы рæнхъытæм. Уыцы аз ныффыста йæ тохмæсидæг трагеди «Хазби».
    Туалгом æмæ Куырттаты комы æхсæн зæйнад æфцæг йеддæмæ ницы уыд. Нар æмæ Дæллагхъæу тугдадзинтау баст уыдысты зæйхост къахвæндæгтæй. Уынгæджы бон-иу мæсгуыты æртытæ кæрæдзимæ тахтысты фæдисонтау. Фыдæй-фыртмæ туаллæгтæ дæр æмæ куырттатæгтæ дæр табу кодтой æгъдау, æфсарм, дзыллæйы фарнæн.
     Елбыздыхъо йæхи Къостайы фæдонæй равдыста йæ зондахаст, йæ æхсæнадон архайд, йе ’сфæлдыстады. Уый дæр равзæрста сæрибары сæраппонд тохы фæндаг. Уый дæр фидар бындуртæ æвæрдта литературæйы ног хуызтæн. Уый дæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста паддзахы заман — куы-иу талынг ахæстоны амæддаг баци, куы та-иу æй дард бæстæтæм ахастой.
    Уæддæр æнцой нæ зыдта, бæсты сæрвæлтау йæ удæй хъæсдарæг сарæзта, фæдисхъæрæй хъал кодта фынæй дзыллæты, фарны ныхас хаста хохæгты зæрдæтæм, фидæнмæ сын амыдта фæндæгтæ.
Йæ уды хæрзтæ рахаста йæ ныййарджытæ, йæ фыдыуæзæгæй. Дæллагхъæуы æвæджиауы рæсугъд æрдзы хъæбысы федта дунейы рухс. Ам фехъуыста хистæртæй хъæуы хурварс Ныхасы фыдæлтыккон таурæгътæ, зарджытæ, хъисфæндыры аив зæлтæ, æмæ сæ цæргæцæрæнбонты йæ зæрдæйы фæхаста хæзнайау.
Йе стыр курдиат, йæ æнæрынцой фæллой, йæ хъæздыг миддунейы фæрцы хуымæтæг хæххон лæппу схызт литературæйы бæрзонддæр æфцæгмæ, йæ бон баци ирон драматурги æмæ театралон аивадæн бындур сæвæрын, йæ адæмы истори æмæ мифологийы ахсджиаг цаутæ сценæмæ рахæссын, хохæгты удыхъæд æмæ цардыуаджы ссардта æмæ хæрз аив фæлгонцты снывæста ахæм миниуджытæ, сагъæстæ, æнкъарæнтæ æмæ бæллицтæ, æмæ сæ алчи дæр — æнахуыргонд уа, æви зонады фыддæсны — айсы зондæй, зæрдæйæ, цыма сыл тар æхсæв цырагъдар хæрхæмбæлд фæци, уыйау сæ развæд ныррухс вæййы.
   Афтæ зæгъæн ис, æмæ Елбыздыхъо Октябры революцийы агъоммæ сарæзта культурон революцийы программæ. Аивад æмæ литературæйы нысаниуæг куыд æмбæрста, фыссæджы хæстæм цы цæстæй каст, мадæлон æвзаджы хъысмæтыл куыд тыхстис, цæвиттон, нæ адæмы фыдæлтыккон культурæ — нæ традицитæ, нæ рæсугъд æгъдæуттæ бахъахъхъæнын, нырыккон цивилизацийы тæвагæй чи фæхъæстæ, уыцы аивад рæствæндагыл бафтауын — гъе уыдæттæ систы фыссæгæн йæ сагъæс, йæ мæт, йæ фыдæбоны сæр æмæ рахæцæн, йе стырдæр бæллиц царды дæр, аивад æмæ литературæйы дæр.
    Къостайæн йæ фыццаг юбилей дæр арæзт æрцыд Бетъырбухы Елбыздыхъойы зондæй, уый хъæппæрисæй. Нæ генион поэты амæлæтыл дæс азы куы сæххæст, уæд фыссæг æрæмбырд кодта ирон фæсивæды кадджын æмбырдмæ. Йæ раныхасы драматург афтæ загъта: махæн Къоста у, уырыссаг æвзагæн Пушкин, гуырдзиаг культурæйæн та Шота Руставели цы бавæййы, уый. Фыццаг хатт загъдæуыд ахæм ныхæстæ Къостайы тыххæй, æмæ сæ загъта поэты фыццаг юбилей саразæг йæхæдæг.
    Уый размæ та Елбыздыхъо Бетъырбухы рауагъта ирон журнал «Хуры тын». Аивад хъуамæ адæмæн амона ног фæндæгтæ, ног зонд — афтæ хъуыды кодта фыссæг æмæ йæ журналы размæ дæр ахæм ахсджиаг хæстæ æвæрдта. Адæм æмæ, фысгæ чи кæны, уыдон æхсæн фидар бастдзинæдтæ аразын нæхи ирон мадæлон æвзагыл, гъе уый у сæйрагдæр, — амыдта Елбыздыхъо йе ’мбæлттæ æмæ æмтохгæнджытæн.
    — Æз бæллын хъæздыг ирон литературæйы фæзындмæ, — фыста драматург, — цæмæй уа хъомысджын, цæмæй уæнгмард фæсивæды тæлфаг уд бауадза, æмæ йыл базыртæ ныссадза, уый нæ къухы куы бафта, уæд литературæ дæр райрæздзæн, æмæ нæ бон бауыдзæн нæ адæмæн лæггад кæнын.
   — Цæмæн хъуамæ аппарæм нæ хорз æгъдæуттæ — фарста драматург. — Кæд æмæ сæм цавæрфæнды адæм дэер куы бахæлæг кæнынц. Иннæ ахæм — нæ мадæлон æвзаг. Не ’взаг нæ хæзна. Мах хъуамæ нæ адæмимæ дзурæм нæхи æвзагыл, æрмæстдæр нæ уæд бамбардзæн æфхæрд хохаг лæг, цардбæллон ног фæлтæр нын уæд фехъусдзæн нæ сидт æмæ тохы нысаныл,уæд суыдзæн иузæрдтон æмæ æнувыд.
    «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр» — Елбыздыхъойы дунеæмбарынад ахæм бæрзонд æмвæзадмæ схызт, йæ эстетикон цæстæнгас æмæ сфæлдыстад афтæ сиу сты йæ рæстæджы социалон æмæ æхсæнадон змæлд æмæ ахастдзинæдтимæ, æмæ сын нал уыд кæрæдзийæ фæиртасæн.
    Елбыздыхъо æхсæнадон цард æмæ нæ литературæйы фæзынд революцион тохы цырены. Чи зоны, фыссæг, йæ царды мидис чи сси, уыцы политикон хъуыдытæ дæр равдыстаид йæ уацмысты. Фæлæ комкоммæ йæ иу пьесæйы дæр уыцы сфæлдыстадон уаг нæ фæзынд. Цымæ цæмæн рауад афтæ? Уый та уымæн, æмæ йæ фæндыд, кæмæн фыста, уый йæ арфдæр, æххæстдæр куы бамбæрстаид. Æнахуыргонд мæгуыр лæгимæ дзурын хъуыдис ахæм æвзагыл, ахæм цаутыл, йæ зæрдæмæ кæй айстаид, дызæрдыггагæй йæм куыд ницы фæкастаид — иу дзырдæй сценæ æмæ театрдзау хъуамæ уыдаиккой æмзонд-æмуд.
    Фæлæ Елбыздыхъо цыдæриддæр фыста, ууыл, æнæмæнг, кæддæриддæр бæрæг дардтой йæ политикон зондахаст, йæ революцион архайд, йæ цард, йæ фыццаг пьесæ «Уæрæседзау» йæ рæстæджы цаутæм цыма ницы бар дары йæ мидисмæ гæсгæ, афтæ зыны. Уый бынтон афтæ нæу. Ныхас цæуы, магусайæ цæлуарзаг, фæсдзæуины «диныл» чи бафтыд, ахæм ницæйагыл. Муссæ йæ фыдæлты фарныл йæ къух систа, йе ’дылы митæй йæ хъæуккæгтæн смаст кодта, æмæ йæ сæнттæ цæгъдгæ ныууагътой. Йæ мадæлон æвзагæй хъазæнхъул кæй сарæзта, тынгдæр та сæ уый бафхæрдта, уый сын байдзаг кодта сæ масты дзæкъултæ.
    Ирон æвзаджы хъысмæт рæгъмæ рахæссын, мадæлон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл сдзурын арфæйаг хъуыддаг уыди. Сæрибары сæраппонд тохы заман уымæн сырæзыд йæ ахадындзинад. Æвзаг дæр сæрибар царды нысан у, æмæ фыссæг йæ сæрыл барджынæй систа йае хъæлæс.
    Ссæдзæм æнусы райдианы Елбыздыхъойы æмдугонтæ фыстой комедитæ — Гуырдзыбеты Блашка, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт. Цæсты ахадыдтой, фæлæ цард хицæн худæг хабæрттæй вазыгджындæр хæссы, кæд сын арф социалон уидæгтæ разыны, уæддæр.
    Елбыздыхъо рахызт драматургийы зындæр, ахсджиагдæр жанртæм — драмæ æмæ трагедимæ. Æрмæстдæр уыцы жанрты ис равдисæн æххæстæй, бирæвæрсыгæй цардыуаджы, удварны хæрзтæ æмæ карз быцæутæ, мæлæтдзаг тох сæрибары сæрвæлтау, историйы æмæ мифологийы хъайтарты утæхсæн æмæ бæллицтæ. Ахæм цæстæнгас, ахæм æмбарынад сси Елбыздыхъойы эстетикæйы æрдзон миниуджыты сæйрагдæр.
   Драматургæн йæ дыккаг пьесæ «Худинаджы бæсты — мæлæт» социалон мотивтæй бирæ хъæздыгдæр разынд. Цæвиттон, бæллæхтæ расайдтой пъырыстыфы æгæнон митæ, æмæ Хъырымы цард ныссуйтæ, фыдгæнæг дзы сарæзтой йæ æфхæрд царды æууæлтæ. Фыдæлты фарнæй цыдæртæ ныддардта дымгæмæ, куырыхон зондыл хæст Ахмæты мæрдтæм барвыста. Кад æмæ номыл мæлынц сæ дыууæ дæр, фæлæ ныхасы фæтк, æфсармы уæз æмæ домæнтæ фæйнæхуызон æмбарынц.
    Пьесæ арæзт у патриархалон царды нывтæй, æрмæст сæйрагдæр уый у, æмæ фыдбылызты амидингæнæг паддзахы хицауады минæвар кæй у. Уый аххосæй ауадысты мæгуыр хохæгтæ æддæг-мидæг. Иу туг, иу стæг сты, фæлæ сын бафидауæн нæй, алчидæр сæ йæхирдыгонау æмбары рæстад, ныхасы фарн, æгъдауы домæнтæ, æмæ худинаджы бæсты мæлæт саккаг кодтой сæхицæн.
    Уыцы трагеди дæр драматург нымайы æлгъыстаг цагъайраджы царды фæстиуæгыл, æмæ йæ ныхмæ сыстад, Уæрæсейы революцион тымыгъ куы сабухта, уый хæдразмæ. Куырмæлхынцъ сты рæстæг æмæ фыссæджы сфæлдыстад.
    Нæ драматургийы сæрæвæрæн трагеди «Хазби» Елбыздыхъойы сфæлдыстады дæр, стæй нæ литературæйы историйы дæр ахсы сæрмагонд бынат. Афтæ арф у йæ мидис, афтæ хæрзарæст, æнæаипп рауадысты хъайтарты фæлгонцтæ, афтæ ирд, нуарджын, нывæфтыд æвзагæй дзурынц, æмæ рагæй нырмæ ацы уацмыс нымайæм нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иуыл.
Фыссæг йе ’мдугонтимæ йæ рæстæджы дудаг сагъæстæ æмæ цаутыл дзуры историкы æвзагæй. Бантыст ын истори æмæ нырыккон цард, ома йæ заманы хъуыддæгтимæ сбæттын, быцæуты цыргъаг ног дуджы тохмæ саразын.
   Историйы факттæ, цаутæ, хъуыддæгтæ фыссæг æвдисы, иртасы аивадон фæлгонцты, йæ зондахаст, революцион змæлды активон архайæджы дунеæмбарынад куыд домы, куыд амоны, афтæ.
   Елбыздыхъойы бынтæ чи иртæста, уыдон се ’ппæт дæр иу хъуыдымæ æрцыдысты: ницæмæн, дам, хъæуы пьесæйы мидисы бæлвырд-бæрæг историон цаутæ агурын, чи зоны, æмæ, дам, сае фæд дæр нæй, драматурджы ахæм сфæлдыстадон хæс нæ бадомдта, йæ размæ дæр æй не ’вæрдта.
    Драматургæн йе ’сфæлдыстадон нысан æндæр хъуыдытæ æмæ сагъæстæй сбæрæг вæййы. Тохгæнæг хъайтары хъысмæт, йæ миддуне æмæ йе ’мтохгæнæг сæрибар хохæгты фæлгонцтæ сты сæйрагдæр. Уыдон сыстадысты тыхгæнджыты ныхмæ, сæ бартæм сын чи ныхилы, уыцы лæбурджытæн нæ ныббарстой, се ’сæфт уынынц уæйгæнджытæй, сæ ном æмæ сын кад чи ницæмæ дары, цæхгæр ныхасæй сæ коммæгæс уæвын, дæлбарæй цæрын чи домы, уыцы æрдонджы ныхмæ рацыдысты хъамалвæстæй.
   Бæрзонд нысантæ, æнæкъæм хъуыдытæ, рæсугъд æнкъарæнтæ... Се знæгтæ ирвæзынц мæнг фæдфæливæнтæй. Йæ удыхъæд сæ алкæмæн дæр зыны йæ ныхасы, сæхи куыд дарынц, сæ зæрдæтæ цæуыл лæууынц, се ’хсæн цы быцæутæ рауайы, уыдæттæй.
Зынджы стъæлфæнæй сирвæзт пиллон арт. Хазби фæмард, басыгъд уыцы арты. Адæмон зарæг сси йæ цырт.    Адæмы зæрдæты баззад æнæбасæттон хъайтарæй, паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы дзыллæты сæрхъуызойæ.
   Нудæсæм æнусы райдайæны цауты сæдæ азы фæстæ ахъардта революцион тохы улæфт, уымæн æмæ трагеди ныффыстæуыд революционеры къухæй. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ-иу трагедийы театры репертуарæй систой, фыссæджы та-иу буржуазон националист схуыдтой. Нациолизмæн уацмысты йæ кой, йæ хъæр дæр нæй. Сæрибары сæраппонд тох æндæр цыдæр хуыйны. Трагедийы æвдыст цæуы феодалон æхсæнад. Хазби дæр уæдæ Хъобаны дзырддзæугæ лæгтæн сæ цауддæртæй нæ уыд.
    Уый иу. Иннæмæй та драматург снывæста паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы архайæджы. Йæ цæсгомыл цыма ног дуджы революцион тохы пиллон хъазы. Æмулæфт кæнынц истори æмæ ссæдзæм æнусы райдайæны цаутæ. Театрдзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ бауарзтой Хазбийы. Стырдæр амондмæ нæ бæллыд Елбыздыхъо. Æмæ йæ йæ рыст удæй бавзæрста.
    Назраны фидары талынг къуымы йæ драмæ «Дыууæ хойы» куы фыста, уæд дæр ахæм амондмæ тæхуды кодта. Фыссæгæн зынаргъ цы уыд æмæ кæй сомбоны хорзæхыл уагъта цъæх арт, уыдон иудзинадæй райрæзынц йæ эстетикæйы бындурон принциптæ. Кæнæ ис, кæнæ нæй, æртыккаг истæмæн хъуамæ бынат ма уа царды мидæг. Уый уыд максималисты цæхгæр домæн, æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ахæм уаг зыны йæ уацмысты сæргæндты дæр: «Худинаджы бæсты — мæлæт», «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Афтæ зæгъæн ис Хазбийы удыхъæд æмæ Хансиаты монологтæй дæр.
    Драмæ амад у тыхджын быцæуы бындурыл. Мулкдзаст Тæтæрхъан æмæ йæ хуызæттæ, Хансиат æмæ йæ табугæнджытæн бафидауæн нæй. Патриархалон цардыуаджы гуыппырсартæ фидар хæцынц, чи ныссæфтæг, ахæм мæлинаг æгъдæуттыл, сæ къæхты бын ссæндынц сидзæр чызджыты, рухсмæ кæй тырнынц, æрмæстдæр уый тыххæй. Уыдоныл дæр ис фæхæцæг, æмæ сцырын карз тох. Бæллæхтæн æнæрцæугæ нæ уыд æмæ æрцыдысты. Цардыуаджы бындуртæ æнцонæй нæ фехалдзынæ.
   Худинаджы бæсты — мæлæт. Ахæм тæрхон рахастой сæхицæн Хъырым æмæ Ахмæт. Худинагæй стъæлфынц. Хазби æмæ Хансиат та загътаиккой: цагъайраджы царды бæсты — мæлæт. Удварны бæрзонддæр æмвæзадмæ схызтысты драмæ æмæ трагедийы хъайтартæ. Цин цард цъуттавæрдæй? Циу амонд рæхысбастæй? Хазби дæр æмæ Хансиат дæр сæ сæрмæ нæ хæссынц ахæм хъысмæт. Фæлтау — мæлæт. Сæ цæхæркалгæ ныхæсты æмæ монологты ахъардта революцион цауты комулæфт. Кæрæф, мæнгард удхорты æхсæн ферттывтой хуры тынтау, æрфæны фæд ныууагътой се ’мзæххонты æмæ се ’мдугонты зæрдæты сæ цардбæллон удты тæмæнæй.
   Куыннæ уыд нæ литературæйы уарзæгой, фæразон, æфсармджын хæххон сылгоймæгты сурæттæ! Секъа æмæ Арсены прозæ уымæн æвдисæн. Арæх-иу баззадысты сæ састбазыр сагъæстæ æмæ мидхъынцъым, мидхъуырдухæнты æвджид. Уыцы уавæрыл никуы сразы уыдаиккой Хансиат æмæ йæ хæрзгæнджытæ. Æргомæй сдзырдта йæ бартыл. Цард, амонд, бæллиц — арф хъуыдыты аныгъуылы, æмæ ссары аккаг дзуаппытæ йæ фарстытæн: адæймаг хъуамæ сæрибар уа, фосау æй ма уæй кæной, йæ зæрдæйы фæндиæгтæм ын цыргъ хъама ма дарой тыхгæнджытæ. «Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон... Уæлдай дзырд, уæлдай къахдзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Уымæн равзæрдтæн дунемæ? Уый цард нæу», — ахæм зондыл хæст у Хансиат. Цæрæццаг чызг басыгъди сафинаг æгъдæутты азарæй. Талынг æгъдæутты амæддагæй райгуырд, фæлæ сси тæрхонгæнæг хæрам, тыхми, мæнгарддзинадæн.
    Тæрхонгæнæг æмæ тохгæнæг — ирон сылгоймаг йæ мæлæты бон царды бæрзæндтæй акаст, федта рухс фидæн, фæстагæттыл бафтыдта йе ’ууæнк, йæ ныфсæй сæ сбазырджын кодта.
Йæ арф зондахаст, йе стыр курдиат æмæ дæсныйадæй Елбыздыхъо сарæзта æппæт фадæттæ дæр ирон драматурги æмæ театралон аивады рæзтæн. Йæ кой айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл. Йæ пьесæтæ йын æвæрдтой Ольгинскæ æмæ Æрыдоны, Алагир æмæ Чырыстонхъæуы, Баку æмæ Тифлисы, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы.
    Райгуырд ирон театр, æмæ йын æгасцуай зæгъын хъуыд. Драматург йæ загъта символикон хуызы: «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Æгомыг хъазæнхъул маймули тырысайы бын фестад рæсугъд лæппу. Куырыхон зæронд лæг ын фæдзæхсы: «Цу, ды сын бацамон фæндаг, ног зонд æмæ ног хъуыдытæ. Де ’взаг уæд мæлгъæвзаг. Фæринкæй цыргъдæр... топпы фатæй растдæр!.. Уый уыдзæн рæсугъд æвзаг! Дæ зæрдæйы цæрæд уарзондзинад, зонд та йын фæндагамонæг... Кæм хъæуа, уым та пакъуыйæ фæлмæндæр æмæ хъармдæр уæд дæ уарзон ныхас — йæ тавдæй хъæбæр зæрдæ фæлмæн куыд кæна! Цу адæммæ»...
    Гъе ахæм ныстуанимæ равзæрд ирон театр, æмæ йæ уымæн бæттæм Елбыздыхъойы номимæ. Йæ ныстуан, йæ фæдзæхстытæ æвдадзы хос фестадысты нæ аивадæн. Йæ эстетикæ абон дæр æнцайы Елбыздыхъойы зондахаст æмæ сфæлдыстадон бынтыл.
    Бирæ нæ ацард Елбыздыхъо, диууиссæдз азæй чысыл фылдæр. Бирæ фыдæбæттæ бавзæрста. Иу хатт ма йæ зæгъæм: бирæ. Æрмæст ирон адæмæн цы хæрзты бацыд, уыдон нымайгæйæ. Бирæ, тынг бирæ йын бантыст. Йæ фæстаг улæфты онг дæр йæ уацмыстыл куыста. Йæ царды фæстаг азты нывондæн æрхаста йæ ахсджиагдæр уацмыс «Амыран»-æн. Цыма хæххон цæргæсау арвы риумæ стахт, афтæмæй фæци йæ цардвæндаг йе сфæлдыстады бæрзонддæр цъуппыл.
    Зынгскъæфæг, хуыцæуттæй зæххон адæмæн зынгæрхæссæг Прометейы ныфс æмæ хъизæмæрттæ æнцой нæ уагътой дунеон классикæйы зæрингуырдты. Эсхил, Гете, Шелли — нæ литературон рагфыдæлтæ сæ хъарутæ æвзæрстой уымæн йæ сурæт куыдарфдæр, куыдæххæстдæрæй равдисыны охыл. Кавказы цæрæг адæмтæй дæр бирæтæм фыдæй-фыртмæ цыдысты йæ таурæгътæ. Нырыккон фысджытæй дæр рохуаты нæ баззад. Зындгонд башкираг поэт æмæ драматург Мустай Карим дæр йе ’ргом аздæхта Прометейы фæлгонцмæ. Тынг фесгуыхт, фæлæ-иу афтæ дзырдта: уый кавказаг темæ у, æмæ йæ хъуамæ ныффыстаид кавказаг драматург.
   Нæ зыдта Мустай Карим, йæхæдæг гуыргæ дæр куы нæма ракодта, уæд ирон дзырды дæсныдæр Брытъиаты Елбыздыхъо кæй сарæхст Прометейы ирон фаззон Амыраны трагеди равдисынмæ.
Искæй фæзмынæй стыр аивад нæ рæзы. Елбыздыхъойы «Амыран» у хæдбындур уацмыс. Йæ колорит, йæ сюжеты арæзт, йæ хъайтарты удыхъæды миниуджытæ — иууылдæр сты ирон традици, ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадыл æнгом баст, ирон мифологи æмæ этнографи, стæй сын фæстæдæры цардарæзтæй фæиртасæн нæй. Уæдæ дзы автор йе ’мзæххонты удысконды æмæ цардыуаджы хицæндзинæдтæ кæй равдыста аивады фæрæзтæй, уымæй дæр нæ фæкъаддæр йæ ахадындзинад дунеон драматургийы классикæйы тæрхæгыл.
    Нарты тох хуыцæуттимæ — уый дæр уыцы традицийы халдих разынд, кæд, чи зоны, хæрзæнгæстæ не сты, уæддæр.
   Трагедийыл кусгæйæ дæр, Елбыздыхъо йæ рæстæджы домæн æххæст кодта, цыма бæстæйы социалон-политикон уавæр сæрибары сæраппонд тохгæнджыты фæдисхъæрæн дзуапп лæвæрдта, уыйау. Амыраны туг æмæ цæссыг, йæ хъизæмæрттæ расайдтой цагъарты сыстад, канд Бесæйæн нæ, фæлæ сакъадахы кусджытæн дæр радтой ныфс, æууæнк, хъару. Фидæны фидиуджытау тындзынц Амыранмæ æххуысмæ.
Тугдзых маргъ ма йæ мондæгтæ уадзы хъайтары игæрæй, фæсайдæуыд Бесæйы, фæлæ дардæй хъуысы сакъадахы кусджыты тохы уынæр, Бесæйы фырт Цопан та ард хæры, йæ фыды бæллиц кæй сæххæст кæндзæн, уый тыххæй. Ныфс нæ амард. Тох нæма фæци. Зынг нал ахуысдзæн. Артæй, артдзæстæй дæр, чи зоны, нæ фыдæлтæ уымæн сомы кодтой.
   Мифологийы мотивты аууон нæ фесты ирон царды æцæг æууæлтæ. Уацмысы хъайтартæ кæд уæларвы бадджытæ æмæ дæлдзæхы цæрджытимæ самадтой тох, уæддæр ирæттæй баззадысты, баззадысты зæххон адæмæй, се ’гъдæуттæ æмæ бæллицтимæ, сæ цардыуаг æмæ уырнындзинæдтимæ. Нæ фæиппæрд фыссæг йæ рæстæг, йе ’мзæххонтæй.
   Академик Всеволод Миллер тынг разы уыд ирон интеллигенцийы æрыгон минæвæрттæй. Номарæн къæйдурыл сын сæ нæмттæ ныффыссын æмбæлы, — ахæм хъуыды загъта номдзыд ахуыргонд, — уыдон сарæзтой æмæ адæмы æхсæн ахæлиу кодтой ирон фыссынад, уыимæ ирон зонад æмæ скъола дæр. Ацы арфæйаг ныхæстæ, æнæмæнг, хауынц Брытъиаты Елбыздыхъомæ дæр.
    Раст загъта нæ зындгонд критик Тыбылты Алыксандр дæр. Уый нымадмæ гæсгæ, ис арф бастдзинад, ирон адæмы культурон цард ссæдзæм æнусы райдайæны нывыл, рæстæг уагыл кæй фæфæлдæхт, уымæн ис арф, æнæскъуынгæ бастдзинад Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстад, тох æмæ цардимæ.
Ирон театр — фыссæджы стырдæр бæллиц — Елбыздыхъойы Хæдзар схонæн дæр ис. Æнæ уый сфæлдыстадæй театрæн фæзынæн дæр æмæ рæзæн дæр нæ уыд. Национ театрæн æнæ национ драматургийæ уæвæн нæй. Дунейы классикæйы хæрзтæ æгæрон сты — театрдзаутыл рæстмæ ауды сæдæгай азты. О, фæлæ театр хæдбындур куы нæ уа, йæ уидæгтæ йæхи адæмы цардыуагæй куы нæ суадзой сызгьæрин талатæ, мадæлон æвзаг æмæ адæмон сфæлдыстадæй куы фæиппæрд уой, уæд хус тихалæгæй баззайдзæн.
    Нæй театрæн цæрæн æнæ фыддæсны актертæй, йæ адæмы культурæ, традицитæ равдисынхъом чи уа, уыдонæй аразгæ уыд йе зноны бон, уыдоны æвдисæн — йæ нырыккон уавæр, уыдонимæ баст йæ фидæн.
   Цæмæй ирон театр райгуырдаид, уымæн Елбыздыхъо алцыппæт дæр сарæзта йе сфæлдыстад, йæ цардæй. Бирæ рæстæг рацыд йæ мæлæты бонæй, æмæ йæ фæдонтæ кæрæдзийы фæстæ театры къæсæрыл хизын байдыдтой.
    Ирон театр царди æмæ цæры Амыраны байзæддаджы фарнæй. Елбыздыхъо æмæ театр иумæ сты нæ театралон аивады истори. Сценæйы рафтыдта дидинæг Таутиаты Солæманы æрдхæрæны курдиат. Ам азæлыд Тæбæхсæуты Балойы нæргæ хъæлæс. Никуы ферох уыдзæн театрдзаутæй Баймæтаты Маняйы ном. Уый уыд фыццаг трагик-сылгоймаг. Нæ зæрдæты баззад Икъаты Серафины ирд лирикон темперамент. Уæдæ Хъæрджынты Варя æмæ Цæрукъаты Алыксандр цы адæмон характертæ æмæ фæлгонцтæ сарæзтой, уыдонæй абон дæр ма сæрыстыр у нæ театр, нæ культурæ.
    Се ’ппæт дæр схъомыл сты Елбыздыхъойы фæрныг хæдзары — ирон театры. Уый сæ базонгæ кодта национ характеры миниуджытæ, хæдбындур ахаст æмæ хицæндзинæдтимæ. Уый руаджы райдыдтой æнкъарын мадæлон æвзаджы ад, йæ бæркад, йæ рæсугъд арæзт, йæ хъæздыгдзинад. Лæгау лæг куыд æмæ цæй фæрцы свæййы зарæджы сæр, уый дæр Елбыздыхъойы сфæлдыстадон фæдзæхстæй базыдтой.
   Æвидигæ сты драматурджы аивадон фæрæзтæ æмæ авналæнтæ, æмæ сæ йæ фæдонтыл байуæрста дзагармæй. Комеди, драмæ, трагеди — царды дæр æмæ аивады дæр æмдзу кæнынц, æмæ дыл цæмæй дзырды зæрингуырды ном сбада, уый тыххæй хъуамæ артау судзай сценæйы дæ;р æмæ дæ рæстæджы гуылфæнты дæр. Ахæм амонд къухы æнцонæй не ’фты, фæлæ Елбыздыхъойы фæдзæхст дæ зæрдыл куы дарай, уæд дæ зын фæндагыл никуы фæцуддзьшæ.
   Сфæлдыстадон кусæг цæхæр куы нæ кала, йæ удæй куы нæ цæуа, уæд йæ аивадæн рæзæн нæй, адæймаджы фæлгонц уырнинаг хуызы нæ равдисдзæн. Æмæ уæд цардыуаджы не ’ссардтай æнхъæлцау мидис, историйы цаутæн сæ арф уидæгтæ не сфæлдæхтай, æгъдау æмæ традицитæ æхсæнадæн цы хъомыс сты, уый нæ бамбæрстай, удварны хæзнатæй фенæхай дæ.
   Цыбыр дзырдæй, кæд Елбыздыхъойы фарнæй нæ фæхъæстæ дæ, уæд байраджы фыдæбоныл бафтыдтæ.
  Ирон культурæйы хæзнадонмæ стырдæр æвæрæн чи бахаста Къостайы фæстæ, уый — Брытъиаты Елбыздыхъо. Кад æмæ ном скодта йæ адæмæн, æмæ цалынмæ ирон дзыхæй ирон ныхас хъуыса, уæдмæ арфæйаг уыдзæн.
    Йæ удæгасæй дæр æмæ амæлæты фæстæ дæр Елбыздыхъойы хъысмæт адæймаджы дисы æфтыдта. Сæрибары фидиуæг, дзырдаивады классик-иу рæстæгæй-рæстæгмæ цъыфкалджыты амæддаг баци, буржуазон националисты гакк-иу ыл сæвæрдтой. Хæсты размæ партийы обкомы бюро рахаста уынаффæ, ирон театрæн Елбыздыхъойы ном раттыны тыххæй. Хъуыддаг цæмæдæр гæсгæ нæ сырæзыд, уынаффæ гæххæттыл фыстæй баззад. Ныр театр хæссы Тæбæхсæуты Балойы ном. Балойы ныхмæ ничи ницы зæгъдзæн, фæлæ театрыл, æвæццæгæн, йæ бындурæвæрæджы ном хуыздæр фидауид. Уæд та йын театры цур йæ бюст сæвæрæм, Коцойты Арсенæн куыд бакодтам, афтæ.
    Уынгæй дæр амонд нæ фæци Елбыздыхъойы. Хæсты фæстæ, Ростовская, зæгъгæ, уыцы уынгæн радтой фыссæджы ном. Уалынмæ та йæ æхсæнадон архайд æмæ сфæлдыстад дзырддаг систы, уынджы ном та аивтой, æмае абон дæр хуыйны Ростовская. Елбыздыхъойæн та æрæджы саккаг кодтой кæмдæр фæскъуымы цавæрдæр нарæг уынг — раздæр уыдис Колхозная. Бахъуаджы заман æй æнцонтæй не ’ссардзынæ. Черноглазы уынгæн Баллаты Валодяйы ном куы лæвæрдтой, уæддæр Елбыздыхъойы иу æрхъуыдыгæнæг нæ фæци. Ацы уынджы цард фыссæг, ам хъомыл кодта йæ цоты, ам куыста уæззау рынчынæй йæ уацмыстыл, æмæ-иу сæ Гулуты Андрей сыгъдæг рафыста. Уынг та!.. Хуыздæр ма йын кæй ном хъуамæ радтаиккой, фæлæ, Къостайы загъдау, нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн.
     1939 азы Къостайы райгуырдыл 80 азы куы сæххæст, уæд А.А. Фадеев ССРЦ-ы Фысджыты цæдисы Пленумы йæ раныхасы Елбыздыхъо, Арсен æмæ Нигеры схуыдта æцæг адæмон фысджытæ, се сфæлдыстадæй нæ литературæйы дыууæ дуджы чи сбаста, ахæм кадджын лæгтæ. Цитатæйæ арæх пайда кодтой, фæлæ-иу дзы Елбыздыхъойы ном рахауд — исчидæр ма буржуазон националисты (!) кой кæны.
Иу заман нал уыдтам Хуссар Ирыстоны драмон театры спектакльтæ. Алы сæрд дæр-иу гастрольты æвдыстой сæ аивад. Фæлæ театр йæ репертуармæ бахаста Елбыздыхъойы уацмыстæ, махмæ та сын æвдисæн нæ уыд.
    Поэт-фронтовик Хъазбегты Хъазбеджы йæ куыстæй систой æмæ йæ ахæстоны бакодтой, Елбыздыхъойы сфæлдыстад нæфæтчиаг уыд хæсты дæр, уый та йæ рæгъмæ хаста йæ лекциты пединституты.
    Ирыхъæуы зæронд уæлмæрдмæ бахизæны сæвзæрд нæ æдзард фысджыты æмæ рухстауджыты пантеон. Ам баныгæдтой Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ йæ бинойнаджы, Гæдиаты Цомахъы, Хъамбердиаты Мысосты, Гуыриаты Гагуыдзы, фæстæдæр та — поэт Елехъоты Мураты. Уæлмæрд заууатмæ æрцыд, ингæнты уырытæ сфæйлыдтой, хæмпæл æмæ быроны бын фесты цыртытæ. Дзырдтам, фыстам хицауадмæ, аргъуаны кæртмæ сæ рахæссæм, зæгъгæ,фæлæ никуы æмæ ницы. Æмæ уæд Зариффæ æмæ йæ инæлар æфсымæр сæ ныййарджытæн ссардтой бынат Куырттаты комы. Бирæ рæстæг ма рацыд, цалынмæ Цомахъ æмæ Мысосты дæр аргъуаны сисрæбын, номенклатурон кусджыты егъау цыртыты аууон куы бафснайдтой, уæдмæ.
     1948 азы сæххæст 25 азы Елбыздыхъойы амæлæтыл. Фыссæджы фыдгойгæнæг нал уыд — рауагътой йын йæ чиныг, газетты фæзынд цалдæр уацы йæ цард æмæ йе сфæлдыстады фæдыл. Газет «Социалистическая Осетия» ныммыхуыр кодта мæ уац дæр «Основоположник осетинской драматургии». Уый уыд мæ фыццаг уац æмæ мæхицæй тынг бузныг уыдтæн. Уæвгæ, зноны студент уадиссагæй цы хъуамæ загътаид йæ цыбыр афæлгæсты, фæлæ уый дæр кæмæндæрты сæ тъæнгтæ ацагъта. Цæвиттон, уыцы аз фæдæн каст пединститут æмæ мæ философийы кафедрæйы сæргълæууæг Ф.С. Лизунов йæхимæ ассистентæй айсынвæнд скодта. Уалынмæ фæзынд мæ уац, æмæ мьш мæ хæрзгæнæг æргомæй загъта: «А ты, Сергей, оказывается, националист». Ууыл ахицæн мæ «философон» карьерæ.
Уыдис ахæм рæстæг дæр. Уыдис ахæм хабæрттæ дæр.
МÆРЗОЙТЫ Сергей, источник:
http://allingvo.ru



Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
27 октября 2007 21:09

Елбыздыхъойы хуызæттæ æстæм ысты алы адæммæ.Мæнмæ тынг хъыг кæсы, æмæ йе сфæлдыстад ничи уал зоны. Не взаг дæр афтæ сафæм...

  • Чегевара

28 октября 2007 14:57

Ома мана уджениу иронау абоны фаста

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости