ЛАУЫЗГÆНÆН

ЛАУЫЗГÆНÆН
Фæлтæр: Уалдзыгон бæрæгбонтæ
В.Абаев «Историко-этимологический словарь осетинского языка»

lawyz | lauz: «плоская тонкая лепешка», «оладья»
lawyzgænæn: ежегодные поминки в период великого поста, на которых изготавливают и посвящают мертвым lawyztæ
Из тюрк. lawas «круглый тонкий хлеб вроде блинов, лепешка»

Стыр мархойы фæстæ æртыккаг æмæ цыппæрæм сабатæхсæв ирæттæ арæзтой Фыццаг (Стыр) æмæ Дыккаг (Гыццыл) Лауызгæнæн. Уый нымад уыдис мæрдты боныл æмæ уыдон номыл кодтой лауызтæ.

Лауызтæ кæныны æгъдау æндæр адæмтæм дæр зындгонд у. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, лауызтæ ритуалон хæринагыл нымад нæ цæуынц. Лауызтæ кæнынæн, зæгъынц, фыццаг уыдис практикон нысаниуæг. Адæм, дам, дзуллаг ссадæй кæрдзынтæ кæнын куы нæма зыдтой, уæд ссады тæнæг змæст тæвд къæйыл кодтой бæрцгай æмæ сæ хордтой афтæмæй. Фæлæ, дам, куыд фæстагмæ лауызтæ ритуалон хæринаджы нысаниуæг дæр райстой.

Лауызтæ кодтой дзуллаг ссады тæнæг змæстæй тæвд тебæйы, уый фæстæ-иу сæ нурыдзæхдоны стылдтой. Лауызгæнæны цы лауызтæ кодтой, уыдонæй æддагон искæмæн (бинонтæй дарддæр) хæрын нæ фæтчыдис. Лауызтæй уæлдай ма цы хæринæгтæ арæзтой уыцы стыр æхсæвы, уыдонæй-иу хай нывæрдтой чысыл уисæйбыд къалатийы æмæ сæ-иу дуармæ æрцауыгътой, цæмæй дзы мæрдтæ сæ хай ахастаиккой.

Адæмы уырнындзинадмæ гæсгæ, сабатизæры зæронд мæрдтæ сывæллæтты сбадын кæнынц бæлæстыл, сæхæдæг ацæуынц уæлион бæстæмæ сæхиуæтты фенынмæ. (Ног мæрдтæ нæ цыдысты — сæ бынæттæн сæфынæй тарстысты). Хæстæджытæ-иу æрæмбырд сты сæ мæрдтимæ фембæлынмæ æмæ сын-иу æрхастой алыхуызон лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма уыдон семæ хастой бæласы къалиутæ, даргъ хъилтæ, хъилты цъуппытыл-иу баст уыдис алыхуызон адджинæгтæ. Мæрдджынтæ-иу архайдтой, цæмæй сæ хæдзæрттæ, сæ кæртытæ уой хæрзæфснайд, хæдзары алцыдæр нывыл æмæ йæ уагыл куыд уыдаид, афтæ. Науæд, дам, мæрдтæн сæ зæрдæ фæстæмæ сæхиуæттæм æхсайдзæн, мыййаг, зæгъы, кæд æвзæр æмæ мæгуыр цæрынц. Се ‘рбацыдмæ сын цæттæ кодтой алыхуызон мархойы хæринæгтæ. Бинонтæ-иу æрæвæрдтой фынг, хæдзары дуар-иу зыхъхъырæй ныууагътой æмæ-иу æнхъæлмæ кастысты сæ марды æрбацыдмæ. Ног дарæс дæр-иу сцæттæ кодтой бинонтæ. Дарæс-иу скодтой дзуарæвæрд хъилтыл, æддейæ бакæсгæйæ сæ марды хуызæн куыд уыдаид, афтæ-иу æй сарæзтой.

Алцыдæр-иу куы сцæттæ кодтой, уæд-иу бинонты хистæр нæлгоймаг скуывта мæрдтæн, куывды рæстæджы-иу арты баппæрста мæнæуы дзæрнатæ æмæ æндæр хæринæгтæ дæр, уыдон, зæгъгæ, мæрдты хай сты. Уыйфæстæ-иу сылгоймæгтæ райдыдтой хъарæг кæнын. Стæй-иу æрбадтысты фынджы уæлхъус нуæзтой, хордтой, æмæ сæ уырныдта, зæгъгæ, ацы хæрд æмæ нозтæй сæ мæрдтæ дæр афтæ хæрынц. Ацы æхсæв-иу тæлтæг архæйдтытæ, сонт фæзылдтытæ, исты цæвынтæ (фæхт хойын) нæ фæтчыдис, науæд, дам, мæрдты бæсты бæлæстыл бадгæ цы сывæллæттæ ныууагътой сæ ныййарджытæ, уыдон рахаудзысты. Ацы стырбоны рæстæджы хъуамæ уæлмæрдтæм фæндæгтæ ныссыгъдæг кодтаиккой, науæд, дам, мæрдтæн цæуын зын уыдзæнис

Адæмы уырнынадмæ гæсгæ-иу мæрдтæ ацы стырбоны рæстæджы семæ баззадысты райсомы боны æрбарухсмæ. Уыйфæстæ-иу райсомы уадымсимæ атахтысты дауджыты кæнæ сайтанты базыртыл уæларвмæ, цæмæй уым удты бæстæйы сæхицæн райстаиккой бынæттæ. Цалынмæ-иу атахтысты, уæдмæ-иу къултæй хъуамæ æристаиккой æхсæнгæрзтæ, мæрдты номыл цы ритуалон дзаумæттæ сарæзтой (бæласы къалиутæ, дзуарæвæрд хъилтæ æд дарæс, быдыргътæ), уыдон хъуамæ æрыхæлдтаиккой, цæмæй мæрдтæн сæрибарæй атæхæн уа Хуыцаумæ дауджыты базыртыл. Ацы рæстæджы-иу, зæгъæм, райсомы уадымс не ‘рбадымдта, уæд уый нымадтой æнамонды нысаныл — Хуыцау, дам, нæ ауды ацы мардыл æмæ йын зындоны рахицæн кодта æнусон цæрæн бынат. Иуæй-иуты уырнынадмæ гæсгæ та-иу уыцы æхсæв мард сыстад райсом раджы (бинонтæ цалынмæ фынæй уыдаиккой, уæдмæ), бинонтæ-иу æхсæвы æрмæфтауы цы хæрд-нуæзт ныууагътой, уыдон-иу ахаста æмæ-иу афардæг мæрдты бæстæм. Бинонтæ алцыдæр арæзтой уый тыххæй, цæмæй сæм сæ мард фæстæмæ ма ‘рбаздæхтаид истæмæ.

Раздæр ирæттæ Лауызгæнæны стырбон парахатдæрæй кодтой. Фысым-иу æнæхъæн цæджджинаг бахсыста бæгæны, 20— 30 лалымы бæрц-иу рауагъта арахъ æмæ-иу æрхуыдта æгас хъæубæсты иууылдæр. Бæхты дугъ дæр-иу арæзтой. Фыццаг Лауызгæнæны, дам-иу, сæумæйæ зæронд мæрдтæ араст сты балцы дзыджин агурæг, уымæн æмæ мæрдтæн афæдзы дæргъы сæ цард уымæй уыдис. Се ‘рæздæхæн бонмæ та-иу адæм ногæй сæхи цæттæ кæнын байдыдтой: арæзтой дыккаг Лауызгæнæн, уымæн æмæ, дам, мæрдтæ уыцы балцæй æрыздæхдзысты æххормагæй. Фыццаг (Стыр) Лауызгæнæны цы ритуалон æгъдæуттæ кодтой, уыдон та-иу райдыдтой ногæй аразын.

Раджы заманы ирæттæ ацы стырбоны ард дæр хордтой. Хъуамæ рабæрæг уыдаид сусæг лæгмар, къæрных кæнæ æндæр фыдгæнджытæ, æмæ сын адæм хастой тæрхон. Уый гæнæн нæ уыд, æмæ аххосджын ма рабæрæг уыдаид. Йæ фыдракæндтыл-иу йæхæдæг чи басаст, уымæн-иу ныббарстой, нæ-иу ыл стæрхон кодтой.

Лауызгæнæны цы ритуалон æгъдæуттæ арæзтой ирæттæ, уыдон зындгонд сты суантæм дæр. Суанты уырнынадмæ гæсгæ-иу Лауызгæнæнты мæрдтæ æрцыдысты сæ хиуæттæм æмæ-иу æнæхъæн къуыригæйттæ баззадысты хæдзары. Ацы стырбон суантæ хуыдтой Липонал.

Лауызгæнæн равзæрдис фыдæлтæн кад кæныны домæнтæй. Адæмы мæнгуырнынадмæ гæсгæ, мард фыдæлты удтæ мæлгæ нæ кæнынц, уыдонæн сæ бон у удæгæсты цард æмæ хъысмæтыл аудын, хорæрзадыл хорзырдæм æндавын. М. М. Ковалевский куыд фыссы, уымæ гæсгæ адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, Лауызгæнæны æхсæв мæрдтæ рахизынц сæ ингæнтæй, æмæ-иу сыл сæхиуæттæ кæд хорз сæмбæлдысты, уæд-иу уыцы аз уыдонæн уыдис уæлдай хуыздæр аз: фос дам-иу фылдæр цот кодтой. Ацы хабар афтæ кæй уыдаид, ууыл ма дзуры, уыцы æхсæв-иу фынгмæ алыхуызон дзæрнатæ (мæнæуы, нартхоры, сысджыйы, хъæбæрхоры æмæ а. д.) кæй хастой, уыцы цау дæр.

Термин лауыз рацыд тюркаг æвзæгтæй, уым нысан кæны лаваш.
http://baragbonta.ru/?p=178
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Февраль 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2
3 4 5 6 7 8 9
10 11 12 13 14 15 16
17 18 19 20 21 22 23
24 25 26 27 28 29  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия

Обсуждаемые новости