Osinform

«Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан фæсидт фæсивæдмæ

«Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан фæсидт фæсивæдмæ«Мæ зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ! Ацы æмтъеры æмæ цæстмæхъус дуджы, нæ ирон æгъдау сабыргай куыд цуды, афтæ ивы адæмы зондахаст дæр, сæ цæстæнгас æфсарм æмæ уæздандзинадмæ.

Нæ фыдæлтæм худинаг, æгад цы уыдис, уыдонæй абон бирæ цыдæртæ систы æрвылбонон, хатгай та суанг лæджы кады барæнтæ дæр. Уыцы æгаддзинæдтæй иуыл нымад уыдис хицæй, хионæй æппæлын, стауын. Адæймаг арфæйаг у, фесгуыхтис хорзæрдæм, уæд иу ын уыцы арфæ фыццаджыдæр хъуамæ адæм ракодтаиккой.

Фыд фыртæй никуы æппæлыдис, æфсымæр - æфсымæрæй. Абон дæр ма уæздан лæг адæмы раз йæ кæстæрты, кæнæ йæ бинонты кой куы фæкæны, уæд уый размæ æфсæрмхуызæй фæзæгъы: "Уæ фарн бирæ ..." Æппæты стырдæр хорзæхыл нæ ирон адæммæ нымад уыдис кады зарæг. Хъæубæстæ, комбæстæ иу сарæзтой уыцы зарджытæ сæхи хъайтарæй, æхсарджынæй чи равдыста, йæ цард кад æмæ намысы сæраппонд чи радта, ахæм лæгтыл. Никуы уыдис Иры бæстæйы, æмæ исчи йæхиуыл кады зарæг скæна.

Уæдæ ныр, абон, цыппæрвадæй кæцырдæм ныххостам? Цавæр кады зарджытæ райдыдтам æхцайыл (заказ) кæнын нæ мыггæгтыл, нæ хиуæттыл? Цæмæн кæнæм нæхи дæр æмæ нæ кадджын мыггæгты дæр худинаг, æгад?

Уæ хорзæхæй, бауыромут! Уыцы зарджытæ сæ фæстаг нотæйы зæллангимæ, кæнæ та дыккаг бон, ферох вæййынц, фæлæ адæмы зæрдæты ныууадзынц æрхæндæг, кæстæрты та иуварс ссонынц сæ фыдæлты æгъдауæй. Ма калут уе'хца доны, фæлтау сæ уæ мыггаджы номæй адæмæн исты хорздзинад саразут.

Мæ сидт у нæ цардбæлон, нæ уарзон кæстæртæм! Уæ хорзæхæй, зонут цы у Ирон Æгъдау æмæ уæздандзинад! Ма уадзут, уæ мыггæгтæй цæхджын митæ чи кæны хи равдисыны охыл, уыдоны нæ Ирон Æгъдау халын.

Хъахъæнут æмæ алы ран дæр бæрзондæй хæссут уæ мыггæгты Фарн æмæ кад, уæ фыдæлты Намыс! Гъе, уыцы лæггад уыдзæн æцæг арфæйаг адæмы 'хсæн».

15-Й РЕГИОН

Подробнее: http://region15.ru/news/2018/02/25/16-15/

Опубликованно: 25-02-2018, 23:59
Документ: Новости > http://alaniainform.org/65083-styr-nyhas-y-s230rdar-kuchity-ruslan-f230sidt-f230siv230dm230.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад