Йæ рацыд— цинхæссæг
25 октября 2010 Книги [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [5585 просмотров]
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн сæрмагонд журнал уадзыны фæнд нæ интеллигенцийы минæвæрттæй, бирæтæм уыд. Фыццагдæр ууыл йæ зонд æмæ уд хъардта, 20-æм азты райдианы, номдзыд ирон ахуыргонд, рухстауæг, профессор Æлборты Барис. Фæлæ, кæм æхцайы, кæм æндæр цыдæр аххосæгтæй хъуыддаг нæ сырæзт.
2007 азы,ахæм журнал фæзынд. Йæ бындурæвæрджытæ йын радтой рæсугъд ном— «Рухстауæг». Йæ нысан у мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæн сæ куысты æххуыс кæнын, нырыккон ахурадон домæнтæм гæсгæ,ирон æвзаг æмæ литературæйы урочытæ,куыд аразын хъæуы,уый тыххæй методикон æрмæджытæ(фæлтæрдджын ахуыргæнджыты урокты хуызтæ, нæ ахуыргæндты, фысджыты цард æмæ сфæлдыстадимæ баст уацтæ) мыхуыр кæнын.
Ног суадоны дон бонæй — бонмæ сыгъдæгдæр æмæ хæрзаддæр куыд кæна,афтæ ацы журнал иу номырæй, иннæмæ кæны мидисджындæр, цымыдисагдæр, æддаг бакастæй-аивдæр,стæй æрмæджыты тематикæйæ та уæрæхдæр. Æрæджы журналæн мыхуыры рацыд йæ æртыккаг чиныг-ацы азы фыццаг номыр. Райдайы ахуырады кусджыты уæлдæргæнæн институты ректор, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Исахъты Людмилæйы арфæйы ныхасæй. Уым загъд ис: «Мах абон уæлдай бузныг зæгъæм, йæ удвæллойæ Фыдыбæстæйæн,куыд лæггад кæнын хъæуы,уый рæзгæ фæлтæрæн чи æвдисы, уыцы ахуыргæнджытæн. Тынг æхсызгон нын у, Ирыстоны минæвæрттæ мадæлон æвзæгты ахуыргæнджыты Æппæтуæрæсейон æркастытæй уæлахиздзаутæй кæй сыздæхынц. Нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ,арфæгонд ут, уæ къухы фылдæр æнтыстытæ бафтæнт!» Ахуырад æмæ наукæйы министрад сарæзта «Азы хуыздæр ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы конкурс». Фæуæлахиз дзы Беслæныхъæуы 8-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Елуаты Анжелæ. Журналы,уый тыххæй ис уац, стæй Мамсыраты Дæбейы радзырд «Фæсмон»-мæ гæсгæ урок радта, уый пъланы æрфыст.
Журналы тираж у 500 экземпляры. Йæ редакцион советы уæнгтæ,куыд зæгъынц, афтæмæй «Рухтауæджы» æрмæджытæ, цæмæй мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты æппæт домæнтæн æххæстæй дзуапп дæттой, ууыл зæрдиагæй архайдзысты. Наукон-методикон журнал «Рухстауæг» балхæнæн ис Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы.

Источник - ГТРК Алания.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.