Ӕртæ боны — зæйты уацары

26 января 2020 Новости [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [366 просмотров]
Фæндаггоны фыстытæй

Хъысмæты сусæгдзинадмæ адæймаг бархъомыс нæ дары, уый мæ чысылгай уырнын байдыдта. Ӕндæрты-иу фæдзæхстон: уæхи бахизут ацы митуарыны балцы цæуынæй. Фæлæ мæхæдæг тъæнджы мæйы 26-æм боны куыд фæцæуæг дæн Дзæуджыхъæумæ, уый мын абон дæр æмбæрст нæу. Цыдæр тых мæ размæ скъæрдта. Хъуыддаг афтæ рауадис, æмæ боны фыццаг сахатыл «Нива»-йыл фондз лæгæй абалц кодтам Чъребайæ. Уыд хъарм бон, ницы галиу ми æнхъæл ын уыдыстæм. Цалынмæ Ручъы тунелæй нæ ахызтыстæм, уæдмæ æнæкъуылымпыйæ тахт нæ машинæ митæмбæрзт, фæлæ лæгъз фæндагыл. Ӕртыккæгæм сахат сæххæст, афтæ тъунелæн фæфале стæм. Мæнæ Калоты Зауырбеджы цырт дæр. Уырдыгæй ма иу сæдæ метры куы бауадыстæм, уæд нæ бахъуыдис æрлæууын. Зæй нын нæ развæндаг æрæхгæдта. Чысыл ачъисхъус кæныны фæстæ раздæхтыстæм, цы гæнæн уыд. Тъунелы раз суанг изæрмæ фæлæууыдыстæм, фæндаг сыгъдæггæнæг куы ничи зынд, уæд фæстæмæ раздæхтыстæм. Не ̀хсæв Дзауы арвыстам æмæ та райсом раджы араст стæм нæ фæндагыл. Гъе, уый нын уыд бынтон рæдыд ми, уымæн, æмæ нæ Дзауы дæр фæдзæхстой ма ацæуынæй — æрхъарм, æхсæв бонмæ уарыд митхæццæ зæгъ, ахæм рæстæджы зæйты ницы уромы. Фæлæ уæддæр уый хæйрæг чи уыд, æмæ ахæм цъыссымы фæцæвдзыстæм нæ сæртæ.

Фæстæмæ та тъунелæй ахызтыстæм, фæстæмæ та Зауырбегæн «дæ райсом хорз» загътам æмæ та фæстæмæ уыцы ран миты зæй. Ӕхсæвы йæ Алагирæй æрбацæуæг бульдозер бæргæ айгæрста, фæлæ та райсомырдæм зæй æрцыд æмæ арф траншей фæстæмæ митæй сæмвæз. Раздæхтыстæм мæстджынæй. Ӕниу чи зоны, зæй нын уым нæ фæндаг кæй æрæхгæдта, уый нæ амондæн уыди. Уырдыгæй уыцы сахат куы аирвæзтаиккам, уæд нæм дарддæр цы æнхъæлмæ каст, уый зын зæгъæн у. Ӕрбаздæхтыстæм тъунелы размæ æмæ уым æнхъæлмæ кæсæм фæндаджы байгоммæ суанг изæрмæ. Фæлæ фæндаг нал байгом. Мит та тынгæй-тынгдæр уарыд æмæ уарыд. Уый уыд æртыццæджы.

Дыууæ боны æмæ дыууæ æхсæвы цы мит фæуарыд æнæрынцойæ, уый хæхты къултæ нал урæдтой æмæ алы уысм дæр зæйтæ ныггуыппæввонг уыдысты. Мах Дзæуджыхъæуырдæм фæндагæй нæ бон куы базыдтам, уæд загътам, аздæхæм фæстæмæ, фæлæ уæдмæ тъунелы хуссарварс зæй æрцыд æмæ нын нæ фæндаг æрæхгæдта. Нæ лæппутæй уым тъунелы раз, посты чи лæууыд уыдон сæхæдæг амондджын ирвæзт акодтой, фæлæ сын сæ цæрæн бынат ныппырх кодта.

Мах милицæйы агъуысты дæлбазыр сгуцъула стæм æмæ уазалы æнхъæлмæ кæсæм, дарддæр цы уыдзæн, уымæ. Рæстæг та цыд тынг уæззаугай. Милицæйы кусджытæ нын нæ уавæр куы бамбæрстой, уæд нын æхсæвы бынат агурыныл систы. Бакодтой нæ таможнæйæн уым цы къаннæг вагонгонд ис, уырдæм æмæ дзы иу гыццыл къуымы балæууыдыстæм æхсæзæй: метр æмæ æрдæг иуырдæм, метр æмæ æрдæг — иннæрдæм. Кæцæй дæр гобантæ æрбахастой æмæ сæ астæрдыл æрæппæрстой.

Изæрæрдæм уыдаид, афтæ нæм фæфæдис сты: салдæтты зæй фæласта! Тъунелы цæгатварс ныгуылæнæрдыгæй иу къаннæг фæз ран æвæрд уыдысты сæ цатыртæ, æртæ салдаты дзы хæринаг цæттæ кодтой. Зæй сæ æуым æрæййæфта æмæ сæ йæ быны ассæста. Сæ агурыныл сахатæй фылдæр ацыд. Иу дзы мæнг ран аззад æмæ мæлæтæй фервæзт, иннæ дыууæ сæхи мидæг ныцъцъæл сты. Бæргæ ма сæ дадзинты туг цавта, фæлæ сæ фервæзын кæынæн амал нæ разынд.

Салдæттæ дыууæрдæм систы — спирт агуырдтой, кæд, ма, дам, уый руаджы фервæзиккой, фæлæ спирт нæ, æгæрмæгуыр сæм хосы мыггагæй таблеткæ дæр нæ разынд. Диссаг та кæм нæу, æвæдза, ахæм æдзæллаг уавæры кæй сты, уый, афтæмæй дзы цыппар фæлтæры адæм ис: æфсад, милицæ, таможнæ, бензинуæйгæнджытæ. Уыцы æнамонд хабарæй фæстæмæ салдæттæ, бецау, æддейæ нал уæндыдысты æмæ сæ бынат баивтой тъунелы хуылфмæ, уырдæм батардтой сæ техникæ дæр. Тæригъæддаг мæм фæкаст уыцы сывæллон фæсивæд, кæд æфсæддон дарæсы уыдысты, уæддæр, быдыры хъомыл (чи амард, уыдон Краснодарæй уыдысты), хæхбæсты тызмæг æрдзыхъæ-дæн, цы зонынц, сæ цæсгæмттæ уыцы тарстгъуыз æвдыстой. Ӕниу сæ ам даргæ дæр цæмæн кæнынц, уый сæхицæн дæр бæлвырд нæу. Ау, милицæйы пост дзы кæй лæууы, уый æгъгъæд нæу? Чидæр нын афтæ, арæн, дам, дзы хъавынц сæвæрынмæ æмæ сæ уый тыххæй ам дарынц. Зæй сын сæ цатыртæ куы фæласта, уæд бынтон æнæхæринагæй баззадысты æмæ сын милицæйы кусджытæ цыдæртæ бахай кодтой сæ чысыл фæсауæрцтæй.

Кæд æдде дунейæ ницы хъуыстам ахст уавæры, уæддæр æй мидæгæй нæ зæрдæ базыдта фæндагыл цыдæр фыдбылыз кæй æрцыд æмæ нын нæ уавæр уый ноджы зындæр кодта. Изæрæрдæм нæм салдæттæ æрбацыдысты æмæ фыццаг хатт уыдонæй фехъуыстам, фæндагыл бæлццæттæ зæйы бын кæй фесты, уый. Фыццаг тыхст æхсæв арвыстам.

Дыккаг бон, цыппæрæмы æнхъæл уыдыстæм, фæндаг асыгъдæг кæндзысты, æмæ мах дæр кæнæ иуæрдæм цæудзыстæм, кæнæ иннæрдæм. Фæлæ та уымæй дæр фыдæнхъæл фестæм. Цæгатæрдæм цæуыныл, дам, хъуыды дæр мауал кæнут, фæлæ хуссарæрдыгæй дæр бирæ мит ныууарыд æмæ дзы фезмæлæн нал ис. Уæдмæ нæм цы хæринаджы муртæ уыд, уыдон фесты. Ас-къуыддзаг кодтам хæстон машинæйыл Рукъмæ ныццæуын æмæ хæринаг самал кæнын, фæлæ нæ машинæ куыддæр тъунелæй рахызт, афтæ миты хъæпæны аирвæзт æмæ ма уырдыгæй рахылд æрмæстдæр танчы æххуысæй.

Ӕмбисбон уыдаид, афтæ нæм верттæхæг фæзынд. Бирæ фæзилдух кодта нæ сæрты, хъавыдис тъунелы раз æрбадынмæ, фæлæ йæ дымгæ ахæм мит сыстын кодта, æмæ ма йын йæ уынæр цы хъуыстам, æндæр ын йæхи уынæг нал уыдыстæм. Фæстагмæ йæхи уæлæмæ-уæлæмæ систа æмæ Къасарагомы цæгатырдæм афардæг. Уымæй дæр нæ бон базыдтам. Иу ныфс ма нæ уыд, Чъребайæ нæм ссæудзысты, трактортæ ракæндзысты æмæ нæ уыдон ссæрибар кæндзысты. Фæлæ кæд уыдзæн уый? Уæдмæ тъунелы цы машинæтæ уыд, уыдонæн сæ бензин сыгъд фæци æмæ адæм уазалæй скъуыйынц, уæлдайдæр сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Бадзырдтам, тъунелы раз цы бензинуæйгæнæн ис, уый сыгом кæнæм, фæлæ уый дæр уыцы бон нæ къухы нæ бафтыд.

Мит та уары æмæ уары. Лæджы æмбæрц сси. Ӕфсæддонтæм цы дыууæ танчы уыд, уыдон ракодтой æмæ сæ тъунелы разæй бензинуæйгæнæны онг дыууæрдæм ратæр-батæр кæнынц, миты хъæпæнтæ нæмынц. Фæлæ марадз зæгъ, уайтагъд та айдзаг вæййы.

Уыцы бон дæр та ныл рафт-бафтæй ацыд. Ӕрталынг. Алфæмбылай къултæй алы уысм дæр тæссаг уыд зæй фенкъуысынæй. Ӕфсæддонты хистæр аскъуыддзаг кодта зæйцæуæнтæ фехсын, цæмæй сæ мит æркæла æмæ сæ афтæмæй нæхи сæдас кæнæм. Танк ракодтой, фæлæ фæстагмæ сæ хъуыды аивтой: танчы сармадзаны хъæрмæ агъуыстыты рудзгуытæ лыстæг мур ныууыдзысты æмæ уынгæджы уæд фæуыдзыстæм уазалæй. Танк баивтой хæстон машинæйæ, йæ нæмыгызгъал ын сарæзтой тъунелы сæрмæ. Мах æм кæсæм милицæйы агъуысты дæлбазырæй. Ӕхст фæцæуы, фæлæ трассиргæнæн нæмгуытæ сæрдзыдты ацæуынц. Уæд хъæр кæнын систой: дæлдæр æй æруадз, фалдæр ыл фæхæц, уæлдæр æй сис æмæ афтæ дарддæр. Мæ цуры лæуд фæци Чъребайы фидауынгæнæг тыхты командæгæнæг уырыссаг булкъон (уый дæр йе мбæлттимæ махау зæйты уацайраг уыд), мæстæй афтæ зæгъы: æмæ, дам, мах рæстдзæвинтæ стæм, йæ разы хох чи нæ цæф кæны, уымæй ныр цы радомæн ис? Нæмыгзгъалы æхстæй зæй читт дæр нæ фæкодта. Фæлæ уымæй дæс-фынддæс минуты фæстæдæр ныггуыпп ласта æмæ тъунелы раз митæй айдзаг.

Уыцы изæр нын нæ хæстон фæсивæды раздзог Джиоты Алан (Парпат) фидар ныфс бавæрдта: райсом нæ лæппутæ æнæмæнг слæгæрддзысты æмæ нæ ссæрибар кæндзысты. Уыцы ныфсæй ныл сбон. Рай-сом фыццаджыдæр цы бакуыстам, уый бензин. Бензин нæ къухты бафтыд. Машинæтæ скуыстой æмæ адæмæн хъармдзинад радтой тъунелы дыууæрдыгæй фарс дæр. Иу фараст сахат уыдаид, афтæ та цæгатырдыгæй верттæхæг фæ-зынд. Мах не ̀ппæт дæр йæ размæ ракалдыстæм. Ацархайдта æрбадыныл, фæлæ та ницы. Уый адыл фæстæмæ ком-ком йæ ных сарæзта. Фæссихæртты ма иу зынд фæкодта уæд салдæттæн цыдæр хæринæгтæ æрæппæрста. Ӕмбисбон уыдаид, афтæ Ручъы рдыгæй салдæтты къорд фæзынд. Мах цур иу чысыл сæ фæллад суагътой æмæ уайтагъд фæстæмæ цæуыныл систы. Уыдонимæ фистæгай ацæуыныл ныллæууыдтæн æз дæр. Ахæмтæ иу цалдæр баистæм. Нæ «Нива» мæ тъунелы ацы фарсы онг æрбакодта, уым ныл сæмбæлдысты, Чъребайæ æххуысмæ чи фæзынд, уыцы фæсивæд. Ӕз, ноджы ма иу æртæ лæппуйы, салдæтты къорд, сæ булкъон семæ, афтæмæй, араст стæм Ручъы рдæм, миты цы уынгæг къах-вæндаг сырæзт, ууыл. Иу цалдæр ран ныл сæмбæлдысты, миты бын чи фæцис ахæм уæзласæн æмæ рог машинæтæ. Мит афтæ арф уыд, æмæ мах хызтыстæм йæ сæрты. Ручъы сæрмæ æрæййæфтам æртæ сыгъдæггæнæн тракторы, тъунелмæ фæндаг гæрдгæ, ноджы нæ размæ æххуысмæ чи æрцыд Чъребайæ, ахæм лæппуты къордтæ. Уым нæ сæвæрдта æфсæддон машинæ гуыффæйы æмæ нæ фæндаг Чъребамæ акодтам.

Ӕртæ боны, зæйты уацары фæстæ куы ссæрибар стæм, уæд зæрдæ æхцонæн сулæфыд, цæгатырдыгæй фæндагыл цы стыр трагеди æрцыд, уымæн бæлвырдæй ницы зыдтам, афтæмæй. Фæлæ иу хабар мæ хъуыдыйæ нæ хицæн кодта æмæ нæ хицæн кæны нырма дæр, æнцой мын нæ дæтты: ацы фæндаг ирон адæмы æнусон бæллицц у, нæ амонды фæндаг у, фæлæ дзы æнамонд хабæрттæ цæуы æмæ уымæй искуы фервæзæн ис, искуы йын кæрон уыдзæн æви нæ? Ӕнæхъусдард, æнæ-хицау кæй у, уый фæдыл дзы сæфынц нæ тыхст æмæ фыдæбойнаг адæм. Фыдракæнд у, æндæр æй куыд схонæм уæдæ. Бæлццæттæ ам иудадзыг дæр хъысмæты æвджид куы сты, уæд сæ иу фæдзæхсæг, иу иргъæвæг цæуылнæ ис фыдбылызæй? Ау, боныгъæд тæссаг куы вæййы адæймаджы цардæн, уæд цæуылнæ ис фæндагæн æрæхгæнæн, тугтæригъæд нæм цæмæннæ кæ-сы, нæ адæм дзы æнæвгъауæй куы сæфынц, уый?

ӔЛБОРТЫ Хадзы-Умар
Источник - Газета Хурзарин.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Январь 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия