Ног чиныг / Зонадон куыст Секъайы поэзийы тыххæй
Ирон аивадон литературæйы ирддæр æмæ цымыдисондæр фæзындтæй иууыл нымад цæуы ирон прозæйы бындурæвæрæг Гæджиты Куыцырийы фырт Секъайы сфæлдыстад. Йæ радзырдтæ «Азау», «Хо æмæ æфсымæр», «Арагуийы Ерыстауы æлдар», «Мад æмæ фырт», «Садуллæ æмæ Манидзæ» æмæ æндæрты ирд æмæ уæрæхæй æвдыст цæуы ирон адæмы уæззау цард революцийы агъоммæ, патриархалон ивгъуыды гуымир æгъдæутты аххосæй.
Хæххон адæмы бартыл тох кæнын Секъа райдыдта хæрз æвзонгæй æмæ ацы фæндагæй нæ фæзылд йæ амæлæты бонмæ. Йæ уацмыстæ фыст æрцыдысты æнусæй фылдæры агъоммæ, фæлæ сæ актуалондзинад нæ сафынц ныры дуджы дæр. Уыйбæрц ахсджиаг æмæ арф проблемон фарстытыл дзуры фыссæг æмæ хатт адæймагмæ фæкæсы, цыма йæ уацмысты хицæн скъуыддзæгтæ фыссы не ‘мдугон, уымæн æмæ ирон нацийы, ирон æхсæнады абоны царды дæр нæ сæфы сæ мидис адæмы иудзинады, æнгомдзинады æмæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады фарстыты. Махæн Секъа сæйраджыдæр, зындгонд у куыд прозаик, йæ æнæмæлгæ прозаикон уацмыстæ арф æмæ бындуронæй иртастгонд æрцыдысты къорд фысджытæ, критиктæ æмæ литературæзонджыты куыстыты.
Фæлæ ма прозаикон уацмыстæй дарддæр Секъа ныууагъта хъæздыг поэтикон бынтæ дæр, уыдон та, хъыгагæн, ныры онг æххæстбæрцæй ахуыр æмæ иртæст нæ уыдысты. Хицæн уацтæ Секъайы поэтикон сфæлдыстады тыххæй фыстой сæ рæстæджы Абайты Васо, Джусойты Нафи, Æлборты Хадзи-Умар, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Джыгкайты Шамиль æмæ æндæртæ, фæлæ æрæджыйы онг дæр нæма уыд сæрмагонд зонадон куыст, цыран поэты аивадон дæсныйадæн поэзийы жанры лæвæрд æрцыдаид алыварсон, арф анализ. Ахæм хæс йæ разы æрæвæрдта филологон зонæдты кандидат, поэт Гобозты Валери æмæ йын бантыст ацы темæйы егъау зонадон куыст ныффыссын. Рауагъдад «Южная Алания»-йы мыхуыры рацыд йæ монографи «Поэтическое искусство Сека Гадиева» хицæн чиныгæй. Чиныджы фыццаг хайы лæмбынæг æркастæуыд Секъайы лирикæйы фольклорон-литературон ратæдзæнтæм. Автор нысан кæны, зæгъгæ, поэт уæрæхæй пайда кæны ирон адæмон сфæлдыстады æвзаджы хъæздыгдзинæдтæй. Ууыл дзуры, сæйраджыдæр, йæ поэтикон уацмыстæй бирæты бындур кæй æрцыдысты æвæрд ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгъты сюжеттæ. Ацы ран автор æрхаста Секъайы фырт Цомахъы сæрмагонд хъуыды дæр, зæгъгæ, «рифмæ æмæ æндæр аивадон фæрæзтæ Секъа иста Хуссар Ирыстоны адæмон поэзийы хъæздыг къæбицæй». Фæлæ, монографийы автор Гобозты Валерийы хъуыдымæ гæсгæ Секъа кæд йæ поэтикон фæндаг адæмон сфæлдыстадыл æнцойгæнгæйæ райдыдта, уæддæр хи индивидуалон стиль тагъд ссардта. Чиныджы фыццаг хайы ма дзырдæуы Секъайы поэзийы адæмон-героикон зарджыты бынат æмæ нысаниуæгыл, афтæ ма ацы жанрыл Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады идейон-аивадон æндæвдадыл.
Монографийы дыккаг хай у «Гæдиаты Секъайы поэтикон сфæлдыстады идейон мидис»-ы автор банысан кодта, зæгъгæ, Секъа у фондз поэтикон æмбырдгонд æмæ иу поэмæйы («Иунæг») автор. Уымæ гæсгæ автор цæхгæр разы нæу ахæм хъуыдыимæ, зæгъгæ, Секъа у хæдахуыр фыссæг. Гобозты Валерийы хъуыдымæ гæсгæ Секъайы сфæлдыстадæн анализ аразгæйæ, æнæмæнгдæр фæзыны фидар хъуыды, уый кæй зыдта иттæг хорз поэзийы æмæ аивадон сфæлдыстады æппæт сусæгдзинæдтæ дæр. Растдæр уый руаджы йæ поэзи у алывæрсыг æмæ алыгъуызон.
Монографийы æртыккаг хайы та автор раиртæста поэты лирикон уацмыстæ, сæ композици, рифмæ æмæ ритмикон зæлынад, бæстон анализ сарæзта Секъайы æмдзæвгæты характерон миниуджытæн. Йæ чиныджы кæронбæттæны Гобозты Валери фыссы æмæ аргъ кæны ирон литературæйы къæбицмæ Гæдиаты Секъа цы егъау хайбавæрд бахаста, уымæн. Автор фидарæй зæгъы йæ хъуыды, зæгъгæ, Секъа – поэт дæлдæр нæ лæууы Секъа – прозаикæй. «Йæ лирикæйы уый бауагъта рæстæджы, дуджы комулæфт, йе ‘мдзæвгæты фылдæр хай æнкъарддзинад æмæ æрхæндæгдзинад æвдисæг уымæн сты æмæ уæды рæстæджы Райгуырæн бæстæйы хъысмæты фылдæр бынат уыд трагикон æмæ удриссæн цаутæн», - фыссы автор. Газеты фæрстыл ацы уæрæх æмæ бындурон куыстыл æнæхъæнæй зын дзурæн у, фæлæ иумиагæй чиныджы нысаниуæгыл дзургæйæ, зæгъæн ис æмæ ирон литературæзонынад кæй фæхъæздыгдæр, егъау нысаниуæг кæмæн ис, ахæм иртасынадæй. Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, чиныг кæй равзæрын кæндзæн цымыдис, ирон литературæ чи ахуыр кæны, æппæт уыдонмæ.
ЗÆГЪОЙТЫ Рада
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.