Osinform

Ирон чызджытæ сæхицæн чындзæхсæвмæ фылдæр равзарынц ирон разгæмттæ

Ирон чызджытæ сæхицæн чындзæхсæвмæ фылдæр равзарынц ирон разгæмттæИвгъуыд æмæ фидæн чи баиу кæны, уыдонæй иу у национ дарæс. Цалфæнды азы куы рацæуа, цыфæнды нырыккон модæ куы ныффидар уа, уæддæр ирон разгæмттæ сты æппæтæй уарзондæр. Чызджытыл уæлдай тынгдæр фидауынц. 
Ирон националон къабайæн ис хъæздыг истори. Йæ карст сæвзæрд суанг скифты дуджы. Уæд æй хуыдтой къухæй, нæма уыдис сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Аив æй кодтой алыхуызон рæсугъд æрмæджытæй. Йæ ахадындзинад нæ фесæфта абон дæр.
Хъантемыраты Эльбрус, РЦИ-Аланийы националон музейы хайады сæргълæууæг: «Абоны уæлæдарæс, 2 мин — 2 мин æмæ æрдæг азы размæ куыд уыдис, нæ фыдæлтæ йæ куыд хуыдтой, абон дæр афтæ у. Абоны онг æй афтæ рæсугъд дарынц кафджыты къордтæ, чындзы чи фæцæуы».
Абон дæр нæ республикæйы æрыгон чызджытæ сæхицæн чындзæхсæвмæ фылдæр равзарынц ирон националон уæлæдарæс. Ацы хъуыддаг сын вæййы ахсджиагдæр. Уымæн æмæ урс къаба у сылгоймаджы уды сыгъæгдзинады æвдисæн.
Ирон костюмы алы дзаумайæн дæр ис йæхи нысаниуæг.
Хъантемыраты Эльбрус, РЦИ-Аланийы националон музейы хайады сæргълæууæг: «Худ дæр ахæм уыд уыцы дуджы, ахæм цыбыр, лæгъз. Фæлæ ирон адæм дардтой цъуп худтæ дæр. Уыдон дæр археологон æрмæгæй зындгонд сты. Кæд абон иу худы кой кæнæм, уæд уыцы дуджы худтæ хъæздыгдæр уыдысты, бæрзонддæр. Цæмæй адæймагæн æхсæнады йæ уагæвæрд бæрзонддæр æвæрд уыдаид, уымæ гæсгæ».
Сылгоймаджы националон костюмы иу хай та ма уыд сæрбæттæн. Чындзæхсæвы фæстæ æнæ уымæй сылгоймагæн æхсæнадмæ цæуын не мбæлыдис. Кæддæриддæр ын уыдис стыр нысаниуæг. Суанг ма иу тудджынты дæр бауырæдта, æмæ-иу дыууæ мыггаджы бафидауын кодта.


Опубликованно: 28-01-2011, 17:56
Документ: Новости > http://alaniainform.org/27510-iron-chyzdzhyt230-s230hic230n-chyndz230hs230vm230-fyld230r-ravzarync-iron-razg230mtt230.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад