Æмбисондæн баззад сæ тох

16 октября 2016 Новости [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [1113 просмотров]
Ирон адæм æнусты дæргъы бирæ фыдæвзарæнтыл рацыдысты, бирæ трагикон цаутæн уыдысты æвдисæнтæ æмæ сæ комкоммæ хайадисджытæ дæр. хæхты цъассыты, зæхх туджы аргъ кæм уыд æмæ æнæ зæххæй та фæцæрæн кæм нæ уыд, арæх йæ сæрыл сыхаг сыхагмæ иста хæцæнгарз, рауад-иу хъæуæй хъæуы ‘хсæн, мыггагæй мыггаджы ‘хсæн тох дæр. Цыма сын карз æрдзон уавæрты царды уæззау уаргъ хæссын фаг нæ уыд, уыйау ма сын æнцой нæ лæвæрдтой хæддзу æлдæрттæ æмæ сæ домдтой хъалон фидын. Уый та сæ сæрмæ нæ хастой сæрибаруарзаг хæххон адæм æмæ-иу цагъайраджы къæлæт хæссыны бæсты равзæрстой кады мæлæт.
Гуырдзыйы æлдæртты æрдыгæй XIX æнусы паддзахы Уæрæсейы æфсад къорд хæттыты сарæзтой æфхæрæн экспедицитæ хæххон ирон адæмы басæттыны тыххæй. Гæрзифтонг æфсады ныхмæ фæлæууын, семæ тох самайын-иу хуыздæрыл нымадтой армыдзаг хæстхъом лæппутæ æмæ кæд сæ уæлахизыл тынг не ууæндыдысты, уæддæр-иу сæхицæн равзæрстой кады мæлæт. Уымæн ирд цæвиттон — Хъолайы хæст, Коцты Бега æмæ йе ‘мбæлтты хъæбатырдзинад.
Нæ адæмы азфысты историйы æнустæм баззадис иу ахæм тох, Тъотъоты хæст, зæгъгæ. Уæд Тъотъотæ Мзиугомы цардысты æмæ уыдон дæр æндæр хъæуты цæрджытау нæ разы кодтой æлдæрттæн басæттыныл. Æмæ та 1840 азы арæзт æрцыд æфсад, кæцыйы сæргъ слæууыд гуырдзиаг æлдар, булкъон Андроников. Æфсад уыцы аз августы мæйы бабырстой Мзиугоммæ æмæ кæд амы хæстхъом фæсивæд сæ ныхмæ фæлæууыдысты, уæддæр сын æнтыст нæ уыд. Ацы тохы Тъотъоты Тотрадзы къухæй мард фæцис Мачабели Биардзим.
Андрониковы æфсæдтæ басыгътой ацы комы хъæуты, ныппырх кодтой мæсгуыты æмæ афсæрстой Чеселтгомы рдæм. Фæлæ ам сæ ныхмæ ничиуал фæлæууыд, йæ цæрджытæ нырма сæ зæрдыл хорз дардтой, дæс азы размæ Реннекампфы æфсæдтæ цы фыдмитæ фæкодтой, уыдоны. Уырдыгæй Андрониковы æфсæдтæ æрхызтысты Къусджытæм, стæй та хæцгæ-хæцын балæууыдысты Урстуалтæм. Ацы хъæуты цæрджытæ дæр сæхи радтой.
Кæд Андрониковы æфсады æфхæрæн экспедицийы фæстиуæгæн ныссабыр Хуссар Ирыстон, уæддæр уый сæ сæрмæ не схастой фæсивæдæй бирæтæ æмæ нæ рывæрдтой сæ гæрзтæ. Иутæ дзы фæстæмæ æрыздæхтысты Мзиугомы Тъотъотæм, цæмæй уалдзæгмæ уым сæхи бавæрдтаиккой. Уыцы хабар æрыхъуыст хицæуттæм æмæ уайтагъд æфсады батардтой уырдæм. Мзиуы нал баззад фидæрттæ, æфсады ныхмæ кæм фæлæууыдаиккой æмæ уæд ныууагътой хъæуы æмæ æрбынат кодтой Бæгъиаты хъæуы дыууæ мæсыджы. Æфсад, Ерыстау сæ сæргъ, афтæмæй сæ фæд-фæд ацыдысты. Тъотъотæ сæ разы æрлæууыдысты æмæ сæ фæстæмæ афсæрстой. Афтæмæй фæстæмæ аздæхтис!
Баззад ахæм ныхас, ома, ацы хæсты семæ цы æвзонг чызг тох кодта, Дзерассæ, зæгъгæ, уый фæцæф æмæ Дисиджины фæзы фæмард. Тъотъотæ сæ хойы уым бавæрдтой æмæ фæстæдæр, бæстæ куы æрсабыр, уæд ын йæ ингæнмæ æнæхъæн комбæсы фæсивæд цыдысты куывды. Сарæзтой дзы йæ номыл дзуар.
Тъотъотæн сæ тох ууыл нæ фæцис. Уыцы аз декабры ног æфсад, Андроников йæ сæргъ, афтæмæй йæ фæндаг акодта Бæгъиаты хъæумæ. Сæ фарс-иу рахæцыдысты æмæ сын сæ къух арæзтой хицæн уæйгæнджытæ. Тъотъоты мыггаджы минæвар Сослан куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уæйгæнджытæй сæ иу уыд Елбачиты Заза.
Æфсад æрхъула кодтой Бæгъиаты хъæуыл æмæ мæсгуыты æхсын райдыдтой сармадзантæй. Хæст цыппар боны нæ банцад. Мæсгуытæй иуы ныппырх кодтой, иннæ дæр уыд æрдæгхæлдтытæ. Тъотъотæ æд бинонтæ уыцы мæсджыты уыдысты. Андроников сæм барвыста минæвар ирон лæджы, зæгъгæ, кæд уæхæдæг уæхи æнæ тохæй нæ дæттут, уæд уæ сылгоймæгтæ æмæ уæ сывæллæтты уæддæр рауадзут æмæ мæлæтæй фервæзой. Æмæ уæд ахæм дзуапп рарвыстой, зæгъгæ, мах нæхи снввонд кодтам удхæссæгæн æмæ нын ацы мæсыг хъуамæ ингæны бæсты фæуа. Нæ бинонтæ дæр, зæгъгæ, цæйнæфæлтау знæгты къухы бахауой, фæлтау ам махимæ фесæфæт. Уæд Андрониковы æфсæдтæ ногæй схæцыдысты. Мæсыджы хуылфы сармадзаны цалдæр нæмыджы фехæлдысты. Мæсыг ссыгъд æмæ ныккалдис. Тъотъоты мыггагæй бирæтæ цагъды фесты хæсты æмæ зынджы мидæг. Сæ къухты дзы чи бафтыдысты, уыдонæй иуты маргæ акодтой иннæты, сæ равзæргæдæрты та семæ акодтой, æмæ сыл Гуры ахæстоны дуæрттæ сæхгæдтой. Уым сыл низ сыстад æмæ ныцагъды сты.
Авдæй бæргæ аивæрзтаиккой, фæлæ уыдон та зæйласт фесты. Æфсæддонтæ сæ нæ ныууагътой уæддæр. Сæ фæдыл ацыдысты æмæ сæ цъæлтæй, æрдæгуадзгуытæй æрцахстой.
Ацы хæсты фæстиуæгæн æрмæст мæсгуытæ нæ ныппырх сты – хъæуæй æртхутæг æмæ сыгъд дуртæ йедтæмæ ницыуал баззадис. «Тъотъоты митæ» — баззадис адæмы ‘хсæн æмбисондæн.
Ацы трагикон цауæй кæд дыууæ æнусы бæрц рацыд, уæддæр æй адæм нæ рох кæнынц, уæлдайдæр та Тъотъоты мыггаг æмæ дзурæг у ирон лæджы уды фидардзинадыл, йæ сæрибаруарзондзинадыл æгады мæлæт йæ сæрмæ кæй никуы хаста, ууыл. Уымæн скодтой Тъотъоты хæстыл дæр зарæг «Тъотъоты зарæг», зæгъгæ.
Кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр зарæг баззадис цæргæйæ. Редакцимæ нæм йæ тексты æрбахаста Тъотъоты Сослан.

Дзомагъы дон, дам, мын лæсæнуат,
Ойтæ уæрæйдæ, лæсæнуат
Мзиугомы ком, дам, мын хæцæнуат,
Ойтæ уæрæйдæмæ, хæцæнуат.

Сынт мын цъиу ахаста Карцохмæ,
Ойтæ уæрæйдæ, мæ Карцохмæ.
Рацæут, Тъотъотæ, карз тохмæ,
Ойтæ уæрæйдæмæ, карз тохмæ.

Рацæут, лæппутæ, хæтæны,
Ойтæ уæрæйдæмæ, хæтæны.
Дзерассæйы туг калд хæцæны,
Ойтæ уæрæйдæмæ, хæцæны

Тъотъоты мыггаг мын байсæфтис
Ойтæ уæрæйдæмæ, байсæфтис.
Мзиуы коммæ мын, ой, фæдис,
Ойтæ уæрæйдæмæ, ой фæдис.
Тъотъоты хæст адæмы мысынады кæй баззадис, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ раст æнусы фæстæ, 1941 азы, Цхинвалы (уæды Сталиниры) Хуссар Ирыстоны советон хицауад расидыныл 20 азы сæххæсты сæраппонд цы 50 минон митинг уыдис, уый дæр. ацы митинджы хайадисджытæ И. Сталинмæ цы фыстæг æрвыстой, уый райдыдта æмдзæвгæйæ ирон, уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтыл. Фысгæ та йæ ныккодтой поэттæ Плиты Харитон, Гаглойты Федыр æмæ Каказаг. Æмдзæвгæ уыд ахæм:

Æмбисондæн хастой Тъотъотæн сæ митæ,
Æмбисондæн баззад æнустæм сæ тох
Цыртæн та сын номдзыд Бæгъиаты тигътæ
Бæгъиаты фидар, цъæх айнæг, цъæх хох.
Нæ адæмы историйы бирæ ис цæвиттонтæ, карз тохты бацæугæйæ, хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад куы æвдыстой, æгады мæлæт сæ сæрмæ кæй никуы хастой. Уый фенын кодта Стры Фыдыбæстæйон хæст, уый фенын кодта XX-æм æнусы кæрон — XXI-æм æнусы райдианы нæ зæххыл цы трагикон цаутæ цыдысты, уыдон дæр.
Къамы: Тъотъоты хæцæн бынат
Æрмæг бацæттæ кодта БИАЗЫРТЫ Роланд
Источник - Газета Хурзарин.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Январь 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия