Бӕхтыл балцы ацæуӕн ис Джер ӕмӕ Гудисы кӕмттӕм ӕмӕ Зонкъары ӕвӕрд бынатмӕ
Бӕхтыл бадыны центр фӕзынд фермерон хӕдзарад "Сидуг"-ы бындурыл Цхинвалы районы Джеры комгæрон æдзæрæг хъæу Алхашенты.
Хуссар Иры бындур æрæвæрдтой барджыты скъолайæн
"Цалдӕр мӕйы дӕргъы кусӕм. Саргъджын бӕхтӕ сты ӕрмӕстдӕр цыппар, фӕлӕ бахъуыды рӕстӕджы нӕ бон у балцмӕ сӕфтиндзын ӕппӕт 15 бӕхы дӕр. Бӕхтыл абалц кӕнӕн ис Джер ӕмӕ Гудисы кӕмттӕм ӕмӕ Зонкъары ӕвӕрд бынатмӕ", - загъта Къæбулты Ренат.
Уый ма банысан кодта, уалдзӕджы сӕ центры бындурыл йӕ куыст райдайдзӕн чындзӕхсӕвты бӕхджын прокат.
Read more: https://sputnik-ossetia.com/South_Ossetia/20190306/8230025.html
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.