Ног лæвар
1 сентября 2010 Книги [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [7881 просмотр]
Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, зындгонд журналист, фыссæг, газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæйраг редактор Хъесаты Валодя, суанг йе взонджы бонтæй фæстæмæ, зæрдиагæй æмбырд кæны адæмон сфæлдыстады æмæ ирон цардуаг æвдисæг æрмæджытæ. Адæм ын æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ уацтыл Хетæгкаты Къостайы, Санаты Уарийы, Æлборты Барисы, Тæбæхсæуты Балойы, Галаты Барисы æмæ нæ иннæ номдзыд лæгты тыххæй. Ирыстоны нырыккон фольклористтæй, фыццаг Валодяйæн бантыст ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаджы тыххæй бæлвырд ныффыссын. Чиныг рухс федта 1998 азы.
Æрæджы , полиграфион куыстуат «Рухс»-ы мыхуыры рацыд йæ ног чиныг. Фыст у ирон адæмы пехуымпар Санаты Семы тыххæй. Разныхасы автор фыссы: «Санаты Сем дæр рагон грекъаг æмбисæндтæ фыссæг Эзопау (Эзоп цард ног эрæйы агъоммæ 6-5 æнусты) у æрдæг таурæгъон, цæугæцардгæнæг, хæтæг, бæстыл зилæг зонынджын адæймаг. Зыдта æрдзы æмæ царды сусæгдзинæдтæ. Уыд цыргъзонд, дзырдарæхст». Валодя чиныгмæ бахаста адæмæй кæй фехъуста, уыцы хабæрттæ.
Хъесаты Валодя, чиныджы разныхасы, хæссы Санаты Семæн цыртдзæвæн сæвæрыны фæндон. Афтæ нын, зæгъы, фæдзæхста фыццаг ирон профессор, рухстауæг Æлборты Барис. Ацы хъуыды царды куы рацæуид, уæд Семы скульптурон фæлгонц сфидауын кæнид нæ горæт. Ау,Штыбы номыл фæзы «Нардытæй хъазджытыл» куы цин кæнæм, уæд нын Семы фæлгонц къаддæр æхсызгондзинад æрхæссид? Йæ фæрцы нæ фыдæлты цард хуыздæр фениккам.Уый та нæ хъахъхъæнид, абоны царды, уд-чъизигæнæг фæзындтытæй.
Санаты Семы æмбисонды хабæрттæ йæ цард, йæ зонд нæ фысджытæй ирдæй равдыста драматург, ахуыргонд, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Джыккайты Шамил. Йæ пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Санаты Сем» æнтыстджынæй цыд ирон театры сценæйы. Ацы уацмысимæ ма автор архайдта Брытъиаты Елбыздыхъойы номыл Æппæтцæдисон конкурсы (1993 азы). Сси ацы аивадон ерысы уæлахиздзау. Пьесæ кæд рагон ирон , фыдæлтыккон цардыл фыст у, уæддæр æй автор фæхайджын кодта, нæ абоны царды цаутæм , Сем йæ ахаст кæм æвдисы, уыцы миниуджытæй. Йæ иу монолоджы фарстæн дæтты (фидæнæн), ахæм дзуапп: «Адæмыл зыд бафтдзæн. Æфсис нал зондзысты æмæ сырдтау кæрæдзийы хæрдзысты. Давджыты хондзысты амалджын. Худинагыл ничиуал худдзæн. Фыдгæнæгæн макæ зæгъæг нал уыдзæн. Хæтаг чызг уыдзæн кадджын. Хъахбай сыл— фæткæвæрæг. Æвзæр хъаст кæндзæн йæ фыдæлтæй. Ингæнтæ къахдзæн æмæ сджытыл кафдзæн. Адæмы ныхасы къæзæнæг уыдзæн дзурæг, хæсты заман тæппуд— тохмæсидæг. Гæртамхор уыдзæн тæрхонгæнæг: йæ усы ус чи у, уый-уынаффæгæнæг. Бынхортæ Иры зæхх уæй кæндзысты неʹзнæгтæн» (кæс ацы чиныджы 7-æм фарсыл»). Хъесаты Валодяйы ног чиныг «Санаты Сем» хорз лæвар у чиныгкæсджытæн. Нæ номдзыд фыдæлы цард чи иртаса, уыцы æрыгон ахуыргæндтæн та фæуыдзæн хорз æххуыс. Зæрдиагæй дзы пайда кæндзысты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ дæр. Чиныджы тираж у сæдæ экземпляры. Автор æй рауагъта йæхи фæрæзтæй æмæ йæ лæвар байуæрста Дзæуджыхъæуы центрон, стæй национ наукон библиотекæты фондтыл.

Источник - 15 регион.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.