Osinform

«ИРÆТТÆ, РАЗМÆ!»

«ИРÆТТÆ, РАЗМÆ!»
Номер выпуска и дата: №10 30 января 2018 г Печать Эл. почта Прокомментируйте первым!
Гасситы Мураты монолог

Ацы рæсугъд фразæ басгуыхт мæ лозунг,

Рахизын рингмæ йæ базырты бын.

Зонын: уæлахизæй рацæрын хорз у

Æмæ йæм иудадзыг размæ тырнын.

Цасфæнды 'взæрæд мæ разы ныхдуртæ,

Уыдон цæудзысты мæ къæхты бын саст.

Развæдыл алхатт нæ фæтулынц хуртæ,

Развæндаг никæд уыд лæгъз æмæ раст.



Йе уæнгтæ сæрдæг цъæх æндоны тадæй

Нарты Батрадзæн Куырдалæгон уыд.

Уыцы æнхъæлцау мæн ахаста дардмæ –

Денджызты фалейæ разынд мæ куырд.



Иудзырдæй, Санчес мын басгуыхт æмбазыг, –

Æцæгæлон адæмы уарзтæй мын–хай.

Чи 'рлæууы ринджы мæ ныхмæ мæ разы,

Тохы куы бацæуын, – нæу мын уæлдай…



Цал гуыппырсары æрфæлдæхт мæ гуымсæй,

Уал хæрзиуæджы Ирыстоны уæд!

Се 'взидын мурдæр нæ кайы мæ ныфсæй,

Уый бæсты фидар мæ ныхмæ лæууæд!



Хайджын фæдæн æз Мохаммеды фарнæй,

Ссис мын апперкот дзынгайы хæстау.

Цал ма баййафдзæни саунад мæ армæй,

Дортикос, зонут, нæ уыдзæн фæстаг.



Мачи банхъæлæд: æппæлын мæ цæфтæй,

Уыцы миниуæгæй уе 'мбæстаг – хызт.

Уыдон уын дзурынц мæ цонджы хæцъæфтæ,

Æмæ мæ бирæ фыдæбæтты 'нтыст.



Ме суинаг кæстæр, бæллиццагдæр ниц' и

Сгуыхтæй цæрынæй, дæ зæрдыл æй дæр.

Макуы фегад кæн ирон мады дзидзи,

Макуы дын ысуæд дæ хъысмæт æлдар!



Бузныг, Таймазты Артурæн, йæ тыхтæй

Чи кæны разæнгард бандæвдæй мæн!

Чидæрид риссы зæрдæйæ мæн тыххæй, –

Седыгасæй дæр ыстыр бузныг дæн!



Бузныг Виталийæн Сланты, фыццаг хатт

Уый къухты базыдтон тренеры ад.

Алкæд фæлæууы мæ уæлхъус зын сахат,

Агуры ме 'нтыстæн кад æмæ рад.



… Сидын уæм ноджыдæр: «Ирæттæ, размæ!»

Сæмдзæдис кæнæм мæ хъару, нæ зонд.

Архайæм, кусæм, нæ кæрæдзи уарзгæ,

Нацийы тырыса сисæм бæрзонд!



Хъодалаты Герсан, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат

Опубликованно: 02-03-2018, 23:27
Документ: --- > http://alaniainform.org/65197-ir198tt198-razm198.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад