Osinform

Дарддæр кæны протесты акци

Къуырийæ фылдæр Дзабиты Иналы бинонтæ, кæцы августы мæйы кæрон мард æрцыд криминалон милицийы бæстыхайы, протестты нысанæн бадынц Театралон фæзуаты. Генералон прокуратурæ ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл базонгæ кодта æфхæрдбаййафæг фарсы уæрæсейаг экспертизæйы фæстиуджытимæ. Фæлæ уыцы фæстиуджытимæ разы не сты Дзабиты бинонтæ æмæ хиуæттæ æмæ горæты астæу, Театралон фæзуаты уадзынц протестон акци. Акцийы нысан у, экспертизæйы фæстиуджытыл разы кæй не сты, уый æмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй бæстæйы къухдариуæгад ацы фыдракæндæн раст фæдысгæрст ауадза.

Театралон фæзуаты протестон акци уагъд кæй цæуы, уый тыххæй нæ Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæ кусынц фæтыхджындæргонд режимы. Фæзуаты алфæмблай æхсæвæй-бонæй барвæтк æмæ æхсæнадон æдасдзинадмæ сæ хъус дарынц тыхон структурæты минæвæрттæ.

Цалдæр боны фæзуатыл автортранспортæн фæндаг уыд æхгæд, фæлæ ныртæккæ уыцы уынаффæ ивд æрцыд æмæ архайы æрвылбонон режимы.

Зымæгон уазал рæстæгмæ æнæкæсгæйæ акцийы хайадисджытæ ныр аст боны дæргъы æхсæвæй-бонæй лæууынц рæстдзинад базоныны тыххæй. Дзабиты Иналы идæдз Соттиты Оксанæ социалон хызæджы руаджы бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ, цæмæй уый йæ хъус æрдара йæ цардæмбалы амæлæты фарстмæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæ ныфс асаст, объективон æмæ раст фæдагурæн мадзæлттæ кæй нæ цæуынц уагъд Хуссар Ирыстоны æмбæлон органты ‘рдыгæй, уый фæстиуæгæн.

Уый ма бахатыд Уæрæсейы цæрæг зынгæ ирон адæймæгтæм æххуысмæ. Социалон хызæгты руаджы ацы бинонты фарсмæ æрбалæууыд бирæ æмбæстæгтæ, кæцытæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц ацы уæззау хъуыддагмæ.

Фæмардуæвæг Дзабиты Иналы ныййарæг мад Дзабиты Майя куыд загъта, уымæ гæсгæ акци уагъд цæудзæн уæдмæ, цалынмæ рæстдзинад сæ къухы бафта, уæдмæ.

«Æнхъæлмæ кæсæм уал боны дæргъы, цæмæй нæм хицауадæй иу бæрнон кусæг рахиза æмæ йын радзурæм нæ домындзинæдтæ. Æз уал боны ам уый тыххæй лæууын, цæмæй, мæ сывæллон кæй къухæй фесæфт, уыдон бæрæг æрцæуой æмæ закъонмæ гæсгæ æфхæрд баййафой. Сывæллон фесафын уæззау у ныййарæгæн…

Кæд нæм хицауады ‘рдыгæй æмбæлон хъусдард здæхт не ‘рцæуа, уæд расиддзынæн æххормагдзинад. Æз æндæр фадат нæ уынын, куыд ма сæм бадзурон, куыд ма сæм бахъара мæ уæззау маст», — дзырдта Майя.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйæ нæм куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ æхсæвæй-бонæй фæзуаты фæтк æмæ æдасдзинад цы тыхон структурæтæ хъахъхъæнынц, уыдоны ‘рдыгæй хынцыд не ‘рцыд бархалæн цаутæ. Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб æдзух сиды æмбæстæгтæм, цæмæй оппозицион тыхты фарсæрдыгæй цы æнæсанкцигонд митингтæ ауадзынмæ сидтæуы, уым хайад райсыныл ма разы кæной.

Раджы дæр æмæ æрæджы дæр Ирыстоны адæмы уæлдай тынгдæр æнгом кæнынц уæззау дугтæ æмæ рæстæджытæ. Фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæм бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой, фæлæ-иу алыхатт дæр уæззау уавæрæй рахызтысты кæрæдзи æмбарынад æмæ иудзинады руаджы. Афтæ æмбæлы абон дæр, хъуамæ та нæм разына кæрæдзиæмбарынад. Дзабиты Иналы мæлæты, аххосджынтæ æфхæрд хъуамæ æрцæуой республикæйы архайæг закъоны домæнтæм гæсгæ.

Мах та алы хъуыддаджы дæр нæхи зондджынæй куы æвдисæм, уæд уымæй знæгтæ арвы цæфы хуызæн уыдзысты, нæ хорзмæбæлджытæ та нæ буц æмæ сæрыстыр уыдзысты.

Хъыгагæн, нæ республикæйы цы æхсæнадон организацитæ уæвынад кæны — Ирæтты уæлдæр совет «Стыр Ныхас»-ы хуссарирыстойнаг хайады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, мыггæгты куырыхон дзырддзæугæ лæгтæ æмæ ма кæй кой не скодтам, уыдон абон мадзурайæ кæсынц республикæйы ацы сæвзæргæ æндыгъд уавæрмæ.

Сылгоймаджы кæрдæн нæ фыдæлтæм дыууæ тудджыны урæдта фыддæр æнамонддзинад ма æруадзынæй. Саударæг сылгоймагмæ та алы рæстæджы дæр сæрмагонд ахаст уыд æмæ ис кæдфæндыдæр. Аргъуц æмæ кады бынаты ис, æмæ ныр цы æрцыд не ‘хсæнадыл, цæмæннæуал æфсæрмы кæнæм саударæг бинонтæй, цæмæй ацы рыстзæрдæ адæмы уавæр, æппынфæстаг иуæрдæм æрхауа. Кæм сты мыггаджы дзырддзæугæ æмæ куырыхон лæгтæ, ныхасы лæгтæ, цæмæн хæлæг кæнынц ацы уавæры сæ уæзгæ ныхас.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Опубликованно: 13-12-2020, 22:02
Документ: --- > http://alaniainform.org/79617-dardd230r-k230ny-protesty-akci.html

Copyright © alaniainform.org
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад