Osinform

Ос-Бæгъатыр

Ос-Бæгъатыр
Ногæй та Ирыл ныййазæлыд фидиуæг,
Айхъуыст дунейы ирон лæджы ном.
Хъару, æнæмсар тох Ирæн у миниуæг,
Цомут, нæ тыхтæ æвзарынмæ, цом.

Рахиз, дунейы æппæтæй тыхджындæр лæг,
Бавзар хъазуат тохы, бавзар дæ тых.
Мæнæ хæдæфсарм, æппæтæн æфсымæр лæг,
Иры бæгъатыр æрлæууыд æмных.

Цонджы риуыгъд æмæ армы рæмыгъд цæфæй,
Хъуамæ æрцæуа ныхмæлæууæг саст.
Уарзон фыдызæххы, фарны æхцон тæфæй,
Размæ гуыппырсар лæгæрды æваст.

Раджы ма афтæ фыд-æлдæртты басаста,
Иры паддзæхты Бæгъатырдæр-Ос.
Рингæй Мураты дзæккор цæфтæ ахаста,
Кубæйы нæсæтгæ ном –Дортикос-.

Фарны фæд байтау нæ рæзгæ фæсивæдæн,
Номдзыдæй Ирмæ дæ хорзæхтæ хæсс.
Мады рæвдыдау дыл райæд нæ Ирвæдæн,
Зилахармæ нын сæрбæрзондæй кæс.

Ноджы дæр размæ, бæрзонддæр æрвгæрæттæм,
Хъуамæ ысуай ды Бæгъатырдæр-Ос.
Тохы, хæрзæбоны охыл æмгæрæтты,
Макæмæн уал ратт Алийы рон-бос!

Айс нын нæ арфæ, зæрдæбын æнкъарæнтæ,
Табу дæхицæн, ирон лæг-Мурат.
Иры Бæгъатырты тохты æвзарæнтæ,
Дунейы макæд уал, макæмæн ратт!!!

Плиты Серго Гасситы Муратаен
03.02.2018 Цхинвал

Опубликованно: 12-02-2018, 13:58
Документ: Новости > http://alaniainform.org/64857-os-b230gatyr.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад