ДЖЫГКАЙТЫ ШАМИЛЫ НОМАРÆН
Æз фыны дæн, Шамил, нæртон гуырд,
Æндæра хур куыд аци тар-сау?
Куыд ис гæнæн æмæ лæджы фырт
Дæумæ æргæвдæн кард ысласа?!
Хъæрзгæ, дæ тæригъæддаг мардыл
О, цас фæбогъ-богъ кодтой адæм! -
Дыккаг ахæм нæ федтон царды,
Куыд амадтой мæсыг дæ кадæн.
Бæгуыдæр, бирæ сты дæ хæрзтæ,
Нæ сæр дæуæй бæрзæндты хастам.
Цыдис дæ сагвæдыл нæ кæстæр,
Нæ хистæр дæ хъæбулау уарзта…
Нæ ахуырдзау нæртон фæсивæд
Хæрзифтонг цыд дæ зонды рухсæй.
Дæ уæздан дзырд уыди сæ сидæн -
Уый ничи федта, нæ, фæлурсæй!
Æдзух - зынгбазыр зæлыд дардыл,
Ирыстоны сыгъзæрин номыл
Мыдыбындз дæр нæ уагъта бадын,
Нæ йын уыд никуы залым хъомыл!..
Шамил, нæ рыст зæрдæйы цæссыг
Мах тынгдæр уый тыххæй лæмарæм,
Кæй та сфæз хи дурæй нæ мæсыг -
Ирон кæй разындис дæ марæг.
Кæддæр Беслæны 'вирхъау цауыл
Цы "…Стыр хъарæг" ныффыстай, уымæн
Йæ азар сагъуыд и Хуыцауыл,
Æнусваг махæн дæр - кæуынæн…
Ныр дын дæхиуыл дæр нывæндын
Зæрдæрисгæйæ кадæг бахъуыд.
Æниу мæ нæй æмæ нæ фæнды
Зæгъон: "Шамилы зарæг аскъуыд…"
Фæлтау лæудзынæн æз æдзæмæй,
Дæу хиздзæн де 'мдзæвгæ мæнгардæй.
Дæ ном дын зæрдæйы кæрддзæмæй
Æз дæр-иу февдисдзынæн кардау!..
Уæддæр тыхсын, Шамил, нæртон гуырд,
Мæ хъуыды бунтæмхицæй растад:
Куыд фæзынди гæнæн - лæджы фырт
Дæумæ æргæвдæн кард ысласта?!
ХЪОДАЛАТЫ Герсан
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.