Osinform

Сбæрæг сты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Тæрхоны лæгтæ.

Сбæрæг сты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Тæрхоны лæгтæ.Иуылдæр сты, Ныхас кæмæ ис, уыцы мыггæгты официалон минæвæрттæ.
Æмбырды "Стыр Ныхас"-ы сæрдар Кучиты Руслан йæ раныхасы фæбæлвырд кодта Тæрхоны лæгты размæ цы стыр хæс æвæрд ис уый æмæ сæ дарддæры архайды нысантæ.

Æрныхас кодтой Координацион Совет раздæр цы уагæвæрд (Положение о Тæрхоне) сфидар кодта, ууыл къæпхæнгай йæ равзаргæйæ.

Искæцы хъуыддаг равзарыны фæдыл курдиат бадæттыны бар лæвæрд ис мыггæгтæн æмæ Иры Стыр Ныхасы районты хайадтæн. Хъуыддагмæ æркæсынæн алы хатт дæр хæлттæ æппаргæйæ æвзæрст цæудзæн авд Тæрхоны лæджы. Æркæсинаг фарстатæн сæ сæйрагдæртæ уыдзысты: æвирхъау æхсæнадон фыдракæндтæ, стæй хицæн мыггæгты, кæнæ бинонты фидауын кæнын.
Тæрхон йæ архайды фыццаджыдæр пайда кæндзæн Ирон Æгъдауæн йæхи мадзæлттæй: уайдзæф бакæнынæй, адæмы раз карзæй бафхæрынæй æмæ суанг Хъоды бакæнынæй дæр. Уыимæ, Тæрхоны уынаффæтæ хъуамæ ма хизой паддзахадон закъонтæ æмæ конституцийы домæнты сæрты.

Тæрхоны лæгтæ сæ фыццаг æмбырды Тæрхоны хистæр уынаффæгæнæгæй равзæрстой ЕПХИТЫ Чермены. Йæ хæдивджытæй та КАСАТЫ Владимиры æмæ ЦОРÆТЫ Сосланы.

Бафиппайын хъæуы, Ирыстоны кæцыдæр хъæуты æхсæнадон тæрхон абон дæр кæй ис. Хъæутæй уæлдай ма стæм мыггæгты `хсæн дæр. Зылын фæндагыл æрлæууæг арæхдæр йæ рæдыд нæ фембары. Уым йæ фарсмæ Тæрхоны лæгтæ куы балæууой, уæд фыдбылызæй бахиздзысты йæ бинонты, йæ мыггаджы, йæ хъæубæсты, Ирыстоны. Уымæ гæсгæ Тæрхоны лæгтыл ис стыр æмæ бæрнон хæс æвæрд.
Цыма сæ фыццаг цавæр фарста бахъæудзæн равзарын?

Опубликованно: 13-11-2018, 16:00
Документ: Новости > http://alaniainform.org/69314-sb230r230g-sty-198pp230tduneon-230hs230nadon-zm230ld-iry-styr-nyhas-y-t230rhony-l230gt230.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад