Найден секрет счастливого будущего Единой Осетии!

29 марта 2013 Культура [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [6011 просмотров]
Найден секрет счастливого будущего Единой Осетии!
Секрет счастливого будущего Единой Осетии найден 12-ти летним подростком из Цхинвала Котиком. Читайте и думайте!
Бӕллиц.
Фантастикон радзырд.
Сӕфы Ирыстон! Нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй нозты хауынц, тамако дымынц ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ..Адӕм къаддӕрӕй-къаддӕр кӕнынц. Кусын ничиуал уарзы. Ахӕм хъуыдытимӕ скъолайӕ хӕдзармӕ цыди фынддӕсаздзыд лаппу Батрадз. Батрадз уыд мӕллӕг, саухил лӕппу, кӕцы тынг уарзта сырдты, уӕлдай тынгдӕр та -куыйты. Иу ахӕм ӕмбал ӕм ӕнхъӕлмӕ каст алы бон дӕр хӕдзары. Уый уыд йӕ сау куыдз- Хъилхъус, кӕцыимӕ ныхас кодтой , цӕмӕй сӕ мачи ӕмбара , ахӕм ӕвзагыл. Батрадз тынг буц уыд йӕ куыдзӕй. Буц ма уыд йӕ дыууӕ мбал: Алан ӕмӕ Сосланӕй. Сослан уыд ахуыры рдӕм: чиныг бирӕ уарзта, скъолайы йын хорз ӕнтыстытӕ уыд, Батрадзӕн дӕр ма –иу аххуыс кодта. Йӕ иннӕ ʹмбал та уыд ахуыры лӕмӕгъ дӕр, фӕлӕ тыхӕй-фидар. Йе ʹмбӕлтты – иу куы федта, уӕд-иу фыццаг бафарста, зӕгъгӕ ,уӕ исчи фӕхъыг кодта, мыййаг? Афтӕ цыдысты бонтӕ: кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой , кӕмӕн куыд йӕ бон уыд ,афтӕ. Фӕлӕ иу хъуыддаг сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд-Ирыстоны уавӕр, йӕ сомбон. Фӕлӕ сӕ бон ницы уыд фӕивын. Арӕх хъуыды кодтой уыцы фарстайыл, куы –иу ӕрбамбырд сты, уӕд. Иу ахӕмы Батрадз йе ʹмбӕлттӕн загъта, зӕгъгӕ , нӕ хъӕуы ӕрдзы хъӕбысы ӕрбадын, сыгъдӕг уӕлдӕфмӕ хъуыды дӕр хуыздӕр цӕуы. Сразы сты лӕппутӕ ӕмӕ сфӕнд кодтой хъӕдмӕ ацӕуын-Чит ъойы хъӕдмӕ. Ацӕттӕ кодтой сӕхи ӕмӕ цӕстфӕныкъуылдмӕ уым фестадысты. Батрадз йӕ куыдзы дӕр йемӕ акодта, ӕмӕ уый фырцинӕй уым гӕппытӕ кодта.Уалынмӕ лӕппутӕ хъусынц сылгоймаджы хъӕр. Ныхъхъус сты, цӕмӕй йӕ базоной, кӕцӕй цӕуы уыцы ӕнахуыр хъӕр. Фӕлӕ куыдз йӕ куыст хорз зоны, алыгъд дӕлдӕр ӕмӕ уым нал ӕнцайы йӕ рӕйдӕй. Лӕппутӕ дӕр балыгъдысты, фӕлӕ дзы никӕй суыдтой. Батрадз ахъӕр кодта Хъилхъусмӕ, фӕлӕ йӕм уый кӕм хъуыста. Батрадз баввахс ис бӕласмӕ, скаст куыдз кӕдӕм рӕйдта, ӕмӕ дзы суыдта зӕронд сылгоймаджы. Уайтагъд ӕй нӕ фембӕрста, фӕлӕ йӕм сылгоймаг куы сдзырдта , уӕд ӕй бауырныдта, фын кӕй нӕу, уый.
- Лӕппу, дӕ куыдз мын баххуыс кодта, -фӕлмӕн хъӕлӕсӕй радзырдта сылгоймаг.
-Ӕцӕг?- фӕдисау Батрадз.
-Ӕцӕг, ӕцӕг. Дӕ куыдзӕй фӕтарстысты зӕххы адӕм. Уыдон мӕ марынмӕ хъавыдысты.
- Зӕххы адӕм?! Уыдон та чи сты?- ныхасы бахызт Сослан.
- Зӕххы адӕм та сты, зӕххы бын чи цӕры, уыдон.
- Ӕмӕ цы фесты?- бафарста Алан.
- Уыдон куыдз никуы федтой, ӕмӕ дзы фӕтарстысты. Куыдзы фӕрцы аирвӕзтӕн. Ӕмӕ дын дӕ бӕллиц сӕххӕст кӕндзынӕн, Батрадз. Батрадз хуыйныс, кӕд нӕ рӕдийын?
- Раст у, фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, зонгӕ не стӕм?-загъта Батрадз.
- Ды мӕн нӕ зоныс, фӕлӕ дӕ ӕз та зонын, ӕрмӕст мӕ ма фӕрс, кӕцӕй. Уӕддӕр дӕ нӕ бауырндзӕн, дзуапп радта зӕронд ус, ӕмӕ бамбарын кодта,цӕмӕй ныхас уыцы фарстыл ӕхгӕд ӕрцӕуа.
Лӕппутӕ ахъуыды кодтой , зӕгъгӕ, йӕ зонд фӕцыд сылгоймагӕн, ӕмӕ куыддӕр афтӕ ахъуыды кодтой , афтӕ сӕм бӕласӕй ӕрдзырдта
-Ӕз мӕ зондыл дӕн, фӕлӕ мӕ фӕнды дӕ бӕллиц дын сӕххӕст кӕнон.
Батрадз рагӕй хъуыды кодта иу хабарыл ӕмӕ загъта:
-Мӕн фӕнды, цӕмӕй Ирыстон размӕ ацӕуа, ирон адӕм кӕрӕдзи бамбарой, ӕвзӕр миниуджытӕ сӕм мауал уа.
Уалынмӕ сылгоймаг зӕххыл фестад, (Брюс Ли фӕсте аззад) ӕмӕ ӕнкъардӕй бынмӕ ныккаст, цыма дзы цыдӕр агуырдта.
- Тынг зын у дӕ бӕллиц ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ бафӕлвардзынӕн. Лӕмбынӕгӕй мӕм хъусут. Раджы ирон адӕмы ʹхсӕн цард Куырысмӕдзог. Уый тынг уарзта ирон адӕмы. Тынг тыхджын кӕлӕн ын уыд. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд хорз хъуыддаг саразын ирӕттӕн: дур сын сарӕзта, уый хуымӕтӕджы дур нӕ уыд, цалынмӕ ӕнӕхъӕн уыд, уӕдмӕ ирон адӕм уыдысты фидар, цардысты тынг хъӕздыг ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы сӕхи бакӕнынмӕ бахъавыдысты цыдӕр ӕнахуыр адӕм: ӕнӕхъуын, иугай хъус, даргъ сӕрджынтӕ. Ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыд ирон адӕмы сӕ быны скӕной, уымӕн ӕмӕ сын уыд ахӕм дур, кӕцы сын тых ӕмӕ иудзинад лӕвӕрдта. Уыцы дуры хабар кӕцӕйдӕр фехъуыст ирон адӕмы знӕгтӕм , ссардтой дур ӕмӕ йӕ ныддихтӕ кодтой. Уымӕй фӕстӕмӕ ирон адӕм кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой, сӕ тых дӕр фӕкъаддӕр.
-Цал хайыл ниддих уыцы дур?-афарста йӕ Батрадз
-Ӕртӕ хайыл ,- дзуапп ын радта зӕронд ус.- Ӕмӕ сӕ куы ссарат, куы сӕ баиу кӕнат, уӕд Ирыстон ногӕй уыдзӕн фидар, размӕдзыд.
-Кӕмыты сты уыцы дуры къӕрттытӕ? Нӕ бон сӕ бауыдзӕн ссарын?-нал лӕууыд Батрадз.
-Иу къӕртт дзи ис зӕххы адӕммӕ, дыккаг- Китайы, Иньяны мӕсыджы, кӕцы хъахъхъӕнынц сӕдӕгай адӕймӕгтӕ, ӕртыккаг –та Уӕрӕсейы иу чысыл лӕппумӕ. Уыцы лӕппу дзы фӕкӕны хъазгӕ, нӕ дӕр ӕй ӕмбары, цавӕр диссаджы дур у , уый.
Сылгоймаг йӕ къух йӕ хызыны атъыстъа, цыдӕр дзы ацагуырдта. Уалынмӕ тымбыл мигӕнӕн сывӕллӕттӕм бадардта-уый уыд зӕронд хъыбыллӕ. Батрадз ӕм йӕ къух адаргъ кодта ӕмӕ йӕ райста. Йӕхимидӕг та ахъуыды кодта, зӕгъгӕ ,ацы хъыбыллӕйӕ ( компас) ,ӕвӕццӕгӕн, Христофор Колумб пайда кодта, афтӕ зӕронд хуыз ын уыд. Алан ӕмӕ Сослан бахудтысты ӕмӕ Батрадзӕн афтӕ зӕгъынц:
- Цӕмӕн дӕ бахъуыд уыцы стыр, зӕронд хъыбыллӕ. Дӕумӕ ис Айфон, кӕцыйы мидӕг ис хъыбыллӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр.
-Ацы хъыбыллӕ хуымӕтӕджы нӕу. Уынын кӕны…- сылгоймаг йӕ ныхас нӕ фӕци.
-Раст нӕ уынын кӕны -мӕсты хъӕлӕсӕй сдзырдта Батрадз.
-Бауадз мӕ, зӕгъон уын. Ацы хъыбыллӕ ӕвдисы дурты бынатмӕ. Уынут йӕ фарсыл урс джыбы. Уым куы ныххӕцай, уӕд фестдзыстут уыцы бынаты.
- Ӕмӕ уал кӕцӕй райдайӕм?-бацымыдис кодта Алан.
-Фыццаг уал зӕххы адӕмӕй байсут иу къӕртт.
-Куыд?
-Урс джыбы - загъта йӕ фӕстаг ныхас сылгоймаг ӕмӕ фӕтары .
-Батрадз , Алан ӕмӕ Сослан кӕрӕдзимӕ бакӕстытӕ кодтой, сӕхимидӕг ахъуыдытӕ кодтой , зӕгъгӕ , фын у ӕви ... Сӕ цӕстытӕ аууӕрстой ӕмӕ йӕ куы бамбӕрстой фын нӕу, уӕд иумӕ сдзырдтой
-Уӕдӕ, цӕттӕ стут лӕппутӕ?
-Цӕттӕ стӕм!
Батрадз джыбыйыл ныххӕцыд ӕмӕ фестадысты ӕндӕр бӕстӕйы. Адӕм дӕр уыдысты цыдӕр ӕнахуыр : сырхдзӕсгӕмттӕ, ӕнӕхъуын, иугай хъустимӕ , даргъ сӕрджынтӕ- куыддӕриддӕр сын сӕ сылгоймаг афыста, афтӕ. Фарсмӕ дӕр ничи кӕсы, алчидӕр кӕдӕмдӕр тагъд кӕны. Чи йӕ сахатмӕ касы, чи йӕ синӕгтӕ бӕтты, чи та йе ʹмбалимӕ дзуры. Иу -ныхасӕй , алчидӕр цыдӕр аразы. Ӕвиппайды фехъуыст цыдӕр уынӕр. Уыцы уынӕры фӕстӕ адӕм лидзын байдыдтой иу цавӕрдӕр бынатмӕ. Батрадз ӕмӕ йе ʹмбӕлттӕ дӕр уыцы бынатмӕ балыгъдысты. Кӕсынц ӕмӕ сӕ разы стыр гӕнах. Баввахс сты ӕмӕ уынынц паддзахы бадӕн. Паддзахы бадӕныл та бады ӕнӕфындз адӕймаг иу стыр цӕстимӕ. Ӕрмӕст дзых ӕмӕ цӕст. Уый бакаст Батрадзмӕ ӕмӕ йе ʹмбӕлттӕм , стӕй хъӕрӕй загъта:
-Уыдон та кӕй куыйтӕ сты?
Батрадз йӕ куыдзмӕ бакаст ӕмӕ дзуапп радта
- Иу куыдз у ӕмӕ у мӕн!
Иуцӕстон мӕстыхуызӕй фӕхъӕр кодта
-Ӕз дӕуӕй дзурын, дӕуӕй. Дӕуӕй ӕмӕ демӕ чи ис, уыдонӕй!
Уалынмӕ хъахъхъӕнджытӕй иу размӕ рахызт ӕмӕ йӕ къухӕй равдыста лӕппуты рдӕм, стӕй мӕстыйӕ сдзырдта:
-Уыдон нӕ фӕтӕрсын кодтой, зӕххыл куы уыдыстӕм, уӕд.
Йӕ къухы уыд арц, йӕ сӕрыл та така. Йӕ уӕлӕ згъӕртӕ. Йе ʹмбӕлттӕ дӕр раст ахӕм конд уыдысты.
Уыцы стыр лӕг куы иуырдӕм акӕсы, куы иннӕрдӕм, тызмӕгӕй бакаст Батрадзмӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы
- Цы дӕ хъӕуы, цӕмӕ нӕм ӕрцыдтӕ?
-Мах хъӕуы нӕ дуры къӕртт, тынг зӕрдиагӕй нӕ хъӕуы- сдзырдта Батрадз. Йӕхимидӕг та ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, йӕ куы нӕ зӕгътаин, куы нын фӕзын уа йӕ ссарын .
Уый куы фехъуыста стыр лӕг уӕд йӕ къахӕй зӕхх ӕрцавта , йӕ хъахъхъӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй , уазджыты баппарой ахӕстоны. Уыдон уайтагъд ныхас ӕххӕсткӕныныл фесты. Куы фӕцӕй кодтой лӕппуты, уӕд ма сӕм стыр лӕг рахъӕр кодта
- Дур сӕ хъӕуы…ӕндӕр уӕ ницы хъӕуы?...
Ныппӕрстой сӕ ахӕстоны. Уым уыд тынг бирӕ адӕм. Сослан дзы бадгӕ цы лӕг кодта , уымӕ фӕкомкоммӕ , уый бадт ӕнӕзмӕлгӕйӕ, ӕмӕ Сослан ахъуыды кодта, зӕгъгӕ ,мард у. Фӕлӕ уалынмӕ зӕронд лӕг йӕ къух сызмӕлын кодта. Сослан ӕм бадзырдта
- Ай ӕппӕт адӕм цы ракодтой, ам цӕмӕ бадынц?
Зӕронд лӕг адӕммӕ джихӕй каст .
Фӕлӕ фӕстӕдӕр сдзырдта:
-Ацы адӕм иуылдӕр тох кодтой тугмондаджы ныхмӕ
-Уый та чи у?-афарста йӕ Сослан
-Чи, чи ӕмӕ ныртӕккӕ паддзахы бынаты чи бады, уый,- дзуапп радта зӕронд ӕмӕ йӕ сӕр дӕр фӕзылдта Сосланы рдӕм.
Сослан ын йӕ цӕстытӕм лӕмбынӕгӕй бакаст ӕмӕ дзы федта цардвӕллад адӕймаджы цӕстытӕ . Йӕ ног ныхасӕмбалимӕ йӕ фӕндыд дарддӕр ныхас кӕнын,цӕмӕй йӕ бамбара, кӕм сты, цы у сӕ бон.
-Ардыгӕй алидзын никуы сфӕнд кодтай?-сдзырдта та йӕм Сослан.
-Дыууӕ хатты, фӕлӕ йӕ куыд ӕмбарыс афтӕ –ӕнӕнтыстӕй.
-Мах та ирон дуры къӕртт агурынмӕ рцыдыстӕм ӕмӕ… мӕнӕ…Исты фехъуыстат дуры тыххӕй?
-Фехъуыстон
- Ӕмӕ кӕм ис?
-Кӕд нын ахсӕв бантысид алидзын.. ӕмӕ уӕд..
Ӕрӕхсӕв. Иуылдӕр бафынӕй сты. Уалынмӕ цыдӕр хыбар-хыбур фехъуыста Батрадз, йӕ цӕстытӕ бакодта ӕмӕ уыны Сослан дуары цур архайы. Бацыд ӕм ӕввахс ӕмӕ йӕ ныллӕг хъӕлӕсӕй бафарста.
-Цы ми кӕныс?
-Цы, цы мӕнӕ гуыдыр хъуамӕ бакӕнон
-Куыд? Дӕ бон суыдзӕн?
-Чиныг кастӕн , гуыдыр куыд арӕзт у, уый тыххӕй, ӕмӕ кӕд мӕ бон йӕ бакӕнын дӕр бауаид.
Уалынмӕ гуыдыр фегом ис. Ӕмбӕлттӕ ӕмӕ зӕронд лӕг сусӕгӕй, хъуызгӕ-хъуызгӕ рахызтысты . Зӕронд лӕг къухӕй ацамыдта, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ рацыт. Уалынмӕ сӕ разы фестад цавӕрдӕр стыр агъуыст. Йӕ дуар дӕр уыд: ӕнахуыр, стыр, сау ӕмӕ тӕссаг. Зӕронд лӕг цавӕрдӕр ӕвзагыл цыдӕртӕ адзырдта ӕмӕ дуар фегом. Агъуысты мидӕг дуарварс лӕууыдысты дыууӕ хъахъхъӕнӕджы, фӕлӕ сӕ лӕппутӕ ӕвиппайды фӕсур кодтой. Алан уыд тыхджын ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕхимӕ райста. Мидӕмӕ бацыдысты . Кӕсынц ӕмӕ сӕ разы дур, дур, кӕцыйы тыххӕй ардӕм,зӕххы адӕммӕ ,ӕрцыдысты, дур ,кӕцыйы фӕрцы сӕххӕст уыдзӕн лӕппуты бӕллиц. Сӕ бӕллиц та у, цӕмӕй, Ирыстон уа фидар ӕмӕ размӕдзыд.
Батрадз балыгъд дурмӕ , фелвӕста йӕ ӕмӕ йӕ ӕрбалхъывта йӕ риумӕ. Уайтагъд зӕронд лӕг фӕхъӕр кодта, зӕгъгӕ,фӕтагъд кӕнут, хъахъхъӕнджытӕ ӕрбацӕуынц.
Лӕппутӕ кӕрӕдзийы къухтыл фӕхӕцыдысты, бузныджы ныхӕстӕ загътой зӕронд лӕгӕн ,ӕмӕ та Батрадз урс джыбыйыл ныххӕцыд. Уалынмӕ та кӕмдӕр фестадысты: сӕ алыварс тымбыл хӕдзӕрттӕ…
-Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ стӕм Китайы,-сдзырдта Сослан
-Исчи уӕ зоны се ʹвзаг?-афарста Батрадз, фӕлӕ йын дзуапп дӕр хорз зыдта. Йӕхимидӕг та ахъуыды кодта, зӕгъгӕ,кӕцӕй хъуамӕ зонӕм китайаг ӕвзаг , кӕд ӕмӕ Чъребайӕ дарддӕр никуы уыдыстӕм, Алан дӕр, Сослан дӕр ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр. Уалынмӕ сӕм баввахс зӕронд лӕг
-Кӕм уыдыстут , цӕмӕн ӕрӕгмӕ цыдыстут?-сабырӕй сӕм сдзырдта,-мӕ фӕстӕ рацӕут.
Лӕппутӕ кӕрӕдзимӕ бакӕстытӕ кодтой, сӕ уӕхсчытыл уӕлӕмӕ схӕцыдысты ( ома, чи у?) фӕлӕ йӕ фӕстӕ цӕуын байдыдтой. Бирӕ цӕуын сӕ нӕ бахъуыд. Зӕронд лӕг цард ӕввахс. Бахызтысты лӕппутӕ йӕ хӕдзармӕ, цыран федтой ахӕм ирон мигӕнӕнтӕ, кӕцытӕй Ирыстоны дӕр нал пайда кӕнынц.
-Ирон хӕдзары музей у?- афарста Алан ӕмӕ дарддӕр ракӕс –бакӕс кӕны.
- Ӕцӕг, афтӕ мӕм кӕсы цыма Чъребайы музейы дӕн- адарддӕр кодта Батрадз.
- Кӕцы музейы? Кӕцы нын нӕй, ферох дӕ ис, Чъребайы музейтӕ нал ис? - ныхас баппӕрста Сослан.
Лӕппутӕ хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ хъуыды кодтаиккой, китайаг лӕг сӕм иронау куы нӕ сдзырдтаид ,уӕд.
-Ӕз тынг хорз зонын цӕмӕн ӕрбацыдыстут, ӕмӕ йӕ ӕмбарын, кӕй уӕ цымыдис кӕны ,китайаг лӕг иронау кӕцӕй зоны, уый. Ӕз дӕн ирон, фӕлӕ китайаг хуыз ӕрцахстон пластикон операциты фӕрцы. Цалдӕр ӕнусы уӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕн. Ӕнхъӕлмӕ кастӕн ахӕм ирон лӕппутӕм, кӕцыты зӕрдӕтӕ рисдзысты Ирыстоныл, кӕцыты зӕрдиагӕй фӕнддзӕн , цӕмӕй сӕ райгуырӕн бӕстӕ йӕ къахыл слӕууа. Ӕз ӕй зыдтон, кӕй райгуырдзӕн Иры ахӕм лӕппутӕ! Гъе-ныр мӕм лӕмбынӕг байхъусут: ирон дуры дыккаг къӕртт ис Иньяны мӕсыджы, кӕцы хъахъхъӕнынц бирӕ адӕм . Фӕлӕ уын ӕз баххуыс кӕндзынӕн. Уым , хъахъхъӕнджыты хсӕн ис нӕхи адӕймаг, кӕцыйӕн йӕ мисси у , цӕмӕй уӕм фӕхӕццӕ кӕна дуры къӕртт, фӕлӕ йӕм хъӕуы бацӕуын. Ахсӕв мӕсыджы бынмӕ хъуамӕ бацӕуӕм ӕмӕ уӕд… Фӕлӕ уал куы ахӕриккат, тых ӕххормагмӕ ӕввахс нӕ цӕуы. Чъиритӕ ӕви дзыкка?
Лӕппутӕ бацин кодтой, уымӕн ӕмӕ дыууӕ боны къӕбӕры хъӕстӕ дӕр нӕ фесты.
- Нанайы чъиритӕ!- фӕхъӕр кодта Алан.
Уалынмӕ сӕ разы фестад ирон фынг, кӕцыйы алварс рауай –бауай кодта разгӕмтты нахуыр рӕсугъд чызг. Фынг авӕрдта ӕмӕ фӕтары. Лӕппутӕ акъӕбӕр кодтой тагъд-тагъд ӕмӕ цӕттӕ уыдысты фӕндагмӕ.
Уырызмӕг ( афтӕ хуындис зӕронд лӕг, уый уыд нарты Уырызмӕджы хуызӕн , ӕцӕг ӕй китайаг адӕм хуыдтой Унь-Джянь) рахызт хӕдзарӕй. Йӕ фӕстӕ та –лӕппутӕ. Цыдысты сахат ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц , уалынмӕ уынынц бӕрзонд мӕсыг. Уый уыд Иньяны мӕсыг. Уыд талынг ӕхсӕв. Бӕрзондӕй сӕм сӕхи адӕймаг фехситт кодта. Уый нысан кодта, зӕгъгӕ, уым лӕуут. Хъайтартӕ амбӕхстысты къутӕры бын. Уалынмӕ -гуыпп, ӕмӕ цыдӕр тыхтон сӕ разы февзӕрд. Уый уыд уыцы дур. Батрадз та йӕ йӕ риумӕ балхъывта ӕмӕ дзуры:
-Иу-ма, иу, лӕппутӕ, ӕмӕ нӕ бӕллиц сӕххӕст уыдзӕн.
Уый фӕстӕ йӕ иннӕ дуримӕ нывӕрдта , бузныджы ныхӕстӕ загътой Уырызмӕгӕн ӕмӕ та урс джыбыйыл ныххӕцыд Батрадз.
-Кӕм стӕм? Уӕрӕсе стыр у, ӕмӕ кӕдӕм бахаудтам?-афарста Алан.
- Мӕнмӕ гӕсгӕ стӕм Ростовы!- зондджын хуыз ӕрцахста Сослан. Ӕцӕг, Ростовы стӕм! Фӕлӕ йӕ куыд базонӕм кӕдӕм нӕ хъӕуы цӕуын?
-Хъыбыллӕ нын ӕвдисы цӕгатмӕ- загъта Батрадз.
- Уӕдӕ цомут!- Алан дӕр сдзырдта.
Ракӕс-бакӕс кӕнынц фӕйнӕрдӕм , диссӕгтӕ уынынц: уӕдӕ дзы фонтантӕ нӕй, уӕдӕ алыхуызон агъуыстытӕ.
- Махмӕ –та иу фонтан ис ӕмӕ уый дӕр нӕ кусы- ӕнкъардӕй сдзырдта Сослан.
Ӕрбахӕццӕ сты бынатмӕ. Сӕ разы ӕртӕуӕладзыгон хӕдзар.
- Ардӕм афтӕ ӕнцонӕй нӕ бахаудзыстӕм, мӕнмӕ гӕсгӕ, у ног уырыссӕгты хӕдзар ӕмӕ дзы ӕнӕмӕнг хъахъхъӕнджытӕ дӕр уыдзӕн,- загъта Батрадз
- Стӕй уыдон сӕ сывӕллӕттӕн дӕр тынг тӕрсынц давынӕй , ӕддӕмӕ дӕр сӕ нӕ фӕуадзынц иунӕджытӕй ,- Сослан адарддӕр кодта ныхас.
Уалынмӕ Батрадзы айфон ныццагъта. Систа йӕ:
- Хъусын, кӕцы дӕ?
- Ӕз дӕн,-сылгоймаджы хъӕлӕс ын дзуапп радта.
Уый уыд уыцы зӕронд сылгоймаг, кӕцыимӕ базонгӕ сты Читъойы хъӕды.
- Фынддӕс минуты фӕстӕ уыцы хӕдзарӕй рахиздзӕн лӕппу йӕ хъомылгӕнӕгимӕ ӕмӕ хъуамӕ исты хуызы расайат уыцы дур. Дур та уыдзӕн йӕ къухы, - ӕмӕ фӕхицӕн ныхас.
Лӕппутӕ хъуыды кӕнын райдыдтой , куыд, цы хуызы сӕм бафтдзӕн дур. Сослан ӕвиппайды ныхъхъӕр кодта:
- Зонын, зонын куыд. Тагъддӕр цомут сӕ дуары размӕ , атымбыл кӕнӕм кӕд дзы дуртӕ ис ӕмӕ ӕрбадӕм.
Лӕппутӕ йын кӕронмӕ дӕр нӕ бамбӕрстой йӕ хъуыды, фӕлӕ сӕ цы домдта, уый сарӕзтой. Ӕрбадтысты хӕдзары раз афтӕ , цӕмӕй сӕ сывӕллон ,куы рахиза , уӕд фена. Сӕ разы дуртӕ ӕркалдтой, ома сӕ хъазгӕ кӕнынц, афтӕ, уалынмӕ сывӕллон рахызт сылгоймагимӕ иумӕ.
-Ӕз рамбылдтон, ӕз рамбылдтон, дуртӕ мӕн сты,- барӕй хъӕр кӕнын райдыдта Сослан, иу цӕстӕй та кӕсы сывӕллонмӕ , афтӕ.
Сосланы хъӕрмӕ сывӕллон йӕхи бакӕнын кодта уырдӕм.
- Мӕн дӕр фӕнды хъазын,- сдзырдта сӕм.
- Ӕмӕ дӕм дур ис?- афарста йӕ Сослан
- Нӕ разы бирӕ дуртӕ уыд, ӕмӕ дзы ныртӕккӕ рацагурдзынӕн,- загъта сывӕллон ӕмӕ дур агурӕг ацыд. Агуырдта, агуырдта, фӕлӕ дзы нал уыд- иууылдӕр сӕ лӕппутӕ рауыгътой. Сывӕллонӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, йӕ дзыппмӕ нывнӕлдта ӕмӕ дур систа. Лӕппутӕн сӕ цӕстытӕ цины ӕрттывд скодтой , фӕлӕ дур ныма уыд сывӕллонмӕ.
-Кӕд фембылды уай, уӕд дур уыдзӕн мах,- загъта Сослан ӕмӕ хъуыды та акодта , зӕгъгӕ, хорз ӕрхъуыды кодта ацы хъазт.
Хъазт райдыдта ӕмӕ , кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сослан рамбылдта. Сывӕллоны тынг нӕ фӕндыд дур дӕттын, фӕлӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд.
Лӕппутӕ фыр цинӕй зарын райдыдтой ӕмӕ та уалынмӕ Батрадзы айфон ныззарыд:
- Хъусын, кӕцы дӕ?
-Куыд кӕцы дӕн, кӕм дӕ цалдӕр бон,- хыл ӕм кӕны йӕ мад,- ӕнӕхъӕн адӕм уӕ куы агурынц. Кӕм стут?
-Тыхсгӕ дӕр ма кӕнут , ӕрдӕг сахаты фӕстӕ стӕм бынаты. Фӕлӕ нын хӕринаг куы ацӕттӕ кӕнис, уӕд дӕ тынг фӕбузныг уаиккам,- загъта Батрадз ӕмӕ фӕхицӕн кодта телефон.
-Цӕй , сис иннӕ къаӕрттытӕ дӕр, Батрадз, ӕмӕ сӕ баиу кӕнӕм,- загъта Алан.
Батрадз нывнӕлдта хызынмӕ ӕмӕ систа дуртӕ. Иу дзы радта Аланмӕ, дыккаг- Сосланмӕ иннӕ та йӕхимӕ баззад. Сӕ къухтӕ кӕрӕдзимӕ бадардтой, цӕмӕй дуртӕ баиу кӕной. Уалынмӕ дур цӕхӕртӕ калы, ӕрттивы, лӕппутӕ ницыуал уынынц сӕ алыварс, сӕ къӕхтӕ зӕхх нал хатынц, цыма сыл базыртӕ базад –стахтысты. Стахтысты ӕнӕнхъӕлӕджы, стӕй ӕрбадтысты. Ӕрбадтысты зонгӕ бынаты- Читъойы хъӕды. Уалынмӕ та зӕронд сылгоймаг са фарсмӕ фестад, фӕлмӕн хъӕлӕсӕй сын загъта, цӕмӕй хорз бамбӕхсой уыцы дур, белтӕ сӕм бахста ӕмӕ та фӕтары. Лӕппутӕ бамбӕрстой, дур баныгӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ уӕхскуӕзӕй къахын райдыдтой. Иу –дыууӕ метр акъахтой дур арф нывӕрдтой уыцы уӕрмы ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбӕрзтой афтӕ,цӕмӕй йӕ мачи базыдтаид, ам цы диссаджы дур ӕрцыд ныгӕд , уый. Куыддӕр фесты, афтӕ белтӕ ӕмӕ хъыбыллӕ дӕр фӕтары сты. Фӕлладӕй сахары рдӕм анкъуыстысты. Батрадзы мад хӕринаг ӕрцӕттӕ кодта , фынг авӕрдта, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы,хыл дӕр сӕм фӕкодта ,афтӕ дард кӕй ацыдысты цуаны( нӕ йӕ схъӕр кодтой кӕм уыдысты, уӕддӕр ӕй нӕ бауырныдтаид).
Диссӕгтӕ цӕуын райдыдтой Ирыстоны! Цӕгат баиу Хуссаримӕ. Адӕм кӕрӕдзи ӕмбарын ӕмӕ уарзын байдыдтой. Гуырӕн хӕдзары бынат нӕ вӕййы. Ирыстон рӕзы. Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ амайынц. Кусынц дзы ирӕттӕ. Ӕвзӕр дзыхӕй нал дзурынц. Тамако ӕмӕ нозт дуканиты нал уӕй кӕнынц. Стырӕй чысылӕй аргъуанмӕ цӕуынц. Кӕрӕдзийӕн цы баххуыс кӕной ууыл сты. Быдыртӕ иуылдӕр сты куыстгонд. Заводтӕ ӕмӕ фабрикӕтӕ скуыстой. Алы бон дӕр хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц. Скъолайы нысан « 2» цы у уый нал зонынц. Бинонтӕ «а» ӕмӕ «о»-йы цард кӕнынц…
Фӕлӕ йӕ никуы ничи базондзӕн ,цӕмӕн?
Источник - ИА Осинформ.
Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.
29 марта 2013 21:56
Отличный рассказ!
29 марта 2013 22:03
Я думаю это будет бестселлером!

--------------------
29 марта 2013 22:11
А я в этом уверена!
29 марта 2013 22:27
Очень интересный рассказ. Кто автор? Этот рассказ реально написал 15 л.парень.!Ему полагается гонорар.
29 марта 2013 23:18
Впечатляет!
29 марта 2013 23:21
Тынг у! 5+
30 марта 2013 00:07
Имя автора в студию!!Котик, чи дае?
30 марта 2013 00:44
Шымыдисон ражырд-аргъау у! Автораен штыр бузныг!
31 марта 2013 09:00
Уый у Ирыстоны сомбон!!!Бауырнает уае Ирон Адаем!!!
Котик,Бузныг.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

мегафон

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Декабрь 2019    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***
Сдача в аренду частного домовладения на ул. Коблова Сдам в аренду на длительный срок (не менее 1 года) частное домовладение в г. Цхинвал со всеми удобствами. Стоимость 30 000 руб. мес. + счетчики. Удобства: прихожая, спальные комнаты-3, зал-1, кухня, ванная комната, накопительный бак для автономного водоснабжения в объеме 2000 литров для бесперебойной подачи горячей или холодной воды в случае отсутствия воды в городском водопроводе, отопление, цифровое телевидение, триколор, обустроенный двор, приусадебный участок, гараж на 2 легковые автомашины. В шаговой доступности есть магазины, аптеки, школа. Обращаться по телефону: 8-929-811-85-92
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия