Цæгат ирыстоны "Гранит дуры бацыд æнусон зæппадзау"...
"Гранит дуры бацыд æнусон зæппадзау"...
Æмæ бæрзондæй рафæлгæсыд поэт, йæ цард кæй тыххæй снывонд кодта æмæ цæрынæй кæм нæ бафсæст, уыцы Ирыстонмæ. 23 июны Дзæуджыхъæуы Намысы аллеяйы зынгхуыст поэт æмæ ахуыргонд Джыккайты Шамилы æнусон бынаты байгом стыр, аив арæзт цыртдзæвæн.
Мадзалмæ æрбацыдысты нæ интеллигенцийы минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны делегаци, йе 'мкусджытæ, студенттæ, йæ курдиатæн табугæнджытæ...
Раныхасгæнджытæ ЦИПУ-йы филологон факультеты декан Хозиты Барис, ахуыргонд Цыбырты Людвиг, фысджытæ Нафи æмæ Дзасохты Музафер, Хуссар Ирыстоны фысджыты Цæдисы Сæрдар Хъазиты Мелитон дзырдтой Джыккайты Шамилы алывæрсыг курдиаты æмæ Ирыстонæн цы бирæ хæрзты бацыд, уый тыххæй. Джусойты Нафи йæхи æмæ æнæхъæн Ирыстоны адæмы номæй хатыр ракуырдта Шамилы сыгъдæг номы раз, йæ тыхсты йæ уæлъус кæй нæ балæууыдыстæм æмæ йæ кæй нæ бахъахъхъæдтам, уый тыххæй. Йæ мæлæтæй абоны онг Шамилыл чи фæрыст æмæ йын чи фæлæггад кодта, уыдонæн мыггаджы номæй арфæ ракодта Джыккайты Хазби.
Шамилы кæстæр æфсымæр, зындгонд нывгæнæг, цырты автор Джыккайты Мурат бузныг загъта мадзалмæ æрцæуæг адæмæн æмæ цырт аразынмæ се 'ххуысы хай чи бахаста æхцайæ дæр æмæ æрмæгæй дæр, уыдонæн: Ходы Никъалайæн, Джыккайты Малхазæн, Къæбулты Нодар æмæ Роинæн.
Хъыгаг у, ахæм зынгæ цауы фæдыл нæ хицауадæй Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг Хацъæты Олег æмæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Таболты Сергейæ дарддæр кæй ничи уыд, уый. Уымæй хъауджы рохуаты баззад Шамилы номыл уынг раттыны хабар дæр. Рæстзæрдæ адæм бæргæ архайынц, фыссынц æмбæлон органтæм, фæлæ хъуыддагæй ницы уайы. Шамилы трагикон сæфты ма бирæ æмбæхст хабæрттæ ис, æмæ нæ ныфс ис, искæдбон уæддæр кæй раргом уыдзысты.
Адæмæй бамбæхсæн ницы ис. Ахæм лæджы сæфт та не знæгтæн куы батайа, уæд ныл цæрæнбонты фидиссаджы гакк сбаддзæн.
Фесты нæ кад æмæ фарны лæг Джыккайты Шамилы марды кæндтæ. Ахицæн йæ афæдзы бон.
Æгъдаумæ гæсгæ бафтыд зæронд мæрдтыл, фæлæ ахæм лæг мæрдырох никуы фæуыдзæн. Шамил Ирыстонæн цас сарæзта, уый чи æмбары, уыдон фылдæр сты æмæ йæ никуы ферох кæндзысты.
Цас фылдæр рæстæг цæуа, уыййас ныл тынгдæр æртæфсдзæн æмæ йæ бамбардзыстæм, цы фе-сæфтам, уый...
ДЖУСОЙТЫ Нинæ
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.