Иу афæдз æнæ сæрхъызойæ
Афæдзы размæ Ирыстоны дзыллæйыл айхъуысти фыдохы хабар. Лæгмары къухæй фæмард Джыккайты Шамил, Ирыстоны номдзыддæр лæгтæй сæ иу. Нæ фыдгултæ нын не хсæнæй атыдтой нæ намысы, нæ буц æмæ кадджын хистæр, нæ тæрхоны лæджы. Абон Шамил не хсæн нал ис, рахауд нæ царды мæсыджы рæбинаг дуртæй сæ иу æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уымæй нæ дуне фæкъахыр, аззадыстæм сидзæртæй. Шамилы æбуалгъы мæлæт фехъусгæйæ Иры дзыллæ бамыр. Бирæтæ не мбæхстой сæ цæсты сыгтæ. Сæ зæрдæтæ рыстысты æрмæст йæ хиуæттæн нæ, фæлæ йæ бирæнымæц зонгæтæн, æмгæрттæн, чи йæ зыдта, царды хорзы кæмæн бацыд, уыдонæн. Маст кодтой лæгæй-лæгмæ йæ чи нæ зыдта уыдон дæр. Æмæ куы ракастаид Шамил, уæд федтаид цас адæм æрцыдис уымæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ. Куы федтаид йæ бирæнымæц хъомылгæнинæгты тар цæсгæмттæ, йæ табугæнджыты хъынцъым, уæд кæддæрау фæлмæн мидбылхудгæ загътаид : Мæ тох, мæ фæллæйттæ æнæхъуаджы нæ уыдысты.
Шамилæн йæ цард æнæхъæнæй дæр тох уыдис. Уый нæ уарзта мæнг æмæ цурон, былдауæн ныхæстæ, йæ удхæссæ уыдысты мæнгард митæ. Нæ уарзта æмæ йæ сæрмæ нæ хаста хæццуйæ йæхицæн æлдар скæнын. Уыдис хуымæтæг, рæстуд æмæ сыгъдæгзæрдæ хохаг лæппу æмæ уарзгæ æмæ аргъ дæр ахæмтæн кодта. Царды табу кодта ирондзинадæн, йæ фарны ныхас æмæ фыссæн сисæй лæггад кодта йæ раттæг адæмæн. Уымæн йæ сыгъдæг номыл къæм абадын нæ бауагъта суанг йæ амæлæты бонмæ. Уырдыг лæууыд мадæлон æвзаг æмæ литературæйы рæзтæн. Цыма йæ адзал хатыдис, уыйау йæ амæлæты размæ афтæ ныффыста.
Барыстырмæ балцы цæуын,
Мæ фæллад ысуадздзынæн нæууыл.
Нæ хъæуы мæ мардыл кæуын,
Кæуинаг мæ цард уыд уæлæуыл….
Æрцыд уыл ыстыр хорз, ыстыр,-
Мæрдты дуарыл аскъуыд мæ хъарæг.
Цæрут иу æнæмæтæй ныр,
Мæ фæстæ уæ нал и хъыгдарæг.
Шамил ирон адæмæн стыр Хуыцауæй лæвары хуызæн уыд. Ахæм адæм цы нацимæ ис, уыдонæн фесæфынæй тас нæу.Гъе, фæлæ хъыгагæн мах рæстæгыл нæ зонæм уыдонæн æмбæлон аргъ скæнын, уыдон бавæрын, тыхсты сахат сæ фарсмæ, сæ æнцой балæууын. Куы сæ фесафæм, уæд та нæ сæртæ фæхойæм æмæ марой фæкæнæм.Тынг раст загъта нæ куырыхон æмæ зындгонд фыссæг Хъазиты Мелитон уымæн йæ табæты уæлхъус:-«Махмæ, ирон адæммæ бирæ хорз миниуджытæ ис. Фæлæ нæм ис æвзæрдзинæдты æвзæрдæр: искуы нæм иу хорз адæймаг рантыст, зæгъгæ, уæд седæ ницæйаджы йæ фæстæ бафтынц æмæ йæ уæлæмæ скæсын нæ бауадзынц».
Шамил нын нал ис, фæлæ уæлæуыл цæргæйæ баззадысты йæ сыгъдæг ном, йæ бирæнымæц фæллæйттæ, йæ дзырды фарн. Ехх, æвæдза абон мах куыд тынг хъæуы уымæн йæ куырыхон æмæ зондамонæн ныхас. Фæлæ цы чындæуа, афтæ уыдис йæ хъысмæт. Амонджын хъысмæт. Чырысти уымæн загъта, нæй уымæй стырдæр сгуыхтдзинад, адæймаг æввахсы сæрвæлтау йæ цард нывондæн куы æрхæсса. Шамил дæр йæ цард рауæлдай кодта Ирыстоны сæраппонд æмæ йæ ном цæрдзæнис ирон адæмы зæрдæты. Дзæнæты цъæх нæуу фæзтæ, æмæ уазал суадæтты фарсмæ бад Шамил!
ЛОХТЫ ДЖАМБУЛАТ
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.