Osinform

Цард ахæмтæй фидауы

Цард ахæмтæй фидауыСылгоймагæн йæ хæстæ бинонты раз бирæ сты. Уыцы хæстæ æххæст кæнынимæ ма бæрнон бынаты кусын, æхсæнадон-политикон хъуыддæгты активон хайад исын алы сылгоймаджы бон нæу. Бахъæуы дзы фылдæр хатт равзарын сæ иуы. Нæ ныхасы сæр цы сылгоймагыл у, уый йæ царды ахæм равзæрст аразыны сæр никуы бахъуыд - бинонты цард дæр бæстон кодта æмæ бæрнон бынæтты дæр фæкуыста æмæ кусы абон дæр.


Зассеты Жаннæ Виссарионы чызг. Ацы ном хорз зындгонд у нæ адæмæн, кæд йæ царды зынгæ хай Ирыстонæй дард арвыста, уæддæр. Ирон сылгоймаджы кад æмæ æгъдау, мыггаджы фарн, йæ удимæ æмдзу кæмæн кæнынц, уыдонæй иу у Зассеты Жаннæ дæр. Æвзонг чызг нал у, базыдта царды цин, бавзæрста маст, фæлæ сылгоймаджы ном дæлæмæ никуы æруагъта. Цыфæнды зын уавæрты дæр касти æмæ абон дæр кæсы æрмæстдæр размæ. Æмæ йын адæм дæр аргъ уымæн кæнынц, сæ цæст ыл уымæн æрæвæрдтой. Уымæн æмæ афтæ рауад, æмæ дзы рох никуы уыдысты йæ райгуырæн къона, Ирыстон, фыдæлты фарн. Ахæмты-иу фыдæлтæ хуыдтой лæджымсæр сылгоймаг.


Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй сæ иу - Дзауы, куы фæзынд а-рухс дунемæ, уæд æххæстæй баййæфта царды рæвдыд. Рæзт амондджынæй, рæвдыдхъуаг нæ баззад йæ ныййарджыты, йæ зæронд нана Биазроны 'рдыгæй. Абон дæр ма стыр æхсызгонæй æрымысы Жаннæ йæ нанайы узæлд.

Астæуккаг ахуырад Дзауы райста. Нæ фыдæлты рæсугъд æмбисæндтæй сæ иу афтæ зæгъы: «Хорзмæ иу фæндаг ис, æвзæрмæ та мин!». Йæ фæндаджы райдианы алчидæр фескъуыддзаг кæны уыцы фарст, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы сагъæс ыл кодта Жаннæ дæр. Бæргæ йæ фæндыд дохтыр суæвын. Фæлæ уый йæ бæллицты баззад, алцыдæр фадатæй кæнгæ у…


Зын зæгъæн у цал бæллиццаг сагъæсы сæрты ма ахызт, фæлæ уыдон фæстагмæ æрлæууыдысты Хуссар Ирыстоны паддзахадон институтыл æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд филологон факультетмæ. Каст æй фæцис æнтысгæйæ. Алы æвзонг адæймаг дæр фæхъуыды кæны йæ амондыл æмæ йæ Жаннæ дæр ссардта. Уый дард нæ разынд. Цард уый дæр Дзауы. Æмæ уый адыл йæ цард баиу кодта Санахъоты Русланимæ. Амондджын уыдысты, сæхи ахæмæй æнкъардтой дыууæ æвзонг цардæмбалы. Фæзындысты сын дыууæ хуры къæртты хуызæн хъæбулы Геннади æмæ Адæ. Цас циндзинад æрхастой сæ фæзындæй æвзонг ныййарджытæн! Сæ хъæрмуд цард ноджы фенгомдæр, радысты сæ хъæбулты цинæй.


Алцыдæр уыд хорз, æрмæст сæ бахъуыд сæ цæрæнбынат фæивын. Цæвиттон, Казахстаны цардысты Русланæн йæ дыууæ æфсымæры æмæ уый дæр сразæнгард кодтой, цæмæй уырдæм ацыдаиккой æмæ æрцардаиккой уым, сæ цурмæ æввахсдæр. Æмæ æвзонг бинонтæ ацыдысты. Æцæгæлон адæм сыл æвзæр нæ сæмбæлдысты. Уайтагъд куыстæй ифтонг æрцыдысты. Радтой сын фатер дæр. Райдианы Жаннæ куыста ахуыргæнæгæй скъолайы. Йæ зонындзинæдтæ, йæ æнувыд архайд ын куы федтой, уæд æй ракодтой педколледжмæ, кæцы уыдис институты æмвæзадыл. Ссардта иумиаг æвзаг æцæгæлон бæстæйы æцæгæлон адæмимæ. Бауарзтой йæ сæхи чызгау, рахатыдысты йын йæ организаторон æвзыгъддзинæдтæ æмæ йæ фæхуыдтой кусынмæ партийы Шевченкойы горæтон комитетмæ. Æртæ мæйы дзы инструкторæй бакусыны фæстæ йæ сæвзæрстой ацы горкомы æртыккаг секретарæй. Уыцы партион организацийы та нымадæуыд 14 мин коммунисты бæрц. Раст уыцы рæстæджы райдыдта хæлын Советон Цæдис æмæ æхгæд æрцыд горком. Жаннæ уыцы азты йæхицæн стыр кад æмæ ном скодта. Æмæ куыд йæ хъуыддагыл æнувыд кусæг, афтæ йæ снысан кодтой облæххæсткомы æхсæнадимæ бастдзинæдты хайады хистæрæй. Алы ран дæр куыстфæразон, инициативон кæй уыд, уый уынгæйæ йæ снысан кодтой Шевченкойы горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй. Хæдзары хорз хицау куыд хъæуы, афтæ горæты æмæ алы ран дæр хъæуы хорз, компетентон хицæуттæ. Ацы куысты бынат та бирæ домы адæмы царды æм-вæзад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы æмæ та счъилдысæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ Зассеты чызг. Йæ ныхымбæрц цыд, фæллад нæ зыдта æмæ йæ архайд хорзæрдæм зынд бирæминон горæтыл.


Ацы бынаты кусгæйæ, уый базонгæ, ирон адæмæй дзы чи цард, уыдонимæ æмæ йын семæ уыдис хъарм ахастытæ. Æххуыс ын кодтой йæ куысты дæр. Уыдоны 'хсæн бирæ уыд ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, ирон адæмы кадыл бæрзонд чи хæцыд æцæгæлон адæмы астæу. Абон дæр Жаннæ æрæмысы æмæ сæ кой æхцонæй фæкæны. Ахæмтæ уыдысты горæты скъолатæй сæ иуы директор Сабанты лæппу, горæты милицийы хистæр Дзассохы фырт, горæты егъаудæр заводтæй сæ иуы сæйраг инженер Гусаты Руслан æмæ бирæ æндæртæ.


- Тынг аргъ кодтон уымы цæрæг ирæттæн се 'ппæтæн дæр, зæгъы Жаннæ. Уыдон уыдысты, æцæгæйдæр, ирон адæмы аккаг минæвæрттæ. Бирæ нациты минæвæрттæ цæрынц Казахстаны, уыимæ Шевченкойы горæты дæр æмæ семæ ардтон иумиаг æвзаг. Уæлдай хъармдæр ахаст мæм дардтой цæцæйнæгтæ. Цыфæнды мадзал организаци кæнгæйæ-иу уыдон уайтагъд æрбалæууыдысты мæ уæлхъус. Æппæт уыдæттæ ныр ивгъуыды баззадысты. Мæнæн та - æхцон мысинагæй. Амондджын уыдтæн ахæм адæмимæ кусгæйæ. Горæт уыдис егъау, бирæ дзы уыд æфсæддон объекттæ. Æрмæст æфсæддон заводтæ дзы уыдис 12, уыдис атомон реактор. Ацы горæт ис Каспы денджызы былыл, æмæ йæ рæсугъдзинадæй цæстæнгас йæхимæ æлвасы. Уыцы азты Казахстаны республикæ ссис хицæн паддзахад æмæ дзы паддзахадон æвзаг та ссис казахаг æвзаг. Æнæмæнгхъæуæг уыд уыцы æвзаг зонын. Æз æй сахуыр кодтон æмæ йыл æхсызгонæй дзырдтон. Цард рæсугъд æмæ адджын уæд вæййы, дæ фыдæбонæн дын аргъгæнæг куы уа, æмæ дæ архайд та адæмы хæрзæбонмæ здæхт куы уа, - зæгъы Жаннæ.


Царды фæивд бандæвта Казахстаны адæмы цардыл дæр. Уыцы азты куыд æппæт Советон Цæдисы бæстæты республикæтæ, афтæ Казахстаны адæмы цард дæр гæвзыккмæ цыдис, æхгæд цыдысты бирæ куыстуæттæ, уæлдай тынгдæр тыхстысты æрыгон адæм. Ахæм адæймæгтæн баххуыс кæныны тыххæй республикæйы арæзт æрцыд президентон фонд. Ацы фондæн æххæстгæнæг директор ссис Зассеты Жаннæ. Президент та йын уыд Казахстаны ныры президент Нурсултан Назарбаев. Ацы фонд ахъаз кодта æрыгон фæлтæры куыстæй ифтонг кæнынæн. Уымæй дарддæр ма уагъд цыдысты алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Ахæм мадзæлттæм Жан-нæйы инициативæйæ арæх хуынд цыдысты куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ. Бирæ зынгæ артисттæ-иу æрхуыдта уырдæм Уæрæсейæ дæр. Афтæ Жаннæйы ивтой иу бæрнон бынатæй иннæмæ, æмæ дзы иу ран дæр ирон сылгоймаджы фарн æмæ æгъдау дæлæмæ не 'руагъта, алы ран дæр ын кодтой стыр кад.


Сывæллæттæ - Геннади æмæ Адæ рæз хастой, фесты скъоламæ цæуынхъом. Астæуккаг ахуырад уым райстой. Институт уым бакаст Адæ. Гена дæр бацыд ахуыр кæнынмæ институты физикон хъомылады факультетмæ æмæ уыцы иурæстæджы куыста тренерæй. Æвзыгъд уыдис спортмæ. Фыццаг къласæй фæстæмæ цыдис боксмæ. Хайад иста бирæ бæрнон ерысты. Скъолайы ма ахуыр кодта, уæд уыд Уæрæсейы чемпионаты хайадисæг дæр. Ге-найæн йæ тренер уыдис дунейы къласы спорты мастер Александр Драч. Афтæмæй рæзтис. Гена йæ лæджы кармæ куыд цыд, афтæ йæ йæ зæрдæ тардта йæ райгуырæн бæстæмæ, йе 'мтуг адæмы 'хсæнмæ æрцæуын æмæ ныййарджыты разæнгард кодта, цæ-мæй сæ цæрæн бынат аивой Ирыстонмæ. Куыд стыр кодта, афтæ-иу баййардта йæ мады. Гыцци ацæуæм нæхимæ, Ирыстонмæ.


- Сæрды улæфтыты-иу куы рацыдыстæм, æмæ-иу Дзæуджыхъæумæ куы æрхæццæ стæм, уæд-иу чызг цин кæнын райдыдта: «Мама! Мама! Вот наши родственники!». Æмæ-иу ын уæд Гена бауайдзæф кодта, иронау дзур, ам Ирыстон у, зæгъгæ.
- Цавæр хæстæджытæ дын сты, куы афарстон Адæйы, уæд мын афтæ дзырдта: уæдæ ма хъус, æндæра нæ фехъусай нæхи æвзагыл дзурджыты. Уæд бамбæрстон райгуырæн къуым Генайы дæр йæхимæ цæмæн æлвæста, уый.
Афтæ бинонтæ, æппынфæстаг, сæ цæттæ цард ныууагътой æмæ æрыз-дæхтысты сæ уæзæгмæ - Дзаумæ. Жаннæ уæд кусын райдыдта бæрнон бынаты республикæйы президенты паддзахадон уынаффæгæнæгæй, Гена та Паддзахадон æдасдзинады комитеты. Гена ма уыцы рæстæджы ахуыр кæнынмæ бацыд горæт Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты министрады хаххыл ахуыргæнæндонмæ, стæй йæ ахуыр аивта æмæ бацыд горæт Мæскуыйы паддзахадон барадон институтмæ æмæ йæ каст фæцис. Фæстæдæр Жаннæ та аивта йæ куысты бынат Дзаумæ æмæ кусын райдыдта Дзауы администрацийы сæргълæууæгæй. Фæлæ та фæстæдæр раконд æрцыд президенты паддзахадон уынаффæгæнæгæй.


Амондджын уыдысты бинонтæ. Рухс уыд йæ зæрдæ Жаннæйæн йæ хъæ-бултæй. Фæлæ бынтон æнæнхъæлæджы, æмбойны бинонты цард зындон фестад. Уый уыд 2004 азы. Уæд та гуырдзиаг тыхæйисджытæ ногæй сфæнд кодтой Хуссар Ирыстоны байсын. Сæ фæнд уал уыдис Тлиахъанайы хъæуы сæхи æрфидар кæнын. Хъæуы та хъахъхъæдтой нæ лæппутæ. Се 'хсæн - Гена дæр. Тыхтæ иугъуызон нæ уыдысты æмæ нæ лæппутæ алæууыдысты фæстæмæ. Фæцæф сты æнæмсæр тохы Генайæн йæ дыууæ къахы дæр. Нал ын уыд йæхи бааууон кæнæн æмæ бахауд знаджы къухы. Акодтой йæ нырма Ереды хъæумæ æмæ стæй та Гурмæ æмæ йæ фыдмардæй амардтой. Амардтой бинонты иунæг нæлбындары, се стыр ныфсы. Гена ссис, уыцы азы гуырдзыйы æрбабырсты иунæг амæттаг.


Афтæ ахуыссыд йæ цард, йæ райгуырæн уæзæгмæ, йæ Ирыстонмæ цæрынмæ чи тырныдта æмæ дзы цæрынæй чи нæ бафсæст, уыцы хъæбатыр лæппу Санахъоты Геннади. Йе 'взонг цард радта йæ адæмы, йæ уарзон Ирыстоны сæрыл æмæ йын йæ рухс ном Иры дзыллæ никуы ферох кæндзысты.


Бинонтыл цы стыр трагеди æрцыд, уый сын абон дæр зын сфæразæн у. Фæлæ цард уæддæр йæхион кæны.
Фæразон разынд Жаннæ. Куырыхон нæлгоймагау царды зындзинæдты ныхмæ лæгæй-лæгмæ æрлæууыд æмæ уый дæр дзурæг у йæ уды фидардзинадыл. Цы уæззау маст бавзæрста, уæззау рыст цы зæрдæйы ис, уым бынат баззад адæмы хорзæн хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразынæн дæр. Раздæрау у куырыхон зонды хицау. Йемæ дæсгай азты дæргъы чи кусы, уыдон æвдисæн сты, цæстмæмитæй дард кæй лæууы, йæхи мæстыгæрæй кæй никæмæ равдисы. Ахæм фæтк æмæ æгъдауыл æвæрд сты йæ ахастдзинæдтæ канд йе 'мкусджытимæ нæ, фæлæ æнæзонгæ адæмимæ дæр. Бынтон фæзминаг та у йæ ныхасы хъæд: фæлмæн, рæсугъд. Ахæм адæймæгтæй фидауы цард.


Ацы бонты мах нысан кодтам фыццаг уалдзыгон рæсугъд бæрæгбон Сылгоймæгты дунеон бон. Кæддæриддæр дыл æнæниз, æнæмастæй цæуæд æмæ ноджы фылдæр æнтыстытæ дæ къухты æфтæд дæхи, дæ иууыл æввахсдæрты æмæ дæ адæмы хæрзиуæгæн, Жаннæ!


БЕСТАУТЫ Валя

 

"Хурзаерин"


Опубликованно: 11-03-2012, 14:02
Документ: Общество > http://alaniainform.org/34109-card-ah230mt230y-fidauy.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад