Osinform

Ног Азы хорзаех уае уат!

Ног Азы хорзаех уае уат!Зæронд Ног Аз та нæм æpбахæццæ,æмæ уæ йæ хорзæх уæд!Цыдæриддæр уæм низæй æмæ æнамонддзинадæй ис,уыдон уын зæронд аз ахæссæд,ног аз та уын æнæниздзинад, амонд æмæ царды бирæ хæрзтæ куыд æрбахæсса, ахæм арфæ уæ уæд! Зæронд азы уæ фæндтæй уæ къухы цы нæ бафтыд,уыдон уын ног азы куыд бантысой,дзæбæхæй æмæ æнæнизæй,уый уын мæ зæрдæ зæгъы! Уæ хиуæттæ,уæ къабæзтæ æмæ уе 'мгæртты хорздзинæдтæ куыд хъусат,ахæм арфæ уæ уæд,семæ цæрынæй бафсæдут!Цæмæдæриддæр уæ зæрдæ хсайы,уыдон уæ къухы бафтæнт!!! Ног азы бæрæгбон йемæ æрбахæссы амонд,уарзондзинад, æнæниздзинад æмæ ма ноджыдæр бирæ хæрзтæ,æмæ сæ хайджын фæкæнæд сымах дæр!Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!🎉

Опубликованно: 14-01-2018, 00:35
Документ: Новости > http://alaniainform.org/64350-nog-az-horzaeh-uae-uat.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад