ЧЪРЕБА – ХЪАЙТАР САХАР

9 августа 2011 Общество [версия для печати] [читать комментарии] [размер шрифта: a- | А+] [3875 просмотров]

Знаг кæмæ фæбырсы, уымæн фыццаг ныццæфæй фæхъавы йæ хъомыс асæттынмæ. Цæмæй йæ ныфсимæ æрхауа йæ рахиз, мауал уа хотыхыл хæцынæн, йæхи æмæ йæ туг-стæг, йæ мадæлон æвзаг, йæ фыдыуæзæг хъахъхъæнынæн. Цæмæй æркъул кæна йæ сæр æмæ разы уа куыдзы бæлæгъы дон нуазыныл. Уыдæттæ куы бафтынц йæ къухы, уæд ын бынтон æнцон вæййы, йæ ныхмæлæууæгæй-ма цы баззайы, уыдон йæ цъыф къæхты бын бауæрдын. Ныфссастыл фæсæрфы йæ къæхтæ, нал ын фæдæтты йæ сæрыл схæцыны фадат. Йæ хъуынджын арм ыл æрæвæры æмæ йæ уды æнцойæн фæмары йæ цагъарты удты сæрибар.

Цæмæй уыдæттæ йæ къухы æнцондæрæй æфтой, фыццаг уый тыххæй бацархайы йæ ныхмæлæууæджы зæрдæ айгæрдынмæ. Йæ зонгуытыл æй æрæппарынмæ. Тæригъæддаг уавæры йæ æрæвæрынмæ. Ирыстоны хуссар хайæн ахæм стыр ныфс, ахæм æнæфæцудгæ фидар, ахæм зæрдæлæууæн у, нæ адæм нæ сæйраг сахар Цхинвалы уарзгæйæ куыд хонæм – Чъреба.
Уæдæ, диссаг макæмæ хъуамæ кæса, нæ фыдызнæгтæ сæ алы æрбабырсты дæр сæ сæйраг тыхтæ фыццаг Чъребайæн сæрсæттæн цæф ныккæнынмæ цæмæн саразынц, нæ уд нын уырдыгæй сæлвасынмæ цæмæн фæхъавынц, уырдыгæй нæ цæмæн фæхъавынц аныхъуырынмæ, цæмæй цæргæ-цæрæнбонты, нæ фæд ногуард митыл дæр макуы уал разына, ахæм бынысæфт нæ фæкæной. Æгæрыстæмæй-иу бирæ поэттæ кæуын дæр райдыдтой. Хостыхъоты Зинæ кæд Ирыстоны цæгат хайы райгуырд, уым схъомыл, уæддæр йæ царды хуыздæр бонтæй дзæвгар батыдта Чъребайы. Стæй фæстæмæ цæрынмæ аздæхт йæ фыды уæзæгмæ хæстæгдæр – Дзæуджыхъæумæ. Уæддæр сæрыстырæй дзырдта «йæхицæй атонын нæ бакуымдта мæ зæрдæ Дæу, цал у, уал азы, о ме ‘рвгъуыз къуым, мæ бæстæ, Дæ цъæх кæркуасæнтæ, дæ фæлмæн, хъарм изæртæ, Дæ хурдзыд сабыр уынгтæ, дидинæг уæлвæзтæ» – йæ удимæ систы æмдзæрин. Сæ цин дæр иу уыдис æмæ сæ маст дæр. Нæдæр хуыздæр амондмæ куывтой. Йæ «хъæбул сауцæсты ‘рвон уарзты цæссыгтæ»-йын рахаста фæндаггагæн йемæ. Фæлæ йæ нæ ферох, йæ зæрдæйыл цинтæ æмæ хъыгтæй хуыд чи ‘рцыд уыцы Чъреба, æмæ йын хæсты азарæй уынгæг боны куы бахаудта, уæд ыл æркалдта сылгоймаджы цæссыгтæ йе ‘мдзæвгæ «Чъреба»-йы:
Ныр дын дæ рухс аргъуан – дæ уаз бæллиц фыдгултæ
Бынысыгъд бакодтой, дæу амардтой, о Чъреба,
Мæ цæстыл уайы, уым дæ къахвæдты ыскултæ
Цыма дæ туглæсæн… Охх… Царды бардуаг – де ‘мбал.
Йæ «къахвæдты ыскултæ цыма туглæсæн» – уымæй поэтессæ раст у, фæлæ, Чъреба иунæг хатт дæр йæхи марыны онг кæй никуы æруагъта, йæ рахиз кæддæриддæр кардыл хæцынхъом кæй уыдис æмæ у, уый дæр дызæрдыккаг макæмæн хъуамæ уа.
Цас фыдтæ федтам нæ фыдбоны сыхæгтæй, фæлæ нæ абон дæр бирæты, уыдон ахæм æлгъаг митæ аразынц, уый бирæты нæ уырны. Æууæндæм, цыма уыдон нæ фыдбоны сыхæгтæ нæ аразынц, фæлæ сæ тугхор разамонджытæ. 20-æм азы геноцид та нын меньшевикты аххос фæкодтой. Кæм вæййынц уæд сæ адæймагуарзон, рæстаг дзыллæ? Цæмæн ныл сæ ардауынц бонæй-бонæррадæрæй? Æмæ ахæм рæстæджы тыхы ныхмæ тых куынæ æрæвæрай, уæд цы уыдзæнис дарддæр? Уыцы æмæ бирæ æндæр фарстытæн хъуыдис рæстæгыл бæлвырд дзуаппытæ дæттын, нæ рыст адæмæн æппæт дæр афоныл æмæ бæлвырд-бæрæгæй æмбарын кæнын. Æмæ уыцы хъуыддаджы аив дзырдæн æмбал никуы уыд æмæ нæй.
Хæсты фыццаг ныццæфæй фæстæмæ Чъреба – нæ сахар æппынæдзух милмæ ист кæй уыдис, фæлæ иунæг хатт дæр кæй нæ фæцудыдта, æгад йæ сæрмæ кæй никуы схаста, нæ поэттæн уæдæй фæстæмæ куыдхуыздæронæй уымæн ссис сæ зарджытæ æмæ сæ хъарджыты сæр. Дæсгай азты йæ лæджыхъæды кой уый тыххæй хизы иу аивадон уацмысæй иннæмæ, иу чиныгæй – иннæ чиныгмæ. Æмæ сæйраг цы у – уыцы темæ нæ нывæфтыд литературæйы фæкæны, басæттæн кæмæн нæй, ахæм æнусон фидарыл зарыны темæ. Уый адæймаджы æфтауы цины æнкъарæнтыл. Зæрдæйæн хæссы æгæрон æхсызгон.
Чъребайыл хæсты райдайæны фыдбонты æппæтыфыццаг цы поэтикон уацмыстæ æрцыдысты фыст, уыдон хуыздæртæм хауы Æлборты Хадзы-Умары æмдзæвгæ «Фидар лæуу, Чъреба!» Поэт дзы йæ сахармæ бавæрдта йæ зæрдæйы æппæт уарзт, йæ сахар-фидармæ йе ‘гæрон сæрыстыр ахаст:
Фидар лæуу, Чъреба,
фидар лæуу, дæ рынтæ!
Уастырджи уæд де ‘мбал,
знаджы та – дæ зынтæ!..
Вандалтæ нæ бацауæрстой Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмтеатры бахизæны гениалон Къостайæн цы стыр цырт уыдис, ууыл дæр. Истой йæ милмæ. Ныппырх æй кодтой нæмгуытæй. Сæ цæстытæ сын къахта, дуне йе стыр куырыхон зонды раз сæ сæртæ кæмæн къул кæнынц, нæ уыцы стыр ахуыргонд Абайты Васойы хæдзар. Нæ ирон адæм сæрыстыр кæмæй æмæ цæмæй стæм, уыдонмæ се ‘лгъаг удты цы хъæстæ æвзæрд æмæ æвзæры, уый æнауæрдонæй ныккалдтой ацы зæдбадæн хæдзарыл дæр. Уыцы хъуыддаг нын Хаджумар уарзгæйæ, аив дзырды фæрцы хорз æмæ бæлвырдæй, зæрдæрисгæйæ равдыста йæ тæвдыл.
Нæ йæм хъардта, «нæ сахары астæу, – / фæйнæгкъул хæдзар, / – æргъæуæй – йæ астæрд, / æрвæрвыг – йæ цар; / рæсугъд фæндты суадон, / хъуыдыты куырдадз, / ирон фырнымд мадæн / цырагъы мыдадз…» – кæмæн цы ракодта. Фæлæ нæ фыдгулæн уый уынд дæр масты хос у. Уымæн рыхы. Рæсугъддзинад æмæ кады хъуыддаджы уындæй уымæн хауы йæ цæст: «Цы зин сын æй радта,/ æлгъыстаг цыдæр!» – / хæдæхс æм ныддардта / фыдгулты фыддæр…» («Васойы хæдзар Чъребайы»).
Цæрæнбонты сæ хуыздæртæ зондмæ, фæлтæрддзинад исынмæ цы Абайты Васомæ цыдысты, сæ иууыл стырдæр хæларыл кæй нымадтой, уый хæдзарыл дæр кæм нæ бацауæрстой Чъребайы, уыс сæ цы домыс. Хæдæхстæй йæ ныххуынчъытæ кодтой, стæй йæ басыгътой. Йæхæдæг уым куы уыдаид, уæд æй уыимæ, уыцы зæды æнгæс адæймагимæ, ноджы зæрдæбындæрæй бакодтаиккой зынджы хай.
Æз дæр… Æрмæст Васойы хæдзары хъысмæт цал æмæ цал поэты зæрдæйыл алæст, маргджын калм абырæгау! Чъребайы хъысмæтимæ сын Хуыцау æнгæсæй цыдæр кæй радта, уый алфæн æнкъараг удæн сæ дыууæ дæр нæ лæвæрдтой æмæ нæ дæттынц æнцой. Джусойты Нафи уарзгæйæ, сагъæсгæнгæйæ, зæрдæйы æрфытæй кæрзгæйæ, уымæн зæгъы:
Нæ горæты астæу фæйнæджыты муртæй
Ис урс къæс. Нæ ирæн йæ кувæн хæдзар.
Лæджы удыл касти ам мæйтæ ‘мæ хуртæ,
Ныр та у мæрдон джих,
Æгомыг,
Æдзард…
Нафи оптимист у æмæ, кæд «нæ кувæндон не знаджы армæй у хаст», уæддæр æй уырныдта, йæ «удлæууæн урс къæс» та фарнæй кæй уыдзæнис йедзаг «æмæ нын ныббырсдзæн бæрзонд цин нæ маст», æмыр къæсæн та йæ хицау «ногæй æрцæудзæн! Кæндзæн дæм нæ фыдгул хæлæг!..»
Фæлæ уыдон сайд, æууæндаг уды бæллицтæ сты. Урс кувæндон – урс къæс хæдæхстæй чи ныссыхырна кодтой, уыдон Чъребайы уд сæлвасынмæ хъавыдысты. Æмæ сæ иуы дæр, иннæйы дæр бакодтой зынджы хай. Фæлæ фыдгæнæгæн йæ фыдмитæй æнæ басудзгæ нæй. Чъребайæ мадард бæгънæгæй. Стæй уыцы ахсджиаг проблемæтæ æрмæст Джусойы-фырт æмæ Æлборы-фырты не ‘ндæвтой æмæ не ‘ндавынц. Ирон поэттæй, æвæццæгæн, ахæм ничи разындзæнис, Чъреба йæ лæджыхъæд, йæ фидар уд æмæ тыхæй дисы кæй нæ баппæрста, кады зарæг ыл чи нæ самыдта. Æмæ уыдонæй иу уыд нæ зынгæ поэт Джыккайты Шамил. Джыккайы-фырт сонетмæ æмхиц кæй уыд, сонет та сæйраджы романтикон дуджы кæй схъомысджын, уый охыл поэт нæ сахары хъæбатырдзинадыл снывæста йæ хуыздæр сонеттæй иу:
Цхинвал – мæ рыст, мæ судзгæ цæф, мæ катай,
Фыдгул дыл калы зынг æмæ нæмыг…
Мæ тыхст зæрдæйы нал цæуы дæ хъыг,
Мæ бон кæуын дæр нал у ныр фæлладæй.

Фæлæ лæгсырдтæй чысыл хуыздæр хъуыдыкæнынхъом фæвæййы, æрмæстдæр сæ йе ‘рдонгæй чи фæиртæсы, æндæр адæмы ‘хсæнмæ сæ чи бахауынц, уыдон. Уæд сæм алы «зондджын» фæндæттæм дæр æнхъæлмæ кæс: «… нельзя ждать лагерей уничтожения, надо реагировать на любое веяние нацизма. Как только людей начинают различать по крови в том, что касается их прав, – это начало бесконечности. Никакой камуфляж, никакие изящные манеры не должны вводить нас в заблуждение. Мы должны иметь смелость узреть начало нацизма не только в откровенном грузинском шовинисте, но и в насильнике из Азербайджана, и в благообразном литовском профессоре, и в русском антисемите. Мы должны понять, что лозунг «Грузия – для грузин» и «Литва – для литовцев» означает то же самое, что клич «Германия превыше всего». Иначе мы ничему не научились у прошлого», – хъуыдыхуыз сарæзта Валерий Чалидзе Вермонтæй. Фæлæ йæхæдæг дæр кæй не ‘ууæнды йæ ныхæстыл, уый бæрæг у: «Философ Мамардашвили незадолго до смерти прошлой осенью сказал: «Если грузинский народ изберет Гамсахурдия, я пойду против своего народа.» Сильное заявление. Я против грузинского народа не пойду».
Уымæн æмæ уый дæр уыдонæй дарддæр нæ ацыд. Мамардашвили дæр Гамсахурдиайы ныхмæ, ирон адæмы куынæг кæнын кæй ис йæ зæрды, уый тыххæй нæ уыд. Ирон адæм уымæн дæр ныхстысты йæ цæсты, уымæн æмæ йæ авдæнмæ афтæ схъомыл кодтой – ирон адæм куы уой, уæд искуы йæхи æрæмбардзæнис æмæ дын цард адæн нал уыдзæн. Цыфæнды куы уа, уæддæр сæ иу хъуыддаг рох нæу – искæй мæрдты стджытыл цæргæ-цæрæнбонты æнцад-æнцойæ цæрæн нæй. Мах та, хъыгагæн, рæстæгмæйы æнцой æмæ æхцон хъуыддæгтæм фæбæллæм. Тох дæр кæронмæ акæнын кæй фæхъæуы æмæ царддæр, уый нæ рох кæд нæ фæвæййы, уæддæр нæ зæрдæ ахсайы рæстæгмæ улæфт, рæстæгмæ цинтæм. Æмæ та истори ногæй райдайы фæлхатт кæнын. Йе знагæн æрулæфты бар чи дæтты, уый йын йæ къух аразы.
Мах, хъыгагæн, хæстмæ цæттæ никуы вæййæм. Хотыхтæ агурын, нæ сæрты хус сымаг куы райдайы кæлын, уæд æрымысæм. Цыма нын уæдмæ рæстæг никуы вæййы нæ уавæрыл ныхъхъуыды кæнынæн. Фæлæ алы хатт дæр не ‘хсæн разыны рæвдз лæппутæ. Стæй поэттæ дæр.
Поэт уæддæр поэт у. Чъреба йæ удуæлдай тох, йæ хъæбатырдзинад æмæ йе стыр æхсармæ кæй не ‘ркæсын кодта, йæ зæрдæйы дзуринæгтæ цинæй дæр æмæ мастæй дæр кæмæн нæ ралæмарын кодта, ахæмтæ, æвæццæгæн, бирæ нал баззад Ирыстоны, уæлдайдæр, поэты чъиу чи ‘ууилы, уыдонæй. Алчи дæр йæ хæсыл нымадта æмæ нымайы нæ удлæууæн Чъребайы уавæр равдисын. Кæд ын хæсты дуджы «нæ бантыст», – лæгдзарм тæнæг у, – уæд абон уæддæр цæмæй рахæсса йæ дзуринæгтæ. Æмæ сæ, æгæрыстæмæй, поэтикон бæрзæндмæ чи не схызт, уыдон дæр царды æгъатыр рæстдзинадæй адæймаджы зæрдæйы уадзынц сæ фæд. Поэтикон дзырдимæ та абарæн дæр ницæмæн ис.
Джусойты Нафийæн «сау æхсæв – сау цæргæс» æнæуынон нæу, – «Арвæй у, уаз у!». Хурныгуылды æртæхы горæтмæ – йæ ахстонмæ, «адæм – йæ лæппынтæй базыр нæ исы». Æмæ куыннæ скъуыйой зæрдæтæ. Зæхх дæр-ма фастытæй куы ризы. Поэт уымæн фæрсы зæрдæрисгæйæ: «Ис-ма сын фарнæй, гъе, армæй æндидзæн»?.. Йæ фарст риторикон у, фæлæ агайы зæрдæ.
Поэты æрмдзæфæн фæхæццæгæнæн никæимæ æмæ ницæимæ ис. Хаджеты Таймураз нын поэтикон уды рисæй æвдисы, йе ‘ппæтуынаг цæст Чъребайы куыд федта, йе ‘ппæтæнкъараг зæрдæ йæ куыдæй айста, афтæмæй:
Фыд-зымæг… Фыдæхсæв…Нæ мæгуыр къæсæрыл Æмхуызонæй уарынц Хæмпус мит, Фыднæмыг…Æхсыры хъæндилау, Йæ ферттив-фæзындæй Ныццæхæртæ калы Ызнаджы ракетæ («Чъребайы нывтæй»).
Æгæрыстæмæй, бæстæ куы ныссабыр, куы нытталынг æмæ куы «фæлыгъдысты куыйтæ сæ байбынтæм раджы», уæддæр ирон лæджы рагон маст нæма банцайы йе ‘хъизынæй. «Æддиауæй – дардæй» уый тыххæй цæуы йæ мæстæлгъæд зарын: «О уæртæ гуырдзиаг, Ныры онг дæр зæххыл Нæ фæрцы куы цæрыс…» Фæлæ уыцы мастæвдылд, рæстаг ныхас кæй нæ фæхъуысы адæймагмæ, знаг дæр уый тыххæй свæййы. Марыны фæндагыл уымæн фæлæууы. Нæ фæуыны кæнæ йæ нæ фæфæнды æндæр фæндаг уынын. М. Горький цæйау загъта: «Рожденный ползать – летать не может!..»
Цы фæаразы, уый та рæстаг адæмы фыдæн вæййы, æгæрыстæмæй, уыцы адæм цæргæ-цæрæнбонты йæ ирвæзынгæнæг, йæ дарæг, йæ уромæг куы вæййынц æмæ йæ цъыфæй куы сисынц, уæддæр.
Чъреба дар уымæн æрхаудта дæрæн кæнынмæ, – стæй фыццаг хатт, мыййаг, нæ, – калм чи бавæры йæ роны, хæцгæ дæр ууыл фæкæны, цæмæй йæ аныхъуыра. Уымæн æмæ йæ ацы царды йæ маргæйдзаг гуыбынæй дарддæр æндæр бынтондæр никуы ницы æндæвта æмæ фендавы.
Плиты Феликс цыфæнды уавæры дæр сæрыстыр у йæ горæтæй: «Разынд та уæддæр нæ горæт ‘Нæсæттон, цыма æндон у…Знаг цы уыны, уый-иу зонæд: Цхинвал нæу Батум, ирон у! («Æвирхъаудæр хæст»).
Адæймаг ныфсæй цæры. Фæсхæст фæуæлахизуæвæджы ныфсæн та æмбал нæй. Адæймагæн сæйраг хъуыддаг – Уæлахиз куы бафты йæ къухы, уæд æм иннæ проблемæтæ ницы уал фæкæсынц.
Нæ цыфыддæр знаг ныл æрвыл хæсты дæр – æрвыл бон æмæ æрвыл æхсæв уыйбæрц нæмыгуарæн, цъыфкалæн кодта Фыдыбæстæйæ, горæтæй, адæмæй æмæ, йæ рæстæджы Дзуццаты Хадзы-Мураты загъдау: «Знаг æнхъæлдта, / баззадысты мардæй кæнæ уадзгуытæй, / Фæлæ-ма скæс, / пырх, гом рудзгуытæй – / алы уæладзгуытæй, – Цыма нæ сахарæн / йæ хæцæнтæ, йæ бæрзæндтæ, / Æддæмæ раппæрстой / сæ райдзаст æмбæрзæнтæ, / Раппæрстой сæ, / æнæмæлгæ куырысдзаутау, / Æмæ дымгæмæ фæйлауынц / ирон тырысатау («Æдзæрæг, цæф хæдзæрттæ»).
Чъребайы сæрыл – Ирыстоны сæрибарыл йæ уд чи ивта æмæ ивы, уыдонæн нæ пырх хæдзæрттæ, нæ гом рудзгуытæ ныфссæттæн цæф никуы уыдысты æмæ-иу сын ракетæуард, бомбæуарды фæстæ дымгæ се ‘рдæгскъуыдтæ æмбæрзæнтæй куы хъазыд, куы-иу сæ фæйлыдта, уæд нæм уыдон дæр кастысты уæлахизы тырысаты хуызæн æмæ алы æфхæрд ироны уды уагътой цæрыны ныфс, тохы хъомыс.
Ызнагæн чи нæ радта ком,
Хуыйна хъайтар-сахары ном
Цхинвал – мæ уарзт! Цхинвал – мæ бон!
Цхинвал – мæ кувæндон!
Нæ сæйраг сахар Цхинвалæн официалон æгъдауæй хъайтар-сахары ном лæвæрд æрцыдис 2009-æм азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон. Æмæ уый дзырдтаг никæмæн у. Махæй Чъребайы, Республикæ Хуссар Ирыстоны фыдæвзарæн бонты алчи дæр хатыд, алчи дæр бавзæрста æмæ фидарæй базыдта, Сæрибар удæй цæмæн у зынаргъдæр. Æмæ уыцы Сæрибары ныфсæй уыд æмæ у Чъреба удвидар. Сæйраг уый у!
ХЪАЗИТЫ Мелитон


 

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь.
Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо войти на сайт под своим именем.

Информация

Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
Солнечный

Экстренные службы

  • 112 – МЧС РЮО
  • 101 – Пожарная служба
  • 102 – Милиция
  • 103 – Скорая мед. помощь
  • 104 – Аварийная служба газа
  • 105 – Водоканал
  • 806 5030 – Защита прав потребителей
  • 805 47 71 – Вывоз строительного и бытового мусора

Погода

Акция.

ЮОГУ

ЮОГУ

Королевство потолков

Цитаты

Деньги не портят человека, они просто показывают, кто он есть на самом деле.
Производство сайтов

Новости

«    Январь 2020    »
Пн Вт Ср Чт Пт Сб Вс
  1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31  
Солнечный

Энергоресур

Объявления

Услуги по заправке картриджей и ремонту принтеров . Быстро недорого с гарантией!
10 лет качественной работы! Так же продаются Б/У принтеры в хорошем состоянии, фирмы: Canon, Samsung , HP и Xerox. Телефон для справок +7 929 804 44 74, спросить Колю

***
***

Радио ОНЛАЙН!

Радио ОНЛАЙН!

Осетия