Osinform

«Не ‘гъдау — нӕ удварн». Бестауты Валентинайы алӕвӕрд.

Цыкурайы фæрдыг бæрæг бынат ахсы ирон адæмон сфæлдыстады: кадджыты, таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты. Кæй къухы бафты, уымæн ахъаз у йæ тыхст сахаты, дæтты йын амонд, ныфс, хъару, дзæбæх ын кæны йæ цæфтæ, сисы йын йæ рис. Ис, сæрмагондæй «Цыкурайы фæрдыг» чи хуыйны, ахæм ирон аргъау дæр. Уым æй сæйраг архайæг – идæдз лæджы иунæг лæппуйæн – балæвар кæнынц кæлмытæ, сæ лæппыны сын мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уый тыххæй. Цыкурайы фæрдыг ацы аргъауы æцæгæй у йæ номы аккаг: лæппу-иу, цы йæ хъуыд, уый мын фестын кæн, зæгъгæ, куы загъта, уæд-иу æй фестын кодта. Æмæ фæрдыджы, йæ хорз зæрдæйы фæрцы лæппу йæ зынтыл фæуæлахиз, æлдары цард кодта.

Опубликованно: 23-05-2017, 22:08
Документ: Новости > http://alaniainform.org/61278-ne-gdau-n1237-udvarn-bestauty-valentinayy-al1237v1237rd.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад