Osinform

Кадыл мард


Нæ дарддæры æрмæг та сарæзтам, социалон хызæгты Новосибирскаг туристкæйы къамтæ Ирыстоны кадджындæр кувæндон – Рекомæй куы апарахат сты, уæд. Ирон адæм кæдфæндыдæр стыр аргъ кодтой кувæндæттæн. Нæ уазæг кадджын бынат кæй бабæрæг кодта æмæ уыцы хъуыддаг быцæутæм кæй расайдта, уый не `ппæт дæр федтам. Ахæм цаутæ фæстаг рæстæг арæхæй-арæхдæр цæмæн кæнынц, уыцы фарстæн дзуапп агурæг араст ис ме `мкусæг Хуасдзауты Алинæ. Кæсæм ын йе `рмæгмæ.

Уæрæсейаг туристкæ ахæм быцæу расайдзæн, уый куы зыдтаид, уæд, æвæццæгæн, йæ къах дæр не `рбавæрдтаид нæ республикæмæ. Æрæджы уыдис Цæгат Ирыстоны уазæг. Бабæрæг кодта Цъæйы ком. Йæ фæндаг ракодта Рекомы кувæндоныл. Æмæ... стыр масты бахауд! Фаутæ æмæ æртхъирæнты бын фæцис. Чи йæ æнæпълан æмæ æнæгъдау, чи - нозтджын. Æвæццæгæн, туристкæ аххосджын дæр уыйбæрц нæ уыд, адæм куыд сабухтой. Уымæн æмæ арæхдæр кæм хи куыд раст дарын хъæуы, кæдæм цæуæн ис æмæ нæй, уыдæттæ бæлвырдæй туристтæ нæ фæзонынц. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Стыр Ныхас»-ы. Куыд зæгъынц, афтæмæй туризм у нæ республиæйы бындурон рахæцæнтæй иу æмæ уыцы хъуыддагмæ хъæуы лæмбынæгæй æркæсын.

Стыр Ныхасы уæнгтæ нæ республикæйы хицауадмæ фæнд кæнынц курдиат бахæссын, цæмæй сæрмагонд закъон сфидар кæной. Кæд æмæ уазджытæ алкæд нæ фæзонынц, хи кæм куыд дарын хъæуы, уæд уыцы фау дывæрæй æрхæссæн ис бынæттон цæрджытæм. Æмæ кæд уазæгæн истытæ ныххатыр кæныны амал ис, уæд нæхиуæттæн – сæ цæсгом æмæ сæхæдæг. Искæмæн фидистæ кæныны бар дæр сын нæй, уымæн æмæ уыцы бынæттæ никæй бæрны сты закъонмæ гæсгæ.

Уымæй уæлдай ма, æргом аздахын хъæуы нæ республикæйы кувæндæтты æмæ сæ алфамблайы сыгъдæгдзинадмæ дæр. Уымæн æмæ æнæхъæн дунейы æрдзы хъæбысы кувæндæттæ бирæ не сты. Нæ рагфыдæлтæ сæ сыгъдæгæй кувынмæ сарæзтой. Цæуæн сæм нæй, зæгъгæ, дæр ничи зæгъы, фæлæ нæ традицитæ æмæ культурæ куыд амонынц, афтæ хъуамæ уа.

Уыцы хъуыддаджы туристон клубтæй дæр бирæ аразгæ у. Цы къордтæ фæхонынц нæ цымыдисагдæр æмæ рæсугъддæр бынæттæм, уыдонæн-иу хъуамæ рагацау бамбарын кæной, цавæр уæлæдарæс скæной æмæ сæхи куыд дарой, уый. Фæлæ, хъыгагæн, бирæтæ уыцы хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц.

Ацы дзырддаг хъуыддаджы тыххæй кæимæ аныхас кодтам, уыдон се 'ппæт дæр хæст сты иу зондыл. Уазджытæ сæхи куыд хъуамæ дарой, уый сын хъæуы амонын. Гуырысхо йыл ничи кæны, иууылдæр разы кæй уыдзысты æгъдау æххæст кæныныл, ууыл. Суанг ма йæ парахат кæндзысты сæ социалон хызæджы сыфтыл дæр.

Опубликованно: 15-05-2019, 00:36
Документ: Новости > http://alaniainform.org/71994-kadyl-mard.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад