Osinform

Стыр Ныхас сиды адæммæ цæмæй Дзуæртты бын сæхи æгъдаумæ гæсгæ дaрой

Ирон адæм!
Æнусты дæргъы нæ фыдæлтæ цыдысты сæ рухс кувæндæттæм, æртæ кæрдзынимæ сæхи фæдзæхстой Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл.
Абон нæ бæрæгбæтты рæстæг систы стæм фæсивæды ерыстæ, ирон хъазт. Фæлæ дзы уыимæ арæх фехъусæн ис æнæуаг, хъæр ныхас, фенæн - æнæгъдау митæ.
Мах фидарæй зæгъæм, уыцы фыдуынд фæзындтæн сæ сæйраг аххосаг у карз нозт. Нæ фыдæлтæ дзуары бынмæ хастой ирон бæгæны, кæнæ хорæй конд къуымæл, водка æмæ арахъæй сæхи уыцы дзуæрттыл нæ фæдзæхстой. Уыдон сты хæйрæджыты æрхъуыдыгонд, æмæ нæ аив рæсугъд бæрæгбæттæ дæр баисты уыдоны фæндиаг.
Нæ куырыхон хистæртæ æмæ дзуарæн лæггадгæнæг лæгтæ! Мах, Ирыстоны фæсивæд, курæм, цæмæй баунаффæ кæнат, кувæндæттæм карз нозт мауал хæссын æмæ мауал уадзыны фæдыл.
Фæсивæд! Æрлæууæм нæ фарнхæссæг хистæрты раз, баххуыс кæнæм нæ фыдæлты Фарн æмæ Æгъдау фæстæмæ сфидар кæнынæн.
Иумæ бакусæм, цæмæй нæ рухс кувæндæттæм карз нозт мачиуал хæсса, ууыл.

Опубликованно: 18-05-2018, 01:22
Документ: Новости > http://alaniainform.org/66420-styr-nyhas-sidy-ad230mm230-c230m230y-dzu230rtty-byn-s230hi-230gdaum230-g230sg230-daroy.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад