Цхинвал ӕнхъӕлмӕ кӕсы балеты рцыдмӕ |
Мӕскуыйы балеты ӕмӕ Санкт-Петербурджы Мариинаг театры стъалытӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл фыццаг хатт ацӕудзӕн балеты изӕр, фехъусын кодтой Sputnik Культурӕйы министрады пресс-службӕйы. Культурон мадзал ацӕудзӕн 23 марты Культурӕйы министрадимӕ сразыдзинады фӕлгӕтты. "Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр ӕрфысым кӕндзӕн балет. Къорд кусдзӕн иу изӕр. Ам фенӕн уыдзӕн классикон хореографийы шедевртӕ балеттӕ - "Лебединое Озеро", "Корсар", "Щелкунчик", "Пламя Парижа", "Дон Кихот"-ӕй", - загътой уагдоны. Изӕры архайдзысты Мӕскуыйы балеты ӕмӕ Санкт-Петербурджы Мариинаг номыл театры стъалытӕ. Спутник. Опубликованно: 22-02-2019, 12:40 |
Вернуться назад |