Osinform

Абайты Васойы фæдзæхст

Абайты Васойы фæдзæхстАбайты Васойыл 97 азы куы цыд, уæд æм цхинвалы ахуыргæнджытæй корд бацыд курдиатыимæ: иры кæстæр фæлтæрæн исты фæдзæхст ныффыссын. Мæнæ цын цы загъта (фыццаг хатыр ракургæйæ, латинаг алфавитыл кæй фыссы, уый тыххæй, фæлæ йæ дзырдуатыл бирæ азты дæргъ кусгæйæ уырыссаг алфавитыл ахуыр нал у):
Мæ кæстæртæм!
Мæ зæрдæ риссы, нæ мадæлон æвззаджы хъысмæтыл куы ахъуыды кæнын уæд. Куыстуæтты æмæ æхсæнадон æмбырдты нæ, фæлæ ма хæдзары, бинонты хсæн дæр тæссаг раны бахауд. Хъуамæ алчи дæр æмбара: æвзаджы фесæфт у – адæмы фесæфт. Нæй æвзаг – нæй адæм. Фæдисы хъæр: не ‘взаг бахъахъхъæнæм, бавæрæм! Æппæты фыццаг – хадзары мидæг, бинонты хсæн. Алы хæдзары къулыл дæр хъуамæ фыст уа егъау дамгъæтæй:
АМ ИРОНАУ ДЗУРЫНЦ”.
Абайты В.

Опубликованно: 10-02-2016, 15:51
Документ: Культура > http://alaniainform.org/54649-abayty-vasoyy-f230dz230hst.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад