Поэт Бахъаты Нугзарыл сæххæст 80 азы

2 января 2015 Культура [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [4373 просмотра]
АДÆМÆН ЛÆГГАД КÆНЫ
31. Декабрь 2014 - 13:40
Поэт Бахъаты Нугзарыл сæххæст 80 азы

Дунейы фыдтæ сæйраджы цæуынц, алчи йæхи бæсты бикъ æмæ комы дæгъæл кæй æнхъæлы, уырдыгæй. Платон куыд дзырдта, афтæмæй рагон Грецийы авд куырыхон (Фалес, Питтак, Биант, Солон, Клеобул, Мисон æмæ Хилон) Аполлоны сыгъдæг бынаты иумæ куы сæмбæлдысты, уæд уымæн ныффыстой: «Познай самого себя». Нæ эрæйы агъоммæ IV-V-æм æнусты цæрæг рагон бердзенаг философ Сократ йæ оппоненттæй дзырдта, ома, æз уыдонæй зондджындæр дæн, уымæн æмæ зонын, кæй ницы зонын, уый, уыдон та ницы зонынц, афтæмæй хъуыды кæнынц, цыма алцы дæр зонынц.
Адæймаг, дуне ногæй гомгæнæгау, куынæ дзура адæймаджы тыххæй, адæймаджы фæрныгадæн, уæд уый ныхасæй зæххуæлхæдзарыл лæууын пайдадæр у. Ноджы дзурæг поэт куы уа, уæд ыл уæлдай, стæй бæрæг уæлдай бæрндзинад ис, æмæ дын фæндон у æви нæ, уæддæр æй Чырыстийы дзуарау хæссын хъæуы кæронмæ.

Ахæм хъуыдытæ æрцæуынц поэт Бахъаты Нугзар æмæ йе сфæлдыстады тыххæй. Кæд дзæвгар томтæ сæ кæрæдзийы фæдыл нæ равæрдта, - нæ ирон фысджытæм сæгъы сыйы тъыст цардæй уыцы амонд нæ хауы, - уæддæр цъус нæ ныффыста. У дзæвгар поэтикон æмбырдгæндты автор. Фысгæ та кæны зæрдæбынæй:

Арвы ферттывдау, зæрдæйыл
Авæры де ской рухсы тæлм.
Æз - дæ арф кæмтты зæйдзæвæн,
Æз - дæ хъал фурдты ′нусты ′мбал, -
Теркау, уаз хæхтæй раскъуыдтæн,
Зарын ме ′мбæлццон хохагæн.
Ир - Ацæмæзы уадындз дæ,
Ир - фыдæлты уæлхохавдæн!
(«Арвы ферттывдау зæрдæйыл»)
Бахъаты Иликъойы фырт Нугзар райгуырд 1934-æм азы, Знауыры районы, Бахъаты хъæуы. Райдиан скъолайы ахуыр кодта сæхи хъæуы. 1953-æм азы каст фæцис Зиулеты астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон филологийы факультетмæ.
Каст æй куы фæцис, уæд дыууæ æмæ ссæдз азы куыста хъомылгæнæгæй. Уыд ахуыргæнæг, стæй - Уилда, Уæллаг Чере, Къоркъула, Уалыты хъæу æмæ Сарабукъы 8-азон скъолаты директорæй. Уыдон фæстæ куыста журнал «Фидиуæджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайады редакторæй. Уыд рауагъдад «Ирыстон»-ы сæйраг редактор, стæй - йæ директор. 2004-æм азæй 2009-æм азмæ уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат æмæ Парламенты ахуырад, дин æмæ мыхуыры фæрæзты комитеты сæрдар.
Бахъайы-фырт æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Алы райдайæг фыссæгау уымæн дæр нæ фаг кодта поэтикон фæлтæрддзинад. Æмæ æвзонг поэт ахуыр кодта, архайдта поэзийы сусæгдзинæдтæ рафæлгъауыныл. Уыцы азтæ хорзæрдæм сæ фæд ныууагътой Бахъаты Нугзары сфæлдыстадыл. Фыццаг æм хиирхæфсыны хуызæн цы æмæвæрдтытæ фæкастысты, уыдонæн сæ нысаниуæг бамбæрста арфдæр. Фæстæдæр уымæн загъта хъуыдыгæнгæйæ, йæ царды нысан æвдисæгау:

Хиирхæфсæн нæу мæнæн поэзи -
Кадæнхъæл лæгæн мæ худ нæ исын…
Не знагæн йæ марæн нæмыг фестын,
Ме 'мбалæн та риссын æз йæ рисыл.

Хурыскастау,
Космосы дуæрттæ
Бакæны нæ космосдзау дырысæй,
Стъалытыл куы баззайынц йæ фæдтæ,
Рухс мæйыл - йæ фæйлаугæ тырыса,
Уæд ыстоны, суадонау,
Мæ зæрдæ, -
Базырджын - цæхæркалгæ æмдзæвгæ, -
Æмæ хъуысынц цины бон йæ зæлтæ
Кусæджы зæрин къухы æмдзæгъдмæ!
(«Чиныгкæсæгмæ»)
Адæймагау, поэзи хъуамæ зона цин кæнын, риссын. Хорзæн у æви фыдæн - нæ зарджытæ хъарджыты хуызæн сты. «Зарæг æмæ хъарæг кæрæдзи ивтой», - зæгъы Джусойты Нафи. Мамсыраты Темырболаты «Сагъæстæ» сæ авторы зæрдæйæ хъарæджы хуызы стыдтой. Къостайы «Додой» абон дæр æнкъуысын кæны зæрдæтæ. Уый нын хъысмæты гакк у. Ахæм дуджы поэтæн куыд уыдзæн поэзи хиирхæфсæн?! Нугзарæн дæр у йæ зæрдæйы арф æвæрæнтæ дзурыны хос («Фыды къæс»):

Милмæ æрывæрын, туджджынау, залымы…
Зулдзых - хæрамимæ… Намысæн уацар дæн.
Хохаг æхсæрдзæнау, сахуыр дæн зарыныл,
Уарзын куыройы ′хситт… Куырдадзы бацæрын…

Мæнæ мæ дзаг фæззæг… Фурдæй ивылддæр…
Кусæджы дзаг къæбиц… Нард фосы ривæддон.
Мæнæ мæ рох хæдзар - рацух йæ сагъæстæй,
Авдæны сабийау… Циныл ам рахæст дæн.
Бахъаты Нугзар у поэт-лирик. Уыцы хъуыддаг фæбæрæг йæ фыццаг чингуытæй: «Уалдзыгон райсом», «Ныстуан», «Æнæрынцой мелоди»-йæ райдыдта æмæ абонмæ цæуы поэзийы уыцы тагыл, ома, зары поэт-лирикы хъæлæсы уагæй. Цыбыр æмдзæвгæ фысса æви кадæг, уæддæр дзы уынæм, лирикон хъайтары номæй йæхи зæрдæйæ чи фæулæфы, йæхæдæг кæуыл фæриссы, уыцы сагъæс.
Æниу, æхсæв æмæ бон, зымæг æмæ уалдзæг, уалдзæг æмæ сæрд æмæ афтæ дарддæр афæдзы афонтæн сæ кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн куыннæ ис, афтæ поэты зæрдæйы уыцыиу рæстæджы цæрынц цин æмæ сагъæс, уарзт æмæ фыдæх. Цинагыл цин фæкæны, сагъæсагыл - сагъæс.
Поэты уды хæтæнтæн аргъгæнгæйæ, поэт Козаты Исидор афтæ загъта: «Нугзар у уæзбын, хиуылхæцгæ поэт. Царды дæр æмæ поэзийы дæр. Иу бакастæй афтæ зыны, цыма йе 'мдзæвгæтæ сты цыдæр «æндзыг!», фæлæ сæм лæмбынæг куы ныхъхъусай, уæд сæ змæлынц арф хъуыды, æцæг поэтикон сагъæс, удагайæг æнкъарæнтæ. Йæ дзырд кæддæриддæр вæййы зæрдæйæ ралæмаргæ, æмæ зæрдæйыл дæр уымæн æмбæлы».
Цъус не сты поэты дзуринæгтæ: Фыдыбæстæ, мадæлон æвзаг, ирон лæджы удыхъæд, нæ ивгъуыд, нæ абон, нæ фидæн, ныййарæджы уарзт, Ирыстоны рæсугъд æрдз, интимон сагъæстæ… Фæлæ поэт фæтырны, чиныгкæсæгмæ сæ фæхæццæ кæна зæрдæмæхъарæг дзырдтæй. Фæкæны конкретон ныхас.
Ирон адæмау ын Ирыстон иу у: «Мады риутæ дарынц къуыпп, дыууæ хохау, фæлæ сæ хъæбул нæ кæны хицæнтæ»… Уый тыххæй у æнæхъæн Ирыстон йæ зарæджы сæр («Ирыстон»). Адджын та йын у, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы Чермен, Хазби, Иссæ æмæ бирæ ирон хъайтарты мад кæй у, йæ авдæны сæ кæй ауызта. Уый цæуы авторы хурæргом æнкъарæнтæй:

Ирыстон! - Мæ зарæджы сæр!
Ирыстон! - Æмдзæвгæйы зæл!
Ирыстон! - Æхсæрдзæны зард!
Ирыстон! - Мæ хоры æрзад!

Ирыстон! - Мæ фыдæлты Ир!
Ирыстон! - Мæ сомыйы зæхх!
Ирыстон! - Октябры 'фсир!
Ирыстон!
Цы дæ схонон, - зæгъ,
Мæ раттæг, мæ зæхх…
Джусойты Нафи уымæн зæгъы: «В статьях Нугзара, лирического поэта по сути своего мироведения и мирочувствования, многое от его человеческого индивида. Идет по земле добрый труженик, с простодушно открытым сердцем, с лицом, озаренным улыбкой доверия миру и человеку, словно ему неведомо, что мир и человек бывают порой злыми и коварными. И по моему разумению, лиризм поэзии Нугзара отмечен этими же свойствами. В лучших стихах Нугзара мы видим те же черты - искренность, простоту, не знающую претенциозности, добродушие и доброжелательность. Поэзия Нугзара даже там, где она становится риторичной, где поэтическое мировидение подменяется красноречием, все равно подкупает искренностью и простодушием, словно ему совершенно незнакомы какие-то ни было «хитрости пиитические».
«Пиитон» хæйрæгдзинæдтæ Бахъайы-фырт хорз зоны, фæлæ йын уый дæр æнæзындгонд нæу, æргом æмæ зæрдæйы арфæй цы дзырд нæ ратæдза, уый чиныгкæсæджы зæрдæмæ нæ фæцæудзæнис. Поэзи математикæ кæй нæу - иу ныффыссæм, фараст та нæ хъуыдыйы дарæм, уый дæр афтæ куы хынцид («Сабыр… Цы сидыс фæдис?»). Æниу, кæд йæ хъуыдыйæдтæ, бирæ хæттыты йæ дзырдтæ дæр кæронмæ нæ ахæццæ кæны, йæ хъуыдытæ æруадзы бынтон ныллæг кæнæ сæ æнæнхъæлæджы Хуыцауы цъуппыл æвæрынмæ фæхъавы, уæддæр æм чиныгкæсæг хъусы. Уый у аивадон амал. Æмæ æрцахсы йæ поэтикон дзырд чиныгкæсæджы. Уыцы дæсныйад ын фадат дæтты рæстæджыты, цауты сæ кæрæдзийыл, йæхи куыд фæнда, афтæ бæттынæн, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ уыдоны фæрцы чиныгкæсæджы рæгъмæ хæссынæн. Нæ дуджы адæймагадон æмæ социалон проблемæтæ, характерон миниуджытæ æмæ рæстæджы цыд аивадон æгъдауæй цы уацмысты фæцæуы æвдыст, уыдон исы чиныгкæсæджы зæрдæ. Царды ивгъуыд абонимæ чи бæтты, фидæнмæ чи кæсы, уый адæймаджы хъуыды кæныныл æфтауы. Йæ хъусы дзурæгау æй фæдзæхсы, цæмæй ма фæкæла. Æмæ уыцы ныхас æнæкъæлæсытæ, æргом зæрдæйæ куы цæуа, уæд ыл æнæбаууæндгæ нæй. Анахарсис уымæн амыдта: «С неподкупною честностью исследуй дело».
Нугзары хатт бахъæуы цахæмдæр ныв кæнæ штрих, цæмæй бæрæгæй разына, цы зæгъын æй фæнды, уый. Уацмысы композицион арæзт æмæ сæ ритмикæимæ куы сбæтты, уæд чиныгкæсæджы фелвасынц сæхимæ. Ноджы уацмысы кæрон йæ поэтикон дæсныйады фæрцы «æнæнхъæлæджы» аивадон резюме куы ацаразы, уæд йæ дзырд рауайы зæрдæмæдзæугæдæр.
Терк цы цъитийы бын райгуырд, уыцы хохæн нырма кæй ницы фæцис, «афтæмæй кæмтты ахаста йæ уис», зæгъгæ, куы дзуры; ноджы къæбæда ныхасыл куы схæцыд: «Мæ фæстæ, урс цъити, æгъгъæд кæс» (аив рифмæ: «æгъгъæд кæс - æвгъæдгæс»), «Дайраны цъæх айнæг къулы» куы ахызт, куы «фæкодта урс цъититы рох», уæд æнхъæлыс, поэт æрдзы ныв аразынмæ хъавы, фæлæ дын йæ дарддæры уавæр фестъæлфын кæндзæнис дæ хъуыды: «Бафтыдта æгæндæнг хъæдтыл сагъæс, Катай кодтой цæргæстæ уæлхох»:

Хур æм касти æрхы бын æнкъардæй,
Райгуырди бæрзонд къæдзæхтыл-тæрк…
Æмæ лыгъд фыдæлты судзгæ артæй, -
Хъарм авдæнæй, уад-æрсургъау, Терк.

Æмæ лыгъд… Йæ Райгуырæн къуым уагъта,
Сагсимæнтыл ауагъта йæ къух.
Æмæ лыгъд… Сабыр, æдзынæг хæхтæй
Терк фæкодта мин-мин азты дугъ.
(«Гъей, бецау, Терк!»)
Лидзыны, райгуырæн къуым ныууадзыны коймæ зæрдæ фестъæлфы. Æрдз поэтæн у йæ хъуыды раргом кæныны амал. Дзургæ ахсджиагдæр хъуыддагыл кæны. Уый раргом вæййы æмдзæвгæты кæрон: «Нæй дæ балцы Райгуырæн ыссарæн, Æмæ уымæн не хъуысы дæ зард!». Махмæ фæстаг дæсгай азты уæлдай тынгдæр нæ фыдбоны сыхæгтæ уымæн мукара кæнынц, цæмæй нæ удты сæрибардзинад фесафæм. Фæлæ аллон туг-стæгæй - сæ гал æгæвдæс.
Ахæм фыддуджы поэты авд уды, авд сæры хъæуы. Æмæ сæ иууылдæр хъуамæ нывондæн хæсса йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Æмæ Нугзары лирикон хъайтар ныфсæнхъæл йæхи кæдæм нæ аппары - историон хъайтартæм, фыдæлтæм, нартæм («Ир»). Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы нæ фысджытæ куыд кодтой, афтæ уый дæр æххуысмæ фæсиды нæ Хуыцауы хай Къостамæ. Бахъæуы йæ уый уынаффæ («Къоста!..»):

Къоста! Нæ зарджытæн сæ райдиан, -
Нæ рохст зæрдæты хъæдгомы хос.
Хуыцауы раз кæд исты фæрæдийæм,
Уæддæр ма-иу нын ацамон хорз.

Уæддæр нæ сбæлццон кæн рæстæрдæм,
Нырма дæр, сонтау, цуды нæ къах.
Бæргæ…
Фæцахуыр ыстæм мастыл дæр
Хызы быдырæй суанг ардæм мах.
Поэт нæ фæсмон кæны, хуыцæуттимæ кæй хæцыдыстæм, ууыл дæр: «куы рæзт, куы кодта нæ тала хус», - уый тыххæй. Зын ын у, нæ арæнтæ нæ рыст фыдæлтæй кæй уыдысты рох æмæ ныр катайаг кæй стæм, не ′гъдау кæй сафæм, фæлæ адзалимæ дæр нæ ныхæй-ныхмæ тохы нæ тæрсы:

Лæууæм адзалимæ ныхæй-ныхмæ -
Нæ фидæныл у абон нæ маст,
Æндæра ирон лæг атомы срæмыгъдæй,
Æмæ…
Æмæ йæ ингæны сау къулæй кæд тарст.

Нæ хуымтæ нæ мады фæндиаг барывтам!
Куы суагътой нæ цъæх æвзартæ тау…
Цæмæй тарстыстæм, уый нæ баййæфта,
Кæнынц нын нæ уæлмæрдтыл дæр дау…

Къоста! - нæ зарджытæн сæ райдиан,
Нæ рохст зæрдæты хъæдгомы хос,
Хуыцауы раз кæд исты фæрæдийæм,
Уæддæр ма-иу нын ацамон хорз.
(«Къоста! Нæ зарджытæн сæ райдиан…»)
Цыфæнды темæйыл фыссæд Нугзар, йæ ныхас вæййы зæрдæбынæй цæугæ. Хъæртыл дæр ацархайы, фæлæ йæ уæлмонц ныхас у мелодион. У йæхирдыгон поэт.
Æвзаг нацийы удыхос у. Æнæ мадæлон æвзаг нал дæр нацийы адæймаг ис, нал дæр - наци. Фæлæ алцæмæн дæр ис кад æмæ рад. Адæймагæн йæхицæй кæнгæ цы у, уый искæмæй тыхæй ма хъуамæ дома. Не 'взаджы тыххæй фæдисхъæр чи сисы, афтæмæй йыл зарынæн чи нæу, уымæн поэт уайдзæфгæнгæ уымæн зæгъы:

Сабыр… Цы сидыс фæдис?..
Сабыр… Нæ куырдадз, нæ куысты…
Не ′взагыл ног зарæг ис,
Не ′взагæй ыстæм сæрыстыр.

Не 'взаг, нæ уалдзыгон цин -
Анахарсисæй нын баззад.
Сабыр… Фæдисаг нæм ц'и.
Азар, иронау мын азар…

Уарзын Ацæмæзæн æз
Комы йæ уадындзы схъис дæр…
Фæлæ æркæлы мæ ныфс,
Иугæр кæныс ды фæдисхъæр…
Поэт хорз зоны, цъиувæдисæй æвзаг æндидзынгæнæн нæй. Æвзаг цæмæй ма цуда, мæлæт ын ма уа, уый тыххæй йыл хъæуы хъуыды кæнын, дзурын, зарын. Йе ′взаг чи нæ ахуыр кæны, цард ыл чи нæ аразы, уый йын æрдузы йæ уидаг, цæгъды йын йæ къабæзтæ.
Нугзар зоны, цæмæн ын у йе ′взаг зынаргъ æмæ йæ тъымы-тъыматæм цæй тыххæй никуы ферох кæндзæнис:

Зонын, куыд зарыд гыцци
А-ло-лай хохаг изæртæн…
Иугæр ды расидтæ зиу…
Риссы уæд, риссы мæ зæрдæ.

Дон нæ кæдæм ласдзæн уæд…
Мацы фыд æрцæуа, мацы!
Ме 'взаг, дæуыл у мæ мæт,
Риуы æлгъыст катай бацыд.
Лирикон хъайтар фæдисгæнæгмæ мæсты кæны, иронау кæй нæ зары, «нæ дамгъуат дзы - рох», афтæмæй «рифмæтæй хъазы» æмæ мæнг фæдис кæй у, уый тыххæй. Фæлæ йын уый аивадон амал - дзырдрасайæн у, æндæра, уымæй йæхи сагъæсагтæ фылдæр сты йе 'взаджы тыххæй. Сæ кæрæдзийы фæдыл сæ уымæн нымайы:

Ивгъуыдæн раздахæн нæй -
Азмæг цы кæндзыстæм, азмæг.
Цалынмæ не'рцыдис зæй…
Хох ын ыскæнæм йæ размæ.

Азар, куыд мын зарыд Терк
Иры цъалаты иронау.
Хъуамæ ирон уа дæ тæркк,
Хъуамæ дæ дзуар ирон уа.
(«Сабыр… Цы сидыс фæдис?»)
Поэт кæд йæ хъуыдыйæдтæ, бирæ хæттыты йæ дзырдтæ дæр кæронмæ нæ ахæццæ кæны, фескъуыны сæ æрдæгыл, йæ хъуыдытæ æруадзы бынтон ныллæг кæнæ сæ æнæнхъæлæджы Хуыцауы цъуппыл æвæрынмæ фæхъавы, уæддæр æм чиныгкæсæг хъусы. Уымæн æмæ йын уый у аивадон амал. Æмæ æрцахсы йæ поэтикон дзырд чиныгкæсæджы. Уый дæсныйад у, æмæ йын уыцы дæсныйад фадат дæтты рæстæджыты, цауты сæ кæрæдзийыл, йæхи куыд фæнда, афтæ бæттынæн, æмæ зæрдæйы æнкъарæнтæ уыдоны фæрцы чиныгкæсæджы рæгъмæ хæссынæн.
Дзырдаивады дæсны йæ дуджы адæймагадон æмæ социалон проблемæтæ, дуджы характерон миниуджытæ æмæ рæстæджы цыд аивадон æгъдауæй хъуамæ æвдиса, уæд æй исы чиныгкæсæджы зæрдæ. Царды ивгъуыд абонимæ чи бæтты, фидæнмæ чи кæсы, уый адæйма-джы хъуыды кæныныл æфтауы. Æххуыс ын кæны царды цæхгæр æмæ тæссаг фæзилæнтæ хуыздæр æмбарынæн. Йæ хъусы дзурæгау æй фæдзæхсы, цæмæй ма фæкæла. Æмæ уыцы ныхас æнæкъæлæсытæ, æргом зæрдæйæ куы цæуа, уæд ыл æнæбаууæндгæ нæй. Уыдон равдисыны тыххæй алцæмæн дæр ссарын фæхъæуы йæхи аивадон амæлттæ. Æмæ Нугзары хатт бахъæуы цахæмдæр ныв кæнæ штрих, цæмæй бæрæгæй разына, цы зæгъын æй фæнды, уый. Уыдон агурынмæ та поэт у арæхстджын. Ноджы сæ уацмысы композицион арæзт æмæ ритмикæимæ афтæ сбæтты, æмæ чиныгкæсæджы æлвасынц сæхимæ. Æфтауынц æй хъуыды кæныныл, уарзыныл. Цардæн фæаразы раст æмæ бæлвырд хатдзæгтæ. Поэт уацмысы кæрон йæ поэтикон дæсныйады фæрцы «æнæнхъæлæджы» хъуыды, ома, аивады резюме куы ацаразы, уæд ын йæ дзырд уый фæкæны зæрдæмæдзæугæдæр.
Цалынмæ зæххыл фыдгæнд ми уа, уæдмæ йæ ныхмæ хъæуы лæууын, раст фæндагыл æй ардауын. Сабыр зондмæ куынæ хъуса, уæд та йæ ныхмæ тох кæнын хъæуы карзæй, æгъатырæй. Адæймаг цæмæй æнкъара алцы дæр, араза, цы ма не 'рцыд арæзт, уый; зона, базонæн цæмæндæриддæр ис, уыдæттæ, уый тыххæй фыццаджы-фыццаг хъуа-мæ уа сæрибар. Сæрибар, æцæг сæрибар хъуыды сæрибар, æцæг сæрибар удæй гуыры. Нæ фыдбоны сыхæгтæ нæм уымæн фæлæбурынц, сæ хæцæнгарзы арæх, сæ лæджыфыдхор ссыртæ æмæ тугмондаг уæцъæфтæй нæ уымæн тæрсын кæнынц, цæмæй нæ удты сæрибар фесафæм, нæ бон мауал уа раст хатдзæгтæ æмæ хъуыддæгтæ аразын, цæмæй сæ хуыр ахсæнты æнцондæрæй батайæм.
Фыддуджы поэты авд уды, авд сæры хъæуы. Æмæ сæ иууылдæр хъуа-мæ нывондæн хæсса йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау. Поэт йæ адæмы æвæллайгæ лæггадгæнæг у, æмæ Ирыстоны ацы лæгæвзарæн фыддуджы нæ фысджытæ кæд æрдæгыл банцадысты, уæддæр нæ фæцудыдтой. Чъребайы тохты нæмгуытæ, ракетæтæ, минæтæ ихуарæгау кæм фæкæнынц, уым фæсчъылдымтæ нæй. Фыдбылыз кæмæ кæцæй кæсы, уый зонæг ничи у. Зонæм æрмæстдæр иу хъуыддаг - фæстæмæ алæууæн нын нæй. Адæймагæн цардæй зынаргъдæр ницы ис, фæлæ ууыл дæндагæй хæцынæй бирæ хатт амæлын æнцондæр вæййы. Уæддæр махæн амæлыны бар дæр нæй. Ирыстонæн йæ хъæбултæ иууылдæр иуæггай нымад сты. Тыхджынæй, æдыхæй нæ алчи дæр хæстоны бынат ахсы. Тохы бынатæн та нæй дзæгъæлæй уадзæн. Æмæ Нугзар-поэты лирикон хъайтар ныфсæнхъæл йæхи кæдæм нæ аппары - историон хъайтартæм, фыдæлтæм, нартæм…
Цыфæнды темæйыл фысгæйæ дæр Нугзар, йæ ныхас чиныгкæсæджы фефтауы æхцон хъуыдытыл. Цас æм ис ныййарджытыл зæрдæмæдзæугæ æмдзæвгæтæ: «Мæ фынты…», «Мæ фыды ингæны уæлхъус», «Узæлгæ ныхас цыд…», «Дысон дæ федтон», «Мæ мады ингæны уæлхъус», «Мад» æмæ æнд.
Лирикæ гæды дзырд, хъуыдыты тых лæмæрст, зæрдæйы уазал нæ уарзы. Уым алцы дæр, зайæгхалау, æргом æмæ рæсугъдæй куынæ рæза, уæд дзы чиныгкæсæджы уд нæ улæфы. Поэт дунеон поэзийы фыдæлтыккон, æнæмæлгæ темæйыл уарзондзинадыл куы фæфыссы, уæд уæлдай арæхстджындæрæй февзары дзырдтæ. Дыууæ цардбæллон уды уарзт нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æрмæст, дыууæ ныхмæвæрд зарядау, не скъæфы сæ кæрæдзимæ, фæлæ сыл садзы базыртæ, рæсугъд сын кæны се 'нкъарæнтæ, арф сын кæны сæ хъуыдыйы гуырæнтæ. Уарзт адæймаджы нæ уадзы æрлæмæгъ уа. Цъыфæй йæ исы бæрзондмæ. Уарзт рæсугъдæй зæд аразы, фыдхъуынæй - рæсугъд. Хуыцау пахуымпар Мойсейæн судзгæ къутæры йæхи куыд равдыста æмæ йын куыд загъта: «Дæхи бæгъæмвад скæн æмæ афтæмæй æрбацу ардæм, ацы бынат сыгъдæг у», - афтæ кæнгæ у уарзты галуанмæ цæугæйæ дæр. Уарзт фыдахин æмæ чъизи ми нæ уарзы. Стæй - нæ быхсы. Уарзтыл фысгæйæ, ницы хуызы хъæуы халын уыцы æнæфыст, фæлæ æппынæдзух зæрдылдаринаг æвæджиаг рухс æгъдæуттæ. Æмæ сæ йæ зæрдыл дары Нугзар. Уарзтыл заргæйæ, йæ поэтикон дзырд вæййы зæлланггæнагдæр, мелодиондæр:
Уæ, лæппутæ,
Ма мæ хонут 'нæзæрдæ,
Ме 'взонг зæрдæ сагъæсты ныдздзæгъæлтæ, -
Дзæгъæлы мын мачи дзурæд:
- Курын дæ!
Никæй сомы не 'рдардзынæн мурмæ дæр.
Иу лæппу мын сомы кодта:
- Курын дæ!
'Нæрай фæуа, тынг арæхстис дзурынмæ.
Хъазты мæ йæ сау цæстытæ нал иста.
Зарджытæ мыл хъисфæндырæй балвыста…
(«Чызгайы сагъæс»)
Нугзары сфæлдыстадмæ бæлвырд литературон барæнтæм гæсгæ кæсæн нæй. Йæ дзырд, æгæрыстæмæй, алы хатт грамматикон фæткойтæм дæр нæ хъусы. Кæм куыд ныззилдзæнис, кæцæй кæдæм фæтъæбæртт кæндзæн, уый хатт развæлгъау поэт йæхæдæг дæр нæ фæзоны. Фæлæ уымæй тæрсын нæ хъæуы. Софоклы хъуыды нæхирдыгонау куы рацаразæм, уæд уыдзæнис: тæссагæй дзы ницы ис, адæмæн лæггад кæны.
Нæ ныхасы райдианы æмæ йæ кæрон рагон бердзенаг куырыхонты хъуыдытæ хуымæтæджы не 'рымысыдыстæм. Нугзар-иу йæ поэзийы раздæр Къоста, Ос-бæгъатыр, Чермен, Хазби, скифтæ, алантæм ахæццæ. Фæстаг рæстæджы дунейы философтæн нал дæтты удæнцой. Йæ поэзийæ куы кæцæй сдарынц сæ сæртæ, куы - кæцæй. Йе сфæлдыстады йæхи æууындзы философон хъуыдыкæнынадмæ. Хорз райдайæнæн æрæджы никуы у.
ХЪАЗИТЫ Мелитон
Источник - Газета Хурзарин.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
3 января 2015 01:36
Нугзар! Заердиае дын арфае каенын, мае фондзысаедз азы саерты цы ракаесай уцы амонд дын ыстыр ХУЫЦАУ РАДТАЕТ! Леван Ногногираей.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Январь 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия