АБОН У ХЕТӔДЖЫ КЪОХ

АБОН У ХЕТӔДЖЫ КЪОХ Цаегат Ирыстоны горает Алагираей Дзаеуджыхъаеумае фаендагаен йае галиу фарс быдыры ис аенусон баелаесты къох, аемае йае хонынц Хетаеджы къох. Этнографион литератураейы ис тынг бирае аермаег ацы къохы тыххаей, йае равзаерды фаедыл ис алыхуызон таураегътае даер. Хетаеджы къохы тыххаей фыц-цаг фыстой А. Шегрен аемае этнограф Н. Берзенов 45. Шегрен цы таураегъ аерхаста, уымае гаесгае раджы заманы цардис хъаеба-тыр, хуыцауаенкуваег лаег, йае ном — Хетаег. Иухатт куы уыдис, уаед та Хетаегмае бабырстой йе знаегтае. Уый алыгъд, Суададжы онг аербахаеццае. Уым аей йе знаегтае аербаййаефтой, Хетаеджы ныфс асаст, маелын йеддаемае йын хос нал уыд. Раст аем уыцы-афон аеввахс хъаедаей аербайхъуыст каейдаер хъаелаес: «Хетаег, — хъаедмае!» Фаелае хъаед Хетаегмае дард уыд аемае ма уый онг бахаеццае уыдаид, уый ныфс аей нае уыд, аемае йаем дзуры Хетаег: «Хетаег — хъаедмае нае, фаелае хъаед — Хетаегмае!» Уаед аецаегдаер хъаедаей иу гаебаз рахицаен аемае Хетаеджы бахызта знагаей, ныртаеккае къох каем ис, уыцы бынаты. Н. Берзенов та ныффыста ацы таураегъы аендаер вариант. Раджы заманы, Хетаеджы къох ныртаеккае каем ис, уыцы бынаты уыдис раесугъд хъаездыг хъаеу. Уым цардис, диссаджы алаемаеты миниуджытае каемаен уыдис, ахаем лаег, хуыдтой йае Хетаег. Уый, дам, арвыл стъалыты нымаец нымадта йе 'нгуылдзтыл, базыдта-иу, цы уыдзаен, уый, базыдта-иу адаеймаджы аемае хаедзарон фосы маелает аемае а. д. Уымае гаесгае йаем адаем цыдысты фаерсынмае, аенае уый бафаерсгаейае хъаеуаей цуаны каенае балцы ничи цыдис. Афтаемаей Хетаеджы руаджы хъаеу цардис амондджынаей. Гъе, фаелае фаестагмае Хетаег цудын аемае лаемаегъ каенын байдыдта, бакуырм ис, йае диссаджы миниуджытае саефын байдыдтой. Раст уыцы раестаеджы адаемыл айхъуыст, заегъгае, хъаеумае знаг аербабырсы аемае хъаеу бынтондаер хъуамае ныппырх каена. Знаг хъаеумае куы 'рбаввахс, уаед хъаеу бацыдысты заеронд Хетаегмае аемае йын загътой, заегъгае, стыраей, чысылаей хъаедмае хъуамае алидзаем, ды даер рацу немае, науаед саефыс. Уаед Хетаег афтае заегъы: мае бон ницыуал у, базаеронд даен, мае уаенгтае мае нал хаессынц, хъаедмае ацаеуын мае бон нае бауыдзаен, фаелае, хъаед, даеуаен даехимае сидын стыр пехуымпар Маехаемаеты номаей — аерцу маем даехаедаег аемае мае бахиз фыдызнагаей. Хъаед, фехъуысаед даем мае лаегъстае! Уаед, заегъы, тар хъаедмае аецаегдаер фехъуыст Хетаеджы лаегъстае. Уый сыстад йае бынатаей, аерцыд аемае ферваезын кодта Хетаеджы даер аемае йае хъаеуы даер аена-монддзинадаей. Уыйфаестае ма хъаеу уыцы бынаты чысыл ацар-дысты, стаей аендаер ранмае алыгъдысты.

  Афтаемаей уыцы баелаесты къох Хетаеджы цытаен схуыдтой Хетаеджы къох. Хъаед ссис дзырдхъаед. Иу къалиу лыг каенын даер дзы нае фаетчы. Ӕгаерстаемаей дзы хъаеддаг дыргътае тонын даер нае фаетчы. Ацы фаетк чи фехала, къохаей къалиу даер чи рахаесса, уый, дам, бакуырм ваеййы.

Хетаеджы номыл баераегбон каедмае аеййафы, уый фаедыл алыхуызон хъуыдытае ис литератураейы. Б. Мункачи Хетаеджы стырбон каенаен хоны июны фыццаг хуыцаубон46. Къарджиаты Бекызае та июны маейы хоны Хетаеджы маей 47. 1991 азы баераегбон сараезтой 17 июлы. Хетаеджы къохы хуызаен чысыл къохтае Цаегат Ирыстоны даер аемае Хуссар Ирыстоны даер бирае хаеххон хъаеуты ис, уыдонмае даер цаеуынц бынаеттон цаерджытае ку-вынмае, Хетаеджы къохмае куыд цаеуынц, афтае. Ацы чысыл къохты хонынц аендаер аемае аендаер наемттае: Сау хъаедтае (ома тар хъаед) Сау дзуар, Дзуары хъаед аемае а. д. Уыдон иууылдаер уыдысты куваендаеттае. Бираеты мидаег дзы уаелмаерд даер са-раезтой бынаеттон цаерджытае. Ацы чысыл къохтае уыдысты дзырдхъаедтае — баелас каенын дзы нае фаетчыдис. Уыдон но-мыл баераегбонты аергаевстой гал, фыс, уаерыкк (къух куыд амыд-та, афтае), куывтой, цаемаей сын сае къохы бахъахъхъаеной фыдаей, фыдгаенаеджы фаераетаей. Къохы сугтаей-иу спайда код-той аермаест стырбоны кувинаегтае цаеттае каенынаен. Иуаей-иу информаторты хъуыдымае гаесгае, Хетаеджы бон кодтой июлы фыццаг хуыцаубоны, маенаеугаердаенты фыццаг бонты. Йае тау-раегъ ын зоны алчидаер. Хонынц аей Хетаеджы къох, Хетаеджы бын, Хетаеджы дзуар, Хетаеджы Уастырджи, сылгоймаегтае та — Тымбылхъаедыдзуар, Лаегтыдзуар. Ирон адаем цаеуынц йае бынмае кувынмае.
Лаегтыдзуары куваендонмае Фыдыбаестаейы хаесты агъоммае, сылгоймаг никуы цыд, наефаетчиагыл нымад уыд уый сылгой-магаен. Фаелае хаесты раестаеджы Ирыстоны фаесте лаег нал баз-зад, бирае хаедзаерттаей лаег рацаеуаег нал уыд, иууылдаер уыдыс-ты хаесты быдыры. Уаед ирон мад сфаенд кодта Лаегтыдзуары куваендонмае цаеуын, йае баелццаеттаен уым табу каенын, ирон сылгоймаг сфаенд кодта Лаегтыдзуары хъаеды баерзондмае ныллаегаей бакувын, йае зонгуытыл лаеугаейае, цаемаей Ирысто-ны аенаедараегаей, усбындараей ма баззайа.
 
Заераедтае куыд дзурынц, афтаемаей раздаер уыцы куваендонмае ирон адаем даерддзаефгомау сае дзабыртае раласгаейае цыдысты баегъаемвадаей табугаенгае. Уый сае дзуары фаетк уыд нае фыдаелтаен. Ӕнаеуаг ныхас, аенаегъдау ми никуы уыд ацы уазран, аермаестдаер — кувгае, заргае, хъаелдзаегдзинад.

Цыбырты Людвиг "Ирон адаемон бараегбонтае "
Источник - ИА Осинформ.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости