Æрыдоны ацыд ирон бæгæныйы фыццаг дегустаци
24 августа 2010 Общество [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [2372 просмотра]
Национ-культурон конкурс «Ирон бæгæны-2010»-ы кой куы айхъуысти æппæт республикæйыл, уæд сæ архайыны фæндон бирæ хъæутæ æмæ горæттæ раргом кодтой. Се ‘хсæн уыдысты Æрыдоны цæрджытæ дæр. Конкурсы фыццаг этап, кæцыйы хъуыд раттын заявкæ, ахицæн. Дарддæр бæгæныхсидджытæн хъуыд æсфыцын нозт æмæ йæ дегустацийæн равдисын.
Ирон бæгæныйы фыццаг дегустаци абон ацыд Æрыдоны. Районы культурæйы Галуаны фойемæ æрбамбырд сты конкурсы архайджытæ (æдæппæтæй – авдæй) æмæ йæ аразджытæ.
Алы сылгоймагмæ дæр бæгæны фыцыны хъуыддаджы ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Уый уайтагъд бамбæрстой къамисы уæнгтæ дæр. Уымæн æмæ уыцы иу продукттæй (зад, хуымæллæг) арæзт бæгæны алы конкурсантæн дæр кодта алыхуызон ад. Сбæлвырд кæнын сылгоймæгты арæхстдзинад, фæлтæрддзинад æмæ сæ зонындзинæдтæ рагон националон нозт фыцын æнахуыр, оригиналон рецептмæ гæсгæ, æвæццæгæн, æнцон нæ уыд. Нуазинагмæ уыд бирæ домæнтæ. Аргъ ын лæвæрдтой йæ тæфы, хуызы, хуымæллæджы мастады бæрцы бындурыл. Бæгæны æнæмæнг хъуамæ уыдаид хæрзад æмæ фынккалгæ.
Сбæрæг кæнын хуыздæр нозт – ахæм хæс сæвæрдтой сæ размæ бæгæныгæнæн хæдзар «Бавария»-йы минæвæрттæ мадзалы райдайæн. Æмæ сæ хынцинаг скæнынмæ сарæхстысты — сбæрæг ис æрыдойнæгты ‘хсæн бæгæны фыцыны хъуыддаджы чи фæуæлахиз, уый ном. Уымæй разынд ирон æвзаджы ахуыргæнæг Цъæхойты Зæлинæ.
Мæргъиты Аланæ

Источник - 15 регион.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.