Osinform

Касаты Батрадзы ног чиныг "Удцырагъ"-æн уыд презентаци

Касаты Батрадзы ног чиныг "Удцырагъ"-æн уыд презентациМамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты библиотекæйы уыд поэт, тæлмацгæнæг, æхсæнадон кусæг Касаты Батрадзы ног æмбырдгонд — «Удцырагъы» презентаци. Поэт ирон поэзимæ бахаста стыр æвæрæн. Йе сфæлдыстадæн ын аргъ кæнынц алы кары адæм. Уымæн æвдисæн у ацы фембæлд дæр.

Æвæццæгæн Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, Касаты Батрадзы сфæлдыстадимæ зонгæ чи нæу. Йе сфæлдыстадыл ын иузæрдион сты чиныгкæсджытæ. Батрадзы ног æмбырдгонд «Удцырагъы» презентацимæ æрбацыд бирæ адæм. Республикæйы интеллигенци, йæ хæлæрттæ, æмкусджытæ, хъæуы æмæ мыггаджы минæвæрттæ. Сфæлдыстадон фембæлд бацæттæ кодтой, Батрадзæн йе мхъæуккæгтæ, Ольгинскæйы скъолайы ахуырдзаутæ, сæ сæргъы сæ аивадон разамонæг Джеллæты Фатимæ афтæмæй.

Ацы фæсивæд се мхъæуккагæй сæрыстыр сты. Ольгискæйы скъолайы æнтыстджынæй кусы литературон къорд «Дзырды фарн». Йæ уæнгтæ кадыл банымадтой Батрадзимæ фембæлын, æмæ йын йе сфæлдыстадыл бæстонæй æрдзурын. Сæ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр айстой Хъæрмæдон æмæ Беслæны трагедийы фæстæ поэтмæ цы рæнхъытæ сæвзæрд уыдон.

Батрадзы сфæлдыстадыл йе мхъæуккæгтæ дзурынц скъолайы ахуырты дæр. Йæ æмдзæвгæты ис арф хъуыды, уымæ гæсгæ сывæллæтты зæрдæтæм æнцонæй хъарынц.

«Лæджы цы хъæуы? Хорз ныхас ын зæгъ.»
Ацы рæнхъытæй райдыдта ног æмбырдгонд. Хаст æм æрцыдысты актуалон темæтыл уацмыстæ. Чиныгæн стыр аргъ скодтой республикæйы сфæлдыстадон кусджытæ.

Алы адæймагæн дæр царды йæхи нысан ис. Кæмæй рауайы хорз дохтыр, кæмæй зындгонд ахуыргонд. Фæлæ адæмæн се ппæтæн дæр уарзон суæвын, алкæмæн нæ бантысы. Батрадз хайджын у удыхъæды рæсугъддæр миниуджытæй. Ирыстонæн, йæ хъæубæстæн зæрдæйæ лæггад кæны. Бирæ арфæйы ныхæстæ загъд æрцыд сфæлдыстадон изæры йæ номыл. Сывæллæттæ йын бакастысты йе мдзæвгæтæ. Ольгинскæйы хихъæппæрисадон зарæггæнджыты къорд «Айзæлд» изæр саив кодта Батрадзы фыст æмдзæвгæты зарджытæй. Фембæлд рауад зæрдæмæдзæугæ.

Касаты Батрадз ацы аз сæмбæлд йæ 60— ай азы юбилейыл. Йæ æнæхин æмæ зæрдиаг куыстæн ын аргъ скодта республикæйы разамынд. Саккаг ын кодтой Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын ном.


Опубликованно: 24-12-2010, 16:47
Документ: Книги > http://alaniainform.org/26980-kasaty-batradzy-nog-chinyg-udcyrag-230n-uyd-prezentaci.html

Copyright © Osinform.ru
При копировании материалов, гиперссылка обязательна.

Вернуться назад