Фыдыбæстæйыл иузæрдион æмæ æмгаруарзаг «Батя»

22 февраля 2020 Новости [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [868 просмотров]
Фыдыбæстæйыл иузæрдион æмæ æмгаруарзаг «Батя»Фæзæгъынц, зæгъгæ, рæстæг мастæн хосгæнæг у, фæлæ уыцы рæстæг нæ разынд хосгæнæг Вадимы бинонтæн, йæ иунæг мадызæнæг Аллæйæн. Хъоцыты Вадим. Фыдыбæстæйыл иузæрдион хъæбул — фæсномыгæй йæ хуыдтой «Батя» — алчидæр æй зыдта ацы номæй. Райгуырæн бæстæйæн йæ хъыгыл чи маст кодта, йæ циныл ын чи рад, йæ цард ын чи снывонд кодта, уыцы хъахъхъæнджытæй сæ иу уыд «Батя». Хъыгагæн, уыд. Ацы мæйы райдианы Вадимæн ахицæн кодтой йæ афæдзы кæнд… Хорз æфсымæры, хорз хъомылгæнæджы, хорз æмкъайы, хорз æмгары ивгъуыды мысын тынг зын у, уæззау у бинонтæн дæр, уæззау у, хорз æй чи зыдта, йæ царды фылдæр хай кæимæ арвыста, уыцы æмгæрттæн дæр…

Вадим райгуырд 1969 азы 26 майы æмæ схъомыл горæт Цхинвалы. Йæ фыд гуырдзиаг уыд, марнеулаг Мумладзе Лонги æмæ Вадим дæр чысылæй йæ фыды мыггаг хаста. Фæлæ йæ цалдæр азы размæ раивта бæрæг аххосæгтæм гæсгæ æмæ йæ мады мыггагыл ныффыста йæхи. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты 3-æм скъолайы. Уæлдæр ахуырад райсыны нысанæн фæцыд Мæскуымæ æмæ уым ахуыр кодта экономикон факультеты. Уыцы-иу рæстæджы ма уым ахуыр кодта техникон ахуыргæнæндоны дæр. Иу курс кæронмæ нæ сæхгæдта, афтæ райдыдтой гуырдзиаг тыхæйисджытæ Хуссар Ирыстонмæ лæбурын. Вадимæн йе уæнгты кæд гуырдзиаг туг зылд, уæддæр уыдта æмæ æмбæрста, Гуырдзыстон тугмондаг политикæ кæй уадзы Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæмы ныхмæ, æмæ слæууыд рæстдзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл тохы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Службæ кодта Хъахъхъæнынады министрады, министрады дæлбар раз-вæдсгарæн къорды, Фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты, цалынмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нымад не ‘рцыд, æмæ нæ зæххыл сабырад æрбиноныг, уæдмæ. Уæды рæстæджы гуырдзиæгтæ Вадимы нывтæ кодтой къултыл æмæ хъусын кодтой, егъау суммæ кæй бафиддзысты (уæды рæстæджы — иу мин доллары), чи йæ æрцахса, уымæн. Гуырдзиаг гуырдзиæгты ныхмæ тох кæна, уый сæ сæрмæ нæ хастой. Уыцы хъуыддæгтæ никуы схъæр кодта нæ уацы хъайтар йæ ныййарæг мад Назирæйæн, рынчын у, зæгъгæ, æмæ ма маст кæна… Фæлæ иу рæстæджы сыхæгты телефонмæ бадзырдæуыд йæ мад Назирæтмæ. Æнæуаг дзыхæй йæм æртхъирæн кодтой: «Саакъадзейы лæппуйау дын дæ лæппуйы сæр акъуырдзыстæм æмæ дын æй барвитдзыстæм».

Уæды рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн фадат уыд Хуссар Ирыстонмæ цæуынæн, нæ алыварс гуырдзиаг цæрджытæ уыд æмæ чи йæ хиуæттæм цыд, чи та — æндæр хъуыддаджы фæдыл. Æмæ уыцы рæстæджы Вадимы æрцахсыны нысанæн горæты йæ фæдыл зылдысты цалдæр гуырдзиаджы. Уадид Вадиммæ хæрзгæнæг фесты йе ‘мбæлттæ æмæ йæ бамбæхстой къуырийы бæрц, æмæ стæй йæхимæ дæр æгадау æркаст, зæгъгæ, цы уа, уый уыдзæн, цас хъуамæ мæхи аууон кæнон, æмæ та æрæвнæлдта йæ разылæууæг хæстон æнæаргъæвгæ хæстæ æххæст кæнынмæ. Хъахъхъæнынады министрады развæдсгарæн къорды службæгæнгæйæ, уый хайад иста ахæм операциты, кæцытæн нæй ивгъуыды рæстæг, нæдæр сын раргомгæнæн ис.

Ацы адæймаджы удысконд равдисынæн бирæ хорз ныхæстæ равзарын хъæуы, бирæ уæздан ныхæстæ æрхъуыды хъæуы, цæмæй йæ кæсæгæн бамбарын кæнæм, фæлæ йæ хорз чи зыдта, æрмæст «Батя»-йæ дæр æй чи зыдта, уыдон æй бамбардзысты. Алкæмæ дæр аудгæ ахаст дардта, йæ ныййарджытæм, йæ бинонтæм, йе ‘ввахс адæммæ.

Аллæ – Вадимы иунæг мадызæнæг, Аллæ стыр ныфс кæмæй æвæрдта, кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы Ирыстонмæ йæ æгæрон уарзондзинады миниуджытæ лæмбынæг бамба-рын кæныны нысанæн, дзырдта бирæ историтæ: Ленингоры районы æрхъулайы куыд бахаудтой æмæ цыдæр амондæн сæрæгасæй куыд раирвæзтысты, радон хæстон хæс æххæстгæнгæйæ, ТЭК-ы районы æхсты бын куы бахаудтой, уым Вадим йе ‘мбалы ирвæзынгæнгæйæ, схъисдзæф куыд фæцис. Уыцы хабар цæмæй йæ мад ма фехъуыстаид, уый тыххæй йын нæмыджы схъистæ систой къазармæйы, æнæ дохтыр æмæ медицинон рыстуромæн препараттæй, цас бафæрæзта, уыйас.

«Мæнæн уый мæ риссаг æмæ чи нæ нымæг кæны, уыцы уæззау маст у»

Дзырдта дарддæр, йæ зынаргъ мадызæнæджы мысгæйæ, Аллæ.

«Мæ фыд Гуырдзыстоны цард, æмæ уыцы рæстæджы уый бабæрæг кæныны нысанæн ацыдтæн, нæ сыхæгтæм Тбилисæй уазæгуаты цы сылгоймаг æрцыд, уыимæ. Куыд уыд, цы уыд, фæлæ мæ æрурæдтой, мемæ цы сылгоймаг уыд, уый фæиуварс кодтой æмæ мæн цавæрдæр ныккæндмæ ныккодтой. Абон дæр æй нæ зонын, цы бынаты уыдтæн. Уыцы ран ма уыд сылгоймæгтæ, ас нæлгоймæгтæ æмæ дыууæ та — сывæллæттæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй мæ æрцахстой ме ‘фсымæры тыххæй. Ныккæндæй мæ ракодта Ерадзе Авто, къулмæ мæ слæууын кодта æмæ мæ алфæмблай автоматæй тымбыл æхст фæкодта – де ‘фсымæр кæм ис, уый нын, зæгъ, науæд та йæм фæдзур. «Фæлтау мæ амарут, фæлæ уын æз иу ныхас дæр нæ зæгъдзынæн», — уый уыд мæ дзуапп. Дзырд дардыл у, фæлæ мæ афтæ фæлвæрдтой, цæмæй сын раргом кодтаин Вадимы координаттæ, куы та мын фыстæг фыссын кодтой. Уый фæстæ мын иу хуыцауысконд, ирон хæрæфырт Тимур бацамыдта, зæгъгæ, фыстæг дæ хиуæттæй искæмæ ныффысс æмæ йæ æз арвитдзынæн. Мæ хион Джиоты Джиуæрмæ рарвыстон бæрæг. ТЭК-мæ ацы Авто йæхæдæг æрбацыд, æмæ нæ разы кодта мæн радтыныл, цалынмæ Вадимы скæнат, уæдмæ йæ, зæгъгæ, не ссæрибар кæндзыстæм. Дæргъвæтин бадзырдтыты фæстæ мæ баивтой иу ацæргæ лæг æмæ дыууæ сывæллоныл», — дзырдта Аллæ.

Æппæт ацы хабæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Вадимæн тынг зын уыдысты, ома, мæн тыххæй æфхæрд æййафынц ме ‘ввахс адæм дæр. Ацы Ерадзе Авто та йæ тынг рагæй зыдта, уымæн æмæ уый дæр нæ горæты 3-æм скъолайы ахуыр кодта.

Сæйраджы — æнæниздзинад

Дуг куы ‘рсабыр, Ирыстон рæзт æмæ æнди-дзынады къахыл куы слæууыд, уæд Ирыстоны патриот, йæхи схъауын æмæ йæхицæн домын йæ туджы кæмæн нæ уыд, нæ уацы уыцы хъай-тар æмбæлд царды зындзинæдтыл. Иуæй йæ йе ‘нæниздзинад тыхсын кодта — зæрдæ, сæкæрниз, иннæмæй та йæ мыггаг гуырдзиаг кæй уыд, уый аххосæй йын куыст ссарын зын уыд. Уый тыххæй йæ мыггаг раивта йæ мады мыггагмæ.

Зæрдæнизджын лæппуйы иу рæстæджы арвыстой Астраханмæ, æнæаргъæвгæ операцимæ. Уырдæм ацæуынæн сын стыр æххуыс бакодта Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты сахъатджынтæ чи систы, уыдонæн æххуыс кæныны фæдыл фонды сæргълæууæг Плиты Мæдинæ. Фæлæ ам дæр нæ барухс Вадимы зæрдæ, уымæн æмæ не сразы сты дохтыртæ операци саразыныл, зæгъгæ, дæ уæз стыр у. Уый фæстæ хос кодта, фæлæ ууыл нæ лæууыдысты бинонтæ, ногæй архайдтой, цæмæй йæ æндæр горæтмæ акодтаиккой Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хардзæй (финансон æгъдауæй цыбыркъух кæй уыдысты бинонтæ, уымæ гæсгæ сын сæхи хардзæй республикæйæ дарддæр хоскæнынмæ ацæуыны фадат нæ уыд).

Æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст Вадим, кæд сæм æрбадзурдзысты æмæ кæд ацæудзæн йе ‘нæниздзинад йæ уагмæ æркæныны тыххæй, фæлæ нæ сæххæст уыцы бæллиц Вадимæн. Цард тохы быдыр у, тох кодта низтимæ Вадим дæр, ахуыр уыд тох кæныныл. Бирæ хорз фæндтæ йын уыд, бирæ хорз хъуыдытæ, фæлæ… Ивгъуыд аз 6 февралы æнæрæстæджы фæзиан 49-аздзыдæй. Хæдзары йе ‘нахъом чызджы йедтæмæ ничи уыд æмæ йæ хъæбулы къухты хъæбулуарзаг фыд аивгъуыдта йæ æнæсæххæстгонд фæндтимæ æнусон дунемæ. Йæ бинонтæ, йе ‘ввахс адæмæн та йæ фæстæ ныууагъта стыр маст.

Вадимы бинонтæ бузныг сты республикæйы къухдариуæгадæй, сæ уавæры кæй бацыдысты, сæ фарсмæ кæй балæууыдысты æмæ сын Ва-димæн уæлмæрды цырты дур сæвæрынæн фи-нансон æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй.

Æмгæртты мысинæгтæ…

Ацы адæймаджы удыхъæд равдисыны фæдыл бирæ дзурæн ис, уымæн йæ зæрдæйы рæбынæй цыд хæлар ахаст, хæрамдзинадæй йæм æппындæр кæй ницы уыд, уый иу бакастæй дæр бæрæг уыд… нæдæр — гуымир ахаст, нæдæр дзыхы ныхасæй никуы никæй фæхъыг кодта Вадим.

Вадимы æввахс æмбал Плиты Реуаз нын бирæ фæдзырдта ацы адæймаджы удыхъæд, патриотизм, йæ уды рæбынæй, æрмæстдæр, хæлардзинад кæмæн цыд, уый миддуне раргом кæныны сæраппонд.

«Мæнæн дыууæ æвахс æмбалы уыд, сæ иу — Вадим… Æз уый хуызæн адæймагыл нал фæ-хæст уыдзынæн… нал дæр æй агурын…», — дзырдта æрхæндæгæй Реуаз.

Ахæм ныхæстæ нын дзырдта йе ‘ннæ æмбал Икъоты Вадим дæр. Уый Якутийы цæры æмæ йын фадат нæ фæцис йæ марды кæндтæм æр-цæуынæн дæр. Фæлæ мæ, зæгъгæ, мæ къах нал дæр хæссы Чъребамæ, ахæм хорз адæймаг мын дзы кæй нал ис, уымæ гæсгæ.

Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл тохты иумæ цыдысты йе ‘ннæ хæстон æмбал Куыдзеты Ацæмæзимæ. Бирæ мысинæгтæ æрлæууыд йæ зæрдыл ацы лæппуйæн дæр – Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон операцитæ биноныг кодтой, фæлæ уый никуы ныууагъта йе ‘мбалы тыхст рæстæджы, уый нæ, фæлæ ма йæхи удыл дæр нæ ауæрста, фыццаг рæнхъыты кæдфæндыдæр уыд йæхæдæг.

«Æз-иу æм хатт хыл дæр кодтон, зæгъын, дæхи удыл дæр-иу ауæрд, фæлæ-иу йæ дзуапп уыд – «фæстæдæр, нæ тох уал кæронмæ бакæ-нæм», — дзырдта Ацæмæз.

Бирæ хæстон операциты плæнттыл куыста йæхæдæг æмæ сæ реализаци кæныны дæр йæ-хæдæг иста хайад. Активон хайад иста 2008 азы августы агрессийы рæстæджы Вадим гуырдзыйы æххуырст хæстонтыл горæтæй æддæмæ ахæцыныл, фæлтæрд хæстоны алфæмблай æрбамбырд сты Хъайтарты уынджы хæстхъом фæсивæд æмæ хъахъхъæдтой сæ позицитæ. Уый уыд авторитет йæхи æмцахъхъæнтæн дæр æмæ йæхицæй кæстæртæн дæр.

«Хуыздæр æмкъайæн нæ уыд гæнæн»

Вадимы тыххæй нын йæ мысинæгтæ дзырдта йе ‘мкъай Дзигойты Алинæ. Бирæ цаутæ æрлæууыд йæ зæрдыл сæ 20 азы иумиаг цардæй Алинæйæн, сæ бацардæй йе ‘мкъайы амæлæты бонмæ, кæцы йемыдзаг уыд æхсызгон æмæ ирд мысинæгтæй. Хатт-иу цыма йæ цæстытæ дæр сæрттывтой, æвæццæгæн-иу æй, уыцы цаутæ мысгæйæ, йæ уæззау маст айрох. Айрох-иу æй сты, йæ разы стыр бæрндзинад кæй ис, Вадимимæ цы дыууæ хорз хъæбулы хъомыл кодтой, уыдон ныр иунæг, сылгоймагдыхæй кæй кæндзæн размæ, нæртон чындзæхсæвтæ сын кæй скæндзæн æмæ сæ дарддæр раст фæндагыл кæй æфтаудзæн. Йæ мæлæты размæ бон, цыма йæ мæлæт зыдта Вадим, уыйау, йæ хо Аллæйæн дзырдта, мыййаг мыл, зæгъгæ, исты куы ‘рцæуа, уæд Алинæ куыд кæндзæн сывæллæттимæ. Стæй ма уый дæр, æмæ нæдæр бæрæгбон уыд, нæдæр ницы, фæлæ йæ амæлæты хæдразмæ йæ чызг æмæ йæ бинойнагæн бакодта лæвæрттæ. Йæ чызг Янæ ныртæккæ ахуыр кæны ХИПУ-йы психологийы факультеты, сæ фырт Георги та — Санкт-Петербурджы УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады дæлбар Физикон культурæйы æфсæддон институты.

«Æппæлынæн æй нæ дзурын, фæлæ Вадимæн сывæллæттæм сæрмагонд ахаст уыд, фæлмæн æмæ æмбаргæ ныхасæй дарддæр уый йæхицæн бар никуы радта нæдæр сывæллæттæм, нæдæр мæнмæ тызмæг ныхас скæнынæн», — дзырдта Алинæ.

Уымæн нæ фæразы, æвæццæгæн, Янæ йæ уæздан фыды мæлæт, уæззау низ ын йæ цард дæр йæ цуры кæй аскъуыдта, мадæл усау ын йæ цæстытыл дæр уый кæй æрхæцыд…

Хорз ном ныууагъта Вадим, цы сыхбæсты райгуырд æмæ схъомыл, уым дæр. Йе ‘рдхорд, дзæнæттаг хъæбатыр лæппу Кокойты Махар 1993 азы Леуахийы чи фæдæлдон, уыцы дыууæ сывæллоны фервæзын кодта, фæлæ йæхæдæг фæдæлдон. Махары ныййарæг мад Фаризæт бирæ судзгæ цæстысыг фæкалдта йæ хъæбулы фæстæ, фырмастæй фæрынчын æмæ æруатон. Йæ чызг Алинæ йе ‘взонгад æппæтæй дæр снывонд кодта йæ рынчын мадæн, уый йæм кæсы. Йе ‘рдхорды бинонтæм дæр, Вадим, йæхæдæг рынчын уæвгæйæ, æдзух йе ‘ххуысы къух даргъ кодта, сæ фарсмæ-иу балæууыд сæ зын рæстæджы.

***

Бирæ сты Вадимы хæстон сгуыхтдзинæдтæ 1989 азæй суанг 2008 азмæ хæстон æмæ уæззау рæстæджыты, уыдон нæ газеты фæрсты нæ бацæудзысты фыстæй. Бирæ сты Ирыстоны раз дæр йæ лæггæдтæ, уæззау æмæ æгæрон сты. Уыдон нын лæмбынæг дзырдтой, хæстон азты йемæ алы æмæ алы операциты уæхски-уæхск хайад чи иста, уыцы лæппутæ. Алы æрдхорд дæр дзырдта Вадимы хъæздыг æмæ хорз удыхъæдыл.

Йæ бинонтæн нæ зæрдæ зæгъы фæразондзинад, цард уæззау у, зын у ныридæгæн бинонтæн æнæ сæ хæдзардарæг, царды гакъонмакъон фæндæгтыл дарддæр дæр, кæм зындзинæдтыл æмбæлдзысты, кæм — райдзаст хъуыддæгтыл. Фæлæ сын нæ зæрдæ зæгъы фæразондзинад, быхсындзинад сæ аудгæ фыд, æмкъай, æфсымæр, хиуон æмæ хорз æмгары чи фесæфта, уыдонæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

http://new.xurzarin.ru/fydybaestaejyl-iuzaerdion-aemae-aemgaruarzag-batya/?fbclid=IwAR1QELBz2UZiHRA--CCRMbxjC0z8FYHYdu16D7mA7UJl-m6-2bvwxQMyzO8
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 8098595 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

ЮОГУ

Потолки

Цитаты

Если у тебя получилось обмануть человека, это не значит, что он дурак, это значит, что тебе доверяли больше, чем ты этого заслуживаешь.
***
Когда мне было 5 лет, мама всегда твердила мне, что самое важное в жизни — быть счастливым. Когда я пошел в школу, меня спросили, кем я хочу стать, когда вырасту. Я написал «счастливым». Мне сказали – «ты не понял задание», а я ответил — «вы не поняли жизнь».
***
Настоящий друг — это человек, который выскажет тебе в глаза все, что о тебе думает, а всем скажет, что ты — замечательный человек. © Омар Хайям,
***
Не всегда просит прощения тот, кто виноват. Просит прощения тот, кто дорожит отношениями.
***
Производство сайтов

Новости

«    Июль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31  
Энергоресур

Объявления

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия