МЫКАЛГАБЫР
18 июня 2015 Религиозные праздники [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [2935 просмотров]
Раздæр ирон адæммæ тынг парахатгонд уыдис бæрæгбон Мыкалгабыр. Цæгат Ирыстоны йæ номыл кувæндон ис Къасарагомы, Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ фæндагыл, Хуссар Ирыстоны та Къобеты æмæ Къусджыты хъæуты. Хуссар Ирыстоны Мыкалгабыры стырбон арæзтой Куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæдæр, Уæлладжыргомы та — сентябры æмбисы. Мыкалгабыр ирон адæммæ афтæ кадджын уыдис, æмæ-иу бирæ хатт афæдзы мидæг дыууæ-æртæ хатты скодтой куывдтæ йæ номыл. Нывондæн æргæвстой гал. Уæлладжыры комы Уыналы хъæумæ ‘ввахс йæ номыл цы кувæндон ис, уый Галты дзуар дæр, æвæццæгæн, уымæн хонынц. Раджы кæддæр-иу алы хæдзар дæр æргæвста гал. Мыкалгабыры кувæндоны-иу ирон адæм ард хордтой, туджджынты-иу фидауын кодтой.
Терминном Мыкалгабыры равзæрды фæдыл дæр ахуыргæндтæ æндæр æмæ æндæрхуызон хъуыды кæнынц. Иууыл растдæр æмæ уырнинагдæр хъуыдыйыл хæцы Абайты Васо. Уый термин бæтты гуырдзиаг æмæ сомихаг Микел-Габриелимæ. Ацы бардуаг чырыстон динмæ æрбафтыдис муртаттаг динæй.

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.