Osinform

К поединку М. Гассиева с К. Владорчиком ДЗАУАГ САХЪГУЫРДТӔН

К поединку М. Гассиева с К. Владорчиком

ДЗАУАГ САХЪГУЫРДТӔН

(Номдзыд боксгӕнӕг Мурат
ӕмӕ йӕ тренер Виталикӕн)

Дзауы уӕрдӕттӕ
Тулын райдыттой,
Дзауаг Сахъгуырды
Дуне базыдтой.

Мурат Гасситы
Ирӕн раскъуыхти,
ДОНЫХЪАЗ-ы фырт
Йӕ разы ‘рфӕлдӕхти.

Ныр та ноджыдӕр
Дард Америчъы
Номдзыд боксгӕнӕг
Ригыл нал сыстад.

О бецау йӕ бон
Кшиштоф Владарӕн.
Кӕд куыд бахаста
Ныфс нӕ уӕигмӕ.

Уый нӕма зыдта
Дзауаг сахъгуырдӕн
Польшӕйаг дзигло
У гӕнгӕлы йау.

О «бындар» фӕуай,
Ды ИРОН лӕппу
Нарт Батрадзау,
Ды ӔНДОНӔЙ дӕ!

Бирӕ нын цӕрай,
Хохаг, Сланы фырт
Кӕд куыд дӕсны дӕ
Ды дӕ хъуыддаджы.

Дзауы афтӕ у
Фынг у ‘ртӕ къахыг.
Ныр цы бакӕнӕм,
Иу кӕм ыссарӕм?

Цӕй мӕ рахонӕм
Дзауаг, САНЧЕС- ы.
САН мӕ баппарӕм
Ӕрмӕстдӕр АХЪО йы.

Ой, цӕуыл худут,
Нӕмӕнг афтӕ у.
Рихиджын лӕппу,
Махӕн хион у.

Цӕй НӔРТОНгуырдтӕн
Фынгтӕ равӕрӕм.
Дзауы уӕрдӕттыл
Хонӕг арвитӕм.

Цӕгат, Хуссарӕй
Адӕм рахонӕм.
Кувӕг уыдонӕн,
ЧОХ-ы сывӕрӕм.

Ӕгъдау дӕр бакӕнӕм,
Фынгмӕ арвитӕм
Ӕртӕ БӔГЪАТЫР-ӕн
Кады Нуазӕнтӕ!

Симын райдайӕд
Уӕд нӕ фӕсивӕд.
Иры Сахъгуырдтыл,
Зарӕг самонӕд…

Уадз нӕ «сыхӕгтӕ»
Феной, базоной…
Дзырдтаг ма кӕной,
Чи сты АЛАНТӔ!

СИДТ ныр рауадзӕм,
Иры сомбоныл.
Арфӕ ракӕнӕм,
Иры Сахъгуырдтӕн!

«Дзауы уӕрдӕттӕ,
Тулын райдыттой.
Иры Авд Зӕды,
Арвӕй сыртывтой!

(Фиппайнӕгтӕ: 1Доны хъаз –Лебедь (ДОНХЪАЗЫ фырт –Лебедев); 2. Чох- дзауаг кувӕг лӕг)

Опубликованно: 22-10-2017, 19:55
Документ: Новости > http://alaniainform.org/63096-k-poedinku-m-gassieva-s-k-vladorchikom-dzauag-sahguyrdt1236n.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад